Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ»

«Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ»

«Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕфау, ӕппындӕр уӕм хъӕндзинад куыд нӕ уа» (ИАК. 1:4).

ЗАРДЖЫТӔ: 135, 139

1, 2. а) Гедеон ӕмӕ йе ’фсӕддонты фидардзинадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Матфейы 24:13 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ фидардзинад тынг ахсджиаг цӕмӕн у?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, тӕрхонгӕнӕг Гедеон разамынд кӕмӕн лӕвӕрдта, уыцы израилаг ӕфсад се знӕгтимӕ карз тохы куыд бацыдысты. Гедеон ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ мадиамӕгты ӕмӕ, сӕ фарс чи уыд, уыдоны сырдтой ӕнӕхъӕн ӕхсӕв, 32 километры бӕрц! Дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Ӕппынфӕстаг Гедеон Иорданмӕ ӕрхӕццӕ ӕмӕ, йемӕ цы ӕртӕсӕдӕ лӕджы уыди, уыдонимӕ цӕугӕдоныл ахызт. Тынг бафӕлладысты». Фӕлӕ нырма тохы нӕ фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ сӕ нырма 15 000 ӕфсӕддонимӕ хъуыди хӕцын. Израилӕгты се знӕгтӕ бирӕ азты дӕргъы хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагътой, ӕмӕ ныр сӕ тох хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой. Гедеоны ӕмӕ йе ’фсӕддонты хъуыди се знӕгты баййафын ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнын! (Тӕрх. 7:22; 8:4, 10, 28).

2 Мах дӕр хӕцӕм уӕззау тохы. Не знӕгтӕ сты Хӕйрӕг, йӕ дуне ӕмӕ нӕхи ӕнӕххӕстдзинад. Чидӕртӕ нӕ уыцы знӕгтимӕ тох кӕнынц бирӕ азты дӕргъы. Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы бирӕ хӕттыты фӕуӕлахиз стӕм. Фӕлӕ нӕ фӕстаг тох нырма разӕй ис. Иуӕй-иу хатт тох кӕнынӕй йе та ацы фыддунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй бафӕллайӕм. Ӕмӕ нӕ Йесо дӕр бафӕдзӕхста, фӕстаг бонты уӕззау фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм ӕмӕ нӕ карзӕй кӕй ӕфхӕрдзысты. Фӕлӕ ма загъта, фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд кӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм. (Бакӕс Матфейы 24:13.) Цымӕ фидардзинад цы у? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм? Фидар чи фӕлӕууыд, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ «фидардзинад йӕ куыст бакӕна кӕронмӕ»? (Иак. 1:4).

ФИДАРДЗИНАД ЦЫ У?

3. Фидардзинад цы у?

3 Библийы дзырд «фидардзинад» ӕрмӕст уымӕ нӕ амоны, ӕмӕ дӕ зындзинӕдтӕн фӕразай. Уымӕ ма хауы, фӕлварӕнты тыххӕй цы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый дӕр. Фидардзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр, иузӕрдион ӕмӕ фӕразон уӕм. Иу чиныджы фыст ис: «Ахӕм зӕрдӕйы уаг кӕмӕн ис, уыцы адӕймаг цыфӕнды зындзинӕдтӕн дӕр фӕфӕразы, ӕндӕр гӕнӕн ын кӕй нӕ вӕййы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ фидар ныфс кӕй вӕййы, уый тыххӕй дӕр... Ацы миниуӕджы фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон у тыхдымгӕйы ныхмӕ фӕлӕууын. Уый фӕрцы адӕймаг цыфӕнды уӕззау фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууы, уымӕн ӕмӕ фӕхъуыды кӕны, цы рыст ӕвзары, ууыл нӕ, фӕлӕ, йӕ разы цы нысан ис, ууыл».

4. Уарзондзинад нӕ куыд разӕнгард кӕны, цӕмӕй фидар лӕууӕм?

4 Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй фидар лӕууӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:4, 7.) Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй, цы зындзинӕдтӕ ӕруадзы, уыдонӕн быхсӕм (Лук. 22:41, 42). Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый та нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй сын сӕ рӕдыдтытӕ барӕм (1 Пет. 4:8). Адӕймаг йӕ цардӕмбалы куы уарза, уӕд ӕм ӕнгомдӕр кӕндзӕн ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыдзӕн, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлой, уыдонӕн быхсын. Зындзинӕдтыл та суанг амондджын бинонтӕ дӕр ӕмбӕлынц (1 Кор. 7:28).

