Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бриллианттӕй зынаргъдӕр миниуӕг

Бриллианттӕй зынаргъдӕр миниуӕг

Рагӕй нырмӕ дӕр бриллианттӕ сты тынг зынаргъ дуртыл нымад. Иуӕй-иутӕн дзы сӕ аргъ вӕййы милуангай доллӕртӕ. Фӕлӕ Хуыцауы цӕсты бриллианттӕй ӕмӕ иннӕ зынаргъ дуртӕй стырдӕр аргъ ис ӕндӕр цӕмӕндӕр. Цымӕ цӕмӕн?

Айкануш цӕры Арменийы. Ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг ма куы уыд, уӕд иу бон йӕ хӕдзары раз ссардта кӕйдӕр паспорт. Йӕ мидӕг уыди банчы карточкӕтӕ ӕмӕ тынг бирӕ ӕхца. Ӕмӕ Айкануш уый тыххӕй радзырдта йӕ лӕгӕн, уый дӕр уыд ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг.

Уыцы рӕстӕг ӕхцайӕ тынг тыхст уыдысты, стӕй хӕстӕ дӕр дардтой. Фӕлӕ уӕддӕр ӕхца ахастой, паспорты цы адрис фыст уыд, уырдӕм. Паспорт чи фесӕфта, уыцы лӕгӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн сӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыд. Айкануш ӕмӕ сын йӕ лӕг бамбарын кодтой, афтӕ уымӕн кӕй бакодтой, ӕмӕ Библи ахуыр кӕнынц. Ӕмӕ сын стӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй радзырдтой ӕмӕ сын литературӕ дӕр ныууагътой.

Айкануш цы хорздзинад сарӕзта, уый тыххӕй дзы уыцы бинонтӕ тынг фӕбузныг сты, ӕмӕ йын ӕхца лӕвӕрдтой, фӕлӕ сӕ уый нӕ райста. Уӕд сӕм иннӕ бон уыцы лӕгӕн йӕ бинойнаг ӕрбацыд, ӕмӕ Айканушӕн бриллиантимӕ къухдарӕн балӕвар кодта, кӕд ын ӕй Айкануш нӕ куымдта, уӕддӕр.

Уыцы бинонтау бирӕтӕ бадис кодтаиккой, Айкануш ӕмӕ йӕ лӕг афтӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй разындысты, ууыл. Фӕлӕ цымӕ уый Йегъовӕмӕ дӕр диссаг фӕкаст? Афтӕ кӕй бакодтой, уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Стӕй сын, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй уыдысты, уый исты пайда ӕрхаста?

ХӔЗНАТӔЙ СТЫРДӔР АРГЪ КӔМӔН ИС, УЫЦЫ МИНИУДЖЫТӔ

Ацы фарстатӕн дзуапп раттын зын нӕу. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зонынц, Йегъовӕйы цӕсты бриллианттӕй ӕмӕ сызгъӕринтӕй зынаргъдӕр кӕй у, йӕ миниуджытӕ йын кӕй фӕзмынц, уый. Йегъовӕ цӕмӕн аргъ кӕны, уый тынг хицӕн кӕны, адӕм зынаргъыл цы нымайынц, уымӕй (Ис. 55:8, 9). Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕхицӕн стыр хӕзнайыл нымайынц, йӕ миниуджытӕ йын кӕй фӕзмынц, уый.

Афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, Библи зондджын ӕмӕ арфуынӕг адӕймаджы тыххӕй цы дзуры, уымӕй. Ӕмбисӕндты 3:13–15 фыст ис: «Амондджын у, зонд чи ссардта ӕмӕ арфуынӕг чи сси, уыцы адӕймаг, уымӕн ӕмӕ зонд ссарын ӕвзист самал кӕнынӕй хуыздӕр у ӕмӕ йӕ пайда сызгъӕринӕй дӕр фылдӕр у. Уый у зынаргъ дуртӕй дӕр зынаргъдӕр, ӕмӕ дын циндзинад цыдӕриддӕр хӕссы, уыдонӕй йӕ ницӕимӕ ис абарӕн». Бӕлвырд у, Йегъовӕйы цӕсты ахӕм миниуджытӕн зынаргъ дзауматӕй стырдӕр аргъ кӕй ис.

Ӕмӕ, цымӕ, ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис?

Йегъовӕ йӕхӕдӕг ӕнӕзӕрдӕхудт у, «йӕ бон сайын нӕу» (Тит. 1:2). Ӕмӕ апостол Павел дӕр фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕм уымӕн ныффыста: «Кувут мах тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ницӕмӕй худы – мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзут. 13:18).

Ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Йесо Чырысти. Зӕгъӕм, хистӕр сауджын Кайафӕ йын афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «расомы кӕн удӕгас Хуыцауӕй, кӕй нӕ фӕсайдзынӕ ӕмӕ нын зӕгъ: ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?», уӕд ын Йесо ӕргом загъта, Мессийӕ кӕй у. Уый ӕмбӕрста, афтӕмӕй сауджынтӕн фадат кӕй фӕзындзӕн, цӕмӕй дзы зӕгъой, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахӕссой, фӕлӕ уӕддӕр, ӕцӕг цы уыд, уый загъта (Матф. 26:63–67).

Цымӕ махӕй та цы зӕгъӕн ис? Нӕхи пайдайы тыххӕй, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый фӕдыл цыдӕртӕ басусӕг кӕнӕн кӕнӕ гыццыл ӕндӕрхуызон зӕгъӕн куы уа, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайдзыстӕм?

ӔНӔЗӔРДӔХУДТ УАЙ, УЫЙ ӔНЦОН ЦӔУЫЛНӔ ВӔЙЙЫ

Ацы фӕстаг бонты, ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ сты хиуарзон ӕмӕ ӕхцауарзаг (2 Тим. 3:2). Экономикон кризисы рӕстӕг кӕнӕ, куыст зын ссарӕн куы вӕййы, уӕд адӕммӕ давын, сайын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр нал фӕкӕсынц. Ахӕм зондахаст афтӕ апарахат, ӕмӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, куы нӕ асайай, уӕд нӕ фӕцӕрдзынӕ. Суанг ма чырыстӕттӕй дӕр кӕуылдӕрты уыцы хъуыддаджы рӕдыд ӕрцыд ӕмӕ, «хи пайда... [кӕй] агуырдтой», уый тыххӕй ӕмбырды сӕ хорз ном фесӕфтой (1 Тим. 3:8; Тит. 1:7).

Фӕлӕ чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр Йесойы фӕзмынц. Уыдон ӕмбарынц: цыфӕнды хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ хорздзинӕдтӕй дӕр ахсджиагдӕр у, цӕмӕй дӕм, Хуыцаумӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон уой. Растдӕр уый тыххӕй ӕрыгон чырыстӕттӕ скъолайы хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ райсыны тыххӕй сусӕгӕй дзуаппытӕ не сфыссынц (Ӕмб. 20:23). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм, уый тыххӕй нын алы хатт лӕвӕрттӕ нӕ кӕндзысты, Айканушӕн куыд ракодтой, афтӕ. Фӕлӕ, куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уый Хуыцауы цӕсты у раст. Стӕй нын уый фӕрцы йӕ разы ис сыгъдӕг цӕсгом, ӕмӕ уымӕн та ӕцӕгдӕр ис стыр аргъ.

Уый бӕрӕг у ӕфсымӕр Гагикы хабарӕй. Гагик радзырдта: «Чырыстон куы нӕма сдӕн, уӕдмӕ куыстон иу стыр компанийы. Нӕ хицауы нӕ фӕндыд хъалон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ фидын, ӕмӕ-иу хъалонисджытӕн, йӕ компани-иу ӕцӕгӕй цас ӕхца бакуыста, уый нӕ загъта. Ӕз уыцы компанийы стыр бынат ахстон ӕмӕ мӕ хӕстӕм хауд хъалонисӕгимӕ „баныхас кӕнын“ – хъуамӕ-иу ын гӕртам раттаин, цӕмӕй нын нӕ хин митӕ ма схъӕр кодтаид. Афтӕмӕй мыл сбадт цӕстфӕлдахӕджы ном. Рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд уыцы куыст ныууагътон, кӕд мын хорз мызд уыд, уӕддӕр. Ӕмӕ уый фӕстӕ мӕхи фирмӕ байгом кодтон. Мӕ фирмӕ ӕнӕ регистрацийӕ иу бон дӕр нӕ куыста ӕмӕ мӕ хъалонтӕ дӕр иууылдӕр фидын» (2 Кор. 8:21).

Гагик ма загъта: «Ӕхца дыууӕ хатты къаддӕр куыстон, ӕмӕ мын мӕ бинонты дарын фӕзын. Фӕлӕ ныр бирӕ амондджындӕр дӕн. Йегъовӕйы раз мын ис сыгъдӕг цӕсгом. Мӕ дыууӕ фыртӕн фӕзминаг дӕн ӕмӕ мын ӕмбырды дӕр мӕ бар кадджын хӕстӕ бакодтой. Ныр хъалонисджытӕ, стӕй, кӕимӕ кусын, уыдон дӕр мӕн зонынц ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймагӕй».

ЙЕГЪОВӔ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ

Йегъовӕ уарзы, йӕ рӕсугъд миниуджытӕ йын чи фӕзмы, зӕгъӕм, ӕнӕзӕрдӕхудт чи у, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй чи кадджын кӕны, уыдоны (Тит. 2:10). Ахӕм адӕмӕн Хуыцау алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ уый зыны, паддзах Давидӕн кӕй ныффыссын кодта, уыцы ныхӕстӕй: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Пс. 37:25).

Ацы ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, уый бӕрӕг у Руфы хабарӕй. Руф йӕ ацӕргӕ ’фсиныл, Ноеминыл, уыд ӕнувыд, ӕмӕ йӕ нӕ ныууагъта. Уый йӕхицӕн загъта, йемӕ Израилмӕ кӕй алидздзӕн ӕмӕ уым ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн (Руф 1:16, 17). Руф уыд ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ кусаг сылгоймаг ӕмӕ, Моисейы закъоны мӕгуырты тыххӕй цы фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ архайдта – быдыры ӕфсиртӕ уыгъта. Ӕмӕ Йегъовӕ, фӕстӕдӕр Давид куыддӕриддӕр ныффыста, афтӕ, Руфы ӕмӕ Ноемины рохуаты нӕ ныууагъта (Руф 2:2–18). Хуыцау сын, цардӕн сӕ цы хъуыд, ӕрмӕст уый нӕ лӕвӕрдта. Йегъовӕ Руфы равзӕрста, цӕмӕй йын цы фырт райгуырдаид, уый хӕдзарвӕндагӕй рацыдаид паддзах Давид ӕмӕ ма суанг зӕрдӕвӕрд Мессийӕ дӕр! (Руф 4:13–17; Матф. 1:5, 16).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты цардамӕлттӕ кӕнын тынг зын у. Сайгӕ куы кӕниккой, уӕд сын, чи зоны, гыццыл ӕнцондӕр уаид, фӕлӕ уыдон зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнынц. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисынц, цыфӕнды хъӕздыгдзинӕдтӕй дӕр сын бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у Хуыцауы рӕсугъд миниуджытӕ фӕзмын ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын (Ӕмб. 12:24; Еф. 4:28).

Руфау абон ӕгас зӕххыл цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр фидарӕй ӕууӕндынц, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ сын баххуыс кӕна. Уыдон сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарынц, афтӕ чи загъта, «никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн», зӕгъгӕ, уыцы Хуыцауыл (Дзут. 13:5). Ӕмӕ Йегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, йӕ бон кӕй у ӕнӕзӕрдӕхудт адӕмӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ рохуаты кӕй никуы ныууадздзӕн. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сыл тыхсдзӕн, ӕмӕ йӕ ныхас никуы фӕсайдта (Матф. 6:33).

Уӕдӕ кӕд адӕм бриллианттӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цӕмӕндӕрты аргъ кӕнынц, уӕддӕр мах зонӕм, ӕнӕзӕрдӕхудт уай ӕмӕ ма дӕм ӕндӕр хорз миниуджытӕ уа, уымӕн нӕ уӕларвон Фыды цӕсты зынаргъ дуртӕй стырдӕр, бирӕ стырдӕр, аргъ кӕй ис!

Ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм, уый фӕрцы нын ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ уацамынды нӕ бон у сӕрибарӕй дзурын