Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй»

«Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй»

«Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй» (ДЫК. З. 6:4).

ЗАРДЖЫТӔ: 138, 112

1, 2. а) Дыккаг закъоны 6:4 стихы ныхӕстӕ дзуттӕгтӕн зындгонд цӕмӕн сты? б) Моисей уыцы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта?

ӔНУСТЫ дӕргъы дзуттӕгтӕ Хуыцаумӕ кувгӕйӕ фӕдзурынц, «Шма» чи хуыйны, уыцы куывды ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы куывдӕн йӕ иу хай у Дыккаг закъоны 6:4 стих. «Шма» дӕр ӕй уымӕн хонынц, ӕмӕ уыцы стих дзуттагау ацы дзырдӕй райдайы. Бирӕтӕ сӕ афтӕ фӕкувынц алы райсом ӕмӕ алы изӕр дӕр, цӕмӕй равдисой, Хуыцауыл куыд ӕнувыд сты, уый.

2 Дыккаг закъоны 6:4 стихы фыст ныхӕстӕ загъта Моисей, израилӕгтимӕ фӕстаг хатт куы ныхас кодта, уӕд. Уый уыд нӕ эрӕйы размӕ 1473 азы. Израилӕгтӕ уыдысты Моавы зӕххыл ӕмӕ хъуамӕ Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызтаиккой ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахстаиккой (Дык. з. 6:1). Моисей сын 40 азы дӕргъы разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕм разӕй цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ цӕттӕ уыдаиккой. Израилӕгтӕ хъуамӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ дардтаиккой ӕмӕ йыл иузӕрдион уыдаиккой. Уӕдӕ сӕ Моисейы ныхӕстӕ куыннӕ бафидар кодтаиккой! Моисей Дӕс фӕдзӕхсты ӕмӕ Йегъовӕйы иннӕ закъӕтты кой куы скодта, уӕд сын загъта, Дыккаг закъоны 6:4, 5 кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. (Бакӕс сӕ.)

3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Израилӕгтӕ зыдтой, сӕ Хуыцау «Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ» кӕй нӕй. Иузӕрдион израилӕгтӕ лӕггад кодтой иу Хуыцауӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйӕн. Уӕдӕ сын, цымӕ, Моисей сӕ зӕрдыл цӕмӕн ӕрлӕууын кодта, сӕ Хуыцау «Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ» кӕй нӕй? Ӕмӕ уый куыд баст у, Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ уарзын кӕй хъӕуы, уыимӕ? Стӕй Дыккаг закъоны 6:4, 5 ныхӕстӕ абон махмӕ куыд хауынц?

«НӔ ХУЫЦАУ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЙЕДДӔМӔ ӔНДӔР ЙЕГЪОВӔ НӔЙ»

4, 5. а) Ацы ныхӕстӕ, «Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг сты? б) Йегъовӕ иннӕ адӕмты хуыцӕуттӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

4 Йегъовӕ у иунӕг Хуыцау. Ацы дзырдбаст, «нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй», зӕгъгӕ, ис афтӕ ратӕлмац кӕнӕн дӕр: «нӕ Хуыцау Йегъовӕ у иу Йегъовӕ». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ у иунӕг Хуыцау, стӕй йемӕ абарӕн дӕр никӕй ис. Цымӕ Моисей афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, нӕ Хуыцау у «иу Йегъовӕ»? Мыййаг ӕй уый бамбарын кӕнын фӕндыд, ӕмӕ, уыцы рӕстӕг цы ӕртыгай хуыцӕуттӕн куывтой, уыдоныл ӕууӕндын раст нӕ уыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Моисей уый кой нӕ кодта. Йегъовӕ у арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау. Йегъовӕ у иунӕг ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ ӕндӕр никӕцы хуыцауы ис йемӕ абарӕн (2 Сам. 7:22). Уӕдӕ Моисейы ныхӕстӕ израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, уый. Хъуамӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтау алыхуызон мӕнгхуыцӕуттӕн ма куывтаиккой. Уыцы адӕмты уырныдта, сӕ хуыцӕуттӕн сӕ бар ӕрдзы тыхтыл кӕй цӕуы.

5 Зӕгъӕм, египетӕгтӕн уыд хуры хуыцау Ра, арвы ус-хуыцау Нут, зӕххы хуыцау Геб, Нилы хуыцау Хаппи, стӕй ма куывтой алыхуызон цӕрӕгойтӕн дӕр. Йегъовӕ Египетыл дӕс бӕллӕхы куы ’руагъта, уӕд равдыста, уыцы мӕнг хуыцӕуттӕ йӕ разы кӕй ницы сты. Ханаайнӕгты сӕйраг хуыцау уыди Ваал, ӕмӕ сӕ уырныдта, уыцы мӕнг хуыцау царддӕттӕг кӕй у. Нымадтой ма йӕ арвы, къӕвдайы ӕмӕ тыхдымгӕйы хуыцауыл дӕр. Бирӕ рӕтты адӕм Ваалы нымадтой сӕ хъӕу кӕнӕ сӕ горӕты хъахъхъӕнӕгыл (Ным. 25:3). Уӕдӕ израилӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, сӕ Хуыцау «иунӕг ӕцӕг Хуыцау» кӕй у ӕмӕ «Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ [кӕй] нӕй» (Дык. з. 4:35, 39).

6, 7. Йегъовӕ «иу» кӕй у, уый ма ноджыдӕр цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ Йегъовӕ уый куыд сбӕлвырд кодта?

6 Йегъовӕ нӕ ивы ӕмӕ у иузӕрдион. «Нӕ Хуыцау Йегъовӕ у иу Йегъовӕ», зӕгъгӕ, ноджыдӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ сты иу – цы сфӕнд кӕны, уый кӕнгӕ дӕр бакӕны. Йегъовӕ Хуыцау нӕ раив-баив кӕны. Алкӕддӕр у уыцы иу Хуыцау, у иузӕрдион ӕмӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы. Зӕгъӕм, Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл кӕй цӕрдзысты. Ӕмӕ цӕмӕй йӕ ныхас сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта. Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы рацыд, уӕд дӕр йӕ фӕнд нӕ фӕивта (Райд. 12:1, 2, 7; Рац. 12:40, 41).

7 Ӕнустӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ израилӕгты йе ’вдисӕнтӕй равзӕрста ӕмӕ сын загъта: «Ӕз ныр дӕр уыцы Хуыцау... дӕн. Мӕ размӕ Хуыцау нӕ уыд, ӕмӕ мӕ фӕстӕ дӕр афтӕ». Йегъовӕ йӕ фӕнд кӕй нӕ ивы, уый сын бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ӕз алкӕддӕр уыцы Хуыцау дӕн» (Ис. 43:10, 13; 44:6; 48:12). Израилӕгтӕм стыр кад ӕрхауд – уыдон лӕггад кодтой, ивгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ алкӕддӕр иузӕрдион чи у, ахӕм Хуыцауӕн! Уыцы кадӕй хайджын стӕм абон мах дӕр (Мал. 3:6; Иак. 1:17).

8, 9. а) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? б) Моисейы ныхӕстӕ ахсджиаг кӕй сты, уый Чырысти куыд равдыста?

8 Уӕд Моисей израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ сӕ алкӕддӕр кӕй уарзта ӕмӕ сыл кӕй тыхсти. Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ дӕр хъуамӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уыдаиккой иузӕрдион ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ хъуамӕ уарзтаиккой. Ныййарджытӕ дӕр хъуамӕ алы фадатӕй дӕр пайда кодтаиккой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахуыр кодтаиккой, ӕмӕ уыдон дӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уыдаиккой иузӕрдион (Дык. з. 6:6–9).

9 Йегъовӕ йӕ фӕнд кӕй никуы ивы, уымӕ гӕсгӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр нӕ ивы. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уӕд хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ уарзӕм. Чырысти загъта, уый ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕй у. (Бакӕс Марчы 12:28–31.) Уӕдӕ базонӕм, цавӕр хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг, «нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ [кӕй] нӕй», уый кӕй ӕмбарӕм.

ӔРМӔСТДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫЛ У ИУЗӔРДИОН

10, 11. а) Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй стӕм иузӕрдион, уый зӕгъӕн кӕд уыдзӕн? б) Данелы чиныджы кӕй кой ис, уыцы дзуттаг лӕппутӕ куыд равдыстой, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй уыдысты иузӕрдион?

10 Цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ Йегъовӕ нӕ иунӕг Хуыцау у, уый тыххӕй хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион. Уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕр лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн дӕр кӕнӕ та ма мӕнг ахуырӕдтыл дӕр уӕм хӕст. Йегъовӕ, ӕндӕр хуыцӕутты сӕргъы чи лӕууы кӕнӕ уыцы хуыцӕуттӕй хъомысджындӕр чи у, ахӕм Хуыцау нӕу. Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ лӕггад кӕнын дӕр ӕрмӕстдӕр уымӕн хъӕуы. (Бакӕс Раргомад 4:11.)

11 Данелы чиныджы бакӕсӕн ис ӕрыгон дзуттаг лӕппутӕ Данел, Анани, Мисаил ӕмӕ Азарийы тыххӕй. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн чъизийыл нымад чи уыд, ахӕм хӕринӕгтӕ хӕрыныл кӕй не сразы сты, уымӕй равдыстой, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй уыдысты иузӕрдион. Данелы ӕртӕ ӕмбалы ма Навуходоносоры сызгъӕрин гуымирыйӕн дӕр нӕ бакуывтой. Уыдонӕн Йегъовӕйӕ ахсджиагдӕр ничи уыд ӕмӕ йыл алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион уыдысты (Дан. 1:1–3:30).

12. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уӕм иузӕрдион, уӕд нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

12 Йегъовӕ нын царды хъуамӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр уа. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, ӕндӕр хъуыддӕгтӕ нын Йегъовӕйӕ сӕйрагдӕр куыд ма суой. Цымӕ уыдон цавӕр хъуыддӕгтӕ сты? Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы Дӕс фӕдзӕхсты радта, уыдонӕй бӕрӕг у, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй хъуамӕ ма лӕггад кӕной. Хъуамӕ сын мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацы уа (Дык. з. 5:6–10). Мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ абарӕн кӕй ис, ахӕм хъуыддӕгтӕ абон тынг бирӕ сты, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕй зын зӕгъӕн вӕййы, уыцы хъуыддагимӕ баст кӕй сты. Фӕлӕ Йегъовӕ абон дӕр у «иу Йегъовӕ», ӕмӕ йӕ закъӕттӕ дӕр нӕ фӕивтой. Уӕдӕ базонӕм, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй нӕхи куыд хъуамӕ хизӕм, уый.

13. Иуӕй-иутӕ Йегъовӕйӕ тынгдӕр цавӕр хъуыддӕгтӕ бауарзынц?

13 Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый абарӕн дӕр ницӕимӕ ис. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй уыцы хӕлардзинадӕй ӕнӕхай фӕуӕм. Сӕ кой ис Колоссӕгтӕм 3:5 стихы. (Бакӕс ӕй.) Уыцы стихы зыд кӕнын баст у мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ. Цымӕ цӕмӕн? Цӕмӕдӕр тынг куы фӕбӕллӕм, зӕгъӕм, хъӕздыгдзинадмӕ, уӕд нӕ хъуыдытӕ ӕрмӕст ууыл свӕййынц ӕмӕ нын уый хуыцауы хуызӕн свӕййы. Колоссӕгтӕм 3:5 стихы цы тӕригъӕдджын хъуыддӕгты кой ис, уыдон се ’ппӕт дӕр зыд кӕнынимӕ баст сты, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ ис ахӕссӕн мӕнгхуыцӕуттӕн кувынмӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕй искӕцымӕ бӕллын куы райдайӕм, уӕд ӕй Хуыцауӕй тынгдӕр бауарздзыстӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ бон афтӕ зӕгъын нал уыдзӕн, ӕмӕ нын Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл искуы ахӕм хабар ӕрцӕуа.