ФИДАР ФӔЛӔУУЫНӔН ДЫН ЦЫ БАХХУЫС КӔНДЗӔН?

5. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ нын фидар фӕлӕууынӕн Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи баххуыс кӕндзӕн?

5 Йегъовӕйӕ хъарутӕ кур. Йегъовӕ у, «фидардзинад ӕмӕ удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау» (Ром. 15:5). Нӕ уавӕр нын ӕппӕты хуыздӕр Йегъовӕ ӕмбары. Ныртӕккӕ цы уавӕры стӕм, стӕй цы уавӕрты схъомыл стӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ кӕронмӕ уый йеддӕмӕ ничи зоны. Уымӕ гӕсгӕ хорз зоны, фидар фӕлӕууынӕн нӕ цавӕр ӕххуыс хъӕуы, уый. Библийы кӕсӕм: «Уый сӕххӕст кӕндзӕн, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы фӕндон. Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн» (Пс. 145:19). Фӕлӕ Йегъовӕйӕ хъарутӕ куы фӕкурӕм, уӕд нын дзуапп куыд ратты?

6. Фӕлварӕнты рӕстӕг нын Йегъовӕ куыд бацамоны, «цы бакӕнӕн ис, уый»?

6 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:13. Фидар фӕлӕууыны тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы фӕкурӕм, уӕд нын, «цы бакӕнӕн ис, уый... бацамоны». Куыд? Иуӕй-иу хатт нӕ фӕлварӕнӕй фервӕзын кӕны. Фӕлӕ нын арӕхдӕр та хъарутӕ ратты, «цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм» (Кол. 1:11). Йегъовӕ нын хорз зоны нӕ удыхъӕд, стӕй, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый дӕр, ӕмӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй нӕ уавӕр афтӕ уӕззау суа, ӕмӕ йыл нӕ бон иузӕрдионӕй баззайын мауал уа.

7. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг нӕ ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Дӕ уырнындзинад дын чи фидар кӕны, уыцы хӕринагӕй дӕхи цух ма уадз. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕнӕмӕнг цӕмӕн у? Зӕгъӕм, цӕмӕй альпинист ӕппӕты бӕрзонддӕр хохмӕ, Эверестмӕ, схиза, уый тыххӕй хъуамӕ хӕра, ӕнӕуи цас фӕхӕры, уымӕй фылдӕр, стӕй уыцы хӕринаг хъуамӕ уа, бирӕ тыхтӕ чи дӕтты, ахӕм. Кӕннод ӕм фаг хъарутӕ нӕ уыдзӕн ӕмӕ йӕ нысан йӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхи ӕфсадӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй, цӕмӕй ма ’рлӕмӕгъ уӕм ӕмӕ нӕ нысан нӕ къухы бафта. Хъуамӕ-иу Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуынӕн алы хатт дӕр рӕстӕг ссарӕм. Уыдӕтты фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар уыдзӕн (Иоан. 6:27).

8, 9. а) Иовы 2:4, 5 стихты фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ фӕлварӕны рӕстӕг нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? б) Зындзинӕдты рӕстӕг нӕ бон нӕ цӕстытыл цавӕр ныв у ауайын кӕнын?

8 Дӕ зӕрдыл дар, дзырд дӕ иузӕрдиондзинадыл кӕй цӕуы. Фӕлварӕнты рӕстӕг нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа иу хъуыддаг: уӕд фӕлвӕрд фӕцӕуы, Хуыцауыл иузӕрдион уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый. Фӕлварӕнтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы Дун-дунейы хицауыл нымайӕм ӕви нӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Хуыцауы знаг, Хӕйрӕг, йӕ хицаудзинады ныхмӕ рацыд ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ дын адӕм сӕхи пайдайы тыххӕй лӕггад кӕнынц. «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн»,– загъта Хӕйрӕг. Стӕй Иовы тыххӕй загъта: «Уӕдӕ-ма бафӕлвар, дӕ къух-ма сис ӕмӕ йын йе стӕг ӕмӕ йӕ буармӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид» (Иов 2:4, 5). Цымӕ Хӕйрӕг уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕивта? Куыннӕ стӕй! Уымӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕд дӕр «ӕхсӕвӕй-бонӕй» Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл фаутӕ ӕвӕрдта (Рарг. 12:10). Абон дӕр Хӕйрӕг зӕгъы, адӕм Хуыцауӕн сӕхи пайдайы тыххӕй кӕй лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ тынг бӕллы, цӕмӕй Хуыцауы нӕ хицауыл мауал нымайӕм ӕмӕ йын мауал лӕггад кӕнӕм.

