Йегъовӕ нын цы дӕтты, уымӕй ӕххӕстӕй пайда кӕн
«Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны» (ИС. 48:17).
ЗАРДЖЫТӔ: 117, 114
1, 2. а) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библимӕ цы цӕстӕй кӕсынц? б) Дӕуӕн Библийы дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы чиныг цӕуы?
МАХ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Библи кӕсын тынг уарзӕм. Уыцы чиныг нын дӕтты удӕнцой, ныфс ӕмӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм разамынд (Ром. 15:4). Библийы адӕмы хъуыдытӕ фыст нӕй, уый у «Хуыцауы ныхас» (1 Фес. 2:13).
2 Ӕвӕццӕгӕн, махӕй алкӕмӕн дӕр ис, Библийы йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы, ахӕм чингуытӕ. Иуӕй-иутӕ уарзынц Евангелитӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ дзы Йесойы цӕвиттоны фӕрцы ис Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ фенӕн (Иоан. 14:9). Иннӕты зӕрдӕмӕ та цӕуынц, пехуымпарӕдтӕ фыст кӕм сты, уыцы чингуытӕ, зӕгъӕм, Раргомады чиныг, уымӕн ӕмӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ» (Рарг. 1:1). Кӕмӕндӕрты удӕнцойы хос у Псаломты чиныг, чидӕртӕ та ӕхсызгонӕй фӕкӕсынц, Ӕмбисӕндты чиныджы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Библи алы адӕймагӕн дӕр хӕссы пайда.
3, 4. а) Нӕ публикацитӕм цы цӕстӕй кӕсӕм? б) Алыхуызон адӕмӕн нӕм цавӕр публикацитӕ ис?
3 Библи кӕсын кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ уарзӕм нӕ публикацитӕ кӕсын дӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасыл арӕзт сты. Тит. 2:2).
Цыдӕриддӕр литературӕ исӕм, уый нын Йегъовӕ дӕтты. Уыцы литературӕйы фӕрцы йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм (4 Нӕ публикацитӕй бирӕтӕ сӕйраджыдӕр фыст сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн. Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ бӕлвырд адӕмӕн фыст вӕййынц, зӕгъӕм, ӕрыгӕттӕн кӕнӕ ныййарджытӕн. Нӕ сайты цы статьятӕ ӕмӕ видеотӕ ис, уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр сты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕн. Уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау йӕ ныхас кӕй ӕххӕст кӕны. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ... ӕппӕт адӕмтӕн дӕр скӕндзӕн куывд. Ӕмӕ дзы уыдзӕн дзаджджын хӕринӕгтӕ» (Ис. 25:6).
5. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон цы вӕййы?
5 Махӕй бирӕты фӕнды, Библи ӕмӕ нын нӕ публикацитӕ кӕсынӕн фылдӕр рӕстӕг куы уаид, уый. Фӕлӕ нын алы хатт уый фадат нӕ вӕййы, цӕмӕй алы публикаци бакӕсынӕн дӕр фаг рӕстӕг ссарӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕ бон цы у, уый куы фӕаразӕм, цӕмӕй нын кӕсынӕн ӕмӕ ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг уа (Еф. 5:15, 16). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, алкӕмӕн дӕр нӕ тӕссаг кӕмӕй у, иу ахӕм хъуыддаг.
6. Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уымӕй ӕххӕстӕй ма пайда кӕнӕм?
6 Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕм, чи зоны, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ Библийы кӕцыдӕр хӕйттӕ кӕнӕ кӕцыдӕр публикацитӕ махмӕ нӕ хауынц. Зӕгъӕм нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Библийы кӕцыдӕр хай махӕн уадиссаг ницы пайда у. Кӕнӕ, зӕгъӕм, афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ цавӕрдӕр публикаци сӕрмагондӕй кӕмӕн фыст у, мах уыдонмӕ нӕ хауӕм. Цымӕ ахӕм публикаци тагъд-тагъд акӕсӕм кӕнӕ йӕ ӕппындӕр нӕ бакӕсӕм? Кӕд афтӕ у, уӕд тӕссаг уыдзӕн, нӕхи куы фӕцух кӕнӕм, пайда нын чи уыдзӕн, ахӕм ахсджиаг хъуыдытӕй. Цы саразӕн ис, цӕмӕй нӕ хабар афтӕ ма рауайа? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы. Библийы кӕсӕм: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны» (Ис. 48:17). Ацы статьяйы ныхас цӕуы ӕртӕ уынаффӕйыл. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нын Библийы алы хай дӕр ӕмӕ ма нын Йегъовӕ цыдӕриддӕр дӕтты, уый пайда хӕсса.