14. Апостол Иоанн нӕ цӕмӕй фӕдзӕхста?

14 Апостол Иоанн дӕр ууый тыххӕй дзырдта, афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, дунейы цы ис, уый, ома «тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын», чи уарзы, уыцы адӕймаг «Фыды нӕ уарзы» (1 Иоан. 2:15, 16). Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм, цӕмӕй базонӕм, мыййаг, ацы дуне уарзын нӕ райдыдтам. Чи зоны, нӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдтой ацы дунейы ирхӕфсӕнтӕ, адӕмӕн сӕ конд ӕмӕ сӕ уынд, йе та нӕ фӕнды, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонимӕ нӕ рӕстӕг ӕрвитын. Кӕнӕ, чи зоны, уӕлдӕр ахуырмӕ тырнӕм, цӕмӕй нӕ къухы «бирӕ цыдӕртӕ» бафта (Йер. 45:4, 5). Хъуамӕ нӕ рох ма уа, ног дунейы къӕсӕрыл кӕй лӕууӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Моисейы ныхӕстӕ. «Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ [кӕй] нӕй», ууыл фидарӕй куы ’ууӕндӕм, уӕд ӕрмӕстдӕр ууыл уыдзыстӕм иузӕрдион ӕмӕ йын лӕггад кӕндзыстӕм йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ (Дзут. 12:28, 29).

НЕ ’ХСӔН ЦЫ ИУДЗИНАД ИС, УЫЙ ХЪАХЪХЪӔНӔМ

15. Павел чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл цӕмӕн ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ «иу» Хуыцау кӕй у, уый?

15 Йегъовӕ «иу» Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ’хсӕн дӕр иудзинад уа ӕмӕ иу хъуыддагмӕ тырной. Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ, грекъӕгтӕ, ромӕгтӕ ӕмӕ ма, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, ахӕмтӕ дӕр. Уыдон хицӕн кодтой, цы уавӕрты схъомыл сты, цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ цы цыди, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ дзы кӕмӕндӕрты зын уыди сӕ раздӕры ӕгъдӕуттӕ ныууадзын ӕмӕ Хуыцауӕн ног ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггад кӕнын. Апостол Павел дӕр сын сӕ зӕрдыл уымӕн ӕрлӕууын кодта, чырыстӕттӕн кӕй ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау – Йегъовӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 8:5, 6.)

16, 17. а) Нӕ рӕстӕджы цавӕр пехуымпарад ӕххӕст кӕны ӕмӕ куыд? б) Нӕ иудзинадӕн тӕссаг цӕмӕй вӕййы?

16 Абоны чырыстон ӕмбырды тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Пехуымпар Исай загъта, «фӕстаг бонты» алыхуызон адӕмыхӕттытӕй адӕм Йегъовӕйӕн иумӕ кӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ кӕй дзурдзысты: «Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл» (Ис. 2:2, 3). Куыд ӕхсызгон нын у, абон уыцы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм! Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сты алы бӕстӕтӕй, дзурынц алыхуызон ӕвзӕгтыл ӕмӕ сты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй. Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ кӕрӕдзийӕ афтӕ тынг кӕй хицӕн кӕнӕм, уый тыххӕй иуӕй-иу хатт нӕ иудзинадӕн тӕссаг вӕййы.

Ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕныныл зӕрдиагӕй архайыс? (кӕс 16–19 абзацтӕ)

17 Зӕгъӕм, цы цӕстӕй кӕсыс, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм? Чи зоны, се ’взагӕй, сӕ дарӕсӕй, сӕхи куыд фӕдарынц ӕмӕ цавӕр хӕринӕгтӕ фӕхӕрынц, уыдӕттӕй дӕуӕй тынг хицӕн кӕнынц. Мыййаг сӕ уый тыххӕй дӕхи фӕхизыс ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг, дӕ адӕмыхаттӕй чи у, уыдонимӕ фервитыс? Дӕуӕй кӕстӕр чи у кӕнӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсыс? Кӕрӕдзийӕ цы хъуыддӕгтӕй хицӕн кӕнӕм, уыдон нын къуылымпыйы хос куы суой, уӕд нӕ иудзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг уыдзӕн.

18, 19. а) Ефесӕгтӕм 4:1–3 цавӕр уынаффӕ ис? б) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕнӕм?

18 Цы саразӕн ис, цӕмӕй уымӕй нӕхи бахизӕм? Уый фӕдыл Павел хорз уынаффӕ радта Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн. Ефес уыди хъӕздыг горӕт ӕмӕ дзы царди алыхуызон адӕмыхӕттытӕ. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:1–3.) Фыццаг уал Павел ранымадта, цы миниуджытӕ сӕм хъуамӕ уыдаид, уыдон: сӕрныллӕгдзинад, бирӕфӕразондзинад, уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд. Уыцы миниуджытӕ абарӕн ис, хӕдзар кӕуыл фӕлӕууы, ахӕм фидар цӕджындзтимӕ. Фӕлӕ цӕмӕй хӕдзар ма фехӕла, уый тыххӕй йӕм хъӕуы зилын. Ӕмӕ Павел дӕр Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй зӕрдиагӕй архайдтаиккой «иудзинады цӕрыныл».

19 Махӕй алчидӕр хъуамӕ, йӕ бон цы у, уый араза, цӕмӕй не ’мбырды иудзинад ма фехӕла. Уый куыд аразӕн ис? Фыццаджыдӕр нӕм хъуамӕ уой, Павел цы миниуджытӕ ранымадта, уыдон: сӕрныллӕгдзинад, бирӕфӕразондзинад, уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд. Дыккаджы та уый, ӕмӕ хъуамӕ зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй, кӕрӕдзийыл цы «фарны тӕгтӕй» баст стӕм, уыдон ма аскъуыйой. Хатгай кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм, ӕмӕ уый абарӕн ис, хӕдзарӕн йӕ къул куы афӕз вӕййы, уыимӕ. Фӕлӕ-иу куы бафидауӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ уыцы «къул бацалцӕг кодтам», ома нӕ фарн ӕмӕ нӕ иудзинад бахъахъхъӕдтам.

20. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, «Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ [кӕй] нӕй», уый кӕй ӕмбарӕм?

20 «Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй». Цӕй арф хъуыды ис ацы ныхӕсты! Уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн стыр ныфсы хос фесты, Зӕрдӕвӕрд зӕххыл кӕуыл фембӕлдысты, уыцы зындзинӕдты рӕстӕг. Уыцы ныхӕстӕ махӕн дӕр тыхтӕ ратдзысты, цӕмӕй стыр бӕллӕхы сӕрты ахизӕм ӕмӕ Дзӕнӕты дӕр, не ’хсӕн цы фарн ӕмӕ иудзинад уыдзӕн, уый хъахъхъӕнӕм. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уӕм иузӕрдион. Уый тыххӕй йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ. Стӕй ма хъуамӕ зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн цы фарн ӕмӕ иудзинад ис, уый хъахъхъӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Чырысти фыстыл банымайдзӕн ӕмӕ фендзыстӕм, йӕ ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый: «Рацӕут, мӕ Фыды арфӕйӕ хайджын чи у, уыдон! Бынӕн райсут, дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ уын цӕттӕ чи у, уыцы паддзахад» (Матф. 25:34).