Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уымӕй дӕ фидар ныфс уӕд

Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уымӕй дӕ фидар ныфс уӕд

«Уырнындзинад та уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа» (ДЗУТ. 11:1).

ЗАРДЖЫТӔ: 81, 134

1, 2. а) Мах цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый куыд хицӕн кӕны, ацы дунейы адӕм цӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц, уымӕй? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

ЙЕГЪОВӔ нын зӕрдӕ бавӕрдта диссаджы хъуыддӕгтӕй! Зӕгъӕм, зӕрдӕ нын бавӕрдта, йӕ ном кӕй срухс кӕндзӕн ӕмӕ афтӕ кӕй бакӕндзӕн, цӕмӕй йӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ зӕххыл дӕр уа (Матф. 6:9, 10). Уыцы хабӕрттӕй ахсджиагдӕр нӕй, ӕмӕ мах дӕр ӕппӕты тынгдӕр сӕ фенынмӕ бӕллӕм. Йегъовӕ ма нын зӕрдӕ ӕвӕры ӕнусон цардӕй: иутӕн – уӕлӕрвты, иннӕтӕн та – зӕххыл. Уый уыдзӕн диссаджы цард! (Иоан. 10:16; 2 Пет. 3:13). Стӕй ма нын зӕрдӕ ӕвӕры, ацы фӕстаг бонты нын дарддӕр разамынд кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.

2 Ацы дунейы дӕр бирӕтӕ цӕмӕдӕр фенхъӕлмӕ кӕсынц, фӕлӕ уыцы хъуыддаг искуы ӕрцӕудзӕн, ууыл фӕдызӕрдыг кӕнынц. Зӕгъӕм, лотерейӕ чи фӕхъазы, уыдоны ныфс вӕййы, кӕй рамбулдзысты. Фӕлӕ афтӕ уыдзӕн ӕви нӕ, уый сӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕ вӕййы. Ӕцӕг уырнындзинад та у, «адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа», уый (Дзут. 11:1). Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕй нӕ ноджы фидардӕр ныфс цӕй фӕрцы уыдзӕн. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ууыл фидарӕй ӕууӕндын цы пайда у, уымӕ дӕр.

3. Хуыцауы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕм?

3 Адӕймаг уырнындзинад йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссы, стӕй йӕм йӕхигъӕдӕй дӕр нӕ фӕзыны. Уырнындзинад ӕм уӕд фӕзыны, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар куы фӕдӕтты, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕйыл ӕндава (Гал. 5:22). Библийы никуы ис фыст, Йегъовӕмӕ уырнындзинад кӕй ис кӕнӕ йӕ уыцы миниуӕг кӕй хъӕуы. Ӕгас Дун-дунейы уымӕй тыхджындӕр ӕмӕ уымӕй зондджындӕр ничи ис, ӕмӕ йӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын ницы бахъыгдардзӕн. Уымӕ гӕсгӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы, цыма сӕххӕст сты, ӕмӕ афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ!» (Бакӕс Раргомад 21:3–6.) Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны. Уый у «иузӕрдион Хуыцау». Уымӕ гӕсгӕ нын фидӕны тыххӕй цыдӕриддӕр зӕгъы, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕм (Дык. з. 7:9).

РАГОН ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ ЦӔВИТТОН

4. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ сӕ зӕрдӕ цӕуыл дардтой?

4 Дзуттӕгты чиныджы 11-ӕм сӕры фыст ис, фидар уырнындзинады хицау чи уыд, уыдонӕй ӕхсӕрдӕс адӕймаджы нӕмттӕ. Ӕмӕ дзы фыст ис, уыдонӕн ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр лӕггадгӕнджытӕн «Хуыцау [кӕй] бамбарын кодта, сӕ уырнынздинады фӕрцы сӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кодта» (Дзут. 11:39). Се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы «байзӕддагмӕ». Зыдтой йӕ, уыцы «байзӕддаг» Хуыцауы знӕгты се ’ппӕты дӕр кӕй фесафдзӕн ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт кӕй сараздзӕн (Райд. 3:15). Стӕй ма фидарӕй ӕууӕндыдысты, Йегъовӕ сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сӕ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уӕд Йесо Чырысти уӕларвон цардмӕ фӕндаг нӕма байгом кодта (Гал. 3:16). Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты, зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, уымӕ (Пс. 37:11; Ис. 26:19; Оси 13:14).

5, 6. Авраам ӕмӕ йӕ бинонтӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты? Сӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы фидар кодтой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

5 Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй Дзуттӕгтӕм 11:13 стихы фыст ис: «Уыдон иууылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл, кӕд сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр. Фӕлӕ сӕ дардӕй уыдтой ӕмӕ сыл цин кодтой». Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты, фидӕны чи уыдзӕн, уыцы ног дунемӕ ӕмӕ-иу сӕ цӕстытыл уайын кодтой, куыд дзы цӕрдзысты, уый. Сӕ иу уыд Авраам. Йесо Авраамы тыххӕй загъта: «Уӕ фыд Авраам тынг цин кодта, мӕ хъуыддӕгтӕ феныны ныфс ӕй кӕй уыд, ууыл, ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр фӕкодта ӕмӕ цин кодта» (Иоан. 8:56). Уый зӕгъӕн ис Саррӕйӕ, Исахъӕй, Иаковӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр лӕггадгӕнджытӕй дӕр. Се ’ргом здӕхт уыд фидӕны Паддзахадмӕ, «йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у», уымӕ (Дзут. 11:8–11).

6 Авраам ӕмӕ йӕ бинонтӕ сӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы фидар кодтой? Йегъовӕйы тыххӕй-иу фылдӕр кӕй базыдтой, уый фӕрцы. Хатт-иу Хуыцау семӕ дзырдта зӕдты уылты, цӕстылуайӕнты кӕнӕ фынты уылты. Ӕвӕццӕгӕн ма-иу ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕй ӕмӕ рагон фыстытӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ базыдтой. Авраам ӕмӕ йӕ бинонтӕ никуы рох кодтой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ ӕмӕ-иу сыл ӕхсызгонӕй хъуыды кодтой. Уый фӕрцы никуы дызӕрдыг кодтой, кӕй сӕ сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ сӕ куы ӕфхӕрдтой ӕмӕ зын уавӕрты куы уыдысты, суанг-иу ыл уӕд дӕр иузӕрдионӕй баззадысты.

7. Йегъовӕ нын цы дӕтты, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, ӕмӕ махӕй та цы кӕнгӕ у?

7 Йегъовӕ нын радта йӕ Ныхас, Библи, цӕмӕй уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Цӕмӕй «амондджын» уӕм ӕмӕ нын «алцыдӕр... ӕнтыса», уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсӕм (Пс. 1:1–3; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:11). Йегъовӕ ма нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты дӕтты «хӕринаг афоныл» дӕр (Матф. 24:45). Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытау мах дӕр хъӕуы, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕтты тыххӕй кӕсын ӕмӕ сыл хъуыды кӕнын. Уый фӕрцы нын ӕнцондӕр уыдзӕн Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Стӕй афтӕмӕй ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад ӕгас зӕххыл дӕр куы хицауиуӕг кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ.

8. Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕндзӕн?

8 Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕн ма сӕ уырнындзинад фидар уыд, кӕй йӕм куывтой, уый фӕрцы. Йегъовӕ-иу сын сӕ куывдтытӕн дзуапп куы радта, уӕд-иу сӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар (Неем. 1:4, 11; Пс. 34:4, 15, 17; Дан. 9:19–21). Раст афтӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ йын дзурын. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ фехъусдзӕн ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Нӕ куывдтытӕн нын дзуапп куыд дӕтты, уый куы уынӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн. (Бакӕс 1 Иоанны 5:14, 15.) Уырнындзинад у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй сӕ иу. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ курӕм йӕ сыгъдӕг тых дӕр, цӕмӕй нӕм фылдӕр уырнындзинад уа (Лук. 11:9, 13).

9. Нӕ бон ма цӕй тыххӕй у кувын?

9 Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд дзы ӕрмӕст ӕххуыс хъуамӕ ма курӕм. Хъуамӕ ма йын бузныг дӕр дзурӕм ӕмӕ йӕ кадджын дӕр кӕнӕм. Хуыцауы «диссаджы хъуыддӕгтӕ» уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ нӕ бон банымайын дӕр нӕ бауыдзӕн! (Пс. 40:5). Нӕ куывдтытӕй ма хъуамӕ бӕрӕг уа, «нӕ зӕрдыл [кӕй] дарӕм, ахӕстоны чи ис, уыдоны, цыма мах дӕр семӕ ахст стӕм, афтӕ». Стӕй ма хъуамӕ кувӕм, ӕгас дунейы дӕр нын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр, уӕлдайдӕр та, «разамынд нын чи дӕтты», уыдоны тыххӕй. Йегъовӕ нын не ’ппӕты куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый куы фенӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц! (Дзут. 13:3, 7).

УЫДОН ИУЗӔРДИОНӔЙ БАЗЗАДЫСТЫ

10. Бирӕтӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаиккой ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадаиккой?

10 Дзуттӕгтӕм 11 сӕры ма апостол Павел ныффыста: «Сылгоймӕгтӕн чи амард, уыдон ӕгас кодтой. Иннӕты та фыдмард акодтой, уымӕн ӕмӕ ницавӕр аргъӕй сразы сты сӕхи ссӕрибар кӕныныл, цӕмӕй сын хай уа хуыздӕр райгасӕй» (Дзут. 11:35). Бирӕтӕ-иу стыр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты, фӕлӕ-иу Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдта, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у мӕрдты ӕгас кӕнын. Зӕгъӕм, Навуфейы ӕмӕ Захарийы, Хуыцаумӕ кӕй хъуыстой ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кодтой, уый тыххӕй дуртӕй амардтой. Фӕлӕ уыдон зыдтой, Йегъовӕ сӕ фидӕны фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты (1 Пад. 21:3, 15; 2 Аз. 24:20, 21). Данелы та ныппӕрстой, ӕххормаг домбӕйттӕ кӕм уыд, уыцы дзыхъмӕ. Йе ’мбӕлтты та йын арты баппӕрстой. Цӕйнӕфӕлтау мӕнг хуыцӕуттӕн бакуывтаиккой, фӕлтау цӕттӕ уыдысты мӕлӕтмӕ дӕр. Уыдон фидарӕй ӕууӕндыдысты, Йегъовӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй бахай кӕндзӕн ӕмӕ сын уыцы зындзинӕдты фидар фӕлӕууынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн (Дзут. 11:33, 34; Дан. 3:16–18, 20, 28; 6:13, 16, 21–23).

11. Пехуымпартӕй иуӕй-иутӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты?

11 Сӕ уырнындзинады тыххӕй пехуымпартӕй бирӕтӕй «хынджылӕг кодтой... ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны дӕр бакодтой». Афтӕ уыд, зӕгъӕм, Михей ӕмӕ Йеремийы хабар. Чидӕртӕ та, зӕгъӕм, Илийа, «ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты рахау-бахау кодтой, лӕгӕтты ӕмӕ хӕхты скъуыдты ӕмбӕхстысты». Се ’ппӕт дӕр зындзинӕдтӕн бафӕрӕзтой, уымӕн ӕмӕ, «цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕй сӕ фидар ныфс... уыд» (Дзут. 11:1, 36–38; 1 Пад. 18:13; 22:24–27; Йер. 20:1, 2; 28:10, 11; 32:2).

12. Ӕппӕты стырдӕр фӕлварӕныл чи сӕмбӕлд ӕмӕ йын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта?

12 Йесо Чырысти сӕмбӕлд ӕппӕты стырдӕр фӕлварӕныл, фӕлӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Цӕй фӕрцы бафӕрӕзта? Павел загъта: «Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс» (Дзут. 12:2). Уый фӕстӕ Павел чырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй «лӕмбынӕг ахъуыды кодтаиккой» Йесойы цӕвиттоныл. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:3.) Фыццаг ӕнусы Йесойау бирӕ чырыстӕтты амардтой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Уыдонӕй иу уыд Антипӕ (Рарг. 2:13). Зӕххыл цӕрынмӕ чи райгас уыдзӕн, уыцы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй уӕлдай уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ хӕрзиуӕг райстой (Дзут. 11:35). 1914 азы Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уымӕй иуцасдӕры фӕстӕ, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй чи амард, уыдон райгас сты уӕларвон цардмӕ, цӕмӕй йемӕ иумӕ хицӕуттӕ уой (Рарг. 20:4).

НӔ РӔСТӔДЖЫ ФИДАР УЫРНЫНДЗИНАД ЧИ РАВДЫСТА, УЫДОН

13, 14. Рудольф Грайхен цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд ӕмӕ цӕй фӕрцы бафӕрӕзта?

13 Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй милуангӕйттӕ Йесойы фӕзмынц – уыдон фӕхъуыды кӕнынц, Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл ӕмӕ йыл фӕлварӕнты рӕстӕг иузӕрдионӕй баззайынц. Сӕ иу у Рудольф Грайхен. Уый райгуырд 1925 азы Германийы. Гыццыл ма куы уыд, уӕд йӕ ныййарджытӕ сӕ хӕдзары къултыл ӕрцауыгътой Библийӕ ист нывтӕ. Рудольф загъта: «Иу нывыл дзы уыд бирӕгъ ӕмӕ уӕрыкк, сӕныкк ӕмӕ фыранк, род ӕмӕ домбай, ӕмӕ иууылдӕр уыцы сабыр уыдысты, хизгӕ та сӕ кодта гыццыл лӕппу. [...] Уыцы нывтӕ мӕ зонды тынг ныффидар сты» (Ис. 11:6–9). Рудольф-иу бирӕ хъуыды кодта, зӕххыл цы дзӕнӕт уыдзӕн, ууыл, ӕмӕ йыл фидарӕй ӕууӕндыд. Уый фӕрцы Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад, кӕд ӕй нацисттӕ (гестапо) ӕмӕ уый фӕстӕ та Скӕсӕн Германийы коммунисттӕ (Штази) бирӕ азты дӕргъы ӕгъатырӕй ӕфхӕрдтой, уӕддӕр.

14 Рудольф ма бирӕ ӕндӕр фӕлварӕнтыл дӕр сӕмбӕлд. Йӕ мад тифӕй амард Равенсбрюкы концлагеры. Йӕ фыд та йӕ къух ӕрӕвӕрдта, ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нал дӕн, зӕгъгӕ, фыст кӕм уыд, уыцы документыл. Фӕлӕ Рудольфӕн йӕ уырнындзинад уӕддӕр нӕ фӕцудыдта. Ахӕстонӕй йӕ куы рауагътой, уӕд райдыдта цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр ӕй фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ. Ахуыры фӕстӕ йӕ снысан кодтой Чилимӕ, ӕмӕ та уым дӕр лӕггад кодта цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Уым ракуырдта, миссионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм хойы, Пэтси, зӕгъгӕ. Фӕлӕ иу азы фӕстӕ стыр маст бавзӕрстой – сӕ гыццыл чызг амард. Фӕстӕдӕр та Пэтси йӕхӕдӕр дӕр фӕзиан, 43 азы йеддӕмӕ йыл нӕ цыд, афтӕмӕй. Рудольф ӕппӕт уыцы фӕлварӕнты фӕстӕ дӕр дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодта. Йӕ биографи ис 1997 азы 1 августы «Сторожевая башня»-йы (22–25 фӕрстӕ). Кӕд уыцы рӕстӕг Рудольфыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой ӕмӕ йе ’нӕниздзинад дӕр хӕрзтӕй нал уыд, уӕддӕр ма лӕггад кодта пионерӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймагӕй 1.

15. Радзур, абон фӕлварӕнты фидар чи лӕууы ӕмӕ йӕ циндзинад чи нӕ сафы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй.

15 Кӕд абон бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ азӕй-азмӕ карз ӕфхӕрд ӕййафынц, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынц. Зӕгъӕм, Эритрейы, Сингапуры ӕмӕ Хуссар Корейы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ахӕстоны бадынц, сӕ фылдӕр – сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз кӕй нӕ исынц, уый тыххӕй (Матф. 26:52). Зӕгъӕм, ӕфсымӕртӕ Исаак, Негеде ӕмӕ Паулос Эритрейы ахӕстоны бадынц 20 азӕй фылдӕр! Уым сӕ тынг ӕгъатырӕй ӕфхӕрдтой. Ӕмӕ сын уал азы дӕргъы нӕдӕр сӕ ныййарджытӕм фӕкӕсыны фадат ис, нӕдӕр бинонтӕ скӕныны фадат. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион сты. Суанг ма сӕм хъахъхъӕнджытӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Нӕ сайты фенӕн ис ацы ӕфсымӕрты къамтӕ. Се ’ртӕ дӕр сӕ мидбылты худынц, кӕд ахӕм зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уӕддӕр.

Де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд равдыстой, фидар уырнындзинад сын кӕй ис? (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

16. Дӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

16 Йегъовӕйы адӕмӕй сӕ фылдӕрӕн ахӕм фӕлварӕнтӕ нӕй. Фӕлӕ сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуы ӕндӕр хуызы. Бирӕтӕ сӕ цӕрынц тынг мӕгуыр, кӕмӕндӕрты сӕ бӕстӕйы цӕуы хӕст, чидӕртӕ та бахауынц ӕрдзон бӕллӕхы. Иннӕтӕ та Авраамау, Исахъау, Иаковау ӕмӕ Моисейау ацы дунейы стыр кад ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтыл сӕ къух систой. Ӕмӕ сӕхи уды дзӕбӕхӕн цӕрыны бӕсты се ’ргом сарӕзтой Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Цымӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн Йегъовӕйӕн дарддӕр зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнынӕн цы ’ххуыс кӕны? Йегъовӕйы бирӕ кӕй уарзынц ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндынц, уый. Уыдон зонынц, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй схайджын кӕндзӕн ӕнӕкӕрон цардӕй, хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕм нал уыдзӕн, уыцы ног дунейы. (Бакӕс Псалом 37:5, 7, 9, 29.)

17. Дӕ уырнындзинад куыд фидар кӕндзынӕ ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

17 Уӕдӕ нын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕдзухдӕр куы кувӕм, уӕд нӕ уырнындзинад алкӕддӕр фидар уыдзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы та цыфӕнды фӕлварӕнтӕ дӕр сфӕраздзыстӕм. Фӕлӕ уырнындзинад ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ, «цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕй нӕ фидар ныфс... уа». Ӕмӕ уый тыххӕй дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 1 14 абзац: ноджыдӕр кӕс статья «Испытания не угасили моей надежды», 2002 азы 22 апрелы «Пробудитесь!». Фыст дзы ис Словакийӕ иу ӕфсымӕры биографи, Андрей Ханак, зӕгъгӕ.