Ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дӕхи хиз
«Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (МАТФ. 22:21).
ЗАРДЖЫТӔ: 33, 137
1. Нӕ бон куыд у Хуыцаумӕ дӕр хъусын ӕмӕ хицауадмӕ дӕр?
БИБЛИ нын дзуры, зӕххон хицӕуттӕн коммӕгӕс кӕй хъуамӕ уӕм. Фӕлӕ ма нын дзуры, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцаумӕ кӕй хъуамӕ хъусӕм (Хъуыд. 5:29; Тит. 3:1). Ацы дыууӕ хъуыдыйы кӕрӕдзиимӕ куыд сбӕттӕн ис, уый бамбарӕн ис Йесойы ныхӕстӕй. Уый загъта: «Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матф. 22:21). «Паддзахы цы у, уый паддзахӕн фӕдӕттӕм», хицауад цы закъӕттӕ сфидар кӕны, уыдон куы феххӕст кӕнӕм, хицауады кусджытӕм хорз цӕстӕй куы фӕкӕсӕм ӕмӕ хъалонтӕ куы фӕфидӕм, уӕд (Ром. 13:7). Фӕлӕ нӕ хицауад Хуыцауы закъӕтты сӕрты куы хизын кӕна, уӕд сын уӕзданӕй бамбарын кӕндзыстӕм, афтӕ кӕй нӕ бакӕндзыстӕм.
2. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм?
2 «Хуыцауы цы у, уый... Хуыцауӕн» дӕтдзыстӕм, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты куы нӕ архайӕм, уӕд (Ис. 2:4). Зӕххон хицӕуттӕн бартӕ Йегъовӕ кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхмӕ нӕ цӕуӕм. Стӕй нӕ бӕстӕйы кӕнӕ нӕ адӕмыхатты сӕрыл дӕр нӕ тох кӕнӕм (Ром. 13:1, 2). Хицауад фӕивыныл кӕнӕ политиктыл бандавыныл нӕ архайӕм, стӕй хъӕлӕс дӕр никӕуыл кӕнӕм ӕмӕ, политиктӕ суӕм, уымӕ дӕр нӕ тырнӕм.
3. Ацы дунейы хъуыддӕгтӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?
Иоан. 6:15; 17:16). Иннӕ та уый, ӕмӕ мах стӕм Хуыцауы Паддзахады фарс. Зӕххон хицӕуттӕй искӕй фарс куы уыдаиккам, уӕд ма уацамынды афтӕ куыд хъуамӕ дзырдтаиккам, зӕгъгӕ, адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад скӕндзӕн?! Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ мӕнг динтӕ политикӕйы архайынц ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы дихтӕ кӕнынц. Уыдонӕй уӕлдай, мах ацы дунейы хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм, ӕмӕ уый фӕрцы ӕгас дунейы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн ис иудзинад (1 Пет. 2:17).
3 Хуыцау нын афтӕ кӕй дзуры, цӕмӕй нӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизӕм, уымӕн бирӕ аххосӕгтӕ ис. Иу уый, ӕмӕ мах фӕзмӕм Йесойы, уый та «ацы дунейӕ» нӕ уыд. Йесо политикӕйы ӕмӕ хӕстыты никӕй фарс уыд (4. а) Фидӕны нын нӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизын зындӕр кӕй уыдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм? б) Цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгты архайын ма райдайӕм, уый тыххӕй нӕхи абон цӕмӕн хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм?
4 Чи зоны, мах кӕм цӕрӕм, уым нӕ политикӕйы тыхӕй ничи архайын кӕны. Фӕлӕ Хӕйрӕджы дунейы кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕна, афтӕ нын зындӕр уыдзӕн политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй нӕхи хизын. Абон дӕр бирӕтӕ сты «зындзырд» ӕмӕ «хивӕнд», ӕмӕ цас дарддӕр, уыйас фыддӕр кӕндзысты (2 Тим. 3:3, 4). Абон иуӕй-иу бӕстӕты политикон уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй фӕивы, уый тыххӕй уыцы бӕстӕты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ абон нӕхи цӕттӕ кӕнӕм, цӕмӕй суанг зын уавӕрты дӕр ацы дунейы хъуыддӕгты архайын ма райдайӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, нӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, цыппар ахӕм хъуыддагмӕ.
ЗӔХХОН ХИЦӔУТТӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔСТӔЙ КӔСӔМ
5. Йегъовӕ зӕххон хицӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсы?
5 Нӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕй фыццаг у, зӕххон хицӕуттӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, мах дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй куы кӕсӕм. Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сын уый бар нӕ радта, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хицӕуттӕ уыдаиккой (Йер. 10:23). Йегъовӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр иу бинонтыл нымайы. Фӕлӕ хицӕуттӕ адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕнынц, сӕ адӕмыхатт иннӕтӕй хуыздӕр кӕй хонынц, уымӕй. Суанг ӕппӕты хуыздӕр хицӕуттӕн дӕр сӕ бон нӕу адӕмы се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма уыдон цӕуынц Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ, 1914 азы бартӕ йӕ къухмӕ чи райста, уый ныхмӕ. Ӕмӕ тынг тагъд Хуыцауы Паддзахад фесафдзӕн, цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ ис, уыдон. (Бакӕс Псалом 2:2, 7–9.)
6. Хицӕуттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
6 Хуыцау хицауадӕн бартӕ дӕтты, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы зӕххыл цавӕрдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау уӕддӕр ис. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Ром. 13:3, 4). Хуыцау ма нӕ разӕнгард кӕны, бартӕ кӕй къухы сты, уыдоны тыххӕй кувын, цӕмӕй нӕ бон уа Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын (1 Тим. 2:1, 2). Ӕнаххосӕй нӕ куы фефхӕрынц, уӕд нӕ бон вӕййы хицауадӕй ӕххуыс ракурын. Афтӕ кодта Павел дӕр (Хъуыд. 25:11). Стӕй кӕд Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ зӕххон хицӕуттӕ Хӕйрӕджы къухы сты, уӕддӕр дзы афтӕ фыст никуы ис, ӕмӕ алы хицау дӕр уый зондӕй архайы (Лук. 4:5, 6). Уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдзӕн афтӕ дзурын, ӕмӕ кӕцыдӕр хицау Хӕйрӕджы зондӕй архайы. Ӕмӕ нын Библи дӕр зӕгъы, цӕмӕй макӕй фыдкой кӕнӕм (Тит. 3:1, 2).
7. Нӕхи цавӕр хъуыдытӕй хъуамӕ хизӕм?
7 Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, цавӕрдӕр политик кӕнӕ партийы фарс куы нӕ хӕцӕм, кӕд, зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕрынц, уый мах пайдайӕн уа, уӕддӕр. Уый нын, чи зоны, алкӕд ӕнцон ма уа. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма адӕм рацыдысты, Еф. 2:2). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын политикӕимӕ иумӕйагӕй мацы уа, уӕд хъуамӕ афтӕ дӕр ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ сӕ иутӕ иннӕтӕй растдӕр кӕнӕ хуыздӕр сты. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй.
бирӕ зиан сын чи ӕрхаста, уыцы хицауады ныхмӕ. Уыцы хицауад зиан ӕрхаста Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, змӕнтджытӕм не ’рбаиу уыдзынӕ. Фӕлӕ, мыййаг, афтӕ хъуыды кӕндзынӕ, ӕмӕ змӕнтджытӕ раст сты, ӕмӕ дӕ ныфс уыдзӕн, цыдӕр сын кӕй рауайдзӕн? («УӔХИ ХЪАХЪХЪӔНУТ», ФӔЛӔ «УТ ӔНӔХИН»
8. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ зын уавӕрты бахаугӕйӕ нӕхи «хъахъхъӕнгӕ» дӕр кӕнӕм ӕмӕ «ӕнӕхин» дӕр стӕм?
8 Нӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕй дыккаг у, Чырыстийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, «кӕлмытау уӕхи хъахъхъӕнут, бӕлӕттау ут ӕнӕхин», зӕгъгӕ. (Бакӕс Матфейы 10:16, 17.) Нӕхи куыд «хъахъхъӕндзыстӕм»? Хъуамӕ рагацау хъуыды кӕнӕм, фидӕны нӕм цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны сӕрты куыд хиздзыстӕм, ууыл. «Ӕнӕхин» та уыдзыстӕм, уыцы зын уавӕрты политикӕимӕ баст хъуыддӕгты куы нӕ архайӕм, уӕд. Уӕдӕ ахӕм уавӕртӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ базонӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизӕм.
9. Адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?
9 Иннӕтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ. Адӕм политикӕимӕ баст фарстатыл ныхас кӕнын куы райдайынц, уӕд-иу хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Зӕгъӕм, искӕимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дзурӕм, цавӕрдӕр парти кӕнӕ политикимӕ разы кӕй стӕм кӕнӕ кӕй не стӕм. Чидӕртӕ адӕмы зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй цы аразынц, ууыл ныхас кӕныны бӕсты хъуамӕ адӕймагӕн Библийы равдисӕм, Хуыцауы Паддзахад адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Йе та, зӕгъӕм, кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уый гомосексуализмы кӕнӕ аборттӕ кӕныны сӕрыл дзуры. Уӕд-иу ын ӕргом зӕгъ, уыцы хабӕртты тыххӕй Библийы цы фыст ис, ӕмӕ-иу ын бамбарын кӕн, махӕн уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрын цӕй фӕрцы ӕнтысы. Кӕнӕ исчи куы дзура, цавӕрдӕр закъӕттӕ аивын кӕй хъӕуы, уӕд йемӕ нӕдӕр разы кӕндзыстӕм, нӕдӕр йӕ ныхмӕ дзурдзыстӕм, ӕмӕ йын цыфӕндыйӕ дӕр йӕ хъуыды сраст кӕныныл дӕр нӕ архайдзыстӕм.
10. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, ног хабӕрттӕй цы базонӕм, уый нӕ зондахастыл ма бандава?
10 Ног хабӕрттӕ. Иуӕй-иу хатт, ног хабӕртты цы радзурынц, уымӕй бӕрӕг вӕййы, цавӕрдӕр фарстайы иуты кӕнӕ иннӕты фарс кӕй сты. Афтӕ вӕййы, ног хабӕрттӕм йӕ хъус хицауад кӕм фӕдары, уыцы бӕстӕты. Ног хабӕртты агентство кӕнӕ искӕцы журналист кӕйдӕр фарс куы уа, уӕд хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй ныл йӕ зондахаст ма бандава. Ахъуыды-иу кӕн: «Мыййаг, ацы журналистмӕ хъусын уый тыххӕй уарзын, ӕмӕ, политикӕмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл ӕз дӕр разы дӕн?» Кӕд о, уӕд-иу уый бӕсты кӕс, иуты кӕнӕ иннӕты фарс кӕм нӕ хӕцынц, ахӕм ног хабӕрттӕм. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хорз уаид, политикон передачӕтӕм бирӕ куы нӕ кӕсиккам ӕмӕ, цы хъусӕм, уый куы бариккам, Библийы цы фыст ис, уыимӕ – уый у «раст ныхӕсты хуызӕг» (2 Тим. 1:13).
11. Нӕ исбон нын тынг зынаргъ куы уа, уӕд нын Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын зын цӕмӕн уыдзӕн?
11 Ӕхца ӕмӕ исбон. Ӕхца ӕмӕ нын нӕ исбон тынг зынаргъ куы уой, уӕд нын, чи зоны, зын уа нӕхи политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй хизын. Зӕгъӕм, 1970-ӕм азты Малавийы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ партимӕ кӕй нӕ бацыдысты, уый тыххӕй сӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ исбон ныууадзын бахъуыд. Фӕлӕ дзы, хъыгагӕн, иуӕй-иутӕ цӕттӕ нӕ уыдысты сӕ хорз цард Дзут. 10:34).
ныууадзынмӕ. Иу хо, Рут, радзырдта: «Немӕ чи алыгъди, уыдонӕй чидӕртӕ фӕстӕдӕр партимӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй лыгъд адӕмы лагеры зын уавӕрты цардаиккой». Фӕлӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ нӕ бакодтой. Кӕд сӕм ӕхца гыццыл йеддӕмӕ нал уыд йе та сӕ исбон иууылдӕр фесӕфтой, уӕддӕр сын политикӕимӕ иумӕйагӕй ницы уыд (12, 13. а) Йегъовӕ адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы? б) Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ бӕстӕйӕ ӕгӕр сӕрыстыр стӕм?
12 Сӕрбӕрзонддзинад. Арӕх адӕм сӕ адӕмыхаттӕй, се ’гъдӕуттӕй, сӕ горӕтӕй кӕнӕ сӕ бӕстӕйӕ сӕрыстыр вӕййынц ӕмӕ сӕ феппӕлынц. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ кӕцыдӕр адӕймаг кӕнӕ адӕмыхатт иннӕтӕй хуыздӕр у. Се ’ппӕтмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсы. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ алыхуызӕттӕ стӕм. Уый нын у цины хос, ӕмӕ нӕ дисы дӕр ӕфтауы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау афтӕ нӕ зӕгъы, цӕмӕй, нӕ адӕмыхатмӕ цы хорз ӕгъдӕуттӕ ис, уыдоныл нӕ къух сисӕм. Фӕлӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ мах иннӕтӕй хуыздӕр стӕм (Ром. 10:12).
13 Нӕ бӕстӕйӕ кӕнӕ нӕ адӕмыхаттӕй ӕгӕр сӕрыстыр куы уӕм, уӕд нын тӕссаг уыдзӕн, иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын куы райдайӕм, уымӕй. Афтӕ уыди фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды дӕр – дзуттаг ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ грекъаг идӕдз сылгоймӕгты ницӕмӕ дардтой, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй уыдысты, уый тыххӕй (Хъуыд. 6:1). Нӕ бон куыд у базонын, нӕ зӕрдӕйы ахӕм сӕрбӕрзонддзинад фӕзынд ӕви нӕ? Цавӕрдӕр хъуыддаг куыд бакӕнӕн ис, уый фӕдыл дын, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, ахӕм ӕфсымӕр кӕнӕ хо уынаффӕ куы ратта, уӕд уайтагъд афтӕ ахъуыды кӕндзынӕ, уый мах, бынӕттонтӕ, хуыздӕр зонӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йӕ уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардзынӕ? Кӕд хабар афтӕ у, уӕд архай ацы ахсджиаг уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут» (Фил. 2:3).
ЙЕГЪОВӔ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН
14. Куывд нын куыд баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ уымӕн Библийы цавӕр цӕвиттон ис?
14 Нӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕртыккаг у, нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм. Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых кур, цӕмӕй фӕразон ӕмӕ хиуылхӕцгӕ уай. Уыцы миниуджытӕ дын стыр ӕххуыс уыдзысты, хицауад гӕртӕмттӕ куы иса кӕнӕ рӕстӕй куы нӕ архайа, уӕд. Стӕй Йегъовӕйӕ зонд кур, цӕмӕй-иу бамбарай, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард лӕууын дын зын цавӕр уавӕрты уыдзӕн, уый. Ӕмӕ дзы ӕххуыс кур, цӕмӕй-иу ахӕм уавӕрты раст архайай (Иак. 1:5). Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, ахӕстоны сбадын кӕной кӕнӕ дӕ ӕндӕр искуыд бафхӕрой. Ахӕм уавӕры-иу дзы хъӕбатырдзинад кур, цӕмӕй дӕ бон уа иннӕтӕн бӕлвырд ӕмбарын кӕнын, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайыс, уый. Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 4:27–31.)
15. Фӕлварӕнты рӕстӕг нын Библи куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизӕм? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Хуыцауы Ныхас сын хъарутӕ радта».)
15 Йегъовӕ ма нӕ фидар кӕны Библийы фӕрцы дӕр. Ахъуыды-иу кӕн, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дын дӕхи бахизынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтыл. Бахъуыды сӕ кӕн, цӕмӕй дӕ фидар кӕной, Библи дӕм куы нӕ уа, уӕд дӕр. Стӕй ма Библийы фӕрцы тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ, Хуыцау нын зӕрдӕ цы фидӕнӕй ӕвӕры, ууыл. Уый нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм (Ром. 8:25). Ног дунейы арфӕдзинӕдтӕй ӕппӕты тынгдӕр кӕмӕ бӕллыс, уыдоны тыххӕй кӕм фыст ис, уыцы стихтӕ ссар. Стӕй-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, уыцы арфӕдзинӕдтӕй куыд схайджын уыдзынӕ, уый.
ЙӔХИ АЦЫ ДУНЕЙЫ ХЪУЫДДӔГТӔЙ ЧИ ХЫЗТА, УЫДОН ДЫН ФӔЗМИНАГ УӔНТ
16, 17. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй йӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй чи хызта, уыдоны цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
16 Нӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕй цыппӕрӕм у Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтыл хъуыды кӕнын. Цы зондджын уынаффӕтӕ хастой, уыдоны фӕрцы сӕхи хызтой ацы дунейы хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго нӕ бакуывтой, Вавилоны паддзах адӕмы цы гуымирыйӕн кувын кодта, уымӕн. (Бакӕс Данелы 3:16–18.) Сӕ цӕвиттон абон дӕр бирӕ Ӕвдисӕнтӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр уой ӕмӕ сӕ бӕстӕйы тырысайӕн ма табу кӕной. Чырысти дӕр йӕхи хызта политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй кӕнӕ, адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кодта, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Уый зыдта, йӕ цӕвиттон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ сӕ разӕнгард кодта: «Фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоан. 16:33).
17 Нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ Ӕвдисӕнтӕ сӕхи хизынц политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй. Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй дзы кӕмӕндӕрты фыдмитӕ фӕкодтой, йе та сӕ ахӕстоны бакодтой, кӕйдӕрты та сӕ суанг маргӕ дӕр акодтой. Турцийӕ иу ӕфсымӕр загъта: «Ӕрыгон ӕфсымӕр Франц Райтеры амардтой, Гитлеры ӕфсадмӕ бацӕуыныл кӕй не сразы, уый тыххӕй. Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ мадмӕ цы писмо ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, фидар уырнындзинад ын кӕй уыд ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дардта. Ахӕм фӕлварӕны куы бахауон, уӕд мӕ фӕнды уый хуызӕн фидар фӕлӕууын» 1.
18, 19. а) Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ дын хотӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизай? б) Дӕ фидар фӕнд цы у?
18 Де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕхи ацы дунейы хъуыддӕгтӕй хизай. Зын уавӕры куы уай, уӕд-иу хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕн. Уыдон дын Библийӕ хорз уынаффӕ ратдзысты. Де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын дӕ уавӕр куы зоной, уӕд дӕ уыдон дӕр бафидар кӕндзысты. Зӕгъ-иу сын, цӕмӕй дӕу тыххӕй кувой. Фӕлӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг дӕр иннӕты фидар кӕнай ӕмӕ уыдоны тыххӕй Хуыцаумӕ кувай (Матф. 7:12). Чи зоны, зоныс кӕнӕ фехъуыстай, ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй ахӕстоны чи бады, ахӕм ӕфсымӕрты тыххӕй. Кӕд о, уӕд Йегъовӕйӕ кур, цӕмӕй сын хъӕбатырдзинад ратта ӕмӕ иузӕрдионӕй баззайой (Еф. 6:18–20).
19 Кӕрон тынг ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ диссаг дӕр нӕ уыдзӕн, хицауад нӕ ныхмӕ тынгӕй-тынгдӕр куы цӕуа. Уӕдӕ хъуамӕ абон нӕхи цӕттӕ кӕнӕм, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгты архайын ма райдайӕм!
^ 1 17 абзац: кӕс чиныг «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога», 662 фарс, ӕмӕ чиныг «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», рамкӕ «Йӕ мӕлӕтӕй Хуыцауы скадджын кодта», 14 сӕр.