Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды лӕггадгӕнгӕйӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕн

Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды лӕггадгӕнгӕйӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕн

«Дӕ ныхӕстӕ дын мӕ зӕрдӕйы нывӕрдтон» (ПС. 119:11).

ЗАРДЖЫТӔ: 142, 92

1–3. а) Цыфӕнды уавӕры дӕр фыццаджыдӕр цӕуыл хъуамӕ архайӕм? б) Ӕндӕр ӕвзаг чи ахуыр кӕны, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

АБОН Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй мингӕйттӕ хорз хабар хъусын кӕнынц «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн», ӕмӕ уымӕй ӕххӕст кӕны Библийы пехуымпарӕдтӕй иу (Рарг. 14:6). Мыййаг, ды дӕр ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕныс? Чи зоны, миссионерӕй лӕггад кӕныс кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕмӕ ацыдтӕ, науӕд та уӕхи бӕстӕйы лӕггад кӕнын райдыдтай ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды.

2 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр фыццаджыдӕр хъуамӕ архайа йӕхи уырнындзинад ӕмӕ йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕныныл (Матф. 5:3). Фӕлӕ нын иуӕй-иу хатт уыйбӕрц хъуыддӕгтӕ вӕййы, ӕмӕ нын ӕнцон нӕ вӕййы Библи арф иртасынӕн рӕстӕг ссарын. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды чи лӕггад кӕны, уыдон та ма ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлынц.

3 Ног ӕвзаг ахуыр кӕнын сӕ кӕй хъӕуы, уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ ӕдзухдӕр иртасой Хуыцауы арф хъуыдытӕ дӕр (1 Кор. 2:10). Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарстатӕ: сӕ бон куыд у сӕ уырнындзинад фидар кӕнын, ӕмбырды цы ’взагыл дзурынц, уый хорз куы не ’мбарой, уӕд? Ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарой, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм хъара?

НӔ УЫРНЫНДЗИНАДӔН ТӔССАГ ЦӔМӔЙ ВӔЙЙЫ?

4. Нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй вӕййы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Хуыцауы Ныхас ӕндӕр ӕвзагыл куы не ’мбарӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн тынг тӕссаг уавӕры. Н. э. размӕ 5 ӕнусы дзуттӕгтӕ Вавилонӕй сӕ бӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд дзы кӕмӕндӕрты сӕ сывӕллӕттӕ дзуттагау нӕ дзырдтой. Ӕмӕ Нееми уый куы базыдта, уӕд ӕй уый мӕты бафтыдта. (Бакӕс Неемийы 13:23, 24.) Уыцы сывӕллӕттӕ Хуыцауы Ныхас дзӕбӕх кӕй не ’мбӕрстой, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ адард сты (Неем. 8:2, 8).

5, 6. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды чи лӕггад кӕны, уыцы ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ цы фӕфиппайдтой? Афтӕ цӕмӕн рауад?

5 Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды чи лӕггад кӕны, уыцы ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ фӕфиппайдтой, сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад раздӕрау циндзинад кӕй нал хӕссы. Ӕвзаг хорз кӕй нӕ зонынц, уымӕ гӕсгӕ, ӕмбырдты цы фӕдзурынц, уый сӕ зӕрдӕтӕм нӕ хъары ӕмӕ сӕ цардыл дӕр никуыд ӕндавы. Иу ӕфсымӕр, Педро 1, зӕгъгӕ, йӕ бинонтимӕ Австралийӕ ацыд Хуссар Америкӕмӕ. Ӕмӕ афтӕ загъта: «Хуыцауы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд уый хъуамӕ хъара зӕрдӕмӕ ӕмӕ-иу хъуамӕ адӕймаджы бафӕнда, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын» (Лук. 24:32).

6 Ӕндӕр ӕвзагыл исты куы фӕкӕсӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг ма хъара, нӕхи ӕвзагыл нӕм куыд бахъары, афтӕ. Стӕй ма ӕндӕр ӕвзагыл дзурын кӕй фӕхъӕуы, уымӕй дӕр адӕймаг тынг бафӕллайы ӕмӕ йӕ лӕггадӕй дӕр йӕ зӕрдӕ нал фӕрайы. Уӕдӕ кӕд ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа, нӕ уырнындзинад дӕр нӕ кӕй хъӕуы хъахъхъӕнын (Матф. 4:4).

УЫДОН СӔ УЫРНЫНДЗИНАД ХЪАХЪХЪӔДТОЙ

7. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, вавилойнӕгтӕ кӕй архайдтой, цӕмӕй сын Данел сӕ дин ӕмӕ се ’гъдӕуттыл ныххӕцыдаид?

7 Данелы ӕмӕ йын йе ’мбӕлтты Вавилонмӕ уацары куы акодтой, уӕд вавилойнӕгтӕ архайдтой, цӕмӕй сӕ сӕ дин ӕмӕ се ’гъдӕуттыл ныххӕцын кодтаиккой. Зӕгъӕм, ахуыр сӕ кодтой «халдейагау... дзурын». Стӕй ма сын фӕсдзӕуинты хистӕр радта вавилойнаг нӕмттӕ дӕр (Дан. 1:3–7). Данелӕн цы ном радта, уый баст уыди Вавилоны сӕйраг хуыцауы номимӕ, Вил, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн, паддзах Навуходоносоры уымӕй фӕндыд зӕгъын, кӕсыс, Вавилоны хуыцау дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тыхджындӕр разынд, зӕгъгӕ (Дан. 4:8).

8. Данелӕн ӕндӕр бӕстӕйы дӕр йӕ уырнындзинад фидар цӕй фӕрцы уыд?

8 Данелӕн хъуамӕ лӕвӕрдтаиккой паддзахы хӕринӕгтӕй, фӕлӕ уый «йӕхицӕн фидарӕй загъта», йӕхи сӕ кӕй нӕ «фӕчъизи кӕндзӕн» (Дан. 1:8). «Чингуытӕ», ома Фыстад, йӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй каст ӕмӕ сӕ кӕй иртӕста, уымӕ гӕсгӕ ӕндӕр бӕстӕйы дӕр йӕ уырнындзинад уыд фидар (Дан. 9:2). Ӕмӕ, Вавилоны 70 азы куы фӕцард, уӕд дӕр ма йӕ зыдтой йӕ дзуттаг номӕй (Дан. 5:13).

9. 119-ӕм псалом чи ныффыста, ууыл Хуыцауы Ныхас куыд ӕндӕвта?

9 119-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕн паддзахы фӕсдзӕуинтӕ йӕ ныхмӕ цыдысты. Фӕлӕ йын Хуыцауы Ныхас тых лӕвӕрдта фидар фӕлӕууынӕн, ӕмӕ уый фӕрцы иннӕтӕй хицӕн кодта (Пс. 119:23, 61). Уый Хуыцауы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф иста. (Бакӕс Псалом 119:11, 46.)

ДӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР КӔН

10, 11. а) Хуыцауы Ныхас иртасгӕйӕ нӕ нысан цы хъуамӕ уа? б) Нӕ нысан нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? Цӕвиттон ӕрхӕсс.

10 Кӕд нӕ арӕх ӕмбырды хъуыддӕгтӕй дӕр ӕмӕ куыстӕй дӕр тынг нӕ февдӕлы, уӕддӕр-иу нӕ алчидӕр хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕна Библи иртасынӕн ӕмӕ бинонты ахуырӕн (Еф. 5:15, 16). Фӕлӕ нӕ нысан ӕрмӕст уый хъуамӕ ма уа, цӕмӕй Библийӕ ӕмӕ нӕ публикацитӕй ӕнӕуи цалдӕр сыфы бакӕсӕм кӕнӕ ӕмбырдмӕ дзуапп бацӕттӕ кӕнӕм. Хъуамӕ-иу Хуыцауы Ныхас нӕ зӕрдӕмӕ бахъара ӕмӕ-иу нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕна.

11 Цӕмӕй уыцы нысан нӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Библи иртасгӕйӕ хъуамӕ ӕрмӕст афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ацы хъуыдыты фӕрцы иннӕтӕн куыд баххуыс кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Хъуамӕ-иу дзы ссарӕм, нӕхицӕн пайда чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм хъуыдытӕ дӕр (Фил. 1:9, 10). Хъуамӕ ӕмбарӕм, уацамындмӕ, ӕмбырдмӕ кӕнӕ раныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ цыдӕр куы фӕкӕсӕм, уӕд арӕх, нӕхӕдӕг дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл кӕй нӕ фӕхъуыды кӕнӕм. Зӕгъӕм, пъовыр хӕринагӕн йӕ ад фены, цалынмӕ йӕ фынгыл ӕрӕвӕрынц, уӕдмӕ. Фӕлӕ ӕрмӕст уыцы комдзӕгтӕй нӕ фӕцӕрдзӕн. Цӕмӕй ӕнӕниз уа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕхицӕн дӕр кӕна хӕрзад, пайда хӕринӕгтӕ. Уӕдӕ цӕмӕй мах дӕр уырнындзинады хъуыддаджы «ӕнӕниз» уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи ӕфсадӕм, мах чи хъӕуы, ахӕм «хӕринагӕй».

12, 13. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕн стыр ӕххуыс цӕмӕн у, Библи сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй иртасынц, уый?

12 Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕн стыр ӕххуыс у, Библи ӕдзухдӕр «сӕ мадӕлон ӕвзагыл» кӕй иртасынц, уый (Хъуыд. 2:8). Суанг ма йӕ миссионертӕ дӕр ӕмбарынц, цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕйы лӕггадгӕнгӕйӕ ма ӕрлӕмӕгъ уой, уый тыххӕй сын, ӕмбырдты цы фехъусынц, ӕрмӕст уый фаг кӕй нӕу.

13 Ален аст азы бӕрц ахуыр кӕны персайнаг ӕвзаг, ӕмӕ афтӕ загъта: «Ӕмбырдмӕ персайнаг ӕвзагыл куы фӕцӕттӕ кӕнын, уӕд... мӕ хъуыдытӕ вӕййынц, цы кӕсын, уый куыд бамбарон, ууыл. Ӕмӕ дзы цы арф хъуыдытӕ вӕййы, уыдонӕй мӕ зӕрдӕмӕ ницы бахъары. Уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ мӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсон».

ХУЫЦАУЫ НЫХАС УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ЗӔРДӔТЫ ӔВӔРУТ

14. Ныййарджытӕ сӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ дарой ӕмӕ цӕмӕн?

14 Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас сӕ сывӕллӕтты зондмӕ ӕмӕ зӕрдӕмӕ хъара. Серж ӕмӕ йӕ бинойнаг Мюриэл ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды ӕртӕ азӕй фылдӕр куы фӕлӕггад кодтой, уӕд ӕй бафиппайдтой, сӕ 17-аздзыд лӕппуйӕн уацамынд ӕмӕ ӕмбырдтӕ циндзинад кӕй нал хӕссынц. Мюриэл дзуры: «Ӕндӕр ӕвзагыл ӕй хъусын кӕнын кӕй хъуыди, ууыл-иу мӕсты кодта. Афтӕмӕй та раздӕр французагау, йӕ мадӕлон ӕвзагыл, хъусын кӕнын тынг уарзта». Серж та зӕгъы: «Куы йӕ бамбӕрстам, уыцы хъуыддаг нӕ лӕппуйы рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуын кӕй бахъыгдардта, уӕд сфӕнд кодтам фӕстӕмӕ нӕ раздӕры ӕмбырдмӕ аздӕхын».

Рӕстдзинад уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм арф хъары? (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

15. а) Ныййарджытӕн цы баххуыс кӕндзӕн, ӕндӕр ӕмбырдмӕ ацӕуой ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн? б) Дыккаг закъоны 6:5–7 стихты ныййарджытӕн цавӕр фӕдзӕхст ис?

15 Уӕ сывӕллӕттӕ хуыздӕр кӕй ӕмбарынц, уыцы ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ аздӕхат ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн уын цы баххуыс кӕндзӕн? Фыццаг уал ахъуыды кӕнут: уӕ бон суыдзӕн уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнын дӕр ӕмӕ сын ӕндӕр ӕвзаг амонын дӕр? Уымӕн уын фаг рӕстӕг ӕмӕ уӕм фаг хъарутӕ ис? Дыккаг: уӕ хъус дарут, уӕ сывӕллӕтты уацамынды ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды лӕггад кӕнын зӕрдиагӕй фӕнды ӕви нӕ. Кӕд уӕ зӕрдӕ истӕмӕ фехсайа, уӕд, чи зоны, сфӕнд кӕнат, уӕ сывӕллӕттӕ хуыздӕр кӕй ӕмбарынц, уыцы ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ рацӕуын. Ӕмӕ стӕй, рӕстдзинады фӕндагыл фидар куы слӕууой, уӕд уӕ бон уыдзӕн ногӕй ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды лӕггад кӕнын. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:5–7.)

16, 17. Иуӕй-иу ныййарджытӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды лӕггадгӕнгӕйӕ сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы Ныхас куыд амонынц?

16 Фӕлӕ иуӕй-иу ныййарджытӕ ссардтой фадӕттӕ, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн сӕхи ӕвзагыл Хуыцауы Ныхас дӕр амоной ӕмӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ кӕнӕ къордмӕ дӕр цӕуой. Шарль у ӕртӕ чызджы фыд, цӕуы сыл 9 азӕй 13 азмӕ. Ацы бинонтӕ сты лингалӕ ӕвзагыл дзурӕг къорды. Шарль дзуры: «Мах аскъуыддзаг кодтам, нӕ сывӕллӕттимӕ Библи кӕй ахуыр кӕндзыстӕм ӕмӕ бинонты ахуыр кӕй уадздзыстӕм нӕхи ӕвзагыл. Фӕлӕ цӕмӕй сывӕллӕттӕн ӕвзаг ахуыр кӕнын сӕ зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй лингалӕйыл фӕцӕттӕ кӕнӕм ӕмбырдтӕм дзуаппытӕ кӕнӕ, уацамынды цы дзурдзыстӕм, уый, стӕй уыцы ӕвзагыл исты хъӕзтытӕй дӕр фӕхъазӕм».

Бацархай бынӕттон ӕвзаг сахуыр кӕныныл ӕмӕ ӕмбырдты дзуапп дӕттыныл (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

17 Кевинӕн та ис дыууӕ чызджы, иуыл дзы цӕуы фондз азы, иннӕйыл – аст. Сӕ бинонтӕ дӕр сты ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды. Фӕлӕ чызджытӕ уыцы ӕвзаг дзӕбӕх нӕма ’мбарынц. Уымӕ гӕсгӕ Кевин тынг архайы, цӕмӕй сын Хуыцауы Ныхас амона. Уый зӕгъы: «Мӕ бинойнагимӕ нӕ чызджытимӕ Библи ахуыр кӕнӕм французагау, сӕ мадӕлон ӕвзагыл. Аскъуыддзаг ма кодтам, мӕй иу хатт французаг ӕмбырдмӕ кӕй цӕудзыстӕм. Стӕй отпуск дӕр райсӕм ӕмӕ ацӕуӕм, нӕхи ’взагыл чи вӕййы, уыцы конгресстӕм».

18. а) Ромӕгтӕм 15:1, 2 стихтӕ уын куыд баххуыс кӕндзысты, уӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, уый бамбарынӕн? б) Иуӕй-иу ныййарджытӕ цавӕр хорз уынаффӕтӕ дӕттынц? (Кӕс фиппаинаг.)

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы бинонтӕ дӕр сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнынц, сӕ сывӕллӕттӕн ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый 2 (Гал. 6:5). Мюриэл куыд зӕгъы, афтӕмӕй сӕ кӕд йӕ цардӕмбалимӕ тынг фӕндыд ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды лӕггад кӕнын, уӕддӕр сӕ лӕппуйы тыххӕй ӕндӕр ӕмбырдмӕ ацыдысты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:1, 2.) Ныр ӕй Серж ноджы хуыздӕр ӕмбары, раст кӕй бакодтой. Афтӕ загъта: «Фӕстӕмӕ французаг ӕмбырдмӕ куы рацыдыстӕм, уӕд нӕ лӕппу раудӕгас. Йӕ уырнындзинад сфидар, ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райста. Ныр лӕггад кӕны пионерӕй. Суанг ма йӕ фӕстӕмӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг къордмӕ раздӕхын дӕр фӕнды!»

ХУЫЦАУЫ НЫХАС ДӔ ЗӔРДӔМӔ ХЪАРӔД

19, 20. Хуыцауы Ныхас кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

19 Йегъовӕ адӕмы тынг уарзы, ӕмӕ йӕ Ныхас, Библи, сӕдӕгай ӕвзӕгтыл рауадзын кодта, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной» (1 Тим. 2:4). Уый зоны, йӕ хъуыдытӕ йын, нӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕгдӕр чи у, уыцы ’взагыл куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ уырнындзинад тынгдӕр кӕй бафидар вӕййы ӕмӕ йӕм кӕй баввахс вӕййӕм.

20 Уӕдӕ хъуамӕ кӕдфӕнды дӕр ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы арф хъуыдытӕ иртасӕм. Нӕ зӕрдӕйыл чи ӕмбӕлы, уыцы ӕвзагыл Библи ӕдзухдӕр куы иртасӕм, уӕд нӕхи уырнындзинад дӕр ӕмӕ нӕ бинонты уырнындзинад дӕр уыдзӕн фидар ӕмӕ бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы ныхӕстӕ нын тынг зынаргъ кӕй сты (Пс. 119:11).

^ 1 5 абзац: нӕмттӕ ивд сты.

^ 2 18 абзац: дӕ бинонтӕн Библийӕ цы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, уый тыххӕй дӕ бон фылдӕр базонын у статьяйӕ «Воспитание детей в чужой стране. Усилия вознаграждаются» (кӕс 2002 азы 15 октябры «Сторожевая башня»).