Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йезекил ӕнӕзивӕгӕй сразы, Иерусалимыл куыд ӕртыхсдзысты, уый равдисыныл

Пехуымпарты зӕрдӕйы уаг дын уӕд

Пехуымпарты зӕрдӕйы уаг дын уӕд

ЦЫМӔ дын рагон пехуымпартимӕ иумӕйагӕй исты ис? 2013 азы англисаг ӕвзагыл чи рацыд, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы цы «Дзырдуат» ис, уым фыст ис: «Пехуымпар у, Хуыцау йӕ фӕндтӕ кӕй уылты ӕргом кӕны, уый. Пехуымпартӕ уыдысты Хуыцауы минӕвӕрттӕ, ӕмӕ ӕрмӕст пехуымпариуӕг нӕ кодтой, фӕлӕ ма хъусын кодтой Йегъовӕйы амындтӕ, фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ тӕрхӕттӕ дӕр». Кӕд ды пехуымпариуӕг нӕ кӕныс, уӕддӕр дзурыс Хуыцауы номӕй ӕмӕ хъусын кӕныс, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый (Матф. 24:14).

Иннӕтӕн Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй кӕй дзурӕм ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цавӕр фӕндон ис, уый сын кӕй ӕмбарын кӕнӕм, уый нын стыр кад куыннӕ у! Уыцы куыст кӕнӕм, «арвы бӕрзӕндты» чи тӕхы, уыцы зӕдимӕ иумӕ (Рарг. 14:6). Фӕлӕ цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй, чи зоны, ферох кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы архайын цӕй диссаджы кад у, уый. Цымӕ цавӕр зындзинӕдты тыххӕй? Зӕгъӕм, кӕй бафӕлладыстӕм, нӕ ныфс кӕй асаст кӕнӕ нӕхи уыцы куысты аккагыл кӕй нӕ нымайӕм, уый тыххӕй. Хуыцауы иузӕрдион пехуымпартӕ дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ къухтӕ не ’руагътой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ дӕр ӕххуыс кодта сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр пехуымпары цӕвиттонмӕ ӕмӕ базонӕм, нӕ бон сӕ куыд у бафӕзмын.

СӔХИУЫЛ НӔ АУӔРСТОЙ

Алы бон дӕр нын бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, ӕмӕ иуӕй-иу хатт тынг бафӕллайӕм, ӕмӕ нӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма нӕм хъусын кӕнынмӕ ацӕуыны фаг хъарутӕ нал ис. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ улӕфгӕ дӕр кӕнӕм. Йесо ӕмӕ-иу йӕ апостолтӕ дӕр сӕ фӕллад суадзынӕн рӕстӕг ссардтой (Мар. 6:31). Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн Йезекилыл ӕмӕ йын Хуыцау цы бахӕс кодта, ууыл. Йезекилы ӕмӕ иннӕ израилӕгты Иерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодтой. Ӕмӕ йын уым иуафон Хуыцау загъта, цӕмӕй агуыридур райса ӕмӕ йыл Иерусалим сныв кӕна. Стӕй Йезекил хъуамӕ уыцы «горӕты» алыварс «ӕртыхстаид» ӕмӕ йӕ разы 390 боны хуыссыдаид йӕ галиу фарсыл, 40 боны та – йӕ рахиз фарсыл. Йегъовӕ йын загъта: «Ӕз дӕу бӕттӕнтӕй сбӕтдзынӕн, цӕмӕй дӕ бон иннӕрдӕм азилын ма уа, цалынмӕ, Иерусалимы алыварс цы бонтӕ лӕууай, уыдон нӕ фӕуой, уӕдмӕ» (Йез. 4:1–8). Уый тыххӕй Йезекил, уацары чи уыд, уыцы израилӕгты йӕхимӕ куыннӕ ӕркӕсын кодтаид. Иу азӕй фылдӕр бон-изӕрмӕ дӕ фарсыл хуыссай, уый ӕнцон кӕцӕй у! Цымӕ Йезекилӕн уыцы зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн цы баххуыс кодта?

Йезекил ӕмбӕрста, Хуыцау ӕй пехуымпарӕй цӕмӕн сӕвӕрдта, уый. Йегъовӕ йын загъта: «[Израилӕгтӕ] дӕм... хъусой ӕви ма хъусой... уӕддӕр ӕй зондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд» (Йез. 2:5). Йезекил йӕ зӕрдыл дардта, йӕ лӕггады нысан цы уыди, уый. Ӕмӕ йын Йегъовӕ афтӕ куы загъта, цӕмӕй Иерусалимыл «ӕртыхстаид», уӕд ӕнӕзивӕгӕй афтӕ бакодта. Йезекил ӕцӕг пехуымпар разынд. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд ӕм фӕхабар кодтой: «Горӕт ныппырх кодтой!» Уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр фехъуыстой уыцы хабары тыххӕй, ӕмӕ бамбӕрстой, се ’хсӕн ӕцӕгдӕр пехуымпар кӕй уыд (Йез. 33:21, 33).

