Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыс, уый хъуыддагӕй ӕвдис

Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыс, уый хъуыддагӕй ӕвдис

«Уырнындзинад та уый у... адӕймаг... бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» (ДЗУТ. 11:1).

ЗАРДЖЫТӔ: 54, 125

1. Нӕ уырнындзинадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

УЫРНЫНДЗИНАД у арфӕйаг миниуӕг. Ацы миниуӕг се ’ппӕтмӕ нӕй (2 Фес. 3:2). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр уырнындзинад радта (Ром. 12:3; Гал. 5:22). Ӕмӕ дзы уый тыххӕй не ’ппӕт дӕр хъуамӕ тынг бузынг уӕм.

2, 3. а) Уырнындзинад нӕм куы уа, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? б) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Йегъовӕ йӕ зынаргъ хъӕбулы, Йесо Чырыстийы, радта, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр баууӕнда, уыдонӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой. Ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 6:44, 65; Ром. 6:23). Цымӕ ахӕмӕй цы сарӕзтам, цӕмӕй уыцы диссаджы хорздзинады аккаг суӕм? Тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ ӕрмӕстдӕр мӕлӕты аккаг стӕм (Пс. 103:10). Фӕлӕ Йегъовӕ уыдта, нӕ бон хуыздӕрырдӕм фӕивын кӕй у, уый. Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын баххуыс кодта хорз хабар бамбарынӕн. Ӕмӕ, Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыдыстӕм, уый фӕрцы хайджын стӕм ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй. (Бакӕс 1 Иоанны 4:9, 10.)

3 Фӕлӕ цымӕ уырнындзинад бӕлвырдӕй цы у? Хуыцау мах тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, уый зонын йеддӕмӕ ницы? Ӕмӕ ма ноджы ахсджиагдӕр фарста: нӕ уырнындзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?

«ЗӔРДӔЙӔ ӔУУӔНД»

4. Адӕймагмӕ уырнындзинад куы уа, уӕд ыл уый куыд фӕбӕрӕг уыдзӕн?

4 Уырнындзинад ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ, Хуыцауы фӕнд цӕй мидӕг ис, уый зонай. Уырнындзинад дӕм куы уа, уӕд дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнддзӕн Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрын. Хуыцау адӕмы Чырыстийы нывонды фӕрцы кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл куы ’ууӕндӕм, уӕд уыцы хорз хабар иннӕтӕн дӕр дзурдзыстӕм. Апостол Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Кӕд, „де ’взагыл цы дзырд ис“, ома Йесо нӕ Хицау кӕй у, уый ӕргом дзурыс ӕмӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ ӕууӕндыс, уӕд фервӕздзынӕ. Уымӕн ӕмӕ адӕймаг зӕрдӕйӕ куы ’ууӕнда, уӕд нымад ӕрцӕудзӕн рӕстгӕнӕгыл, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом куы дзура, уӕд та фервӕздзӕн» (Ром. 10:9, 10; 2 Кор. 4:13).

5. Уырнындзинад ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын фидар уа? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

5 Бӕлвырд у: цӕмӕй Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа уырнындзинад ӕмӕ нын хъуамӕ уа фидар. Уырнындзинад абарӕн ис дидинӕгимӕ. Дидинӕгӕн дон куы нӕ фаг кӕна, уӕд бахус уыдзӕн ӕмӕ амӕлдзӕн. Донӕфсӕст куы уа, уӕд та уыдзӕн фидар ӕмӕ рӕздзӕн. Раст афтӕ нӕ уырнындзинад дӕр: куы нӕ йӕм кӕсӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ амӕлдзӕн (Лук. 22:32; Дзут. 3:12). Нӕ хъус ӕм куы дарӕм, уӕд та нын «фидарӕй-фидардӕр кӕндзӕн» ӕмӕ нын уыдзӕн «ӕнӕниз» (2 Фес. 1:3; Тит. 2:2, фип.).

УЫРНЫНДЗИНАД ЦЫ У, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ?

6. Дзуттӕгтӕм 11:1 стихмӕ гӕсгӕ уырнындзинад цавӕр дыууӕ хъуыддагимӕ у баст?

6 Уырнындзинад цы у, уый тыххӕй Библийы фыст ис Дзуттӕгтӕм 11:1. (Бакӕс ӕй.) Уый баст у, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, дыууӕ ахӕм хъуыддагимӕ. 1) Уырнындзинад у, «адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа», уый. «Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕ» хауынц, Хуыцау нын зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ чи нӕма ’рцыд, уыцы хабӕрттӕ, зӕгъӕм, фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ног дуне кӕй ралӕудзӕн, уый. 2) Уырнындзинад у, адӕймаг «бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты». Мах зонӕм, Йегъовӕ Хуыцау, Йесо Чырысти, зӕдтӕ ӕмӕ уӕларвон Паддзахад ӕцӕгдӕр кӕй сты, кӕд сӕ нӕ бон фенын нӕу, уӕддӕр (Дзут. 11:3). Цымӕ цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ нӕ бон цӕстӕй фенын цы нӕу, уыдӕттыл ӕцӕгдӕр кӕй ӕууӕндӕм? Нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй. Ӕнӕ уымӕй нӕ уырнындзинад ӕцӕг уырнындзинад нӕ уыдзӕн.

7. Уырнындзинад цы у, уый Нойы цӕвиттоны фӕрцы куыд ис бамбарӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

7 Дзуттӕгтӕм 11:7 фыст ис Нойы уырнындзинады тыххӕй. Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «Хуыцау Нойы, нырма цӕстӕй фенӕн цы нӕ уыд, уыдӕтты тыххӕй куы бафӕдзӕхста, уӕд ӕм йӕ уырнындзинады фӕрцы разынд Хуыцауы тас, ӕмӕ сарӕзта нау йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн». Ной сарӕзта диссаджы стыр нау, ӕмӕ уымӕй равдыста йӕ уырнындзинад. Адӕм ӕй куыннӕ фарстаиккой, ацы ӕнахуыр цыдӕр цӕмӕн аразыс, зӕгъгӕ. Ӕмӕ-иу цымӕ Ной уӕд хъусӕй лӕууыд кӕнӕ-иу сын афтӕ загъта, уый уӕ хъуыддаг нӕу, зӕгъгӕ? Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, йӕ уырнындзинад ӕй кӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кодтаид. Ной йӕ алыварс цӕрӕг адӕмы фӕдзӕхста, Хуыцау фыдгӕнджытӕн тӕрхон кӕй кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн сын дзырдта, Йегъовӕ йын йӕхицӕн кӕй загъта, растдӕр уыцы ныхӕстӕ: «Ӕз ӕй уынын, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы фесафын, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны тыххӕй байдзаг фыдмитӕй. [...] Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт ӕмӕ фесафдзынӕн, арвы бын удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны. Зӕххыл цыдӕриддӕр ис,– иууылдӕр амӕлдзысты». Стӕй ма сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбарын кодтаид, сӕ бон фервӕзын куыд у, уый дӕр ӕмӕ сын дзырдтаид, Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый: «Хъуамӕ бацӕуат наумӕ». Уӕдӕ Ной «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» кӕй уыд, уымӕй равдыста йӕ уырнындзинад (Райд. 6:13, 17, 18; 2 Пет. 2:5).

8. Иаков уырнындзинады тыххӕй цы загъта?

8 Уырнындзинад цы у, уый тыххӕй ма фыста Иаков дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ фыстӕг ныффыста, апостол Павел Дзуттӕгтӕм фыстӕг куы ныффыста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Иаков ныффыста: «Равдис мын дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад равдисдзынӕн мӕ хъуыддӕгтӕй» (Иак. 2:18). Иаков бӕлвырдӕй бамбарын кодта, ӕнӕуи дӕ исты уырна, уый иу кӕй у, ӕмӕ дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй уа бӕрӕг, уый та – бынтон ӕндӕр. Хӕйрӕджыты дӕр уырны, Хуыцау кӕй ис, фӕлӕ уый ӕцӕг уырнындзинад нӕу. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Хуыцауы фӕндты ныхмӕ кӕй цӕуынц, уымӕй (Иак. 2:19, 20). Уырнындзинад кӕмӕ ис, уый архайдзӕн, цӕмӕй йӕ хорз хъуыддӕгтӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕна. Раст афтӕ кодта Авраам дӕр. Иаков ныффыста: «Нӕ фыдӕл Авраам рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, йӕ фырт Исахъы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд? Дӕхӕдӕг ӕй уыныс, йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕй цыдысты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй йӕ уырнындзинад кӕронмӕ кӕй сфӕлтӕрдта». Уый фӕстӕ, уырнындзинад хъуыддӕгтӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, уый бахахх кӕныны тыххӕй Иаков загъта: «Буар ӕнӕ улӕфтӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иак. 2:21–23, 26).

9, 10. Иоанны фыст чингуытӕй куыд зыны, уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисын кӕй хъӕуы?

9 Уымӕй 30 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд апостол Иоанн ныффыста йӕ Евангели ӕмӕ йе ’ртӕ фыстӕджы. Библийы иннӕ чингуытӕ чи фыста, уыдонау Иоанн дӕр ӕмбӕрста, ӕцӕг уырнындзинад цы у, уый. Уыцы фысджытӕй Иоаннӕй фылдӕр ничи спайда кодта, «ӕууӕндын»-ӕй кӕнӕ «уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисын»-ӕй кӕй фӕтӕлмац кӕнынц, уыцы грекъаг мивдисӕгӕй.

10 Зӕгъӕм, Иоанн бамбарын кодта: «Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн, фӕлӕ йӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн» (Иоан. 3:36). Йесойыл кӕй ӕууӕндӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ хъуыддӕгтӕй, ома йын хъуамӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм. Иоанн цы ныффыста, уымӕй бӕрӕг у: Йесо арӕх дзырдта, адӕймаг ууыл дӕр ӕмӕ йӕ Фыдыл дӕр кӕй хъуамӕ ӕууӕнда, цӕмӕй ӕнусон цард райса (Иоан. 3:16; 6:29, 40; 11:25, 26; 14:1, 12).

11. Рӕстдзинады тыххӕй Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕй равдисдзыстӕм?

11 Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кодта, цӕмӕй рӕстдзинад бамбӕрстаиккам ӕмӕ хорз хабарыл баууӕндыдаиккам. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм! (Бакӕс Лукайы 10:21.) Хуыцау нӕ йӕ Фырты фӕрцы, «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Сӕйраг Разамонӕджы» фӕрцы, йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта, ӕмӕ йын уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр арфӕ кӕнӕм (Дзут. 12:2). Куы йӕм кувӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзыстӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, йе стыр хорзӕхы тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм (Еф. 6:18; 1 Пет. 2:2).

Дӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдис – фадат-иу дын куы фӕзына, уӕд-иу хорз хабары тыххӕй радзур (кӕс 12 абзац)

12. Нӕ уырнындзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?

12 Хъуамӕ ӕдзухдӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм. Ӕмӕ нын нӕ хъуыддӕгтӕ хъуамӕ иннӕтӕ дӕр уыной. Зӕгъӕм, хъуамӕ ӕдзухдӕр хъусын кӕнӕм хорз хабар ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» (Гал. 6:10). Стӕй ма хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ «зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзӕм» ӕмӕ нӕ хъус дарӕм, Йегъовӕйӕ нӕ куыд мацы адард кӕна (Кол. 3:5, 8–10).

ХУЫЦАУЫЛ ӔУУӔНДЫН У ӔНӔМӔНГ

13. «Хуыцауыл ӕууӕндын» куыд ахсджиаг у? Библи уыцы хъуыддаг цӕимӕ бары ӕмӕ цӕмӕн?

13 Библийы фыст ис: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны» (Дзут. 11:6). Уӕдӕ Библийӕ бӕрӕг у: ӕцӕг чырыстон фыццаджыдӕр хъуамӕ «Хуыцауыл ӕууӕнда». Хуыцауы Ныхас уырнындзинад бары хӕдзары бындуримӕ (Дзут. 6:1). Фӕлӕ ма чырыстон хъуамӕ йӕ «уырнындзинад баххӕст кӕна» ӕндӕр ахсджиаг миниуджытӕй дӕр, цӕмӕй «Хуыцауы уарзтӕй... [йӕхи] ӕнӕхай ма фӕкӕна». (Бакӕс 2 Петры 1:5–7; Иуд. 20, 21.)

14, 15. Уырнындзинадӕй уӕлдай ма нӕм уарзондзинад дӕр цӕмӕн хъуамӕ уа?

14 Чырыстон Грекъаг Фыстыты уырнындзинады кой цал хатты ис, уал хатты дзы ӕндӕр никӕцы миниуӕджы кой ис. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын уымӕй ахсджиагдӕр миниуӕг нӕй?

15 Павел уырнындзинад абарста уарзондзинадимӕ ӕмӕ ныффыста: «Ахӕм уырнындзинад мӕм куы уа, ӕмӕ мӕ бон уыдзӕн хӕхтӕ дӕр иу ранӕй сисын ӕмӕ сӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын, фӕлӕ мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз ницы дӕн» (1 Кор. 13:2). Йесо та загъта, «Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр» кӕй у Хуыцауы уарзын (Матф. 22:35–40). Уарзондзинады фӕрцы нӕм фӕзыны бирӕ ӕндӕр рӕсугъд миниуджытӕ, уыимӕ уырнындзинад дӕр. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уарзондзинад «алцӕуыл дӕр ӕууӕнды». Уарзондзинад нӕм кӕй ис, уый фӕрцы ӕууӕндӕм, Хуыцау Библийы цыдӕриддӕр зӕгъы, ууыл (1 Кор. 13:4, 7).

16, 17. Библи уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинады тыххӕй цы зӕгъы? Ацы дыууӕ миниуӕгӕй ахсджиагдӕр кӕцы у ӕмӕ цӕмӕн?

16 Уырнындзинад дӕр ӕмӕ уарзондзинад дӕр ахсджиаг миниуджытӕ сты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты сӕ кой арӕх иумӕ вӕййы. Павел йе ’фсымӕрты разӕнгард кодта, зӕгъгӕ, «нӕ уӕлӕ дарӕм уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон» (1 Фес. 5:8). Петр фыста: «Сымах кӕд Чырыстийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтат, уӕддӕр ӕй уарзут. Ӕмӕ йӕ кӕд ныртӕккӕ дӕр нӕ уынут, уӕддӕр ыл ӕууӕндут» (1 Пет. 1:8). Иаков йӕ сӕрст ӕфсымӕрты фарста: «Хуыцау, дунейы цӕсты мӕгуыр чи у, уыдоны нӕ равзӕрста, цӕмӕй уырнындзинадӕй хъӕздыг уой ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы паддзахад бынӕн райсой?» (Иак. 2:5). Иоанн фыста: «[Хуыцауы] фӕдзӕхст та у ахӕм: хъуамӕ ӕууӕндӕм йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзӕм, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ» (1 Иоан. 3:23).

17 Фӕлӕ ма Павел афтӕ дӕр ныффыста: «Ацы ӕртӕ уыдзысты: уырнындзинад, ныфс ӕмӕ уарзондзинад. Фӕлӕ дзы ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр у уарзондзинад» (1 Кор. 13:13). Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ куы сӕххӕст уой, уӕд нӕ уыцы хабӕрттыл ӕууӕндын нал хъӕудзӕн. Нӕхи цӕстӕй сӕ уындзыстӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы уарзын хъӕудзӕн алкӕддӕр. Уыцы уарзондзинад нын ӕнусӕй-ӕнусмӕ тыхджындӕр кӕндзӕн.

ЙЕГЪОВӔ НЫН АРФӔ КӔНЫ НӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ

18, 19. Хуыцауы адӕммӕ уырнындзинад кӕй ис, уый фӕрцы сын цы бантыст ӕмӕ уый тыххӕй кад кӕмӕ ӕмбӕлы?

18 Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы адӕм хъуыддагӕй ӕвдисынц, Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахадыл кӕй ӕууӕндынц, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы ӕнӕхъӕн зӕххыл се ’хсӕн ис ахӕм фарн, ӕмӕ йӕ абарӕн ис дзӕнӕтимӕ. Уыцы «дзӕнӕты» ныр «цӕры» аст милуан адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ дзы, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый ис бӕркадджынӕй (Гал. 5:22, 23). Ӕвӕдза, цӕй стыр тых ис уырнындзинадӕн ӕмӕ уарзондзинадӕн!

19 Уыцы диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй кад ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ. Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы ис не ’хсӕн ахӕм фарн (Ис. 55:13). «Уырнындзинады руаджы» нӕ бон фервӕзын кӕй у, уый у «Хуыцауы лӕвар» (Еф. 2:8). Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхӕй-уӕрӕхдӕр кӕндзысты, цалынмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл нӕ аххӕсса, уӕдмӕ. Уӕд адӕм иууылдӕр уыдзысты ӕххӕст, рӕстаг ӕмӕ амондджын, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕнустӕм кадджын кӕндзысты. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндӕм!