Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдис, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уай

Дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдис, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уай

«Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыдоны фӕзмут» (ДЗУТ. 6:12).

ЗАРДЖЫТӔ: 86, 54

1, 2. Йеффай ӕмӕ йӕ чызгӕн сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куыд ӕрцыд?

ӔРЫГОН чызг хӕдзарӕй йӕ фыды размӕ ратахт. Йӕ фыд тохы кӕй фӕуӕлахиз ӕмӕ дзӕбӕхӕй кӕй ӕрбаздӕхт, ууыл афтӕ тынг цин кӕны, ӕмӕ йӕ размӕ заргӕ ӕмӕ кафгӕ рацыд. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фыд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ ныхъхъарӕг кодта: «Дӕдӕй, мӕ чызг! Мӕ зӕрдӕ мын барӕхуыстай». Стӕй йын загъта, Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый тыххӕй ныр йӕ хъӕбулы цард цӕхгӕр кӕй фӕивдзӕн – уый бар ын нал уыдзӕн, цӕмӕй йын бинонтӕ кӕнӕ сывӕллӕттӕ уа. Фӕлӕ йын йӕ чызг уайтагъд загъта, цӕмӕй маст ма кӕна ӕмӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кӕна. Бӕрӕг уыди, ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕмӕ куы байхъуса, уӕд ын хорз кӕй уыдзӕн, цыфӕнды йын ма аразын кӕна, уӕддӕр (Тӕрх. 11:34–37). Куыд фидар уырнындзинад ын ис, йӕ фыд уый куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ куыннӕ барухс уыдаид. Уый зыдта, йӕ чызг ахӕм удуӕлдай кӕй у, уый Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон кӕй у.

2 Йеффай ӕмӕ йӕ чызг сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардтой ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдта, цы сын амоны, уый раст кӕй у, кӕд алы хатт ӕнцон ӕххӕст кӕнӕн нӕ вӕййы, уӕддӕр. Уыдоны фӕндыд Йегъовӕйы хорзӕх ссарын, ӕмӕ уый тыххӕй цӕттӕ уыдысты сӕхи цӕмӕйфӕнды фӕцух кӕнынмӕ дӕр.

3. Йеффай ӕмӕ нын йӕ чызджы цӕвиттон куыд ӕххуыс кӕны?

3 Дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисай, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Абон нӕ нӕ уырнындзинады сӕрвӕлтау хъӕуы «ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнын» (Иуд. 3). Уыцы хъуыддаджы нын цы баххуыс кӕндзӕн? Цӕй ӕмӕ базонӕм, Йеффай ӕмӕ йӕ чызг зындзинӕдты сӕрты цӕй фӕрцы хызтысты. Цы сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдыстаиккой?

АЦЫ ДУНЕЙЫ ЗОНДАХАСТӔЙ МА ФӔХЪӔСТӔ У

4, 5. а) Йегъовӕ израилӕгтӕн Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны размӕ цы бафӕдзӕхста? б) 106-ӕм псаломы куыд фыст ис, афтӕмӕй израилӕгты се ’гоммӕгӕсдзинад цӕмӕ ӕркодта?

4 Йеффай ӕмӕ йӕ чызг алы бон дӕр уыдтой, израилӕгты се ’гоммӕгӕсдзинад цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уый. Уымӕй иу-300 азы размӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, Зӕрдӕвӕрд зӕххы мӕнг хуыцӕуттӕн чидӕриддӕр куывта, уыдонӕй иуы дӕр ма ныууагътаиккой. Фӕлӕ йӕм израилӕгтӕ нӕ байхъуыстой (Дык. з. 7:1–4). Ӕмӕ сӕ бирӕтӕ ханаайнӕгтау райдыдтой мӕнг хуыцӕуттӕн кувын, стӕй бафтыдысты алыхуызон ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл. (Бакӕс Псалом 106:34–39.)

5 Се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй сӕ Йегъовӕ се знӕгтӕй нал хъахъхъӕдта (Тӕрх. 2:1–3, 11–15; Пс. 106:40–43). Уыцы уӕззау рӕстӕг, Йегъовӕйы чи уарзта, уыцы бинонтӕн сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕнцон кӕцӕй уыдаид! Фӕлӕ Библийы фыст ис, уыцы уавӕрты дӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыдоны тыххӕй, зӕгъӕм, Йеффай ӕмӕ йӕ чызджы тыххӕй, стӕй Елхъан, Аннӕ ӕмӕ Самуилы тыххӕй. Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ фидар фӕнд уыди Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын (1 Сам. 1:20–28; 2:26).

6. Ацы дунейы зондахасты тыххӕй цы зӕгъӕн ис ӕмӕ мах цӕуыл хъуамӕ архайӕм?

