ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Мартъи 2016

Ацы брошюрӕйы ис, 2016 азы 2 майӕ 29 маймӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Ӕрыгӕттӕ, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ стут?

Цӕттӕ стут ӕви нӕ, уый бамбарынӕн уын баххуыс кӕндзысты ӕртӕ фарстайы.

Ӕрыгӕттӕ, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстут?

Мыййаг уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы къахдзӕф саразынмӕ цӕттӕ нӕма стут? Йе та, мыййаг, уӕхи фӕнды донаргъуыд райсын, фӕлӕ уӕ ныййарджытӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уын нырма раджы у?

Не ’хсӕн иудзинад цӕй фӕрцы уыдзӕн?

Раргомады 9 сӕры цы цӕстылуайӕны тыххӕй ис фыст, уымӕй зыны, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа.

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн амоны царды фӕндаг

Хуыцауы разамынд кӕй агурӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

Дӕ бон куыд у дӕхи ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын?

Дӕ бон у, ӕмӕ дӕхи ӕмбырды миссионеры хуызӕн уай?

Пехуымпарты зӕрдӕйы уаг дын уӕд

Йезекил, Йереми ӕмӕ нын Осийы цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, фӕллад кӕнӕ ныфссаст куы уӕм, йе та нын исты зын хъуыддаг куы бахӕс кӕной, уӕд.

Кӕсджыты фарстатӕ

Хуыцауы адӕм Стыр Вавилоны уацары цас рӕстӕг фесты? Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ӕй ӕцӕгдӕр кувӕндонмӕ акодта ӕви йын цӕстылуайӕн равдыста?