Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссыс?

Уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссыс?

«Бамбарут-иу, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» (ЕФ. 5:17).

ЗАРДЖЫТӔ: 69, 57

1. Библийы цавӕр фӕдзӕхстытӕ ис ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый нын цавӕр пайда хӕссы?

БИБЛИЙЫ нын Йегъовӕ бӕлвырдӕй дзуры, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Зӕгъӕм, фӕдзӕхсы нӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй, давынӕй, фыднозт кӕнынӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕнынӕй (1 Кор. 6:9, 10). Йегъовӕйы Фырт Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бӕлвырдӕй бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20). Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо цыдӕриддӕр фӕдзӕхсынц, уый у нӕхи пайдайӕн. Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы нӕхицӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм, не ’нӕниздзинад у хуыздӕр ӕмӕ нӕ бинонтӕ дӕр амондджын сты. Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ куы ’ххӕст кӕнӕм,– уыимӕ хорз хабар дӕр куы хъусын кӕнӕм,– уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ нын арфӕ кӕндзӕн.

2, 3. а) Библийы царды алы хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд амындтӕ цӕуылнӕ ис? б) Ацы статьяйы дзырд цавӕр фарстатыл цӕудзӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

2 Фӕлӕ Библийы царды алы хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд амындтӕ нӕй. Зӕгъӕм, цавӕр дзаумӕттӕ хъуамӕ дарӕм, уый фӕдыл дзы бӕлвырдӕй ницы ис фыст. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у Йегъовӕйы стыр зонд. Бӕстӕйӕ-бӕстӕмӕ адӕмӕн сӕ уӕлӕдарӕс хицӕн кӕны, стӕй, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ модӕ дӕр ивы. Фӕлӕ, Библи цы дзуры, уый абон дӕр нӕ царды ахады. Стӕй дзы, кӕм хъуамӕ кусӕм, нӕхи куыд хъуамӕ ирхӕфсӕм ӕмӕ нӕхицӕн куыд хъуамӕ хос кӕнӕм, уый фӕдыл дӕр бӕлвырд амындтӕ нӕй. Йегъовӕ алы адӕймагӕн дӕр ӕмӕ алы бинонты хистӕрӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ йӕхӕдӕг хӕсса.

3 Уӕдӕ нӕ цавӕрдӕр ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, ӕмӕ Библийы уый фӕдыл бӕлвырд амындтӕ куы нӕ уа, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм: «Цавӕр уынаффӕ рахӕсдзынӕн, уый Йегъовӕйӕн исты уӕлдай у? Библийы закъон ма фехалон, уый йеддӕмӕ цыфӕнды уынаффӕйӕ дӕр разы уыдзӕн? Куыд ӕй базонон, цы уынаффӕ рахӕсдзынӕн, уый йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ?»

ЦЫ УЫНАФФӔТӔ ФӔХӔССӔМ, УЫДОН ФӔЗЫНЫНЦ НӔХИУЫЛ ДӔР ӔМӔ ИННӔТЫЛ ДӔР

4, 5. Цы уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм, уыдон нӕхиуыл ӕмӕ иннӕтыл куыд фӕзынынц?

4 Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ бон у, цыдӕриддӕр сӕ фӕнды, уый аразын. Фӕлӕ мах фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уӕдӕ-иу уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъуамӕ Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтыл ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ-иу стӕй уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Хуыцау тугмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй, ӕмӕ мах дӕр уымӕ гӕсгӕ архайӕм (Райд. 9:4; Хъуыд. 15:28, 29). Нӕ бон у Йегъовӕмӕ дӕр кувын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссӕм.

5 Цы уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм, уыдон ныл ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕуыдзысты. Хорз уынаффӕ куы рахӕссӕм, уӕд Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзыстӕм. Ӕвзӕр уынаффӕ куы рахӕссӕм, уӕд та дзы адард уыдзыстӕм. Нӕ уынаффӕтӕ ӕрмӕст нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ ма иннӕ адӕмыл дӕр фӕзынынц. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕмӕй исты саразӕм, ӕмӕ уый тыххӕй не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн сӕ ныфс асӕтта кӕнӕ та сын къуылымпыйы хос суа. Стӕй нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мах тыххӕй ӕмбырды иудзинад хӕла. Уӕдӕ цавӕр уынаффӕтӕ хӕссӕм, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:19; Галатӕгтӕм 6:7.)

6. Уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

6 Уӕдӕ нӕ уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, фӕлӕ уый фӕдыл Библийы бӕлвырд амындтӕ куы нӕ уа, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Нӕхи куыд фӕнды, афтӕ бакӕныны бӕсты-иу хъуамӕ хъуыддагыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ рахӕссӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 37:5.)

ЙЕГЪОВӔ ДӔМ ЦӔМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

7. Библийы цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд фӕдзӕхст куы нӕ уа, уӕд-иу куыд хъуамӕ бамбарӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый?

7 Фӕлӕ цымӕ куыд базонӕн ис, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн, уый? Ефесӕгтӕм 5:17 стихы фыст ис: «Бамбарут-иу, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый». Библийы цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд фӕдзӕхст куы нӕ уа, уӕд-иу куыд хъуамӕ бамбарӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый? Хъуамӕ-иу ӕм скувӕм ӕмӕ-иу нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы разамынд ратта, уымӕ гӕсгӕ бакӕнӕм.

8. Йесо цӕй фӕрцы ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Йесо алкӕддӕр ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Йесо-иу Хуыцаумӕ куы скуывта ӕмӕ-иу стӕй диссаджы хуызы тынг бирӕ адӕмӕн хӕринаг куы радта, дыууӕ ахӕм хабары тыххӕй (Матф. 14:17–20; 15:34–37). Фӕлӕ йӕ Хӕйрӕг ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕлвӕрдта ӕмӕ йын куы загъта, цӕмӕй дуртӕ дзултӕ фестын кодтаид, уӕд ӕм Йесо нӕ байхъуыста. (Бакӕс Матфейы 4:2–4.) Йӕ Фыды хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕрста, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн, сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхи пайдайӕн исты куы араза. Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд ын алкӕддӕр кӕй амондзӕн, хуыздӕр бакӕнын куыд у, уый ӕмӕ йӕ хӕринагцух дӕр кӕй никуы ныууадздзӕн.

9, 10. Раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Йесойау мах дӕр Йегъовӕйы зондӕй куы архайӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын. Библи зӕгъы: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн. Дӕхимӕ зондджын ма кӕс. Йегъовӕйӕ тӕрс ӕмӕ дӕхи ӕвзӕрдзинадӕй хиз» (Ӕмб. 3:5–7). Библи ахуыргӕнгӕйӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый бамбарыныл куы архайӕм, уӕд зондзыстӕм, цавӕрдӕр бӕлвырд уавӕры куыд хъуамӕ бакӕнӕм, уый. Ӕмӕ Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый цас хуыздӕр зонӕм, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын. Афтӕмӕй Йегъовӕйы ныхӕстӕ нӕ «зӕрдӕйы ӕвӕрдзыстӕм» (Пс. 119:11, 12).

10 Зӕгъӕм, моймӕдзыд сылгоймаг дуканимӕ бацыд ӕмӕ йӕ цӕст ӕрхӕцыд рӕсугъд дзабыртыл. Фӕлӕ сты тынг зынаргъ. Ӕмӕ кӕд йӕ сӕрыхицау йӕ фарсмӕ нӕй, уӕддӕр зоны, уыйбӕрц ӕхца куы бахардз кӕна, уӕд цы зӕгъдзӕн, уый. Йемӕ иу ӕмӕ дыууӕ боны нӕ цӕры, ӕмӕ йын йӕ хъуыды хорз зоны. Махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ у. Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ куыд архайы, уый тыххӕй куы базонӕм, уӕд, цавӕрдӕр бӕлвырд уавӕры куыд хъуамӕ бакӕнӕм, уый дӕр зондзыстӕм.

ЙЕГЪОВӔ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫ, УЫЙ БАЗОНЫН ДӔ БОН КУЫД У?

11. Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ куы иртасӕм, уӕд нӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын? (Кӕс рамкӕ « Хуыцауы Ныхас иртасгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн».)