ЦЫ САРАЗӔН ИС, ЦӔМӔЙ НЫН БИБЛИ ӔНӔХЪӔНӔЙ ДӔР ПАЙДА ХӔССА?
7. Библи раст зӕрдӕйы уагимӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?
7 Библи кӕсгӕйӕ дын раст зӕрдӕйы уаг уӕд. Ӕцӕгдӕр, Библийы иуӕй-иу бынӕттӕ фыст уыдысты бӕлвырд адӕймӕгтӕн кӕнӕ адӕмӕн. Фӕлӕ Библи зӕгъы: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у» (2 Тим. 3:16). Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ раст зӕрдӕйы уагимӕ кӕсӕм. Иу ӕфсымӕр Библи кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдыл фӕдары, алы скъуыддзагӕй дӕр йӕ бон кӕй у, ӕмӕ цалдӕр хъуыддагыл сахуыр уа. Уый йын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу, адӕймаг уайтагъд кӕй нӕ бафиппайдзӕн, уыцы хъуыдытӕ дӕр фена. Уӕдӕ цалынмӕ Библи кӕсын нӕ райдайӕм, уӕдмӕ-иу хъуамӕ Йегъовӕмӕ скувӕм, цӕмӕй нын раст зӕрдӕйы уаг уа ӕмӕ-иу бамбарӕм, цы зӕгъинаг нын у, уый (Езд. 7:10; бакӕс Иаковы 1:5).
8, 9. а) Библи кӕсгӕйӕ-иу цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм? б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм?
8 Дӕхимӕ фарстатӕ дӕтт. Библи куы фӕкӕсыс, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн: «Цы бакастӕн, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон? Мӕ бон дзы куыд у царды спайда кӕнын? Цы бакастӕн, уый фӕрцы мӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?» Ацы фарстатыл-иу Библи кӕсын фылдӕр пайда хӕсдзӕн. Ӕркӕсӕм-ма иу цӕвиттонмӕ. Библийы дзырд цӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, ууыл. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 3:2–7.) Ӕмӕ нӕ фылдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ ацы стихтӕ махмӕ нӕ хауынц. Фӕлӕ-ма ацы ӕртӕ фарстайыл ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ фенӕм, уыцы стихтӕ махӕй алкӕмӕ дӕр куыд хауынц.
куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын9 Цы бакастӕн, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон? Йегъовӕ ӕргом кӕны, ӕмбырд кӕй бар бакодта, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый. Фӕнды йӕ, цӕмӕй сӕм уыцы миниуджытӕ ӕнӕмӕнг уой. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, ӕмбырд Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй у. Библийы фыст ис, «йӕ Фырты тугӕй» йӕ кӕй балхӕдта (Хъуыд. 20:28). Уӕдӕ Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй иннӕтӕн фӕзминаг уой. Уыдон йӕ разы дзуапп ратдзысты, ӕмбырды чи ис, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый тыххӕй. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхи ӕдас хатӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ныл кӕй тыхсынц, уый фӕрцы (Ис. 32:1, 2). Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд фенӕм, Йегъовӕ ныл куыд тынг тыхсы, уый.
10, 11. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый махӕй алкӕмӕн дӕр цӕуыл дзурӕг у? б) Уыцы зонындзинӕдты фӕрцы нӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?
10 Цы базыдтон, уымӕй мӕ бон куыд у царды спайда кӕнын? Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд-иу хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ахъуыды кӕнай, цы миниуджытӕ дӕм хъуамӕ уа, уыдоныл ӕмӕ дӕ фӕхуыздӕр кӕнын цы хъӕуы, ууыл кусай. Кӕд, «цӕстдарӕг уай», уымӕ тырныс, уӕд та хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайай, цӕмӕй уыцы миниуджытӕ дӕ удыхъӕды сфидар кӕнай (1 Тим. 3:1). Фӕлӕ уыцы миниуджытӕ хъуамӕ чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр уой. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр ӕмбаргӕ уӕм (Фил. 4:5; 1 Пет. 4:7). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «дзугӕн фӕзминаг» куы вӕййынц, уӕд махӕн дӕр нӕ бон вӕййы сӕ цӕвиттонӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ сын «сӕ уырнындзинад фӕзмын» (1 Пет. 5:3; Дзут. 13:7).
1 Фес. 5:12). Цас тынгдӕр сын аргъ кӕнӕм, уыйас сын ӕхсызгондӕр уыдзӕн, цы хӕс сыл ис, уый ӕххӕст кӕнын (Дзут. 13:17).
11 Цы бакастӕн, уый фӕрцы мӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын? Хистӕр нӕлгоймӕгты миниуджыты тыххӕй цы стихты ис фыст, уыдонӕй нӕ бон у уацамынды дӕр спайда кӕнын. Зӕгъӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм кӕнӕ фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн нӕ бон у бамбарын кӕнын, нӕ организацийы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕ чырыстон динты сауджынтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Уыцы миниуджыты тыххӕй кӕсгӕйӕ ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды цас фыдӕбон кӕнынц, уый дӕр. Ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уыцы ӕфсымӕртӕн аргъ кӕнӕм (12, 13. а) Иртасынӕн нын цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй нӕ бон куыд у пайда кӕнын? б) Уайтагъд кӕй нӕ бафиппайдзынӕ, уыцы хъуыдытӕ ссарӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
12 Фылдӕр ӕрмӕг-иу бацагур. Библийы чингуытӕй искӕцы куы кӕсай, уӕд-иу дзуапп ссар ахӕм фарстатӕн:
-
Ацы чиныг чи ныффыста?
-
Кӕм ӕмӕ кӕд ӕрцыд фыст?
-
Ацы чиныг фыст куы цыди, уӕд цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд?
Уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, уайтагъд кӕй нӕ бафиппайдзынӕ, уыцы хъуыдытӕ фенын дӕр.
13 Йезекилы 14:13, 14 кӕсӕм: «Искӕцы бӕстӕ мыл гадзрахатӕй куы рацыдаид ӕмӕ афтӕмӕй мӕ разы тӕригъӕд куы сарӕзтаид, уӕд ӕм ӕз мӕ къух систаин, сӕ гуылтӕ цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон сын ныссастаин ӕмӕ уыцы бӕстӕйы ӕххормаг заман скӕнын кодтаин ӕмӕ дзы адӕймагӕй, хӕдзарон фосӕй иу дӕр нал ныууагътаин. Ӕмӕ дзы ацы ӕртӕ адӕймаджы куы уыдаиккой – Ной, Данел ӕмӕ Иов, уӕд сӕ рӕстдзинады фӕрцы фервӕзын кодтаиккой ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ». Ацы стихтӕ бӕстондӕр куы раиртасӕм, уӕд базондзыстӕм, Йезекил сӕ нӕ эрӕйы размӕ 612 азы кӕй ныффыста. Уӕдмӕ Ной ӕмӕ Иовы мӕлӕтӕй бирӕ ӕнустӕ рацыд, фӕлӕ сын уӕддӕр Йегъовӕ сӕ иузӕрдиондзинад нӕ ферох кодта. Фӕлӕ Данел та нырма ӕгас уыди. Ӕмӕ дзы Йегъовӕ афтӕ куы загъта, Ной ӕмӕ Иовау рӕстаг адӕймаг кӕй у, уӕд Данелыл, ӕвӕццӕгӕн, 20 азы бӕрц йеддӕмӕ нӕ цыди. Цымӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ уыны ӕмӕ тынг аргъ кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр, уыимӕ ӕрыгӕттӕн дӕр (Пс. 148:12–14).
АЛЫХУЫЗОН ПУБЛИКАЦИТӔ ДЫН ПАЙДА ХӔССӔНТ
14. Ӕрыгӕттӕн цы публикацитӕ рацӕуы, уыдон сын куыд ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ махӕн цавӕр пайда хӕссынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
14 Ӕрыгӕттӕн фыст литературӕ. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Библийы алы чиныджы дӕр ссарӕн ис, зондзонӕн нын чи фӕуыдзӕн, ахӕм хъуыдытӕ. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, цыдӕриддӕр нӕм публикацитӕ ис, уыдонӕй дӕр. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Фӕстаг азты Йегъовӕйы организаци ӕрыгӕттӕн тынг бирӕ публикацитӕ рауагъта 1. Уыдоны фӕрцы сын ӕнцондӕр у, скъолайы цы фӕлварӕнты бахауынц, уыдоны фидар фӕлӕууын ӕмӕ, рӕзгӕ кары цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизын. Фӕлӕ цымӕ уыцы статьятӕ ӕмӕ чингуытӕ махӕй алкӕмӕн дӕр цавӕр пайда хӕссынц? Куы сӕ фӕкӕсӕм, уӕд базонӕм, ӕрыгӕттӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый ӕмӕ сын уӕд нӕ бон вӕййы баххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ бафидар кӕнын.
15. Ӕрыгӕттӕн фыст публикацитӕ хистӕр кары чырыстӕттӕ дӕр цӕмӕн хъуамӕ кӕсой?
15 Хистӕртӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ ӕрыгӕттӕн фыст публикацитӕ уыдоны кӕсын нӕ хъӕуы. Уыцы статьяты цы
зындзинӕдты кой вӕййы, уыдонӕй бирӕтыл чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр ӕмбӕлынц. Зӕгъӕм, не ’ппӕты дӕр бахъӕуы нӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын, нӕхиуыл хӕцын, архайын, цӕмӕй не ’мгӕртты зондыл ма ацӕуӕм ӕмӕ нӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй ӕмӕ ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕй хизӕм.16. Нӕ публикацитӕ ма ӕрыгӕттӕн ноджыдӕр куыд ӕххуыс кӕнынц?
16 Ӕрыгӕттӕн фыст публикацитӕ ма фӕсивӕдӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной. (Бакӕс Екклесиаст 12:1, 13.) Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы пайда уыдзысты хистӕр кары чырыстӕттӕн дӕр. Зӕгъӕм, 2009 азы апрелы журнал «Пробудитесь!»-ы уыди статья «Как сделать чтение Библии занимательным?». Статьяйы уыди хорз уынаффӕтӕ ӕмӕ рамкӕ. Уыцы рамкӕ уыди ралыг кӕнӕн ӕмӕ дзы Библийы ахуыры рӕстӕг пайда кӕнӕн. Цымӕ хистӕр кары чырыстӕттӕн дӕр баххуыс кодта? Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм хо загъта, раздӕр ын Библи кӕсын зын кӕй уыди. Фӕлӕ уыцы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй спайда кодта ӕмӕ ныр Библи зӕрдиагдӕрӕй фӕкӕсы. Уыцы хо загъта: «Ныр уынын, Библийы чингуытӕ кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты ӕмӕ иумӕ иу рӕсугъд нывы хуызӕн кӕй сты. Библи кӕсын мын ахӕм стыр циндзинад никуы хаста».
17, 18. Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн фыст публикацитӕ нын пайда кӕд уыдзысты? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
17 Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн фыст публикацитӕ. 2008 азӕй фӕстӕмӕ мыхуыры цӕуы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн, ӕмӕ сӕйраджыдӕр у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн. Фӕлӕ, парахат кӕй фӕкӕнӕм, уыцы журналты тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Цы саразӕн ис, цӕмӕй нын уыдон дӕр пайда хӕссой? Ӕркӕсӕм-ма иу цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, искӕй ӕмбырдмӕ куы фӕхоныс ӕмӕ куы ӕрбацӕуы, уӕд куыннӕ фӕцин кӕныс. Раныхасмӕ хъусгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕ уазӕгыл дӕр фӕхъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, цы хъусы, уый тыххӕй цымӕ цы хъуыды кӕны ӕмӕ уый йӕ цардыл куыд фӕзындзӕн. Уый фӕрцы дын уыцы раныхас дӕ зӕрдӕ тынгдӕр бацагайы.
18 Ӕмӕ хабар, чи зоны, афтӕ рауайа, Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн фыст публикацитӕ куы кӕсӕм, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, парахат кӕй кӕнӕм, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ, нӕ сайты цы статьятӕ вӕййы, уыдон Библи фембарын кӕнынц ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй. Ӕмӕ сӕ мах куы фӕкӕсӕм, уӕд, ӕнӕуи дӕр хорз кӕй зонӕм, Библийӕ уыцы ахуырӕдтӕ ноджы хуыздӕр бамбарӕм ӕмӕ сын ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм. Стӕй ма уый фӕрцы базонӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый уацамынды бамбарын кӕнӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм ног мадзӕлттӕ. Зӕгъӕм, журнал «Пробудитесь!» нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм. Стӕй ма уый фӕрцы ахуыр кӕнӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сӕрыл дзурын дӕр. (Бакӕс 1 Петры 3:15.)
19. Йегъовӕ нын цы дӕтты, уымӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
19 Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нын парахатӕй дӕтты, нӕ пайдайӕн чи у, ахӕм уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕ (Матф. 5:3). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр кӕсӕм ӕмӕ пайда кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уымӕй. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, пайда нын цы у, ууыл нӕ чи ахуыр кӕны, уыцы Хуыцауӕй бузныг кӕй стӕм (Ис. 48:17).
^ 1 14 абзац: уыцы публикацитӕм хауы чиныг «Ответы на твои вопросы», 1 ӕмӕ 2 том, ӕмӕ ма ӕрыгӕттӕн фыст чи ’рцыд, уыцы статьятӕ.