9 Уӕдӕ-иу фӕлварӕнты рӕстӕг дӕ цӕстытыл ауайын кӕн ахӕм ныв: иуырдыгӕй лӕууынц Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ. Уыдон кӕсынц, цы сараздзынӕ, уымӕ ӕмӕ дзурынц, кӕй фӕцуддзынӕ. Иннӕрдыгӕй та лӕууынц Йегъовӕ, нӕ Паддзах Йесо Чырысти, чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ мингай зӕдтӕ. Уыдон дӕр уынынц, куыд тох кӕныс, уый ӕмӕ дӕ фидар кӕнынц, цӕмӕй дӕ ныфс ма асӕтта. Стыр цины хос сын у, фидар кӕй лӕууыс ӕмӕ иузӕрдион кӕй дӕ, уый. Стӕй хъусыс, Йегъовӕ дӕм куыд дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (Ӕмб. 27:11).

10. Фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ бон куыд у Чырыстийы бафӕзмын?

10 Цы хӕрзиуӕг дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕн. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма балцы фӕцӕуыс ӕмӕ хъуамӕ даргъ тъунелы ацӕуай. Тъунелы тынг талынг у, фӕлӕ зоныс, йӕ кӕронмӕ куы бахӕццӕ уай, уӕд та рухс кӕй уыдзӕн. Цард дӕр абарӕн ис ахӕм балцимӕ. Чи зоны, ахӕм уӕззау рӕстӕджытӕ скӕна, ӕмӕ дӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ дӕм хъарутӕ нал ис. Чырыстимӕ дӕр, чи зоны, афтӕ касти, хъизӕмӕртты хъӕдыл худинаг ӕмӕ стыр рыст куы ӕвзӕрста, уӕд. Йӕ царды уымӕй уӕззаудӕр рӕстӕг никуы уыдаид! Фӕлӕ Чырысти фидар фӕлӕууыд, уымӕн ӕмӕ дзы рох нӕ уыд, «цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый» (Дзут. 12:2, 3). Йесо ӕмбӕрста, йӕ фидардзинады фӕрцы Хуыцауы ном кӕй срухс уыдзӕн ӕмӕ, Йегъовӕ Дун-дунейы хицау кӕй у, уый кӕй сбӕлвырд уыдзӕн. Уый зыдта, йӕ хъизӕмӕрттӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты ӕмӕ уӕлӕрвты та йӕ хӕрзиуӕг ӕнустӕм кӕй уыдзӕн. Чи зоны, дӕуӕн дӕр бирӕ зындзинӕдтӕ ис ӕмӕ дын стыр масты хос сты. Фӕлӕ ма рох кӕн, уыцы зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты.

«КӔРОНМӔ ФИДАР ЧИ ФӔЛӔУУЫД, УЫДОН»

11. «Фидар чи фӕлӕууыд», уыдоны цӕвиттонтыл хъуыды кӕнын хорз цӕмӕн у?

11 Фидар фӕлӕууын ӕрмӕст дӕу нӕ хъӕуы. Апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй Хӕйрӕджы фӕлварӕнты ныхмӕ фидар фӕлӕууыдаиккой ӕмӕ сӕм ныффыста: «Йӕ ныхмӕ фӕлӕуут, уырнындзинады фидар ут, афтӕмӕй, ӕмӕ уӕ зӕрдыл дарут, уе ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц» (1 Пет. 5:9). «Фидар чи фӕлӕууыд», уыдоны цӕвиттонтӕ нын ӕххуыс кӕнынц иузӕрдионӕй баззайынӕн, ныфс нӕ уадзынц, уый нӕ къухы кӕй бафтдзӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Хуыцау нӕ нӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Иак. 5:11). Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр цӕвиттонмӕ 1.

12. Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны раз кӕй сӕвӕрдта, уыцы херувимты цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 Херувимтӕ. Уыдон сты, кадджын хӕстӕ кӕуыл ис, ахӕм зӕдтӕ. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд Йегъовӕ кӕцыдӕр херувимтӕн бахӕс кодта, зӕххыл кӕй хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой, ахӕм ног хӕслӕвӕрд. Уый тынг хицӕн кодта, уӕлӕрвты сыл цы хӕс уыд, уымӕй. Сӕ цӕвиттонӕй ахуыр кӕнӕм, зын хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнгӕйӕ нӕ фидардзинад кӕй хъӕуы, ууыл. Библийы кӕсӕм, зӕгъӕ, Йегъовӕ «Едемы цӕхӕрадоны скӕсӕнырдыгӕй сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, ӕппынӕдзух чи зылди ӕмӕ пиллон арт чи уагъта, ахӕм хъама, цӕмӕй царды бӕласмӕ бацӕуӕн ма уыдаид» 2 (Райд. 3:24). Библийы никуы ис фыст, уыцы херувимтӕ кӕй хъуыр-хъуыр кодтой кӕнӕ сӕм афтӕ кӕй касти, ӕмӕ кадджындӕр хъуыддаг хъуамӕ аразой. Сӕ хӕслӕвӕрдӕй не стыхстысты ӕмӕ йӕ нӕ ныууагътой. Уыцы хъуыддаг ӕххӕст кодтой суанг кӕронмӕ – ӕвӕццӕгӕн, 1 600 азы фӕстӕ Доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕдмӕ.

13. Иов бӕллӕхты рӕстӕг фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууыд?

13 Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Иов. Хатгай дын, чи зоны, де ’мбӕлттӕй йе та дӕ бинонтӕй исчи йӕ ныхӕстӕй дӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕны. Кӕнӕ, чи зоны, уӕззау рынчын дӕ йе та маст кӕныс, чидӕр дын кӕй фӕзиан, уый тыххӕй. Фӕлӕ цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр дын Иовы цӕвиттон ныфсы хос фӕуыдзӕн (Иов 1:18, 19; 2:7, 9; 19:1–3). Иов нӕ зыдта, утӕппӕт бӕллӕхтӕ йыл ӕвиппайды цӕмӕн ӕрцыдысты, уый, фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс нӕ асаст. Цымӕ фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууыд? Сӕйраджыдӕр, Йегъовӕйы кӕй уарзта ӕмӕ йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй тарсти, уый фӕрцы (Иов 1:1). Иовы фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтаид хорз рӕстӕг дӕр ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг дӕр. Стӕй ма йын Йегъовӕ баххуыс кодта, куыд хъомысджын у, уый бамбарынӕн – цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдӕттӕй йын иуӕй-иутӕм йӕ хъус ӕрдардта. Уый фӕрцы Иов ноджы тынгдӕр баууӕндыд, йӕ афоныл ын Йегъовӕ йӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, ууыл (Иов 42:1, 2). Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. «Йегъовӕ [Иовы] йӕ бӕллӕхтӕй фервӕзын кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ, уый размӕ йӕм цы уыд, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр радта». Ӕмӕ Иов бирӕ азты зӕрдӕрухсӕй фӕцард (Иов 42:10, 17).

14. 2 Коринфӕгтӕм 1:6 стихмӕ гӕсгӕ, Павелы фидардзинад иннӕтӕн куыд ӕххуыс кодта?

14 Апостол Павел. Чи зоны, дӕ дины тыххӕй чидӕртӕ дӕ ныхмӕ цӕуынц кӕнӕ та уый тыххӕй ӕфхӕрд дӕр ӕййафыс. Йе та, чи зоны, хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ районон цӕстдарӕг дӕ ӕмӕ дыл тынг бирӕ хӕстӕ ис. Кӕд афтӕ у, уӕд дын Павелы цӕвиттон баххуыс кӕндзӕн. Павел карз ӕфхӕрд ӕййӕфта, стӕй ӕдзухдӕр ӕмбырдтыл мӕт кодта (2 Кор. 11:23–29). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ къухтӕ никуы ӕруагъта, ӕмӕ йӕ цӕвиттон иннӕты дӕр фидар кодта. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:6.) Дӕ фидардзинад дӕр, чи зоны, иннӕты разӕнгард кӕна, цӕмӕй уыдон дӕр фидар лӕууой.

ДӔ ФИДАРДЗИНАД «ЙӔ КУЫСТ» КӔРОНМӔ БАКӔНДЗӔН?

15, 16. а) Нӕ фидардзинад «йӕ куыст» кӕронмӕ куыд хъуамӕ бакӕна? б) Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, фидардзинад «йӕ куыст» кӕронмӕ куыд бакӕны, уымӕн.

15 Иаков ныффыста: «Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕфау, ӕппындӕр уӕм хъӕндзинад куыд нӕ уа» (Иак. 1:4). Цымӕ нӕ фидардзинад «йӕ куыст» кӕронмӕ куыд хъуамӕ бакӕна? Фӕлварӕнты рӕстӕг, чи зоны, бамбарӕм, фылдӕр фӕразондзинад нӕ кӕй хъӕуы кӕнӕ нӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕй хъуамӕ уа, йе та ноджы тынгдӕр кӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй бузныгзӕрдӕ уӕм. Фӕлварӕны фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд уыцы миниуджытӕ нӕ царды ноджы бӕрӕгдӕр уыдзысты, ӕмӕ нӕ удыхъӕд фӕхуыздӕр уыдзӕн.

Фӕлварӕнты фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ удыхъӕд фӕхуыздӕр вӕййы (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

16 Уӕдӕ зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, нӕ фӕлварӕнӕй фервӕзыны тыххӕй Йегъовӕйы уагӕвӕрдты сӕрты куы ахизӕм. Зӕгъӕм, кӕд дӕм цавӕрдӕр ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзыны, уӕд-иу сӕ фӕдыл ма ацу! Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй-иу уыцы хъуыдытӕ дӕ сӕрӕй фӕсурай. Мыййаг, дӕ бинонтӕй исчи дӕ ныхмӕ у, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй? Дӕ ныфс ма асӕттӕд ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн! Уый фӕрцы сахуыр уыдзынӕ дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарын. Ма рох кӕн: цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарай, уый тыххӕй хъуамӕ фидар лӕууай (Ром. 5:3–5; Иак. 1:12).

17, 18. а) Кӕронмӕ фидар фӕлӕууын ахсджиаг кӕй у, уый цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кӕн. б) Кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ нӕ бон фидарӕй цӕуыл у ӕууӕндын?

17 Мах хъуамӕ фидар лӕууӕм кӕронмӕ, цасдӕр рӕстӕг нӕ, фӕлӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, чи ныгъуылы, ахӕм нау. Цӕмӕй адӕм аирвӕзой, уый тыххӕй хъуамӕ былмӕ ӕппӕт хъарутӕй ленк кӕной. Райдианы сӕ искӕмӕн йӕ ныфс куы асӕтта ӕмӕ былмӕ баленк кӕныныл куы нал архайа, уӕд аныгъуылдзӕн. Ӕмӕ ма былмӕ иу гыццыл куы хъӕуа, афтӕмӕй сӕ искӕмӕн йӕ ныфс куы асӕтта ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй куы нал архайа, уӕд уый дӕр аныгъуылдзӕн. Уӕдӕ нӕ кӕд ног дунейы цӕрын фӕнды, уӕд хъуамӕ дарддӕр дӕр фидар уӕм. Махӕн дӕр хъуамӕ уа апостол Павелы зӕрдӕйы уаг. Уый загъта: «Нӕ ныфс нӕ сӕтты» (2 Кор. 4:1, 16).

18 Павелау мах дӕр ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм. Павел ныффыста: «Мах ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм, чи нӕ бауарзта, уый фӕрцы. Ӕз ӕй фидарӕй зонын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр хицауӕдтӕ, нӕдӕр, ныртӕккӕ цы ис ӕмӕ нӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ, нӕдӕр барджынтӕ, нӕдӕр, уӕлейӕ цы ис, уый, нӕдӕр, бынӕй цы ис, уый, ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цы сфӕлдыста, уыдонӕй дӕр нӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» (Ром. 8:37–39). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕллайгӕ дӕр-иу бакӕндзыстӕм. Фӕлӕ Гедеоны ӕмӕ йе ’фсӕддонты куы фӕзмӕм, уӕд нӕ къухтӕ не ’руадздзыстӕм, ӕмӕ дарддӕр дӕр тох кӕндзыстӕм! (Тӕрх. 8:4).

^ 1 11 абзац: ныфс ма нӕ уадзынц, нӕ рӕстӕджы Хуыцауы адӕмӕй фидардзинад чи равдыста, уыдоны цӕвиттонтӕ дӕр. Зӕгъӕм, 1999 азы ӕмӕ 2008 азы «Ежегодник»-ты бакӕсӕн ис, Эфиопийы, Малавийы ӕмӕ Уӕрӕсейы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ фидар куыд фӕлӕууыдысты, уый тыххӕй.

^ 2 12 абзац: уыцы херувимтӕ цал уыдысты, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст.