Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Рагзаманты-иу ӕцӕгдӕр искӕй хуымы хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодтой?

Император Юстинианы чиныг «Цыбыр ӕмбырдгонд»-ы къопи, 1468 аз. Рагон юридикон документтӕй сӕ иу

МАТФЕЙЫ 13:24–26 фыст сты Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, ахӕм адӕймагимӕ. Адӕм фынӕй куы кодтой, уӕд йе знаг бацыд, мӕнӕуы ’хсӕн хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодта ӕмӕ ацыд. Мӕнӕу куы ссыди ӕмӕ ӕфсир куы рафтыдта, уӕд сзади хӕмпӕлгӕрдӕг дӕр». Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, раздӕр афтӕ ничи кодта, фӕлӕ рагон ромаг юридикон документтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй адӕм ӕцӕгдӕр кодтой ахӕм митӕ.

Библи чи ’мбарын кӕны, иу ахӕм дзырдуаты фыст ис: «Фыдӕнӕн искӕй хуымы хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кӕнын... ромаг закъонмӕ гӕсгӕ нымад уыди фыдракӕндыл. Ахӕм закъон сӕм кӕй уыди, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕм ахӕм хабӕрттӕ арӕх цыди». Юрист Аластер Керр куыд дзуры, афтӕмӕй н. э. 533 азы Ромы император Юстиниан рауагъта чиныг «Цыбыр ӕмбырдгонд», ӕмӕ дзы цыбыртӕй ныффыста, н. э. 100–250 азты ромӕгтӕн цавӕр закъӕттӕ уыд ӕмӕ уыцы закъӕтты фӕдыл юристтӕ цы ныффыстой, уый. Уыцы документмӕ гӕсгӕ («Цыбыр ӕмбырдгонд», 9.2.27.14) юрист Ульпиан кӕны, дыккаг ӕнусы цӕрӕг политик Цельс кӕй ӕвзӕрста, иу ахӕм хъуыддаджы кой. Кӕйдӕр хуымы хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодтой ӕмӕ йын йӕ хуым фесӕфтой. Уыцы чиныджы фыст уыди, хуымы хицауӕн йӕ бон цы уыди райсын, йӕ хуым ын чи фесӕфта, уыцы адӕймагӕй.

Раджы заманты Ромы паддзахады ахӕм хабӕрттӕ кӕй цыди, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Чырысти йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кой ракодта, ахӕм хабар-иу ӕцӕгдӕр кӕй ӕрцыд.

Фыццаг ӕнусы Ромы хицауад дзуттаг хицӕуттӕн цавӕр бартӕ лӕвӕрдта?

ИУДЕЙӔ фыццаг ӕнусы уыди Ромы паддзахады дӕлбар ӕмӕ дзы хицау дӕр уыд ромӕгтӕй сӕхицӕй, уыди йын ӕфсад дӕр. Уыцы хицауӕн йӕ сӕйраг хӕс уыди дзуттӕгтӕй хъалон ӕмбырд кӕнын, стӕй ма йӕ хъус дардта, цӕмӕй уыцы бӕстӕйы сабырдзинад уыдаид. Ромы закъӕттӕ чи хӕлдта ӕмӕ змӕнтгӕ чи кодта, уыдонӕн-иу ромӕгтӕ сӕхӕдӕг стӕрхон кодтой. Фӕлӕ хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ ӕвзарыны бар та лӕвӕрдтой дзуттаг хицӕуттӕн.

Дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондон

Синедрион уыди дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондон ӕмӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрста дзуттӕгты закъонмӕ гӕсгӕ. Иудейӕйы ма уыди хуымӕтӕгдӕр тӕрхондӕттӕ дӕр. Арӕхдӕр адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ ӕвзӕрстой уым, хъаст-иу Роммӕ нӕ арвыстой. Адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕссыны бар уыди ӕрмӕстдӕр Ромы хицауадӕн. Фӕлӕ Стефанӕн тӕрхон скодта ӕмӕ йӕ дуртӕй амарын кодта Сӕйраг тӕрхондон (Хъуыд. 6:8–15; 7:54–60).

Афтӕмӕй Сӕйраг тӕрхондон йӕ къухмӕ райста уӕлдай бартӕ. Фӕлӕ ахуыргонд Эмиль Шюреры ныхӕстӕм гӕсгӕ, «хъуыддаг политикӕимӕ баст куы уыди, уӕд-иу ӕй алы хатт дӕр равзӕрста Ромы хицауад». Зӕгъӕм, иу ахӕм хъуыддаг ӕрцыд ӕфсады сӕргълӕууӕг Клавдий Лисийы рӕстӕг, апостол Павелы куы ’рцахста, уӕд (Хъуыд. 23:26–30).