ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2016 аз, октябрь

Ацы брошюрӕйы ис, 2016 азы 28 ноябрӕй 25 декабрмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

БИОГРАФИ

Алкӕддӕр иннӕты хорз миниуджытӕ фӕзмыдтон

Фӕлтӕрдджын чырыстӕтты цӕвиттон иннӕты дӕр баразӕнгард кӕны сӕ разы раст нысӕнттӕ ӕвӕрынмӕ. Томас Маклейн радзырдта, фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй цӕуыл сахуыр ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй.

Ӕрцӕуӕггӕгтӕм хӕларзӕрдӕ ут

Хуыцау ӕрцӕуӕггӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы? Ӕндӕр бӕстӕйӕ чи ’рцыд, уыдонӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын уе ’мбырд хи бинонты ад скӕна?

Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды лӕггадгӕнгӕйӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕн

Алы чырыстонӕн дӕр ахсджиаг у, цӕмӕй йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты уырнындзинад фидар уа. Фӕлӕ кӕд ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды дӕ, уӕд дын уый уӕлдай зындӕр у.

«Куырыхон зондыл» фидар хӕцыс?

Куырыхон зонд зонындзинӕдтӕй ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны? Ацы фарстайӕн дзуапп куы зонӕм, уӕд нын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн.

Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уымӕй дӕ фидар ныфс уӕд

Рагзаманты дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, уыдоны диссаджы цӕвиттонтӕ нын стыр ныфсы хос сты. Дӕуӕн та дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар уа?

Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыс, уый хъуыддагӕй ӕвдис

Уырнындзинад бӕлвырдӕй цы у? Ӕмӕ ма ноджы ахсджиагдӕр фарста: нӕ уырнындзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?

Зыдтай йӕ?

Фыццаг ӕнусы Ромы хицауад дзуттаг хицӕуттӕн цавӕр бартӕ лӕвӕрдта? Разгаманты-иу ӕцӕгдӕр искӕй хуымы хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодтой?