Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у нӕ Кадджын Дурынгӕнӕг!

Йегъовӕ у нӕ Кадджын Дурынгӕнӕг!

«О Йегъовӕ, ды... дӕ нӕ Дурынгӕнӕг, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм дӕ къухты конд» (ИС. 64:8).

ЗАРДЖЫТӔ: 89, 26

1. Йегъовӕйы ӕппӕты кадджындӕр дурынгӕнӕг схонӕн цӕмӕн ис?

2010 азы ноябры Лондоны уӕй кодтой 18 ӕнусы конд китайаг вазӕ. Уыцы вазӕ уыд ӕлыгӕй, ӕмӕ йын лӕвӕрдтой 70 милуан доллӕры бӕрц. Диссаг у, ахӕм хуымӕтӕг ӕмӕ аслам ӕрмӕгӕй дӕсны дурынгӕнӕг рӕсугъд ӕмӕ зынаргъ мигӕнӕн куыд саразы, уый. Фӕлӕ зӕххыл ӕппӕты хуыздӕр дурынгӕнӕджы дӕр нӕй абарӕн Йегъовӕимӕ, нӕ Кадджын Дурынгӕнӕгимӕ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «сыджытӕй», ома ӕлыгӕй, скодта алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаджы, Адамы (Райд. 2:7). Уый уыди «Хуыцауы фырт» ӕмӕ йӕ бон уыди йе скӕнӕг Хуыцауы миниуджытӕ фӕзмын (Лук. 3:38).

2, 3. Нӕ бон куыд у, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы израилӕгты фӕзмын?

2 Хъыгагӕн, Адам йе Сфӕлдисӕджы ныхмӕ рацыд, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ фыртыл нал нымадта. Фӕлӕ уӕддӕр Адамы байзӕддӕгтӕй бирӕтӕ сӕ цардӕй равдыстой, Йегъовӕйы сӕ Хицауыл кӕй нымайынц (Дзут. 12:1). Сӕхи-иу сӕрныллӕгӕй се Сфӕлдисӕджы дӕлбар кӕй бакодтой, уымӕй бӕрӕг уыд, кӕй сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ Фыд ӕмӕ сӕ Дурынгӕнӕг уа Йегъовӕ, Хӕйрӕг нӕ, фӕлӕ (Иоан. 8:44). Хуыцауыл куыд иузӕрдион уыдысты, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц, чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы израилӕгты ныхӕстӕ: «О Йегъовӕ, ды дӕ нӕ Фыд. Мах стӕм ӕлыг, ды та дӕ нӕ Дурынгӕнӕг, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм дӕ къухты конд» (Ис. 64:8).

3 Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй сӕрныллӕг уой ӕмӕ Хуыцаумӕ хъусой. Уыдон сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, сӕ бон кӕй у Йегъовӕйы сӕ Фыд хонын. Фӕнды сӕ, цӕмӕй Хуыцау уа сӕ Дурынгӕнӕг. Цымӕ дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Фӕнды дӕ, цӕмӕй Хуыцауы къухы уай, зынаргъ мигӕнӕн саразӕн кӕмӕй ис, ахӕм фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн? Дӕ зӕрдыл дарыс, Йегъовӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ныр дӕр кӕй ивы? Цӕй ӕмӕ базонӕм, Йегъовӕ, хуыздӕрырдӕм кӕй ивдзӕн, уыдоны куыд ӕвзары. Стӕй ма фенӕм, цӕмӕн ӕмӕ сӕ куыд ивы, уый дӕр.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔХӔДӔГ ӔВЗАРЫ, КӔЙ ИВДЗӔН, УЫДОНЫ

4. Йегъовӕ, хуыздӕрырдӕм кӕй ивдзӕн, уыдоны куыд равзары? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

4 Йегъовӕ адӕммӕ, мах сӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсы. Уый кӕсы зӕрдӕтӕм ӕмӕ уыны, чи цавӕр адӕймаг у, уый. (Бакӕс 1 Самуилы 16:7б.) Ӕмӕ уый ирдӕй рабӕрӕг, Хуыцау чырыстон ӕмбырдӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд. Хуыцау йӕхимӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ кӕй ӕрбакодта, уыдонӕй бирӕтӕ адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ уый аккаг нӕ уыдысты (Иоан. 6:44). Зӕгъӕм, уыдонӕй сӕ иу уыд фарисей Савл. Уый «Хуыцауы фаудта, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдта ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыд» (1 Тим. 1:13). Фӕлӕ Йегъовӕ Савлӕй афтӕ нӕ хъуыды кодта, амӕй ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йын каст йӕ зӕрдӕмӕ (Ӕмб. 17:3). Йегъовӕ Савлы равзӕрста, цӕмӕй дзы хорз «мигӕнӕн» сарӕзтаид – уыцы адӕймаг хъуамӕ «ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн» хъусын кодтаид (Хъуыд. 9:15, фип.). Йегъовӕ ма, «кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтӕ» сарӕзта, раздӕр фыднозт чи кодта, давӕг чи уыд кӕнӕ ӕнӕгъдау цард чи кодта, ахӕм адӕймӕгтӕй дӕр (Ром. 9:21; 1 Кор. 6:9–11). Уыдон Фыстад иртӕстой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кодтой, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн уый бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ хуыздӕрырдӕм ивтаид.

5, 6. Йегъовӕйы нӕ Дурынгӕнӕгыл кӕй нымайӕм, уый куыд хъуамӕ фӕзына: а) нӕ участокты цӕрӕг адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл? б) нӕ хотӕм ӕмӕ не ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл?

5 Уӕдӕ Йегъовӕ зӕрдӕтӕ кӕй уыны ӕмӕ, йӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кӕндзӕн, уыдоны йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, уый зонгӕйӕ мах та куыд хъуамӕ архайӕм? Нӕ участокты чи цӕры ӕмӕ не ’мбырды чи ис, уыдонӕн-иу хъуамӕ тӕрхонгӕнӕгӕй ма ныллӕууӕм. Ӕркӕсӕм-ма иу нӕлгоймаджы хабармӕ, Майкл, зӕгъгӕ. «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ-иу мӕм куы ’рбахостой,– загъта Майкл,– уӕд-иу мӕхи афтӕ скодтон, цыма мӕ разы ӕппындӕр ничи ис, ӕмӕ-иу дуар ахгӕдтон. Куыд ӕдзӕсгом уыдтӕн! Фӕстӕдӕр базонгӕ дӕн иу бинонтимӕ, ӕмӕ сӕ уагӕй ӕмӕ се ’гъдауӕй мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. Фӕлӕ иубон арвыцӕфау фӕдӕн – уыцы бинонтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы разыниккой! Уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ахӕм ӕвзӕр цӕстӕй цӕмӕн кӕсын. Ӕмӕ иу хъуыддаг бамбӕрстон: кӕйдӕр дам-думтыл ӕууӕндыдтӕн, ӕцӕгӕй цавӕр адӕм сты, уый та нӕ зыдтон». Майклы бафӕндыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй базонын, ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы. Уый фӕстӕ донаргъуыд райста ӕмӕ фӕстӕдӕр та пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта.

6 Йегъовӕйы нӕ Дурынгӕнӕгыл куы нымайӕм, уӕд уый фӕзындзӕн, нӕ хотӕм ӕмӕ не ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл дӕр. Афтӕ сӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ныртӕккӕ цы сты, уымӕй хъауджыдӕр никуы фӕивдзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ ӕмбардзыстӕм, хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕй кӕндзысты. Йегъовӕ дӕр сӕм раст ахӕм цӕстӕй кӕсы. Уый уыны, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ сты ӕмӕ йӕ зоны, ӕнӕххӕст ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ кӕй сты. Йегъовӕ зоны, йӕ арӕхстджын къухты сӕ алчидӕр цавӕр адӕймаг суыдзӕн (Пс. 130:3). Махӕн дӕр нӕ бон у не ’фсымӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у нӕ Дурынгӕнӕгимӕ ӕмгуыст кӕнын дӕр, ома нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ивой (1 Фес. 5:14, 15). Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ иннӕтӕн фӕзминаг уой (Еф. 4:8, 11–13).

ЙЕГЪОВӔ НӔ ЦӔМӔН ИВЫ?

7. Йегъовӕ дын зонд кӕй амоны, уымӕн цӕмӕн аргъ кӕныс?

7 Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, цалынмӕ мӕхицӕн сывӕллӕттӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстон, мӕ ныййарджыты зондамынд мын цы стыр пайда уыд, уый. Ӕцӕгдӕр, азтӕ куы рацӕуы, уӕд бамбарӕм, зонд нын уый тыххӕй кӕй амыдтой ӕмӕ нӕ уарзгӕ кодтой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:5, 6, 11.) Йегъовӕ дӕр нӕ йӕ хъӕбултау уарзы, ӕмӕ дурынгӕнӕгау фӕразонӕй архайы, цӕмӕй нӕ хорз мигӕнӕнтӕ рауайа. Уый фӕнды, цӕмӕй уӕм зондджын ӕмӕ амондджын, стӕй йӕ цӕмӕй мах дӕр нӕ Фыдау уарзӕм (Ӕмб. 23:15). Йегъовӕйы ӕппындӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй хъизӕмар кӕнӕм. Стӕй йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, чи не ’рфӕсмон кӕна, уыцы тӕригъӕдджынтау амӕлӕм (Еф. 2:2, 3).

8, 9. Йегъовӕ нӕ абон куыд ахуыр кӕны ӕмӕ нӕ фидӕны та куыд ахуыр кӕндзӕн?

8 Цалынмӕ Йегъовӕйы нӕ базыдтам, уӕдмӕ нӕм, чи зоны, бирӕ ӕвзӕр миниуджытӕ уыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы арӕхстджын къухты фӕивтам, ӕмӕ нӕ удыхъӕды фӕзынд рӕсугъд миниуджытӕ (Ис. 11:6–8; Кол. 3:9, 10). Йегъовӕ нӕ абон цы диссаджы фарнӕй хайджын кӕны, уый абарӕн ис дзӕнӕтимӕ. Ахӕм уавӕрты Хуыцауӕн ӕнцондӕр у, цӕмӕй нӕ дурынгӕнӕгау хуыздӕрырдӕм ива. Ӕмӕ кӕд ӕгъатыр дунейы цӕрӕм, уӕддӕр уыцы «дзӕнӕты» ницӕмӕй тӕрсӕм. Кӕд нӕ исчи гыццылӕй рӕвдыдцух уыд, уӕддӕр ын ныр ис, чи йӕ уарзы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ (Иоан. 13:35). Стӕй нӕхӕдӕг дӕр сахуыр стӕм иннӕты уарзын. Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы кӕй базыдтам ӕмӕ нӕ ныр йӕ уарзтӕй кӕй рӕвдауы (Иак. 4:8).

9 Ног дунейы мах ӕххӕстӕй схайджын уыдзыстӕм, абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕн йӕ арфӕдзинӕдтӕй. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт. Уыцы рӕстӕг нӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр дурынгӕнӕгау хуыздӕрырдӕм ивдзӕн ӕмӕ нӕ ахуыр кӕндзӕн. Уый ахӕм диссаг уыдзӕн, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! (Ис. 11:9). Йегъовӕ ма афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ нӕ зонд ӕмӕ нӕ буар дӕр алцӕмӕй ӕххӕст суыдзысты. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ амындтӕ ӕмбарын ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнын. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн уый бар дӕттӕм, цӕмӕй нӕ ива. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, иу ахсджиаг хъуыддаг кӕй ӕмбарӕм: Йегъовӕ нӕ уымӕн ивы, ӕмӕ нӕ уарзгӕ кӕны (Ӕмб. 3:11, 12).

ЙЕГЪОВӔ НӔ КУЫД ИВЫ

10. Йесо дӕр нӕ Кадджын Дурынгӕнӕгау фӕразон ӕмӕ арӕхстджын кӕй уыд, уый цӕмӕй рабӕрӕг?

10 Арӕхстджын дурынгӕнӕг, ӕлыг хорз у ӕви нӕ, уый куыд фӕзоны, афтӕ Йегъовӕ дӕр махӕй алкӕй дӕр хорз зоны. Зоны нын нӕ хъӕндзинӕдтӕ, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, стӕй, ныронг куыд фӕивтам, уый дӕр. Ӕмӕ нӕ хуыздӕрырдӕм фӕивыныл куы фӕархайы, уӕд уыдӕттӕ йӕ зӕрдыл фӕдары. (Бакӕс Псалом 103:10–14.) Йегъовӕ нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йесо йӕ апостолты хъӕндзинӕдтӕм цы цӕстӕй каст, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Зӕгъӕм, йӕ апостолтӕ-иу хатгай быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Ды уым куы уыдаис, уӕд сӕ цы ахъуыды кодтаис? Ӕвӕццӕгӕн, загътаис, зӕгъгӕ, адоны фӕлмӕн ӕлыг схонӕн нӕй. Фӕлӕ Йесо зыдта, фӕлмӕнӕй ӕмӕ сын фӕразонӕй цы зонд амоны, уымӕ куы хъусой ӕмӕ уыйау сӕрныллӕг куы уой, уӕд сӕ бон аивын кӕй бауыдзӕн (Мар. 9:33–37; 10:37, 41–45; Лук. 22:24–27). Йесойы райгасдзинады фӕстӕ апостолтӕ схайджын сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ сӕ уӕлдӕр чи у, уый сын сӕйраг нал уыд. Сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, Йесо сын сӕ бар цы куыст бакодта, ууыл (Хъуыд. 5:42).

11. Давид фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

11 Абон нӕ Йегъовӕ ивы йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ ӕмбырды фӕрцы. Цымӕ цы хъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцауы Ныхас нӕ удыхъӕд ива? Хъуамӕ йӕ кӕсӕм, арф ыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, нӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразӕм. Паддзах Давид ныффыста: «Хуыссӕныл хуысгӕйӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыс, дӕуыл фӕхъуыды кӕнын ӕмбисӕхсӕв» (Пс. 63:6). Ноджыдӕр ма ныффыста: «Ӕз арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн, мӕнӕн уынаффӕ чи дӕтты, уымӕн. Суанг мын ӕхсӕвы дӕр мӕ арфӕмбӕхст хъуыдытӕ фӕамонынц зонд» (Пс. 16:7). Давид Йегъовӕйы уынаффӕтыл арф хъуыды кодта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зондахаст хуыздӕрырдӕм ивта. Ӕмӕ-иу ын кӕд кӕцыдӕр уынаффӕмӕ байхъусын зын уыди, уӕддӕр-иу уымӕ гӕсгӕ бацархайдта (2 Сам. 12:1–13). Давид куыд сӕрныллӕг ӕмӕ куыд коммӕгӕс уыд, уымӕй нын фӕзминаг у. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Библи куы фӕкӕсын, уӕд ыл лӕмбынӕг фӕхъуыды кӕнын? Хуыцау мын цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдонмӕ хъусын ӕмӕ мӕ зондахаст ивын? Ацы хъуыддаджы мӕ бон фӕхуыздӕр кӕнын цы у?» (Пс. 1:2, 3).

12, 13. Йегъовӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ ӕмбырдты фӕрцы хуыздӕрырдӕм куыд ивы?

12 Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ бирӕ хъуыддӕгты аива. Зӕгъӕм, уый фӕрцы нӕ бон у Чырыстийы фӕзмын ӕмӕ нӕ удыхъӕды, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ фидар кӕнын (Гал. 5:22, 23). Уыцы миниуджытӕй иу у уарзондзинад. Мах Хуыцауы уарзӕм ӕмӕ нӕ тынг фӕнды, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй уый бар дӕттӕм, цӕмӕй нӕ хуыздӕрырдӕм ива. Мах ӕмбарӕм, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты. Уымӕй уӕлдай ма нын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕны ацы дунейы ӕвзӕр зондахасты ныхмӕ фӕлӕууынӕн (Еф. 2:2). Апостол Павел нырма ӕрыгон куы уыди, уӕд ын йӕ зондахастыл бандӕвтой дзуттаг дины сӕрбӕрзонд разамонджытӕ. Фӕлӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фӕивта. Фӕстӕдӕр Павел ныффыста: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Павелау Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых курӕм ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ зӕрдиаг куывдтытӕ кӕй фехъусдзӕн (Пс. 10:17).

Йегъовӕ нӕ хуыздӕрырдӕм ивы хистӕр нӕлгоймӕгты фӕрцы, фӕлӕ ивдзыстӕм ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

13 Йегъовӕ махӕй алкӕй дӕр хуыздӕрырдӕм ивы ӕмбырдтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты фӕрцы дӕр. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы бафиппайынц, цыдӕр нӕ фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд бацархайынц, цӕмӕй нын баххуыс кӕной. Фӕлӕ нын уынаффӕтӕ сӕхи зондӕй нӕ фӕдӕттынц (Гал. 6:1). Фыццаг уал сӕрныллӕгӕй Йегъовӕмӕ скувынц, ӕмӕ дзы зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад ракурынц. Уый фӕстӕ Библийы ӕмӕ нӕ публикациты бацагурынц, чи нын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг. Уӕдӕ дӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы бацӕуой ӕмӕ дын, зӕгъӕм, де ’ддаг бакасты тыххӕй, фӕлмӕнӕй уынаффӕ куы раттой, уӕд дӕ рох ма уӕд, уый Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. Уынаффӕмӕ куы байхъусай, уӕд Йегъовӕйы къухы уыдзынӕ, ӕнцонархайӕн чи у, ахӕм фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн. Ӕмӕ дын уый та ӕрхӕсдзӕн стыр пайда.

14. Кӕд ныл Йегъовӕйы бар цӕуы, уӕддӕр нын нӕ сӕрибардзинадӕн кӕй аргъ кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

14 Йегъовӕ нӕ куыд ивы, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрын. Уый фӕрцы ма раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм, нӕ участокты цы адӕм цӕры ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонмӕ дӕр. Дурынгӕнӕг цалынмӕ дурын аразын нӕ райдайы, уӕдмӕ уал ӕлыг ссыгъдӕг кӕны лыстӕг дуртӕй ӕмӕ ӕндӕр бырӕттӕй. Нӕ Кадджын Дурынгӕнӕг дӕр ӕххуыс кӕны, ивын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Фӕлӕ тыхӕй никӕй ивы. Хуыцау адӕймагӕн йӕ раст уагӕвӕрдтӕ бамбарын кӕны, ӕмӕ стӕй адӕймаг хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна, йӕ царды исты аивдзӕн ӕви нӕ.

15, 16. Библи чи ахуыр кӕны, уыдон куыд равдисынц, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ива? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Ӕркӕсӕм-ма Австралийӕ иу хойы хабармӕ, йӕ ном Тесси. Библи куы ахуыр кодта, уӕд ын зын нӕ уыд, цы-иу базыдта, уый бамбарын. Фӕлӕ уымӕй уӕлдай йӕ царды бирӕ ницы аивта. Йемӕ цы хо ахуыр кодта, уый Тессийы тыххӕй Йегъовӕмӕ бирӕ фӕкуывта ӕмӕ иу бон йӕхицӕн загъта, йемӕ нал ахуыр кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дарддӕр цы ’рцыд, уый йӕ дисы бафтыдта. Ахуыры рӕстӕг ын Тесси йӕхӕдӕг загъта, цы йӕ хъыгдардта, уый тыххӕй. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ кӕд Библи ахуыр кодта, уӕддӕр уарзта ӕхцайыл хъазын. Фӕлӕ ныр йӕхицӕн загъта, уыцы ӕвзӕр хъуыддаг кӕй ныууадздзӕн.

16 Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Тесси райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ йӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнын, кӕд ыл йӕ раздӕры ӕмбӕлттӕй чидӕртӕ худтысты, уӕддӕр. Фӕстӕдӕр Тесси донаргъуыд райста, ӕмӕ йын кӕд гыццыл сывӕллӕттӕ уыди, уӕддӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Уӕдӕ бӕрӕг у: адӕймаг Хуыцауы хорзӕх ссарыны тыххӕй йӕ цард ивын куы райдайы, уӕд ӕм Хуыцау дӕр ӕрбаввахс вӕййы ӕмӕ дзы скӕны, кадджын хъуыддагӕн чи хъӕуы, ахӕм мигӕнӕн.

17. а) Йегъовӕ дӕ Дурынгӕнӕг кӕй у, уый дын дӕ зӕрдӕ куыд агайы? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Рагзаманты куыд уыд, афтӕ абон дӕр иуӕй-иу дурынгӕнджытӕ фӕразонӕй фӕфыдӕбон кӕнынц ӕмӕ сӕхи къухӕй скӕнынц диссаджы рӕсугъд дурынтӕ. Йегъовӕ дӕр нӕ йӕ уынаффӕты руаджы фӕразонӕй ивы ӕмӕ йӕ хъус дары, уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕ. (Бакӕс Псалом 32:8.) Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы ӕмӕ дӕ йӕ арӕхстджын къухтӕй куыд ивы, уый уыныс? Кӕд о, уӕд дын цавӕр миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы къухы дарддӕр дӕр фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн уай? Дӕхи цавӕр миниуджытӕй хъуамӕ хизай, цӕмӕй хъӕбӕр ӕлыджы хуызӕн ма суай? Ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнын, цӕмӕй сын сӕ сывӕллӕтты хуыздӕрырдӕм ива? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.