11 Цымӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый базонӕн куыд ис? Уыцы хъуыддаджы нын ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс уыдзӕн, ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм. Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ куы иртасӕм, уӕд нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Цы бакастӕн, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕн ис? Хуыцау афтӕ цӕмӕн бакодта?» Ӕмӕ Давидау мах дӕр хъӕуы Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын. Давид ныффыста: «Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, о Йегъовӕ, сахуыр мӕ кӕн дӕ къахвӕндӕгтыл цӕуын. Ӕххуыс мын кӕн дӕ раст фӕндагыл цӕуынӕн ӕмӕ мӕ ахуыр кӕн, уымӕн ӕмӕ ды дӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау. Ӕнӕхъӕн бон мӕ ныфс дӕуыл дарын» (Пс. 25:4, 5). Библийӕ цавӕрдӕр скъуыддзагыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ бон у дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттын: «Цы базыдтон, уымӕй мӕ бон куыд у спайда кӕнын? Ацы зонындзинӕдтӕ мын кӕм баххуыс кӕндзысты? Мӕ бон сӕ у мӕ бинонты ’хсӕн, куысты, скъолайы кӕнӕ уацамынды спайда кӕнын?» Цы базыдтай, уымӕй спайда кӕнӕн кӕм ис, уый куы бамбарай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, спайда кӕнӕн дзы куыд ис, уый бамбарын дӕр.

12. Нӕ публикацитӕ ӕмӕ нын не ’мбырдтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгты фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый базонынӕн?

12 Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый базонынӕн ма нын баххуыс кӕндзӕн, йӕ организаци нын Библимӕ гӕсгӕ цы амоны, уымӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм. Цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд нын Йегъовӕйы хъуыды базонынӕн баххуыс кӕндзӕн, зӕгъӕм, «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс», стӕй ма нын Библи иртасынӕн цы ӕрмӕджытӕ ис, уыдон. Стыр ӕххуыс ма нын уыдзӕн, ӕмбырды-иу лӕмбынӕг куы хъусӕм, дзуапп-иу куы дӕттӕм ӕмӕ-иу, цы базонӕм, ууыл арф куы ахъуыды кӕнӕм. Афтӕмӕй сахуыр уыдзыстӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй барухс уыдзӕн ӕмӕ нын кӕй тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын.

УЫНАФФӔ РАХӔССЫНЫ РАЗМӔ-ИУ АХЪУЫДЫ КӔН, ЙЕГЪОВӔ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫ, УУЫЛ

13. Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый куы зонӕм, уӕд нын уый раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Ӕркӕсӕм-ма иу цӕвиттонмӕ ӕмӕ фенӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый зонын нын уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ куыд ӕххуыс кӕндзӕн. Зӕгъӕм, фӕнды дӕ пионерӕй лӕггад кӕнын. Дӕ царды цыдӕртӕ фӕивтай, цӕмӕй дӕ бон уа фылдӕр хъусын кӕнын. Фӕлӕ дызӕрдыг кӕныс, къаддӕр ӕхца дӕм куы уа, уӕд ма раздӕрау райгонд кӕй уыдзынӕ, ууыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ пионертӕй лӕггад кӕнӕм. Нӕ бон у Йегъовӕйӕн ӕнӕуи дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ Йесо загъта, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, йӕ Паддзахады тыххӕй йӕхи цӕмӕйдӕрты чи фӕцух кӕны, уыдонӕн. (Бакӕс Лукайы 18:29, 30.) Библи ма зӕгъы, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй вӕййы, ӕппӕт тыхтӕй куы фӕархайӕм, цӕмӕй йӕ скадджын кӕнӕм, ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм (Пс. 119:108; 2 Кор. 9:7). Уыцы хъуыддӕгты тыххӕй куы скувай ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнай, уӕд рахӕсдзынӕ, дӕ уавӕры хуыздӕр чи уыдзӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ кӕй тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕ.

14. Куыд базонӕн ис, цавӕрдӕр уӕлӕдарӕс Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуы ӕви нӕ?

14 Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр иу цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр уӕлӕдарӕс дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, фӕлӕ зоныс, ӕмбырды кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн. Библийы бӕлвырд ницы ис фыст, цавӕр дзаумӕттӕ хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй. Уӕдӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый куыд базонӕн ис? Библи нын дзуры: «Сылгоймӕгтӕ [хъуамӕ] сӕхи рӕсугъд кӕной, сӕ дзыккутӕ алыхуызӕттӕ кӕй бийынц, сызгъӕрин ӕмӕ налхъуыт кӕнӕ тынг зынаргъ дзаумӕттӕ кӕй дарынц, уымӕй нӕ, фӕлӕ аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты. Стӕй сӕхи хъуамӕ рӕсугъд кӕной, йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны, уыцы сылгоймӕгтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ – хорз хъуыддӕгтӕй» (1 Тим. 2:9, 10). Ацы уынаффӕйы цы хъуыды ис, уый чырыстон нӕлгоймӕгтӕм дӕр хауы. Хӕдӕфсарм куы уӕм, уӕд хъуыды кӕндзыстӕм, не ’ддаг бакаст иннӕты зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ, ууыл. Ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ истӕмӕй фӕхъыг кӕнӕм (1 Кор. 10:23, 24; Фил. 3:17). Уӕдӕ Библи цы дзуры ӕмӕ Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, ууыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын нӕ уынаффӕтӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.

15, 16. а) Ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн? б) Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ куыд базонӕн ис, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн, уый? в) Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд куыд хъуамӕ архайӕм?

15 Библийӕ мах зонӕм, Йегъовӕйӕн тынг зын кӕй вӕййы, адӕм фыдхъуыддӕгтӕ куы фӕкӕнынц кӕнӕ ӕвзӕр цӕуылдӕрты куы фӕхъуыды кӕнынц. (Бакӕс Райдиан 6:5, 6.) Бӕлвырд у, Йегъовӕйы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй цавӕрдӕр ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕн нӕ сӕры бынат дӕттӕм. Уӕвгӕ, ахӕм хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ, чи зоны, кӕнгӕ дӕр бакӕнӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ уой, сыгъдӕг ӕмӕ хорз цы у, ууыл. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ» (Иак. 3:17). Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл кӕй тыххӕй хъуыды кӕндзыстӕм кӕнӕ сӕм кӕй тыххӕй бӕлдзыстӕм, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй. Йегъовӕ цы уарзы ӕмӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уый бӕлвырд куы зонӕм, уӕд нын чингуытӕ, кинотӕ ӕмӕ хъӕзтытӕ ӕвзаргӕйӕ раст уынаффӕ рахӕссын ӕнцондӕр уыдзӕн. Стӕй уӕд иннӕты дӕр нӕ фӕрсдзыстӕм, куыд хъуамӕ бакӕнӕм, уымӕй.

16 Арӕхдӕр цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл вӕййы цалдӕр уынаффӕйы рахӕссӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты уыцы уынаффӕтӕй алкӕцы дӕр вӕййы раст. Фӕлӕ нӕ ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд иуӕй-иу хатт хорз вӕййы хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ искӕцы фӕлтӕрдджын хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕй ӕххуыс бацагурын (Тит. 2:3–5; Иак. 5:13–15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи бӕсты сын уынаффӕ нӕ хӕссын кӕндзыстӕм. Хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, Библийӕ цы зонӕм, ууыл ӕмӕ стӕй уынаффӕ нӕхӕдӕг рахӕссӕм (Дзут. 5:14). Апостол Павел загъта: «Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн» (Гал. 6:5).

17. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд нын уый цавӕр пайда фӕуыдзӕн?

17 Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йӕ хорзӕх ӕмӕ йӕ арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстӕм (Иак. 4:8). Ӕмӕ йыл уый фӕрцы та нӕ зӕрдӕ тынгдӕр дардзыстӕм. Цӕй уӕдӕ, Библийы цы кӕсӕм, ууыл арф хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, уый ӕмбарӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы тыххӕй алцыдӕр кӕронмӕ никуы базондзыстӕм (Иов 26:14). Фӕлӕ ныр дӕр Хуыцауы базоныныл зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм зондджын ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын (Ӕмб. 2:1–5). Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ фӕндтӕ ивынц, фӕлӕ Йегъовӕ нӕ ивы. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Йегъовӕйы уынаффӕ... уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Пс. 33:11). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куы аразӕм, уӕд раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм.