Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Йегъовӕ рагон Израилӕн хӕстыты хӕцыны бар цӕмӕн лӕвӕрдта?

Йегъовӕ у уарзӕгой Хуыцау. Фӕлӕ-иу хатгай йӕ адӕмы, чи сӕ ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ чи ссӕста, уыдоны ныхмӕ рацӕуын кодта. Хуыцау йӕхӕдӕг скъуыддзаг кодта, хӕсты чи ӕмӕ кӕд хӕцдзӕн, уый (bp164, 4, 5 фӕрстӕ).

Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой?

Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты уарзой, стӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, сӕрныллӕг кӕй сты. Ахсджиаг ма у, цӕмӕй ныййарджытӕ арфуынӕг уой ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты ӕмбарыныл архайой (bw564, 9–11 фӕрстӕ).

Афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у, ӕмӕ ромаг папӕ апостол Петры бӕсты ӕвӕрд у?

Матфейы 16:17, 18 стихты афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ апостол Петр чырыстон ӕмбырды сӕр уыдзӕн. Библийӕ бӕрӕг у, Петр алкӕмӕй уӕлдӕр кӕй нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуамӕ суыдаид ӕмбырдӕн йӕ бындуры сӕйраг дур (1 Пет. 2:4–8) (bp165, 12–14 фӕрстӕ).

Исты зӕгъыны размӕ уал-иу цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

Цӕмӕй, цы дзурӕм, уый иннӕты фидар кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, 1) дзурын кӕд хъӕуы (Еккл. 3:7), 2) дзурын цы хъӕуы (Ӕмб. 12:18) ӕмӕ 3) дзурын куыд хъӕуы, уый (Ӕмб. 25:15) (bw565, 19–22 фӕрстӕ).

Чырыстӕттӕ цы аразынц, цӕмӕй мӕнгдзинады къӕппӕджы ма бахауой?

Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхи хизынц сайынӕй ӕмӕ искӕй фыдкой кӕнынӕй. Уыдон нӕ кӕнынц, иннӕтӕн зиан чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм мӕнг ныхӕстӕ, стӕй нӕ давынц ӕмӕ цӕстфӕлдахӕн митӕ дӕр нӕ кӕнынц (bp166, 5 фарс).

Библийы цы «хистӕр сауджынты» кой ис, уыдон чи уыдысты?

Дзырдбаст «хистӕр сауджынтӕ», ӕвӕццӕгӕн, амоны, сауджынтӕй уӕлдай кад кӕмӕн уыд, уыдонмӕ, уыимӕ, раздӕр хистӕр сауджын чи уыди, фӕлӕ стӕй йӕ бынатӕй кӕй систой, уыдонмӕ (bp166, 10 фарс).

Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй чи саходы, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Чырыстӕттӕ сын ӕгӕр нӕ фӕкад кӕнынц. Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у, уый нӕдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йын иннӕтӕ уӕлдай кад кӕной, стӕй, сӕрст чырыстон кӕй у, уый тыххӕй иннӕтӕ базоной, ууыл дӕр нӕ архайдзӕн (Матф. 23:8–12) (bw566, 23, 24 фӕрстӕ).

Авраам Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы сси, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Авраам Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базыдта (ӕвӕццӕгӕн, Симӕй). Стӕй йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты царды Хуыцауы къух уыдта. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ архайын (bw567, 9, 10 фӕрстӕ).

Библи сӕртыл ӕмӕ стихтыл чи адих кодта?

Библи сӕртыл адих кодта 13 ӕнусы сауджын Стефан Ленгтон. Дзуттаг Фыстытӕ стихтыл фыццаг хатт адих кодтой дзуттаг писыртӕ. 16 ӕнусы та зындгонд мыхуыргӕнӕг Роберт Этьенн стихтыл адих кодта Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ (bp168, 14, 15 фӕрстӕ).

Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ӕй ӕцӕгдӕр кувӕндонмӕ акодта?

Уый бӕлвырдӕй зӕгъын нӕ бон нӕу. Матфейы 4:5 ӕмӕ Лукайы 4:9 кӕй кой ис, уыцы хабар Йесо, чи зоны, цӕстылуайӕны федта. Чи зоны та ӕцӕгдӕр, кувӕндоны алыварс цы къул уыд, уый сӕр лӕууыди (bw568, 31, 32 фӕрстӕ).

Нӕ лӕггад ӕртӕхы хуызӕн цӕмӕн у?

Ӕртӕх вӕййы фӕлмӕн, стӕй ма у ӕхсызгон ӕмӕ цардӕн дӕр ахсджиаг. Ӕртӕх у Йегъовӕйы арфӕдзинад (Дык. з. 33:13). Ӕмӕ уыдӕттӕ зӕгъӕн ис нӕ лӕггады тыххӕй дӕр (bw569, 4 фарс).