Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстонӕн йӕ хъуыддаг паддзахадон кусджытӕ куы аразой, уӕд хъуамӕ хъуса, йе ’фсарм ын цы дзуры, уымӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Паддзахадон кусджытӕн ӕхца дӕттын кӕнӕ ӕндӕр исты лӕвар кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ, уый бамбарынӕн чырыстонӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

Ацы фарстайы фӕдыл хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм цалдӕр хъуыддаджы. Чырыстӕттӕ хъуамӕ уой ӕнӕзӕрдӕхудт. Сӕ хӕс у сӕ бӕстӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын, кӕд Йегъовӕйы закъӕтты ныхмӕ не сты, уӕд (Матф. 22:21; Ром. 13:1, 2; Дзут. 13:18). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ аргъ кӕной бынӕттон ӕгъдӕуттӕн ӕмӕ иннӕты уарзой, сӕхи куыд уарзынц, афтӕ (Матф. 22:39; Ром. 12:17, 18; 1 Фес. 4:11, 12). Ацы уагӕвӕрдтӕ чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр, ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ӕмбарой, паддзахадон кусджытӕн ӕхца дӕттын кӕнӕ исты лӕвар кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ.

Бирӕ бӕстӕты, закъонмӕ гӕсгӕ дӕм цы ’мбӕлы, уый райсынӕн паддзахадон кусджытӕн ницы фӕхъӕуы дӕттын. Уыцы кусджытӕн хицауад мызд фӕфиды, ӕмӕ уымӕй уӕлдай ницы фӕкурынц ӕмӕ ницӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц. Бирӕ бӕстӕты та паддзахадон кусджытӕн уый бар дӕр нӕй, цӕмӕй адӕмӕй лӕвӕрттӕ исой, кӕд сын лӕвар чи дӕтты, уый сын закъон нӕ халын кӕны, уӕддӕр. Ахӕм лӕвар гӕртамыл нымад цӕуы, хъуыддаг куыд аскъуыддзаг уыдзӕн, ууыл куы нӕ фӕзына, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ, ахӕм бӕстӕты чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕн паддзахадон кусджытӕн ӕхца дӕттын кӕнӕ лӕвӕрттӕ кӕнын не ’мбӕлы.

Фӕлӕ ахӕм закъӕттӕ кӕм нӕй кӕнӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ сӕ хъус афтӕ лӕмбынӕг кӕм нӕ дарынц, уыцы бӕстӕты паддзахадон кусджытӕ ӕхца кӕнӕ лӕвӕрттӕ исынмӕ ӕндӕр цӕстӕй фӕкӕсынц. Иуӕй-иу бӕстӕты паддзахадон кусджытӕ сӕ бартӕй сӕхирдӕм фӕпайда кӕнынц ӕмӕ сӕ куысты тыххӕй ӕхца кӕнӕ лӕвӕрттӕ фӕдомынц. Ӕмӕ сын куы ницы авӕрай, уӕд, сӕ хӕс цы у, уый дӕр нӕ сараздзысты. Зӕгъӕм, ЗАГС-ы кусджытӕ, хъалонисджытӕ, арӕзтадӕн бар чи дӕтты ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм кусджытӕ сӕхицӕн исты фӕдомынц, цӕмӕй дын дӕ хъуыддаг саразой. Куы ницы сын раттай, уӕд дын дӕ хъуыддаг къуылымпы кӕндзысты кӕнӕ афтӕ бакӕндзысты, цӕмӕй дын дзы ӕппындӕр мацы рауайа, закъонмӕ гӕсгӕ дӕм цы ӕмбӕлы, уый сӕ куы агурай, уӕддӕр. Иу бӕстӕйы, зынгхуыссынгӕнджытӕм куы фӕдзурай, уӕд сӕ куыстмӕ нӕ бавналдзысты, цалынмӕ сын дзӕвгар ӕхца нӕ бафидай, уӕдмӕ.

Иуӕй-иу хатт гыццыл лӕвар скӕнӕн вӕййы, бузныг кӕй стӕм, уый равдисыны тыххӕй

Ахӕм хабӕрттӕ арӕх кӕм сты, уыцы бӕстӕты адӕймагмӕ, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ ӕхца куы нӕ раттай, уӕд ницы сараздзынӕ. Ӕмӕ чырыстон дӕр, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕна, ӕмӕ уыцы ӕхца дӕр хауы, закъонмӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ бафида, уымӕ. Фӕлӕ паддзахадон кусджытӕ гӕртӕмттӕ кӕм исынц, уыцы рӕтты чырыстон хъуамӕ лӕмбынӕг уа, цӕмӕй, Хуыцауы цӕсты раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбара. Закъонмӕ гӕсгӕ дӕм цы ’мбӕлы, уый райсыны тыххӕй лӕвар раттай, уый иу хъуыддаг у. Фӕлӕ бынтон ӕндӕр хъуыддаг у, цы дӕм не ’мбӕлы, уый райсыны тыххӕй куы кӕнай лӕвӕрттӕ. Гӕртӕмттӕ кӕм фӕисынц, ахӕм рӕтты адӕмӕй иуӕй-иутӕ паддзахадон кусджытӕн ӕхца авӕрынц, цӕмӕй сын, закъонмӕ гӕсгӕ сӕм цы не ’мбӕлы, уый саразой. Йе та пъӕлицӕйагӕн кӕнӕ инспекторӕн ӕхца раттынц, цӕмӕй сӕ закъонмӕ гӕсгӕ цы штраф бафидын хъӕуы, уый ма бафидой. Дзырд дӕр ыл нӕй, ахӕм уавӕрты искӕмӕн исты лӕвар кӕнын раст нӕ уыдзӕн. Стӕй раст нӕ уыдзӕн, ахӕм лӕвар нӕхӕдӕг дӕр куы исӕм. Дыууӕ хъуыддаджы дӕр сты закъоны ныхмӕ (Рац. 23:8; Дык. з. 16:19; Ӕмб. 17:23).

Фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕн сӕ фылдӕрӕн се ’фсарм уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй паддзахадон кусджытӕн лӕвӕрттӕ кӕной, уый сӕ сӕхӕдӕг куы домой, уӕд дӕр. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ уӕд гӕртамхортӕн сӕ къух араздзысты. Уымӕ гӕсгӕ паддзахадон кусджытӕн ӕппындӕр ницы фӕлӕвар кӕнынц.

Фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ ӕмбарынц, закъонмӕ гӕсгӕ сӕм цы не ’мбӕлы, уый тыххӕй паддзахадон кусджытӕн лӕвӕрттӕ кӕнын гӕртамыл нымад кӕй у. Фӕлӕ бынӕттон уавӕртӕм гӕсгӕ иуӕй-иу чырыстӕттӕн се ’фсарм уый бар фӕдӕтты, цӕмӕй-иу паддзахадон кусджытӕн гыццыл лӕвар скӕной – афтӕ уымӕн бакӕнынц, цӕмӕй сын, закъонмӕ гӕсгӕ сӕм чи ’мбӕлы, уыцы хъуыддаг саразой кӕнӕ сын сӕ хъуыддаг барӕй ма ныффӕстиат кӕной. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ та дохтыртӕн ӕмӕ медицинон хотӕн сӕ фыдӕбоны тыххӕй лӕвӕрттӕ скӕнынц, рынчындонӕй сӕ куы рафыссынц, ӕрмӕстдӕр уӕд. Нӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй исчи афтӕ ахъуыды кӕна, ӕмӕ гӕртам дӕттынц кӕнӕ сӕхимӕ уӕлдай хъусдард домынц.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алыхуызон бӕстӕты уавӕртӕ алыхуызон сты, ӕмӕ се ’ппӕтыл ацы статьяйы аныхас кӕнӕн нӕй. Фӕлӕ чырыстӕттӕ кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр хъуамӕ ахӕм уынаффӕтӕ хӕссой, цӕмӕй сӕ стӕй сӕ цӕсгом ма хӕра (Ром. 14:1–6). Чырыстӕттӕ хъуамӕ закъон ма халой (Ром. 13:1–7). Хъуамӕ сӕхи хизой, Йегъовӕйы ном чи фӕхудинаг кӕндзӕн кӕнӕ иннӕтӕн цӕлхдур чи суыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй (Матф. 6:9; 1 Кор. 10:32). Ӕмӕ сӕ уынаффӕтӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, иннӕты кӕй уарзынц (Мар. 12:31).

Адӕймаг фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй сси, уый тыххӕй ӕмбырды куы фехъусын кӕной, уӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у сӕ цин равдисын?

Лукайы 15 сӕры фыст ис Йесойы зӕрдӕмӕхъаргӕ фӕсномыг ныхас, 100 фысы кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймаджы тыххӕй. Йӕ фыстӕй иу куы адзӕгъӕл, уӕд уыцы адӕймаг йӕ 99 фысы ӕдзӕрӕг быдыры ныууагъта ӕмӕ йӕ агурӕг ацыд. Йесо загъта: «Куы йӕ ссара, уӕд та йӕ йе уӕхсчытыл сӕвӕрдзӕн ӕмӕ цин кӕндзӕн. Ӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рцӕуа, уӕд фӕдзурдзӕн йе ’мбӕлттӕм ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Мӕ циныл мын фӕцин кӕнут, чи мын фесӕфт, уыцы фысы ссардтон“». Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Зӕгъын уын: иу тӕригъӕдджын адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ууыл, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, уыцы нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй тынгдӕр цин кӕндзысты уӕлӕрвты» (Лук. 15:4–7).

Контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йесо уыцы ныхӕстӕ загъта фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕн, цӕмӕй сын сӕ зондахаст сраст кодтаид. Уыдон йӕ ныхмӕ дзырдтой, хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ кӕй бадти, уый тыххӕй (Лук. 15:1–3). Йесо сын загъта, иу тӕригъӕдджын куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уӕлӕрвты тынг кӕй фӕцин кӕнынц. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕнӕм: «Кӕд уӕлӕрвты фӕцин кӕнынц, уӕд хъуамӕ зӕххыл дӕр ма цин кӕной, тӕригъӕдджын кӕй ӕрфӕсмон кодта, йӕ цард кӕй фӕивта ӕмӕ раст фӕндагыл кӕй слӕууыд, ууыл?» (Дзут. 12:13).

Адӕймаг фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы свӕййы, уӕд мах дӕр фӕцин кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дарддӕр дӕр хъуамӕ архайа, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уа. Фӕлӕ кӕд фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад ӕрцыд, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йӕ цард аивта. Ӕмӕ уый махӕн ӕхсызгон у. Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уый тыххӕй куы фехъусын кӕной, уӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн, кӕд сӕ фӕнда, уӕд, сӕ бон у уӕзданӕй амдзӕгъд кӕнын.

Иерусалимы цы найӕн бынат уыди, Вифездӕ, зӕгъгӕ, уымӕн-иу йӕ дон фӕйлауын цӕмӕн райдыдта?

Чырыстийы рӕстӕг Иерусалимы цӕрджытӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Вифездӕйы найӕн бынаты дон «фӕйлауын» куы райдайы, уӕд йӕ бон вӕййы адӕймаджы йӕ низтӕй сдзӕбӕх кӕнын (Иоан. 5:1–7). Уымӕ гӕсгӕ, йӕ низтӕй фервӕзын кӕй фӕндыд, уыцы адӕм уым ӕмбырд кодтой.

Вифездӕйы найӕн бынатмӕ дон цыди, ӕввахс ӕм чи уыд, уыцы донӕмбырдгӕнӕнӕй. Археологтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй найӕн бынат ӕмӕ донӕмбырдгӕнӕны ’хсӕн уыди дамбӕ. Дамбӕ-иу куы бакодтой, уӕд-иу найӕн бынатмӕ бынты къанауыл дон ацыд. Ӕмӕ-иу найӕн бынаты дон, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй райдыдта фӕйлауын.

Цымыдисаг у, иуӕй-иу тӕлмацты Иоанны 5:4 стихы афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ-иу дон зӕд сызмӕста. Фӕлӕ, ӕууӕнчы аккаг чи у, уыцы рагон грекъаг къухфыстыты, зӕгъӕм, цыппӕрӕм ӕнусы фыст Синайы кодексы, уыцы стих нӕй. Вифездӕйы Чырысти сдзӕбӕх кодта, 38 азы рынчын чи уыд, ахӕм адӕймаджы. Уыцы лӕг донмӕ дӕр нӕ ныххызт, афтӕмӕй уайтагъд адзӕбӕх.