Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахъуыды-иу кӕн, дӕ бон куыд у де ’мчырыстӕттӕн ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй баххуыс кӕнын йе та сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕнын

Дӕ бон куыд у дӕхи ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын?

Дӕ бон куыд у дӕхи ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын?

УӔЛӔРВТӔМ ацӕуыны размӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уыдзыстут [мын] ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Цымӕ уый сӕ къухы куыд бафтыдаид?

Оксфорды университеты профессор Мартин Гудман загъта: «Чырыстӕттӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодтой, уый сӕ хицӕн кодта, Ромы паддзахады цы динтӕ уыд, уыдонӕй, уыимӕ дзуттаг динӕй дӕр». Чырысти иу ранӕй иннӕ ранмӕ цыди ӕмӕ хъусын кодта. Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр ӕй хъуамӕ фӕзмыдтаиккой ӕмӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» алкӕмдӕр хъусын кодтаиккой. Хъуамӕ агуырдтаиккой, рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмы (Лук. 4:43). Уымӕ гӕсгӕ фыццаг ӕнусы ӕмбырды уыди «апостолтӕ» – ацы дзырд амоны, цавӕрдӕр хъуыддаджы тыххӕй кӕй арвитынц, ахӕм адӕммӕ, кӕнӕ минӕвӕрттӕм (Мар. 3:14). Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:18–20).

Абон Чырыстийы 12 апостолӕй зӕххыл ничиуал ис, фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ уыдонау зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц. Кӕмдӕр хъусынгӕнджыты ӕххуыс куы фӕхъӕуы, уӕд фӕзӕгъынц: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:8). Иуӕй-иутӕ, зӕгъӕм, Галаады скъола чи фӕци, уыцы мингай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ацӕуынц дард бӕстӕтӕм. Иннӕтӕ та хъусын кӕнынмӕ ацӕуынц сӕхи бӕстӕйы ӕндӕр ранмӕ. Бирӕтӕ ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнынц ӕмӕ, уыцы ӕвзагыл цы ӕмбырд кӕнӕ къорд ис, уымӕн феххуыс кӕнынц. Ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕнын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц. Уыдон алцыдӕр хорз спълан кодтой ӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын райдыдтой (Лук. 14:28–30). Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕххуыс тынг ахсджиаг у.

Махӕй алкӕй бон нӕу, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм ацӕуын кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын. Фӕлӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, цӕмӕй йӕхи ӕмбырды миссионеры хуызӕн уа.

ДӔХИ ӔМБЫРДЫ У МИССИОНЕР

Дӕ уавӕрты дӕ бон цы у, уый араз.

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайдтой, кӕд сӕ фылдӕр сӕхи горӕтты цардысты ӕмӕ миссионертӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр. Павел Тимофейӕн загъта: «Хорз хабар хъусын кӕн, дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз» (2 Тим. 4:5). Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ ӕрмӕст Тимофеймӕ нӕ хаудысты, фӕлӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, стӕй абон махмӕ дӕр хауынц. Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕной ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной. Ӕмӕ нын нӕхи ӕмбырдты дӕр бирӕ фадӕттӕ ис, цӕмӕй миссионерты хуызӕн лӕггад кӕнӕм.

Зӕгъӕм, миссионертӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацӕуынц, уӕд дзы бирӕ хъуыддӕгтӕ ӕндӕрхуызон вӕййынц, ӕмӕ сӕ ног уавӕртыл ахуыр кӕнын фӕхъӕуы. Кӕд, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм ацӕуын дӕ бон нӕу, уӕд, цымӕ, де ’мбырды территорийы дӕ бон нӕу хъусын кӕнынӕн ног фадӕттӕ ссарын? Зӕгъӕм, 1940 азы не ’фсымӕрты разӕнгард кодтой, цӕмӕй къуыри иу хатт уынджы хъусын кодтаиккой. Ды та искуы уынджы хъусын кодтай? Стенды фӕрцы та? Ӕндӕр ныхасӕй, цӕттӕ дӕ уацамынды ног мадзӕлттӕй пайда кӕнынмӕ? Уӕ территорийы адӕммӕ хорз цӕстӕй куы кӕсай ӕмӕ алыхуызон мадзӕлттӕй зӕрдиагӕй куы пайда кӕнай, уӕд зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзынӕ.

Иннӕты хорз хабар хъусын кӕнынмӕ разӕнгард кӕн

Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ чи ацӕуы кӕнӕ ӕндӕр ӕвзаг чи сахуыр кӕны, уыдон фылдӕр хатт вӕййынц арӕхстджын хъусынгӕнджытӕ. Ӕмӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ семӕ куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййынц. Миссионертӕ ма арӕх ӕмбырды дӕр разамынд фӕдӕттынц, цалынмӕ бынӕттон ӕфсымӕртӕм уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн фаг фӕлтӕрддзинад нӕ фӕзыны, уӕдмӕ. Кӕд донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд тырныс, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаг суай ӕмӕ афтӕмӕй де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕнай? (1 Тим. 3:1).

ДЕ ’ФСЫМӔРТӔН СТЫР ӔХХУЫС ӔМӔ НЫФСЫ ХОС У

Иннӕтӕн хъуыддагӕй ӕххуыс кӕн

Не ’мбырдӕн ӕххуыс кӕнынӕн ма ис ӕндӕр фадӕттӕ дӕр. Махӕн не ’ппӕтӕн дӕр – ӕрыгӕттӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн, хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн – нӕ бон у, ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕн «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» уӕм (Кол. 4:11).

Кӕд нӕ нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын фӕнды, уӕд сӕ хъуамӕ хорз зонӕм. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕмбырды «нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм» (Дзут. 10:24). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын сӕ царды нӕхи тъыссӕм. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу хъуамӕ бацархайӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕххуыс кӕм хъӕуы, уый бамбарыныл. Чи зоны сын хъӕуы хъуыддагӕй баххуыс кӕнын кӕнӕ сын ныхасӕй сӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Чи зоны сӕ хъӕуы Библийы фӕрцы бафидар кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу хатт сын ӕрмӕстдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты бон вӕййы баххуыс кӕнын (Гал. 6:1). Фӕлӕ махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн кӕнӕ, зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыцы бинонтӕн ӕххуыс кӕнын.

Зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыдоны фидар кӕн

Ӕфсымӕр Сальваторейӕн дӕр ахӕм ӕххуыс бакодтой. Ӕхцайӕ тынг куы фӕтыхст, уӕд ӕй бахъуыд йӕ бизнес ауӕй кӕнын, стӕй ма йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ исбонӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ ауӕй кодта. Ӕфсымӕр тыхсти, йӕ бинонтӕ дарддӕр куыд уыдзысты, ууыл. Ӕмбырды ӕндӕр бинонтӕ федтой, ӕххуыс сӕ кӕй хъӕуы, уый, ӕмӕ Сальваторемӕ ӕхцайӕ фӕкастысты, стӕй йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинойнагӕн дӕр куыст ссарынӕн баххуыс кодтой. Семӕ ма-иу бирӕ хӕттыты изӕрыгӕтты фӕбадтысты, фӕхъуыстой-иу сӕм ӕмӕ-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой. Афтӕмӕй хорз ӕмбӕлттӕ систы. Ныр дыууӕ бинонтӕ дӕр ӕхсызгонӕй ӕрымысынц, уыцы уӕззау рӕстӕг иумӕ цы рӕстӕджытӕ арвыстой, уый.

Ӕцӕг чырыстӕттӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр фӕдзурынц. Мах хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй базоной, Хуыцау зӕрдӕ цы диссаджы хъуыддӕгтӕй бавӕрдта, уыдоны тыххӕй. Нӕ бон искуыдӕм ацӕуын у ӕви нӕ, уӕддӕр махӕй алкӕй бон дӕр у зӕрдиагӕй архайын, цӕмӕй йе ’мбырдӕн ӕххуыс кӕна (Гал. 6:10). Иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм ӕмӕ нын «бирӕ ӕнтысдзӕн алы хорз хъуыддаджы дӕр» (Кол. 1:10; Хъуыд. 20:35).