Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иннӕты рӕдыдтытӕ дын къуылымпыйы хос ма суӕнт

Иннӕты рӕдыдтытӕ дын къуылымпыйы хос ма суӕнт

«Кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (КОЛ. 3:13).

ЗАРДЖЫТӔ: 121, 75

1, 2. Йегъовӕйы адӕм кӕй сбирӕ уыдзысты, уый тыххӕй Библийы цавӕр пехуымпарад ӕрцыд фыст?

ӔГАС зӕххыл дӕр ис, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕм. Уыдон сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст сты ӕмӕ рӕдийынц, уӕддӕр сын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд дӕтты ӕмӕ сын арфӕ кӕны. Ӕркӕсӕм-ма, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

2 1914 азы, фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ нымӕц тынг гыццыл уыд. Фӕлӕ Хуыцау хъусын кӕныны хъуыддагӕн арфӕ кодта, ӕмӕ уый фӕрцы милуангай адӕм Библийы фыст рӕстдзинад базыдтой ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы. Ахӕм диссаджы хабар кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй Йегъовӕ раджы заман загъта: «Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм. Ӕз, Йегъовӕ, уыцы хъуыддаг йӕ рӕстӕджы фӕтагъд кӕндзынӕн» (Ис. 60:22). Уыцы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый нӕ рӕстӕджы ирдӕй зыны – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр систы тынг бирӕ. Зӕххыл бирӕ ахӕм бӕстӕтӕ ис, ӕмӕ сӕ цӕрджыты нымӕц Йегъовӕйы адӕмы нымӕцӕй къаддӕр у.

3. Хуыцауы адӕм сӕ кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

3 Ацы дунейы фӕстаг бонты ма Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕна. «Хуыцау у уарзондзинад», ӕмӕ йӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр фӕзмынц (1 Иоан. 4:8). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, «уӕ кӕрӕдзийы уарзут», зӕгъгӕ. Ӕмӕ ма сын афтӕ дӕр загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35). Йегъовӕйы адӕмӕн се ’хсӕн ахӕм уарзондзинад кӕй ис, уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг, фӕстаг ӕнусы цы тугкалӕн хӕстытӕ уыд, уыдоны рӕстӕг. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты фӕмард 55 милуан адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы хӕсты иу адӕймаджы дӕр нӕ амардтой. (Бакӕс Михейы 4:1, 3.) Ӕмӕ уый фӕрцы «ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр» сыгъдӕг сты (Хъуыд. 20:26).

4. Йегъовӕйы адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уый диссаг цӕмӕн у?

4 Йегъовӕйы адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, кӕд сӕ ныхмӕ хъомысджын знаг архайы, уӕддӕр. Уыцы знаг у Хӕйрӕг, «ацы цардӕвӕрды хуыцау» (2 Кор. 4:4). Йӕ къухы сты ацы дунейы политикон организацитӕ ӕмӕ хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы архайы хъусын кӕныны хъуыддаг бауромыныл. Фӕлӕ йын дзы ницы уайы. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр алы мадзалӕй дӕр архайы, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ зоны, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад (Рарг. 12:12).

ИННӔТӔ КУЫ РӔДИЙОЙ, УӔДДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ӔМӔ ЙӔ АДӔМЫЛ ӔНУВЫД УЫДЗЫНӔ?

5. Афтӕ цӕмӕн рауайы, ӕмӕ нын иннӕтӕ нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

5 Йегъовӕйы адӕм зонынц, Хуыцауы ӕмӕ иннӕты уарзын тынг ахсджиаг кӕй у. Йесо загъта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст. Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“» (Матф. 22:35–39). Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, Адам цы тӕригъӕд ракодта, уый аххосӕй не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:12, 19.) Ӕмӕ-иу уый тыххӕй афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ нын ӕмбырды чидӕр йӕ ныхӕстӕй кӕнӕ йӕ хъуыддӕгтӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕны. Куыд бакӕндзыстӕм ахӕм уавӕры? Йегъовӕйы раздӕрау уарздзыстӕм? Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмыл дӕр ӕнувыд уыдзыстӕм? Раджы заманты дӕр-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй кӕнӕ сӕ хъуыддӕгтӕй иннӕты зӕрдӕтӕ фӕриссын кодтой. Цӕй ӕмӕ базонӕм, уыцы хабӕрттӕй зондӕн цы ис райсӕн, уый.

Илий ӕмӕ йӕ фыртты рӕстӕг Израилы куы цардаис, уӕд куыд кодтаис? (кӕс 6 абзац)

6. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Илий йӕ фырттӕн зонд, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ амыдта?

6 Зӕгъӕм, Илий уыд Израилы хистӕр сауджын, фӕлӕ йӕ дыууӕ фырты Йегъовӕйы закъӕттӕ ницӕмӕ дардтой. Библийы фыст ис: «Илийы фырттӕ уыдысты ӕнаккаг адӕм, Йегъовӕ сӕм нымады дӕр нӕ уыд» (1 Сам. 2:12). Илий зыдта, йӕ фырттӕ тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, фӕлӕ сын зонд, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ амыдта. Ӕмӕ йӕ рӕстӕджы Йегъовӕ Илийы ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты бафхӕрдта. Фӕстӕдӕр Илийы байзӕддӕгтӕн хистӕр сауджынтӕй лӕггад кӕныны бар дӕр нал уыд (1 Сам. 3:10–14). Уыцы рӕстӕг куы цардаис ӕмӕ, Илий йӕ фыртты фыдхъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсы, уый куы зыдтаис, уӕд цы ахъуыды кодтаис? Уыцы хъуыддаг дын цӕлхдур суыдаид ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодтаис?

7. Давид цавӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта, фӕлӕ Хуыцау куыд бакодта?

7 Давидмӕ уыди бирӕ хорз миниуджытӕ, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Йегъовӕ тынг уарзта (1 Сам. 13:13, 14; Хъуыд. 13:22). Фӕлӕ суанг уый дӕр тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ бакодта. Ури хӕсты куы уыд, уӕд ын Давид йӕ усимӕ, Вирсавиимӕ, ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ сылгоймаг басывӕрджын. Давиды нӕ фӕндыд, цӕмӕй уый тыххӕй исчи базыдтаид. Гъемӕ Уримӕ тохы быдырӕй йӕхимӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ стӕй хӕдзармӕ арвыста. Ныфс ӕй уыд, Ури йӕ бинойнагимӕ ӕмуат кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ адӕм афтӕ кӕй ахъуыды кӕндзысты, ӕмӕ сывӕллоны фыд Ури у. Фӕлӕ Ури сӕхимӕ нӕ ацыд. Уӕд Давид афтӕ бакодта, цӕмӕй Урийы хӕсты амардтаиккой. Уыцы уӕззау тӕригъӕдты тыххӕй Давид ӕмӕ йӕ бинонтӕ бирӕ мӕстытӕ бавзӕрстой (2 Сам. 12:9–12). Фӕлӕ Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста ӕмӕ Давидӕн ныххатыр кодта. Уый зыдта, Давиды рӕстӕй цӕрын кӕй фӕндыд (1 Пад. 9:4). Уыцы рӕстӕг Израилы куы цардаис, уӕд цы ахъуыды кодтаис? Давид ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодтаис?

8. а) Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ апостол Петр йӕ ныхасӕн хицау нӕ разынд? б) Петр куы фӕрӕдыд, уӕд ыл Йегъовӕ йӕ къух цӕуылнӕ ауыгъта?

8 Ӕркӕсӕм-ма апостол Петры хабармӕ дӕр. Йесо йӕ равзӕрста апостолӕй. Фӕлӕ-иу Петр дӕр хатгай ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр фӕрӕдыд. Зӕгъӕм, Петр загъта, иннӕтӕ се ’ппӕт дӕр Йесойы куы ныууадзой, уӕддӕр ӕй уый кӕй нӕ ныууадздзӕн (Мар. 14:27–31, 50). Фӕлӕ Йесойы куы ’рцахстой, уӕд ӕй йӕ апостолтӕ се ’ппӕт дӕр, уыимӕ Петр дӕр, ныууагътой. Петр ма Йесойӕ ӕртӕ хатты афтӕ дӕр загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Мар. 14:53, 54, 66–72). Фӕлӕ, цы сарӕзта, ууыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр ныххатыр кодта ӕмӕ йыл йӕ къух нӕ ауыгъта. Уыцы рӕстӕг Йесойы ахуыргӕнинаг куы уыдаис ӕмӕ, Петр цы сарӕзта, уый тыххӕй куы зыдтаис, уӕд ма Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаис?

9. Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайы, ууыл цӕмӕн ӕууӕндыс?

9 Ацы цалдӕр цӕвиттонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй дӕр-иу чидӕртӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй сарӕзтой ӕмӕ-иу иннӕты зӕрдӕтӕ кӕй фӕриссын кодтой. Ахӕм хабар абон куы ’рцӕуа, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Ӕмбырдтӕм нал цӕудзынӕ кӕнӕ ма суанг Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ адӕмыл дӕ къух бынтондӕр сисдзынӕ? Ӕви дӕ зӕрдыл дардзынӕ, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у ӕмӕ адӕймагӕн рӕстӕг кӕй фӕдӕтты, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕна? Фӕлӕ афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ, уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уый не ’рфӕсмон кӕны. Цымӕ уӕд, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны ӕмӕ хъуыддаг йӕ афоныл кӕй равзардзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕнддзынӕ? Куы хъӕуа, уӕд Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, тӕригъӕд чи ракодта, уый ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты. Фидарӕй дӕ уырны, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайы?

ХУЫЦАУЫЛ ӔМӔ ЙӔ АДӔМЫЛ ДӔ ЗӔРДӔ МАКУЫ СИВ

10. Кӕд Иудӕ Искариот ӕмӕ Петр раст нӕ бакодтой, уӕддӕр Йесо цы ӕмбӕрста?

10 Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ адӕмыл сӕ зӕрдӕ никуы сивтой, кӕд-иу чидӕртӕ стыр рӕдыдтытӕ сарӕзтой, уӕддӕр. Зӕгъӕм, Йесо йӕ 12 апостолы куы ’взӕрста, уӕд ӕнӕхъӕн ӕхсӕв йӕ Фыдмӕ фӕкуывта. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр уыцы апостолтӕй сӕ иу, Иудӕ Искариот, ауӕй кодта. Апостол Петр та Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Лук. 6:12–16; 22:2–6, 31, 32). Фӕлӕ йӕ Иудӕ ӕмӕ Петр кӕй фӕфыдӕнхъӕл кодтой, уым Йесо нӕдӕр Йегъовӕйы аххосджын кодта, нӕдӕр йӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгты. Уый уӕддӕр йӕ Фыдимӕ ӕнгом уыд ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Йегъовӕ схорзӕхджын кодта – мӕрдтӕй йӕ райгас кодта ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр та уӕларвон Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта (Матф. 28:7, 18–20).

11. Йегъовӕйӕн фӕстаг бонты чи лӕггад кӕндзӕн, уыдоны тыххӕй Библийы цавӕр пехуымпарад фыст ӕрцыд?

11 Йесо Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ адӕмыл куыд иузӕрдион уыд, уымӕй нын у фӕзминаг. Хуыцау ӕмӕ йӕ адӕм уый аккаг сты, цӕмӕй сыл иузӕрдион уӕм, ӕмӕ уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Мах нӕхи цӕстӕй уынӕм, ацы фӕстаг бонты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты, уый. Хуыцау сын ӕххуыс кӕны ӕгас дунейыл дӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн, ӕмӕ уыцы куыст абон уыдоны йеддӕмӕ ничи кӕны. Уымӕй уӕлдай ма сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы се ’хсӕн ис иудзинад ӕмӕ сты амондджын. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цины хъӕр кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕй райдзӕн, уый тыххӕй» (Ис. 65:14).

12. Иннӕты рӕдыдтытӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

12 Мах ӕцӕгдӕр амондджын стӕм, Йегъовӕйы разамынды руаджы нӕ къухы афтӕ бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй ӕфты, уый тыххӕй. Фӕлӕ Хӕйрӕджы къухы чи ис, уыдонӕй уый зӕгъӕн нӕй, стӕй сӕ фидӕнӕй дӕр ницы ныфс ис. Уӕдӕ ӕмбырды чидӕр цыдӕр раст кӕй нӕ загъта кӕнӕ кӕй нӕ сарӕзта, уый тыххӕй Йегъовӕйы кӕнӕ ӕмбырд куы аххосджын кӕниккам, уӕд уый раст дӕр нӕ уаид ӕмӕ зондыл дзурӕг дӕр. Цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр хъуамӕ Йегъовӕйыл ӕнувыд уӕм ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъусӕм. Стӕй ма хъуамӕ иннӕты рӕдыдтытӕм раст цӕстӕй кӕсын дӕр сахуыр уӕм.

КУЫД-ИУ ХЪУАМӔ БАКӔНАЙ?

13, 14. а) Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ фӕразон цӕмӕн хъуамӕ уӕм? б) Нӕ зӕрдыл цавӕр ныхӕстӕ хъуамӕ дарӕм?

13 Де ’мчырыстӕттӕй дын исчи ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй дӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Библийы ис хорз уынаффӕ: «Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у, уымӕн ӕмӕ тӕргайгӕнаг ӕнӕзӕндтӕ сты» (Еккл. 7:9). Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ никуы ницӕмӕй фӕрӕдидзысты. Сӕ рӕдыдтытӕ сын нӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг куы исӕм, уӕд нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын циндзинад нал хӕсдзӕн. Уымӕй фыддӕр та – гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа, ӕмӕ Хуыцауы организаци ныууадзӕм. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕн дӕр нал лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ ног дунейы цӕрыны ныфсӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм.

14 Уӕдӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дын иннӕты рӕдыдтытӕ къуылымпыйы хос ма уой ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнай? Алкӕддӕр дӕ хъуыдыйы дар, Йегъовӕ дын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый: «Ӕз аразын ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Ис. 65:17; 2 Пет. 3:13). Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайай, уӕд дӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕмӕнг схайджын кӕндзӕн.

15. Исчи куы фӕрӕдийа, уӕд-иу, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нырма ног дунейы нӕ цӕрӕм. Уӕдӕ нын исчи нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ нӕм ахӕм уавӕры цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Зӕгъӕм, Йесо загъта: «Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр хатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ». Ӕмӕ йӕ Петр куы бафарста, ме ’фсымӕрӕн йӕ рӕдыд авд хатты хъуамӕ ныххатыр кӕнон, зӕгъгӕ, уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Зӕгъын дын: авд хатты нӕ, фӕлӕ ӕвдай авд хатты». Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ алкӕддӕр хатыр кӕнӕм (Матф. 6:14, 15; 18:21, 22).

16. Иосиф нын фӕзминаг цӕмӕй у?

16 Иннӕты рӕдыдтытӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уыцы хъуыддаджы бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм Иаковы фырт Иосифӕй. Иосиф ӕмӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр сӕ фыдӕн Рахилӕй райгуырдысты. Иаковӕн ма уыдоны йеддӕмӕ уыди ноджыдӕр дӕс фырты, фӕлӕ Иосифы хъулон уарзт кодта. Ӕмӕ уый тыххӕй Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Афтӕ мӕсты йӕм уыдысты, ӕмӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Иосифы Египетмӕ акодтой ӕмӕ бирӕ азты фӕстӕ, йӕ куысты тынг ӕнтыстджын кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ фараон йӕ фӕстӕ дыккаг лӕгӕй сӕвӕрдта. Фӕстӕдӕр ӕххормаг рӕстӕг скодта, ӕмӕ Иосифы ӕфсымӕртӕ Египетмӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрцыдысты. Иосифы куы федтой, уӕд ӕй нал базыдтой, фӕлӕ сӕ уый базыдта. Ӕмӕ йын кӕд кӕддӕр стыр мӕстытӕ бавзарын кодтой, уӕддӕр сӕ нӕ бафхӕрдта. Иосифы фӕндыд базонын, йе ’фсымӕртӕн сӕ зондахаст фӕивта ӕви нӕ. Ӕмӕ, кӕй фӕивтой, уый куы бамбӕрста, уӕд сын йӕхи раргом кодта. Фӕстӕдӕр сын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕнут. Уӕхи дӕр ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕтты дӕр хойрагӕй цух нӕ уадздзынӕн». Дарддӕр Библийы фыст ис: «Ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ӕрсабыр кодта ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдыдта» (Райд. 50:21).

17. Иннӕты рӕдыдтытӕм цы цӕстӕй кӕсдзынӕ?

17 Рох дӕ ма уӕд, не ’ппӕт дӕр рӕдийаг кӕй стӕм, ӕмӕ ды дӕр, чи зоны, искӕй фӕхъыг кӕнай. Уӕдӕ йӕ куы бамбарай, кӕйдӕр кӕй фӕхъыг кодтай, уӕд-иу, Библи куыд дзуры, афтӕ бакӕн – уыцы адӕймагӕй-иу хатыр ракур ӕмӕ-иу йемӕ бафидауыныл бацархай. (Бакӕс Матфейы 5:23, 24.) Иннӕтӕ нын нӕ рӕдыд куы ныххатыр кӕнынц, уӕд нын ӕхсызгон вӕййы. Уӕдӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Колоссӕгтӕм 3:13 стихы фыст ис: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат». Не ’фсымӕрты ӕцӕгдӕр куы уарзӕм, уӕд сын сӕ рӕдыдтытӕ «нӕ нымайдзыстӕм» (1 Кор. 13:5). Иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ дӕр хатыр кӕндзӕн. Цӕй ӕмӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыды фӕзмӕм, ӕмӕ нын уый куыд хатыр кӕны, афтӕ мах дӕр иннӕтӕн хатыр кӕнӕм! (Бакӕс Псалом 103:12–14.)