6 Нӕ рӕстӕджы адӕмӕн сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цардыуаг сты ханаайнӕгты зондахаст ӕмӕ цардыуаджы хуызӕн – сӕ хъуыдытӕ сты ӕнӕгъдаудзинад, тыхми ӕмӕ ӕхцайыл. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ фӕдзӕхсы, кӕддӕр израилӕгты куыд фӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй нӕхи уыцы ӕвзӕр зондахастӕй бахизӕм. Израилӕгты хабар нын зондзонӕн фӕуыдзӕн? (1 Кор. 10:6–11). Мах хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм (Ром. 12:2). Ды дӕр ууыл зӕрдиагӕй архайыс?

КӔД-ИУ ФӔФЫДӔНХЪӔЛ, УӔДДӔР ЙӔ УЫРНЫНДЗИНАД ХЪУЫДДАГӔЙ ӔВДЫСТА

7. а) Израилӕгтӕ Йеффайӕн цы бавзарын кодтой? б) Йеффай уымӕ цы цӕстӕй каст?

7 Йеффайы заман филистимӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ израилӕгты ӕфхӕрдтой ӕмӕ сӕ бынтондӕр хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагътой. Афтӕ уымӕн уыд, ӕмӕ израилӕгтӕ Йегъовӕмӕ нӕ хъуыстой (Тӕрх. 10:7, 8). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йеффайӕн масты хос уыдысты йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ Израилы хистӕр лӕгтӕ дӕр. Йе ’фсымӕртӕ йӕм хӕлӕг кодтой ӕмӕ дзы се сӕфт уыдтой, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фӕсырдтой, закъонмӕ гӕсгӕ йӕм чи ӕмбӕлд, уыцы зӕххӕй (Тӕрх. 11:1–3). Фӕлӕ йӕм кӕд ахӕм фыдзӕрдӕ дардтой, уӕддӕр сӕм маст хӕссын нӕ райдыдта. Израилы хистӕр лӕгтӕ йӕм ӕххуысмӕ куы фӕсидтысты, уӕд фӕстӕ нӕ фӕкодта (Тӕрх. 11:4–11). Цымӕ Йеффайы уымӕ цы баразӕнгард кодта?

8, 9. а) Йеффайӕн Моисейы закъонӕй цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кодтой? б) Йеффайӕн царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы уыд?

8 Йеффай уыд хъӕбатыр хӕстон, хорз зыдта Израилы адӕмы истори ӕмӕ Моисейы закъон. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд уыди, Йеффай ууыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы ӕмбӕрста, Хуыцауы цӕсты хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Тӕрх. 11:12–27). Ӕмӕ архайгӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кодта. Йеффай зыдта, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, адӕймаг кӕмӕдӕр маст куы фӕхӕссы, стӕй йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм кӕрӕдзийы уарзой. Уымӕй уӕлдай ма Моисейы закъонӕй зыдта, иннӕтӕн, уыимӕ дзы «йе сӕфт чи уыны», уыдонӕн, куыд хъуамӕ уа, уый дӕр. (Бакӕс Рацыд 23:5; Левит 19:17, 18.)

9 Ӕвӕццӕгӕн, Йеффайӕн Иосифы цӕвиттон дӕр баххуыс кодта. Иосиф йе ’фсымӕртӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста, кӕд дзы уыдон се сӕфт уыдтой, уӕддӕр (Райд. 37:4; 45:4, 5). Ӕмӕ йын Йеффай йӕ цӕвиттоныл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы архайдта, Йегъовӕйы цӕсты раст куыд уыд, афтӕ. Йеффайӕн йе ’фсымӕртӕ цы сарӕзтой, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ куыннӕ скъахтаиккой. Фӕлӕ йын Йегъовӕйы номыл ӕмӕ йӕ адӕмы сӕрыл тох кӕнын йе ’нкъарӕнтӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыд (Тӕрх. 11:9). Йӕ фидар фӕнд уыди, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕнды, уый хъуыддагӕй ӕвдисын. Ӕмӕ йын ахӕм зондахаст кӕй уыд, уый тыххӕй Йегъовӕ уымӕн дӕр ӕмӕ израилӕгтӕн дӕр раарфӕ кодта (Дзут. 11:32, 33).

10. Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ нын раст архайынӕн куыд ӕххуыс кӕндзысты?

10 Йеффайы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зӕгъӕм нӕ ӕмбырды чидӕр фӕфыдӕнхъӕл кодта кӕнӕ нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕм ӕвзӕр зӕрдӕ дары, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Чидӕр нын нӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта, уый нӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ма бахъыгдара ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырдтӕ хъуамӕ ма ныууадзӕм. Мах хъуамӕ Йеффайы фӕзмӕм ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдтӕн быхсын, ӕмӕ мах дӕр иннӕтӕн фӕзминаг уыдзыстӕм (Ром. 12:20, 21; Кол. 3:13).

НӔ УЫРНЫНДЗИНАД БӔРӔГ У, ЗӔРДИАГӔЙ КӔЙ ХӔССӔМ, УЫЦЫ НЫВӔНДТӔЙ

11, 12. Йеффай Йегъовӕйӕн цавӕр дзырд радта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

11 Йеффай зыдта, ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй израилӕгты аммонӕгтӕй кӕй не ссӕрибар кӕндзӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дзырд радта, куы фӕуӕлахиз уа, уӕд ын «судзинаг нывондӕн» кӕй ратдзӕн, йӕ хӕдзарӕй йӕм фыццаг чи рацӕуа, уыцы адӕймаджы (Тӕрх. 11:30, 31). Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг уыд?

12 Адӕмы-иу нывондӕн кӕй ӕрхастой, уымӕй Йегъовӕ алкӕддӕр йе сӕфт уыдта. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йеффай адӕймаджы нывондхӕссӕныл басудзынмӕ кӕй нӕ хъавыд (Дык. з. 18:9, 10). Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ судзинаг нывонд уыди, адӕймаг-иу ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн кӕй радта, ахӕм лӕвар. Уӕдӕ Йеффайы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн кӕй балӕвар кӕна, уыцы адӕймаг цӕрӕнбонты Хуыцауы цатыры лӕггад кӕндзӕн. Йегъовӕ Йеффайы фехъуыста, ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй йе знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаид (Тӕрх. 11:32, 33). Фӕлӕ цымӕ, Йеффай Йегъовӕйӕн «судзинаг нывондӕн» кӕй хъуамӕ ӕрхастаид, уый чи разынд?

13, 14. Тӕрхонгӕнджыты 11:35 фыст ныхӕстӕй Йеффайы уырнындзинады тыххӕй цы базонӕн ис?

13 Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, ацы статьяйы райдианы цы хабары кой ис, уый. Йеффай тохы быдырӕй йӕ хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд йӕ размӕ фыццаг рацыд йӕ чызг – йӕ иунӕг, йӕ уарзон хъӕбул! Цымӕ Йеффай йӕ ныхасӕн хицау разынд? Цымӕ йӕ чызджы Йегъовӕйӕн балӕвар кодта, цӕмӕй йын цӕрӕнбонтӕм йӕ цатыры лӕггад кодтаид?

14 Ацы хатт дӕр та Йеффайӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн баххуыс кодтой Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ. Чи зоны, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Рацыды 23:19 стихы чи ис, уыцы уагӕвӕрд. Уыцы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕм хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕвӕрдтаиккой, хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый. Закъоны ма фыст уыд, адӕймаг Хуыцауӕн дзырд куы радта, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕна – «хъуамӕ йӕ ныхас ма фӕсайа» (Ным. 30:2). Йеффайы дӕр Аннӕйау (ӕвӕццӕгӕн, йӕ рӕстӕджы чи цард, уыцы иузӕрдион сылгоймагау) хъуыди йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын, кӕд ӕй ӕмбӕрста, уый тыххӕй йӕ хъӕбулы цард, стӕй йӕхи цард дӕр тынг кӕй фӕивдзӕн, уӕддӕр. Йӕ чызг цатыры кӕй хъуамӕ лӕггад кодтаид, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ никуы уыдаид. Уӕдӕ Йеффайӕн нӕ уыдаид, йӕ ном ын чи хастаид ӕмӕ йӕ зӕххытӕ кӕмӕн баззадаиккой, уый (Тӕрх. 11:34). Фӕлӕ уӕддӕр загъта: «Ӕз Йегъовӕйӕн дзырд радтон, ӕмӕ йӕ мӕ бон фӕсайын нӕу» (Тӕрх. 11:35). Йегъовӕ Йеффайы зынаргъ нывонд айста ӕмӕ йын раарфӕ кодта. Йеффайы бынаты куы уыдаис, уӕд ды дӕр афтӕ бакодтаис?

15. Бирӕтӕ нӕ цавӕр дзырд радтой ӕмӕ кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, нӕ уырнындзинад фидар кӕй у?

15 Нӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд ын дзырд радтам, цыфӕнды ма уа, уӕддӕр ын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм. Ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстам, уый тыххӕй нӕ нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын дӕр кӕй хъӕудзӕн. Фӕлӕ нӕ удуӕлдайдзинад тынгдӕр фӕхъӕуы, нӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг нын куы бахӕс кӕнынц, уӕд. Ахӕм уавӕры дӕр Йегъовӕйы коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы, кӕддӕр ын цы дзырд радтам, уый кӕй ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны, уыдон алкӕддӕр вӕййынц, нӕхи цӕмӕй фӕцух кӕнӕм, уымӕй фылдӕр (Мал. 3:10). Йеффайы чызджы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис?

Нӕ бон куыд у Йеффай ӕмӕ йӕ чызджы уырнындзинад бафӕзмын? (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

16. Йеффайы чызг цы цӕстӕй ракаст, йӕ фыд цы дзырд радта, уымӕ? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

16 Йеффай Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый, Аннӕ цы дзырд радта, уымӕй хицӕн кодта. Аннӕ Хуыцауӕн загъта, йӕ фырт Самуил ын йӕ цатыры назорейӕ кӕй лӕггад кӕндзӕн (1 Сам. 1:11). Назорейӕн та уый бар уыд, цӕмӕй ус ӕркодтаид кӕнӕ смой кодтаид ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ уыдаид. Фӕлӕ Йеффайы чызг лӕвӕрд ӕрцыд «судзинаг нывондӕн», ома никуы смой кодтаид ӕмӕ хъӕбулы ад дӕр никуы базыдтаид (Тӕрх. 11:37–40). Йӕ фыд Израилы разамонӕг ӕмӕ хъӕбатыр хӕстон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди, ӕмӕ Израилы лӕппутӕн сӕ хуыздӕрмӕ смой кодтаид. Фӕлӕ ныр хъуамӕ суыдаид хуымӕтӕг лӕггадгӕнӕг. Цымӕ уыцы ӕрыгон чызг уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ын уыдӕттӕй ахсджиагдӕр кӕй уыд. Уый загъта: «Мӕ фыд, кӕд Йегъовӕйӕн дзырд радтай, уӕд, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн» (Тӕрх. 11:36). Алы сылгоймаджы дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй йын цардӕмбал ӕмӕ сывӕллӕттӕ уа, фӕлӕ Йеффайы чызг йӕхи уыдӕттӕй фӕцух кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид. Цымӕ махӕн та нӕ бон куыд у Йеффайы чызджы удуӕлдайдзинад бафӕзмын?

17. а) Нӕ бон куыд у Йеффай ӕмӕ йӕ чызджы уырнындзинад бафӕзмын? б) Дзуттӕгтӕм 6:10–12 фыст ныхӕстӕ дӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынмӕ куыд разӕнгард кӕнынц?

17 Ӕрыгон чырыстӕттӕй мингӕйттӕ цӕттӕ сты, цӕмӕй бынтондӕр йе та цасдӕр рӕстӕг бинонтӕ ма скӕной кӕнӕ цот ма рауадзой. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ саразой. Ӕрыгон чи нал у, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ, сӕ рӕстӕг сӕ сывӕллӕттӕ кӕнӕ сӕ сывӕллӕтты сывӕллӕттимӕ ӕрвитыны бӕсты, сӕ хъарутӕ иууылдӕр дӕттынц Йегъовӕйы хъуыддагӕн. Чидӕртӕ сӕ архайынц алыхуызон арӕзтадон куыстыты. Чидӕртӕ та сахуыр кӕнынц Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы, ӕмӕ стӕй фӕлӕггад кӕнынц, хъусынгӕнджыты ӕххуыс кӕм хъӕуы, уыцы ӕмбырдты. Иннӕтӕ та сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнынц, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Йегъовӕйӕн фылдӕр балӕггад кӕной. Афтӕ удуӕлдай кӕй сты, уый Йегъовӕйӕн стыр цины хос у ӕмӕ сын сӕ фыдӕбон ӕмӕ сӕ уарзондзинад никуы ферох кӕндзӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:10–12.) Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Дӕ бон нӕ уаид Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын?

АЦЫ ХАБАРӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ?

18, 19. Йеффайы ӕмӕ йӕ чызджы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ сӕ нӕ бон куыд у фӕзмын?

18 Йеффай цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уыдоны сӕрты цӕй фӕрцы хызти? Алкӕддӕр Йегъовӕйы зондӕй кӕй архайдта, уый фӕрцы. Йеффай йӕхи хызта, йӕ алыварс цы адӕм цард, уыдоны зондахастӕй. Кӕд-иу ӕй иннӕтӕ фӕфыдӕнхъӕл кодтой, уӕддӕр хъуыддагӕй ӕвдыста, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕнды, уый. Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ чызг дӕр Хуыцауы тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой, ӕмӕ сын уый тыххӕй уый дӕр арфӕ кодта. Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ сарӕзтой. Израилӕгтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ куы ницӕмӕуал дардтой, уыцы рӕстӕг дӕр Йеффай ӕмӕ йӕ чызг хъуыддагӕй ӕвдыстой, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндынц, уый.

19 Библийы фыст ис: «Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыдоны фӕзмут» (Дзут. 6:12). Цӕй уӕдӕ Йеффайы ӕмӕ йӕ чызджы фӕзмӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: нӕ уырнындзинад хъуыддагӕй куы ’вдисӕм, уӕд Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уыдзыстӕм.