Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн амоны царды фӕндаг

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн амоны царды фӕндаг

«Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл» (ИС. 30:21).

ЗАРДЖЫТӔ: 65, 48

1, 2. а) Бирӕтӕ сӕхи фыдбылызӕй цавӕр амонӕнты фӕрцы бахызтой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Хуыцауы адӕм сӕ цард цавӕр разамынды фӕрцы бахъахъхъӕндзысты?

СӔДӔ азӕй фылдӕры размӕ Цӕгат Америкӕйы, ӕфсӕнвӕндӕгты сӕрты цы фӕндӕгтӕ цыди, уыдоны раз фӕзынд стыр амонӕнтӕ, фыст сыл уыди: «ӔРЛӔУУ. АКӔС. БАЙХЪУС». Цымӕ уыцы амонӕнтӕ цӕмӕн хъуыдысты? Цӕмӕй, фӕндагыл цы машинӕтӕ цыдысты, уыдоны тӕхгӕ поезд ма скъуырдтаид. Ӕмӕ бирӕтӕ сӕхи фыдбылызӕй бахызтой, уыцы амонӕнтӕм сӕ хъус кӕй дардтой, уый фӕрцы.

2 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы разамынд дӕтты, уый ахӕм амонӕнтӕй бирӕ хуыздӕр у. Уыцы разамынд сӕ кӕны ӕнусон цардмӕ ӕмӕ сӕ бӕллӕхтӕй хъахъхъӕны. Йӕ фысты чи уарзы, ахӕм фыййау фысты хорз хизӕнтӕм фездахы ӕмӕ сӕ тӕссаг бынӕттӕй фӕхъахъхъӕны, ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр абарӕн ис ахӕм фыййауимӕ. (Бакӕс Исайы 30:20, 21.)

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ АДӔМӔН РАЗАМЫНД АЛКӔДДӔР ЛӔВӔРДТА

3. Адӕм мӕлӕты фӕндагыл куыд ныллӕууыдысты?

3 Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ сын лӕвӕрдта бӕлвырд разамынд. Зӕгъӕм, Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕйӕн бӕстон бамбарын кодта, цы хъуамӕ арӕзтаиккой, цӕмӕй ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой (Райд. 2:15–17). Фӕлӕ уыдон сӕ уарзӕгой Фыды разамынд ницӕмӕ ӕрдардтой. Евӕ байхъуыста калммӕ (афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йемӕ калм ныхас кӕны), Адам та байхъуыста Евӕмӕ. Уый сӕ цӕмӕ ӕркодта? Сӕ дыууӕ дӕр цӕрӕнбонты хъизӕмар кодтой ӕмӕ ӕппынфӕстаг амардысты. Ӕмӕ райгас уой, уый ныфс дӕр сын нӕй. Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый тыххӕй сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр мӕлӕты фӕндагыл ныллӕууыдысты.

4. а) Доны хъаймӕты фӕстӕ ног разамынд цӕмӕн бахъуыд? б) Уыцы ног уавӕрты куыд рабӕрӕг, Хуыцау цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый?

4 Хуыцау Нойӕн цы разамынд радта, уый фӕрцы Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ сӕ цард бахъахъхъӕдтой. Доны хъаймӕты фӕстӕ Йегъовӕ адӕмы бафӕдзӕхста, цӕмӕй туг ма хӕрой. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уӕд Йегъовӕ адӕмӕн цӕрӕгойты дзидза хӕрыны бар радта, ӕмӕ сӕ уыцы ног уавӕрты хъуыди ног разамынд: «Ӕрмӕст ма хӕрут, йӕ уд, ома йӕ туг, йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм дзидза» (Райд. 9:1–4). Ацы фӕдзӕхстӕй бӕрӕг у, Хуыцау цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Йегъовӕ у Сфӕлдисӕг ӕмӕ нын цард дӕр уый дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ йын бар ис, цӕмӕй нын амона, цардмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕ загъта, адӕймаджы марӕн кӕй нӕй. Хуыцауы цӕсты цард ӕмӕ туг табуйаг сты, ӕмӕ сын чи нӕ аргъ кӕны, уыдоны ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн (Райд. 9:5, 6).

5. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

5 Хуыцау ӕнусты дӕргъы йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, уый фӕдыл ма ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ноджыдӕр цалдӕр цӕвиттонмӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусдзыстӕм, Йегъовӕ нын ног дунемӕ бацӕуыны тыххӕй цы разамынд дӕтты, уымӕ.

НОГ АДӔМ – НОГ РАЗАМЫНД

6. Хуыцау йӕ адӕмӕн Моисейы уылты закъӕттӕ цӕмӕн радта ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой?

