Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»

«Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»

«Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (МАТФ. 28:19, 20).

ЗАРДЖЫТӔ: 141, 97

1, 2. Матфейы 24:14 стихы цы фыст ис, уый фӕдыл цавӕр фарстатӕ фӕзыны?

ЙЕСО загъта, фӕстаг бонты хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр кӕй хъусын кӕндзысты (Матф. 24:14). Абон мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты, ӕгас зӕххыл дӕр зонынц, хъусын кӕй кӕнӕм, уымӕй. Цы хабар хъусын кӕнӕм, уый кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ цӕуы, кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ та – нӕ. Фӕлӕ, кӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уыдонӕй дӕр нӕ иуӕй-иутӕ, ахӕм куыст кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй феппӕлынц. Мах фидарӕй уырны, Йесо цы хъуыддаджы кой кодта, уый мах кӕй аразӕм. Фӕлӕ цымӕ, уый афтӕ кӕй у, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

2 Абон бирӕ динтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, мах хъусын кӕнӕм, Чырысти цы хорз хабар хъусын кодта, уый. Фӕлӕ цымӕ хъусын кӕныныл цы нымайынц? Чырыстийыл куыд баууӕндыдысты, уый ӕнӕуи искӕмӕн кӕй радзурынц, аргъуаны сын раныхӕстӕ кӕй вӕййы, стӕй телеуынынады кӕнӕ интернеты сӕ дины тыххӕй кӕй фӕдзурынц, ӕрмӕстдӕр уый. Чидӕртӕ та хъусын кӕныныл нымайынц, адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый, зӕгъӕм, дохтыртӕй, медицинон хотӕй кӕнӕ ахуыргӕнджытӕй лӕвар кӕй кусынц, уый. Фӕлӕ цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты фӕрцы Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц?

3. Матфейы 28:19, 20 фыст фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ цавӕр цыппар хъуыддаджы хъуамӕ аразой?

3 Цымӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ иу ран бадтаиккой ӕмӕ сӕм адӕм сӕхӕдӕг кӕд ӕрбацӕудзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастаиккой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Йесо куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цалдӕр сӕдӕ адӕймагӕн загъта: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матф. 28:19, 20). Уӕдӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ аразой цыппар хъуыддаджы. Хъуамӕ ахуыргӕнинӕгты цӕттӕ кӕной, донаргъуыд сын дӕттой ӕмӕ сӕ ахуыр кӕной. Фӕлӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ адӕммӕ цӕуой. Иу библииртасӕг уый афтӕ бамбарын кодта: «Ацы фӕдзӕхст, „ацӕут“, зӕгъгӕ, хауы алы чырыстонмӕ дӕр, ӕмӕ уӕлдай нӕу, уый тыххӕй йӕ фӕндаджы сӕрты ахизын хъӕуа ӕви океаны сӕрты» (Матф. 10:7; Лук. 10:3).

4. «Адӕмахсджыты» куыст кӕнынмӕ цы хауы?

4 Цымӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? Алчи сӕ хицӕнӕй кӕй хъусын кӕндзӕн ӕви иумӕ кӕй архайдзысты, уымӕ? Иу адӕймагӕн йӕ бон нӕ бауыдаид «ӕппӕт адӕмтӕн» дӕр хъусын кӕнын. Уӕдӕ бӕрӕг у, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы куыст иумӕ кӕй хъуамӕ кодтаиккой. Ӕмӕ Йесо растдӕр уый кой кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ куы загъта, «адӕмахсджытӕ» уыдзыстут, зӕгъгӕ. (Бакӕс Матфейы 4:18–22.) Йесо сӕ цы куыст кӕнынмӕ хуыдта, уый абарста кӕсаг ахсынимӕ. Фӕлӕ, кӕсаг иунӕгӕй чи фӕахсы ӕмӕ ӕнгуырмӕ кӕсгӕйӕ ӕнцад чи фӕбады, ахӕм кӕсагахсджыты кой нӕ кодта. Уый дзырдта, кӕсаг хызӕй чи фӕахсы, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ уыцы куыст кӕнынӕн та хъӕуы бирӕ фыдӕбон, бирӕ адӕм, стӕй хъуамӕ уыцы адӕм иумӕ архайой (Лук. 5:1–11).

5. Цавӕр цыппар фарстайӕн хъуамӕ ссарӕм дзуапп?

5 Абон хорз хабар чи хъусын кӕны, уый базонынӕн хъуамӕ дзуапп ссарӕм ацы цыппар фарстайӕн:

  • Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ цавӕр хабар хъуамӕ хъусын кӕной?

  • Хъусын кӕнынмӕ сӕ цы хъуамӕ разӕнгард кӕна?

  • Куыд хъуамӕ хъусын кӕной?

  • Уыцы хъуыддаг кӕйонг хъуамӕ аххӕсса ӕмӕ кӕдмӕ хъуамӕ цӕуа?

Ацы цыппар фарстайы фӕрцы базондзыстӕм, Йесо кӕй кой кодта, уыцы ахсджиаг куыст чи кӕны, уый. Стӕй нӕ уӕд ноджы тынгдӕр бафӕнддзӕн уыцы куыст дарддӕр дӕр кӕнын (1 Тим. 4:16).

ЦАВӔР ХАБАР ХЪӔУЫ ХЪУСЫН КӔНЫН?

6. Фидарӕй дӕ цӕмӕн уырны, Йесо цы хабар хъусын кодта, уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй хъусын кӕнынц?

6 Бакӕс Лукайы 4:43. Йесо хъусын кодта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар», ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыцы куыст кодтаиккой. Цымӕ уыцы хабар ӕппӕт адӕмӕн дӕр чи хъусын кӕны? Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ! Нӕ ныхмӕ чи у, суанг уыдонӕй дӕр чидӕртӕ ууыл сӕттынц. Зӕгъӕм, иухатт, бирӕ бӕстӕты миссионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм сауджын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн загъта, зӕгъгӕ, дам, бирӕ рӕтты лӕггад кодтон ӕмӕ-иу алы ран дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бафарстон, цавӕр хабар хъусын кӕнут, зӕгъгӕ. Цымӕ-иу ын цавӕр дзуапп радтой? Сауджын загъта: «Се ’ппӕт дӕр мын ӕдылытау уыцы иу дзуапп лӕвӕрдтой: „Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар“». Уӕвгӕ, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕдылытӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ уыдысты иу зондыл хӕст, ӕцӕг чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Кор. 1:10). Нӕ журналӕн дӕр, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад», зӕгъгӕ, йӕ сӕйраг нысан уый у. Уыцы журнал цӕуы 254 ӕвзагыл ӕмӕ дзы алы номырӕй дӕр рӕстӕмбис нымадӕй ныммыхуыр кӕнынц 59 милуан экземпляры бӕрц. Ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы дунейы ӕндӕр никӕцы журналимӕ ис абарӕн!

7. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ чырыстон динты разамонджытӕ, Йесо цы хабар хъусын кодта, уый кӕй нӕ хъусын кӕнынц?

7 Чырыстон динты разамонджытӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ хъусын кӕнынц. Кӕд уыцы Паддзахады тыххӕй фӕдзурынц, уӕд та сӕ фылдӕр фӕзӕгъынц, уый, дам, у, адӕймаг йӕ зӕрдӕйы цы фенкъары, уый. Хуыцауы Паддзахад уӕларвон хицауад кӕй у ӕмӕ дзы Йесо Чырысти та паддзах кӕй у, уый адӕмӕн не ’мбарын кӕнынц. Чырыстийы кой фӕкӕнынц ӕрмӕстдӕр Рождество ӕмӕ Куадзӕны рӕстӕг, ӕмӕ ӕвдыст вӕййы ноггуырд сывӕллоны хуызы йе та хъизӕмӕртты хъӕдыл. Хуыцауы Паддзахад адӕмы се ’ппӕт зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй дӕр нӕ дзурынц (Рарг. 19:11–21). Бӕлвырд у, чырыстон динты разамонджытӕ не ’мбарынц, Хуыцауы Паддзахады Паддзах, Йесо Чырысти, цы сараздзӕн, уый. Ӕмӕ, Йесо цы хабар хъусын кодта, уый кӕм не ’мбарынц, уым, цӕмӕн ӕй хъуамӕ хъусын кӕной, уый куыд хъуамӕ бамбарой?

ХЪУСЫН КӔНЫНМӔ НӔ ЦЫ ХЪУАМӔ РАЗӔНГАРД КӔНА?

8. Хорз хабар чи хъусын кӕны, уый йӕхи цӕмӕй хъуамӕ хиза?

8 Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ ӕхца бакусыны тыххӕй кӕнӕ стыр галуантӕ саразыны тыххӕй ма хъусын кӕной. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матф. 10:8). Уӕдӕ хъусын кӕныны хъуыддаг, ӕхца кӕй фӕрцы бакусай, ахӕм куыст нӕу (2 Кор. 2:17). Хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдон хъуамӕ уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсой, ӕмӕ сын уый тыххӕй фидгӕ кӕндзысты. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:33–35.) Фӕлӕ уӕддӕр чырыстон аргъуантӕн сӕ фылдӕр адӕмӕй ӕхца ӕмбырд кӕнынц, цӕмӕй сӕ аргъуантӕм зилой ӕмӕ сауджынтӕн, стӕй алыхуызон кусджытӕн ӕхца фидой. Ӕмӕ уый тыххӕй чырыстон динты разамонджытӕй бирӕтӕ афтӕ схъӕздыг сты, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй (Рарг. 17:4, 5).

9. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕнынмӕ цы разӕнгард кӕны ӕмӕ уый цӕмӕй бӕрӕг у?

9 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Мыййаг, уыдон дӕр сӕ Паддзахады залты ӕмӕ конгрессты адӕмӕй ӕхца фембырд кӕнынц? Нӕ, уыдон сӕ куыст кӕнынц барвӕндон мысайнӕгты фӕрцы (2 Кор. 9:7). Фӕлӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр фарон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кодтой дыууӕ миллиард сахаты бӕрц ӕмӕ алы мӕй дӕр Библи ахуыр кодтой фараст милуан адӕймагӕй фылдӕримӕ. Уыцы хъуыддаджы тыххӕй мызд нӕ исынц, фӕлӕ ма сӕхи ӕхца дӕр ӕхсызгонӕй хардз кӕнынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй иу иртасӕг загъта: «Сӕ сӕйраг нысан у хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ сын сауджынтӕ кӕй нӕй, уый фӕрцы къаддӕр ӕхца хардз кӕнынц. Фӕлӕ кӕд мызд нӕ исӕм, уӕд нӕ хъусын кӕнынмӕ цы разӕнгард кӕны? Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый. Афтӕ зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, уымӕй ӕххӕст кӕны 110-ӕм псаломы 3-аг стихы фыст пехуымпарад. (Бакӕс ӕй.)

ХЪУСЫН КӔНЫН КУЫД ХЪӔУЫ?

Мах хъусын кӕнӕм, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым (кӕс 10 абзац)

10. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар куыд хъусын кодтой?

10 Цымӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар куыд хъусын кодтой? Уыдон цыдысты, сӕ бон адӕмы ссарын кӕмдӕриддӕр уыд, уырдӕм. Зӕгъӕм, хъусын кодтой уынгты ӕмӕ базарты. Стӕй ма хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр цыдысты ӕмӕ афтӕмӕй дӕр агуырдтой «аккаг адӕймӕгты» (Матф. 10:11; Лук. 8:1; Хъуыд. 5:42; 20:20). Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй цыдысты, уый фӕрцы сӕ бон уыди алыхуызон адӕмӕн хъусын кӕнын.

11, 12. Хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй чырыстон динтӕ цы аразынц? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та?

11 Цымӕ аргъуантӕ дӕр, Йесо куыд хъусын кодта, афтӕ хъусын кӕнынц? Фылдӕр хатт, аргъуанмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕн сауджын раныхас радзуры, ӕмӕ хъуыддаг ууыл фӕвӕййы. Ӕмӕ уыцы сауджынтӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ агурынц, фӕлӕ ӕрмӕст ууыл архайынц, цӕмӕй сӕм ныртӕккӕ чи цӕуы, уыдон ма ныппырх уой. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ хатгай фӕархайынц, цӕмӕй, сӕ аргъуанмӕ чи цӕуы, уыдоны хъусын кӕнынмӕ баразӕнгард кӕной. Зӕгъӕм, 2001 азы Ромы папӕ Иоанн Павел Дыккаг йӕ фыстӕджы ныффыста, зӕгъгӕ, аргъуанмӕ чи цӕуы, уыдон хъуамӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕной. Ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта апостол Павелы ныхӕстӕ, «мӕгуыр мӕ бон, евангели куы нӕ хъусын кӕнон, уӕд», зӕгъгӕ. Стӕй ма ныффыста, зӕгъгӕ, уыцы куыст хъуамӕ кӕной, кӕй сахуыр кодтой, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ, аргъуанмӕ чи цӕуы, уыдонӕй алчидӕр. Фӕлӕ йӕм чи байхъуыста, ахӕмтӕ бирӕ нӕ разынд.

12 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Йесо Чырысти 1914 азӕй фӕстӕмӕ Паддзах кӕй у, уый тыххӕй ӕрмӕстдӕр уыдон хъусын кӕнынц. Уыдон Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдӕмӕ айстой, ӕмӕ сын уыцы куыст у царды ӕппӕты ахсджиагдӕр (Мар. 13:10). Иу чиныджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнын у ӕппӕты сӕйрагдӕр. Фыст ма дзы ис, зӕгъгӕ, иунӕг чи у йе та ӕххормаг кӕнӕ рынчын чи у, ахӕм адӕймагыл куы фембӕлынц, уӕд ын баххуыс кӕнынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ сӕйраг нысан нӕ рох кӕнынц – дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны ӕмӕ аирвӕзӕн куыд ис, уый тыххӕй хъусын кӕнын (Pillars of Faith—American Congregations and Their Partners). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абоны онг дӕр хорз хабар хъусын кӕнынц, Йесо ӕмӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд хъусын кодтой, растдӕр афтӕ.

ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ КӔЙОНГ ХЪУАМӔ АХХӔССА ӔМӔ КӔДМӔ ХЪУАМӔ ЦӔУА?

13. Хъусын кӕныны хъуыддаг кӕйонг хъуамӕ аххӕсса?

13 Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хорз хабар «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» кӕй хъусын кӕндзысты. Стӕй сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр» (Матф. 24:14; 28:19, 20). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг хъуамӕ аххӕсса ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр.

14, 15. Йесойы пехуымпарад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый цавӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

14 Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц Йесойы пехуымпарад, зӕгъгӕ, хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Америкӕйы Иугонд Штатты чырыстон динты кусджытӕ сты 600 000 бӕрц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та дзы ис 1 200 000 бӕрц. Католикон сауджынтӕ ӕгас дунейы сты 400 000 адӕймагӕй гыццыл фылдӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та сты 8 000 000 фылдӕр ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнынц 240 бӕстӕйы. Бӕрӕг у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хъусын кӕнынц, ӕмӕ уымӕй кад хӕссынц Йегъовӕйӕн! (Пс. 34:1; 51:15).

15 Махӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, нӕ нысан у, цӕмӕй, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй мыхуыры уадзӕм милуангай чингуытӕ, журналтӕ ӕмӕ буклеттӕ, стӕй ма конгресстӕм ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕттытӕ дӕр. Тӕлмац та сӕ кӕнӕм 700 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Ӕппӕт уыцы публикацитӕ адӕмӕн дӕттӕм лӕвар. Ӕмӕ дзы ӕрмӕст фарон ныммыхуыр кодтам 4 500 000 000 экземпляры бӕрц. «Библи – Ног дунейы тӕлмац» та ратӕлмац кодтам 130 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ ӕмӕ дзы мыхуыры рауагътам 200 милуан экземплярӕй фылдӕр. Нӕ сайты кой куы кӕнӕм, уӕд уый та ис 750 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Ахӕм стыр куыст кӕнынц ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ!

16. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕны?

16 Хъусын кӕнын кӕдмӕ хъӕуы? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй – цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Ӕмӕ ацы фӕстаг бонты дӕргъы хорз хабар ӕдзухдӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый у ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Хъуыд. 1:8; 1 Пет. 4:14). Ӕндӕр динтӕй чи у, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ фӕзӕгъынц, «махмӕ сыгъдӕг тых ис», зӕгъгӕ. Фӕлӕ цымӕ хорз хабар ӕдзухдӕр хъусын кӕнынц? Иуӕй-иу динтӕ афӕлварынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтау хъусын кӕнын, фӕлӕ сын ницы рауайы. Чидӕртӕ та фӕхъусын кӕнынц ӕрмӕстдӕр иу цасдӕр рӕстӕг. Ахӕмтӕ дӕр ис, ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕнынц, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ фӕдзурынц. Уӕдӕ бӕрӕг у, уыдон дӕр, Йесо Чырысти цы хъуыддаг райдыдта, уый кӕй нӕ аразынц.

АБОН ХОРЗ ХАБАР ЧИ ХЪУСЫН КӔНЫ?

17, 18. а) Нӕ бон фидарӕй зӕгъын цӕмӕн у, ӕмӕ абон хорз хабар ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц? б) Ацы куыст кӕнын нӕ бон цӕй фӕрцы у?

17 Уӕдӕ абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны? Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ! Цӕмӕ гӕсгӕ зӕгъӕм афтӕ? Уымӕн ӕмӕ мах хъусын кӕнӕм, Йесо кӕй хъусын кодта, уыцы хабар – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг аразӕм, Йесо йӕ куыд арӕзта, афтӕ – нӕхӕдӕг цӕуӕм адӕммӕ. Хорз хабар хъусын кӕнынмӕ та нӕ цы разӕнгард кӕны? Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый. Стӕй нӕ куыст аххӕссыд ӕгас зӕххыл дӕр – хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕвзӕгтыл дӕр. Ӕмӕ уыцы куыст кӕндзыстӕм ӕппынӕдзух, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ.

18 Йегъовӕйы адӕм ацы фӕстаг бонты дӕргъы цы стыр куыст кӕнынц, уый диссаг куыннӕ у! Фӕлӕ нын цымӕ уый цӕй фӕрцы ӕнтысы? Уый бӕрӕг у апостол Павелы ныхӕстӕй: «Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат» (Фил. 2:13). Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр фидар кӕнӕд, цӕмӕй нӕ бон уа хорз хабар хъусын кӕнын, Йесо нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ! (2 Тим. 4:5).