6 Моисейы рӕстӕджы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн радта бӕлвырд амындтӕ, куыд хъуамӕ цӕрой ӕмӕ йын куыд хъуамӕ лӕггад кӕной, уый фӕдыл. Цӕмӕн? Уавӕртӕ та кӕй фӕивтой, уый тыххӕй. Дыууӕ сӕдӕ азӕй фылдӕр израилӕгтӕ Египеты уыдысты цагъартӕ, ӕмӕ сӕ алыварс алчидӕр куывта мӕрдтӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн, ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр Хуыцауы ӕгад кодтой. Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ хъуыди ног амындтӕ. Уыдон хъуамӕ суыдаиккой, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ чи цӕры, ахӕм адӕм. Иуӕй-иу дзырдуӕттӕм гӕсгӕ, дзуттаг дзырд «закъон» равзӕрд, «амонын, разамынд дӕттын, ахуыр кӕнын» чи нысан кӕны, уыцы мивдисӕгӕй. Моисейы закъон израилӕгты хъахъхъӕдта, сӕ алыварс адӕм цы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл ӕмӕ цы мӕнг динтыл хӕст уыдысты, уыдонӕй. Ӕмӕ-иу Хуыцаумӕ куы хъуыстой, уӕд-иу сын уый арфӕ кодта. Куы нӕ-иу ӕм хъуыстой, уӕд та-иу сыл стыр бӕллӕхтӕ ’рцыд. (Бакӕс Дыккаг закъон 28:1, 2, 15.)

7. а) Бамбарын кӕн, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн закъӕттӕ цӕмӕн радта, уый. б) Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ израилӕгтӕн Закъон уыд сӕ хъахъхъӕнӕг?

7 Израилӕгты ма ног амындтӕ хъуыди ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕр. Закъоны фӕрцы уыдон цӕттӕ уыдаиккой, Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн тынг ахсджиаг чи уыд, уыцы хабармӕ – Мессийӕйы, ома Йесо Чырыстийы, ӕрцыдмӕ. Закъон израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, ӕнӕххӕст кӕй сты, уый. Стӕй ма уый фӕрцы ӕмбӕрстой, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ кӕронмӕ чи ссыгъдӕг кодтаид, ахӕм ӕххӕст нывонд сӕ кӕй хъуыд (Гал. 3:19; Дзут. 10:1–10). Закъон ӕххуыс кодта, Мессийӕ кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы хӕдзарвӕндаг бахъахъхъӕнынӕн. Стӕй ма уый фӕрцы израилӕгтӕн сӕ бон уыдаид, Мессийӕ чи у, уый базонын дӕр. Уӕдӕ сын Закъон ӕцӕгдӕр уыди «сывӕллонгӕсы» кӕнӕ «хъахъхъӕнӕджы» хуызӕн, ӕмӕ сӕ кодта Чырыстимӕ (Гал. 3:23, 24).

8. Моисейы закъон цы уагӕвӕрдтыл арӕзт у, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

8 Йегъовӕ Закъоны цы амындтӕ радта, уыдонӕй махӕн дӕр нӕ бон у пайда райсын. Цымӕ куыд? Куы-иу ӕрлӕууӕм ӕмӕ-иу куы ӕркӕсӕм, Закъон цы уагӕвӕрдтыл арӕзт у, уымӕ. Кӕд абон мах уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрӕм, уӕддӕр нын дзы бирӕтӕ нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггады стыр ӕххуыс сты. Йегъовӕ уыцы закъӕттӕ Библийы дзӕгъӕлы нӕ ныффыссын кодта. Уый фӕрцы нӕ бон у уыцы закъӕттӕй ахсджиаг цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын ӕмӕ, цы уагӕвӕрдтыл арӕзт сты, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын. Стӕй ма уый фӕрцы тынгдӕр аргъ кӕнӕм, Йесо нын хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы бацамыдта, уымӕн. Закъоны цы фыст ис, уыимӕ абаргӕйӕ Йесойы фӕдзӕхстыты арфдӕр хъуыды ис. Байхъус-ма, Йесо цы загъта, уымӕ: «Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Ма хӕт“. Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг». Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи ӕрмӕст хӕтындзинадӕй ма хизӕм, фӕлӕ ма ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕй дӕр (Матф. 5:27, 28).

9. Хуыцауы ног амындтӕ раттын цӕмӕн бахъуыд?

9 Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд ӕмӕ, Мессийӕ кӕй у, уый куы рабӕрӕг, уый фӕстӕ Йегъовӕ радта ног амындтӕ, стӕй йӕ фӕндоны тыххӕй дӕр фылдӕр хабӕрттӕ раргом кодта. Цӕмӕн? Нӕ эрӕйы 33 азы Йегъовӕ Израилы адӕмыл йӕ къух систа, ӕмӕ уыдоны бӕсты йӕхицӕн равзӕрста ног адӕм – чырыстон ӕмбырд. Уӕдӕ та Хуыцауы адӕмӕн сӕ уавӕртӕ ногӕй фӕивтой.

РАЗАМЫНД ХУЫЦАУЫ ИЗРАИЛӔН

10. Чырыстон ӕмбырдӕн ног закъӕттӕ лӕвӕрд цӕмӕн ӕрцыд? Израилӕгтӕн лӕвӕрд закъӕттӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

10 Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ Израилы адӕмӕн Моисейы уылты радта Закъон, ӕмӕ сын уыцы Закъоны фӕрцы бамбарын кодта, куыд хъуамӕ цардаиккой ӕмӕ йын куыд хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, уый. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы Хуыцауы адӕм ӕрмӕст иу адӕмыхаттӕй нал уыдысты. Уыдон уыдысты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, ӕмӕ хуындысты Хуыцауы Израил. Уыцы адӕмимӕ, чырыстон ӕмбырдимӕ, арӕзт ӕрцыд ног бадзырд. Йегъовӕ сын радта ног ӕмӕ бӕлвырд разамынд, куыд хъуамӕ цӕрой ӕмӕ йын куыд хъуамӕ лӕггад кӕной, уый фӕдыл. Ӕцӕгдӕр, Хуыцау «никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 10:34, 35). Хуыцауы ног адӕм ӕххӕст кодтой «Чырыстийы закъон» – уыцы закъон сӕйраджыдӕр уагӕвӕрдтыл арӕзт уыд ӕмӕ фыст ӕрцыд къӕйдуртыл нӕ, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтыл. Чырыстӕттӕ кӕмфӕнды ма цардаиккой, уӕддӕр хъуамӕ уыцы закъон ӕххӕст кодтаиккой, ӕмӕ сын уӕд пайда хастаид (Гал. 6:2).

11. «Чырыстийы закъон» нӕ царды цавӕр дыууӕ хъуыддагыл фӕзынд?

11 Хуыцауы Израилӕн стыр пайда хаста, Йегъовӕ сын Йесойы уылты цы разамынд лӕвӕрдта, уый. Ног бадзырд йӕ тыхы куы нӕма бацыд, уӕд Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Фыццаг баст уыд хорз хабар хъусын кӕнынимӕ, дыккаг та – чырыстӕттӕ куыд хъуамӕ архайой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уой, уыимӕ. Уыцы фӕдзӕхстытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ абон махӕй алкӕмӕ дӕр хауынц, фӕнды нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс уа, фӕнды – зӕххыл.

12. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бафӕдзӕхста, уым ногӕй цы уыди?

12 Раджы заман-иу ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕндыд, уыдон-иу хъуамӕ Израилмӕ ӕрцыдаиккой (1 Пад. 8:41–43). Фӕлӕ стӕй Йесо бафӕдзӕхста бынтон ӕндӕр хъуыддаг кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис Матфейы 28:19, 20 стихты. (Бакӕс сӕ.) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй сӕхӕдӕг цыдаиккой ӕппӕт адӕмтӕм дӕр. Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны Йегъовӕ равдыста, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕгас зӕххыл дӕр. Уыцы бон, ног чырыстон ӕмбырды чи уыд, уыцы 120 адӕймаджы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой – дзуттӕгтимӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕй алкӕимӕ дӕр йӕхи ӕвзагыл дзырдтой (Хъуыд. 2:4–11). Уый фӕстӕ самариӕгтӕн дӕр райдыдтой хъусын кӕнын. Ӕмӕ фӕстӕдӕр та, нӕ эрӕйы 36 азы – ӕндӕр адӕмтӕй сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыдонӕн дӕр. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмӕн дӕр хъусын кодтаиккой.

13, 14. а) Йесойы «ног фӕдзӕхстмӕ» цы хауы? б) Йесойы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Йесо ма радта «ног фӕдзӕхст», нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый фӕдыл дӕр. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35.) Кӕй сӕ уарзӕм, уый хъуамӕ алы бон дӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕм, фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ уыдоны тыххӕй суанг нӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уӕм. Моисейы закъон та уый нӕ домдта (Матф. 22:39; 1 Иоан. 3:16).

14 Ахӕм удуӕлдай уарзондзинад Йесойӕ хуыздӕр ничи равдыста. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгты афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ уыдоны тыххӕй йӕ цард дӕр радта. Ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй алкӕмӕ дӕр растдӕр уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм зынтӕн бафӕразынмӕ дӕр ӕмӕ нӕ цард раттынмӕ дӕр (1 Фес. 2:8).

ХУЫЦАУЫ РАЗАМЫНД НӔ РӔСТӔДЖЫ ӔМӔ ФИДӔНЫ

15, 16. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ рӕстӕджы нӕ уавӕртӕ фӕивтой? Хуыцау нын разамынд куыд дӕтты?

15 Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджытӕн «хӕринаг афоныл дӕтта» (Матф. 24:45–47). Уыцы «хӕринагмӕ» хауы, Хуыцауы адӕм ног уавӕртӕм гӕсгӕ цы ахсджиаг разамынд райсынц, уый дӕр. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ рӕстӕджы нӕ уавӕртӕ фӕивтой?

16 Мах ныр цӕрӕм «фӕстаг бонты», ӕмӕ тагъд рӕстӕджы райдайдзӕн, чи никуыма уыд, ахӕм бӕллӕх (2 Тим. 3:1; Мар. 13:19). Уымӕй уӕлдай, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ’ппӕрст ӕрцыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй адӕм бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц (Рарг. 12:9, 12). Стӕй ма Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнӕм хорз хабар, ӕмӕ йӕ абон куыд бирӕ адӕмӕн ӕмӕ куыд бирӕ ӕвзӕгтыл хъусын кӕнӕм, афтӕ никуыма!

17, 18. Хуыцау нын абон цы разамынд дӕтты, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

17 Хуыцауы организаци нын хъусын кӕнынӕн бирӕ кусӕнгӕрзтӕ дӕтты. Ды дӕр сӕ пайда кӕныс? Не ’мбырдты нын фӕамонынц, уыцы кусӕнгӕрзтӕй хуыздӕр пайда кӕнӕн куыд ис, уый. Уыцы амындтӕм цы цӕстӕй кӕсыс? Йегъовӕйы разамындыл сӕ нымайыс?

18 Цӕмӕй нын Хуыцау арфӕ кӕна, уый тыххӕй-иу хъуамӕ хъусӕм, ӕмбырды уылты нын цы разамынд дӕтты, уымӕ. Уыцы разамындмӕ абон куы хъусӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, «стыр бӕллӕхы» рӕстӕджы нын цы разамынд дӕтдзӕн, уымӕ хъусын дӕр. Уӕд Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕфт ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:21). Уый фӕстӕ та, Хӕйрӕгӕн йӕ кой дӕр кӕм нал уыдзӕн, уыцы ног дунейы Хуыцауы адӕмы хъӕудзӕн ног разамынд.

Ног дунейы цы тыхтӕттӕ райсдзыстӕм, уым фыст уыдзӕн, Дзӕнӕты куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый тыххӕй (кӕс 19, 20 абзацтӕ)

19, 20. Ног дунейы цавӕр тыхтӕттӕ байгом уыдзысты ӕмӕ нын уый цы ’рхӕсдзӕн?

19 Моисейы рӕстӕджы Израилы адӕмы хъуыди ног разамынд, ӕмӕ сын Хуыцау радта Закъон. Фӕстӕдӕр та чырыстон ӕмбырдӕн лӕвӕрд ӕрцыд «Чырыстийы закъон». Уӕдӕ ног дунейы тыххӕй дӕр Библийы фыст ис, ног разамынд кӕм уыдзӕн, ахӕм тыхтӕттӕ кӕй райсдзыстӕм. (Бакӕс Раргомад 20:12.) Ӕвӕццӕгӕн, уыцы тыхтӕтты фыст уыдзӕн, Йегъовӕ уыцы рӕстӕг адӕмӕй цы домдзӕн, уый тыххӕй. Уыцы тыхтӕттӕ ахуыр кӕнгӕйӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, уыимӕ, чи райгас уа, уыдон дӕр, базондзысты, Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Тыхтӕтты цы фыст уыдзӕн, уый фӕрцы фылдӕр базондзыстӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый тыххӕй. Стӕй ма Библи дӕр хуыздӕр бамбардзыстӕм. Ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы Дзӕнӕты адӕм иууылдӕр кӕрӕдзи уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕндзысты (Ис. 26:9). Ахъуыды-ма кӕн, нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы разамынды фӕрцы нӕхӕдӕг дӕр куыд бирӕ базондзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕн дӕр нӕ бон цас цыдӕртӕ уыдзӕн бацамонын!

20 Уыцы тыхтӕтты цы фыст уа, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм ӕмӕ фӕстаг фӕлварӕны Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын нӕ нӕмттӕ «царды тыхтоны» ӕнустӕм ныффысдзӕн. Нӕ разы уыдзӕн ӕнусон цард! Уӕдӕ-иу ӔРЛӔУУ, цӕмӕй-иу Библи бакӕсай, стӕй-иу ӔРКӔС, цы бакастӕ, уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у, уымӕ, ӕмӕ-иу БАЙХЪУС, Хуыцау дын цы разамынд дӕтты, уымӕ. Афтӕ куы архайай, уӕд стыр бӕллӕхы сӕрты ахиздзынӕ, ӕмӕ дын стӕй ӕнусты дӕргъы фадат уыдзӕн, цӕмӕй нӕ зондджын ӕмӕ нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйы хуыздӕр базонай (Еккл. 3:11; Ром. 11:33).