Абон мах адӕмы фӕдзӕхсӕм, тагъд Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй. Ӕмӕ кӕд фӕллайгӕ дӕр кӕнӕм, уӕддӕр адӕмӕн Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм, ногӕй-иу сӕм бацӕуӕм, стӕй семӕ Библи фӕахуыр кӕнӕм. Ацы дунейы кӕроны тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый уынгӕйӕ цин кӕнӕм, мах дӕр кӕй стӕм, «Хуыцау йӕ фӕндтӕ кӕй уылты ӕргом кӕны», уыдонӕй.

СӔ НЫФС АСӔТТЫН НӔ УАГЪТОЙ

Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт нӕ ныфс асӕтты, адӕм хорз хабармӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый тыххӕй. Ахӕм рӕстӕг хорз уаид, нӕ зӕрдыл-иу пехуымпар Йеремийы куы ’рлӕууын кӕниккам. Хуыцауы номӕй израилӕгтӕн цы дзырдта, уый тыххӕй йыл уыдон худтысты, хынджылӕг дзы кодтой ӕмӕ йӕ ӕфхӕрдтой. Иуафон Йереми суанг афтӕ дӕр загъта: «Йӕ кой нал кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ номӕй нал дзурдзынӕн». Йереми дӕр мах хуызӕн адӕймаг уыд ӕмӕ-иу уымӕн дӕр хатгай йӕ ныфс асаст. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы ныхас хъусын кодта. Цӕмӕн? Йереми дарддӕр загъта: «Фӕлӕ йӕ ныхас мӕ зӕрдӕйы сыгъд пиллон артау. Пиллон артау сыгъд ме стджыты мидӕг. Ӕмӕ йӕ уромынӕй бафӕлладтӕн, мӕ бон хъусӕй лӕууын нал уыд» (Йер. 20:7–9).

Уӕдӕ кӕд махӕн дӕр, адӕм хорз хабармӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый тыххӕй нӕ ныфс асаст, уӕд нӕ бон у ахъуыды кӕнын, цы хабар хъусын кӕнӕм, ууыл ӕмӕ уый фӕрцы уыцы ныфссӕттӕг хъуыдытӕ нӕ сӕрӕй фӕсурын. Хорз хабар махӕн дӕр «пиллон артау судздзӕн [не] стджыты мидӕг». Ӕмӕ цӕмӕй уыцы арт ма мынӕг кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ Библи алы бон дӕр кӕсын сахуыр уӕм.

КӔД СЫН ЗЫН УЫД, УӔДДӔР СРАЗЫ СТЫ

Иуӕй-иу чырыстӕттӕ, Хуыцау сын цавӕрдӕр хъуыддаг куы бабар кӕны, уӕд сагъӕсты бын фӕвӕййынц, уымӕн ӕмӕ нӕ фембарынц, куыд ӕй саразой кӕнӕ йӕ уыдон цӕмӕн хъуамӕ саразой, уый. Чи зоны, пехуымпар Оси дӕр ахӕм уавӕры уыд. Йегъовӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ ус ракур. Уый хӕтын райдайдзӕн ӕмӕ, кӕимӕ хӕта, уымӕй дын сывӕллӕттӕ ныййардзӕн» (Оси 1:2). Ахъуыды-ма кӕн, ус курынмӕ куы хъавис, ӕмӕ дын Йегъовӕ афтӕ куы зӕгъид, хӕтаг сылгоймаджы ракур, зӕгъгӕ! Фӕлӕ Оси сразы афтӕ бакӕныныл. Ус ракуырдта, йӕ ном хуынди Гомер, ӕмӕ йын уый фырт ныййардта. Фӕстӕдӕр Гомерӕн райгуырди чызг, ӕмӕ уый фӕстӕ та ноджыдӕр иу лӕппу. Куыд зыны, афтӕмӕй фӕстаг дыууӕ сывӕллоны уыдысты, кӕимӕ хӕтыд, уыдонӕй. Йегъовӕ Осийӕн йӕ усаджы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «йӕ уарзӕтты фӕдыл ныййарц уыдзӕн». Дӕ хъус-ма ӕрдар, дзырд «уарзон» бирӕон нымӕцы кӕй ис. Уый фӕстӕ уыцы сылгоймаджы бафӕнддзӕн фӕстӕмӕ Осимӕ ӕрбаздӕхын. Ныр ды куы уыдаис уыцы пехуымпар, уӕд ахӕм усы фӕстӕмӕ ӕрбауагътаис? Ӕмӕ Йегъовӕ та Осийӕн растдӕр афтӕ кӕнын кодта! Оси ма йӕ усы ӕлхӕнгӕ дӕр бакодта, уымӕй дӕр – стыр аргъӕй! (Оси 2:7; 3:1–5).

Ӕвӕццӕгӕн, Оси дис кодта, зӕгъгӕ, афтӕ куы бакӕнон, уӕд уый цы пайда ’рхӕсдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд загъта, афтӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы абон мах ӕмбарӕм, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн куыд зын уыди, Израилы адӕм ыл гадзрахатӕй куы рацыдысты, уӕд. Стӕй ма зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ израилӕгтӕй чидӕртӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.

Абон Хуыцау афтӕ никӕмӕн дзуры, хӕтаг ус ракур, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр, Оси уыцы зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл кӕй сразы, уымӕй цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Зӕгъӕм, кӕд нын зын у, уӕддӕр хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар «адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр» хъусын кӕнӕм (Хъуыд. 20:20). Чи зоны, цы мадзӕлттӕй хъусын кӕнӕм, уыдонӕй нӕм кӕцыдӕртӕ ӕнцон нӕ кӕсынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи чи ахуыр кодта, уыдонӕй иу ӕмӕ дыууӕ афтӕ нӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, Библи ахуыр кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, фӕлӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ никуы ацӕудзынӕн. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд сӕ бирӕтӕ райдыдтой хъусын кӕнын, кӕд раздӕр афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уый сӕ бон никуы бауыдзӕн, уӕддӕр. Ацы хабар дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

Оси уыцы зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл кӕй сразы, уымӕй ма ноджыдӕр иу цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм. Йегъовӕ йын цы аразын кодта, уымӕн уыди фӕсномыг хъуыды. Фӕлӕ Осийӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодтаид, цӕмӕй йын уыцы зын хъуыддаг ма бахӕс кодтаид. Ӕмӕ уый тыххӕй йӕ чиныджы куы нӕ ныффыстаид, уӕд ӕй зонгӕ дӕр ничи бакодтаид. Махӕн дӕр, чи зоны, цавӕрдӕр уавӕры искӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй радзурыны фадат уа ӕмӕ уыцы фадаты тыххӕй мах йеддӕмӕ мачи зона. Ахӕм уавӕры уыди, Америкӕйы Иугонд Штатты чи цӕры, иу ахӕм ӕрыгон хо, Аннӕ, зӕгъгӕ. Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд сын сӕ ахуыргӕнӕг бахӕс кодта, ахсджиаг сын цы у, ахӕм истӕй тыххӕй сочинени ныффыссын ӕмӕ стӕй сӕ къласӕгты дӕр ууыл баууӕндын кӕныныл бацархайын. Аннӕйӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ уыцы фадатӕй ма спайда кодтаид ӕмӕ йӕ дины тыххӕй мацы загътаид. Фӕлӕ Аннӕйы уырныдта, уыцы фадат ын Хуыцау кӕй дӕтты. Цы цӕстӕй йӕм ракӕсдзысты, уый ӕмбӕрста, ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта. Ӕмӕ йӕ уӕд ноджы тынгдӕр бафӕндыд уыцы фадатӕй спайда кӕнын. Гъемӕ Аннӕ ныффыста сочинени, «Эволюци: бӕлвырдгӕнӕнтӕ йын ис?», зӕгъгӕ.

Ӕрыгӕттӕ фидарӕй дзурынц, Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, уый тыххӕй, ӕмӕ уымӕй фӕзмынц пехуымпарты

Аннӕ йӕ сочинени къласы раз куы бакаст, уӕд ӕй, эволюцийыл чи ӕууӕндыд, иу ахӕм чызг фарстаты бын фӕкодта. Аннӕ фидарӕй дзырдта, цӕуыл ӕууӕндыд, уый сӕрыл. Уый йӕ ахуыргӕнӕджы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Йӕ сочинени йын схуыдта, ӕппӕты фидардӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕм уыд, ахӕм куыст, ӕмӕ йын хӕрзиуӕг радта. Уый фӕстӕ ма Аннӕ, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыцы чызгимӕ бирӕ хӕттыты ныхас кодта. Аннӕ Йегъовӕйы «хӕслӕвӕрдӕй» кӕй нӕ фӕтарст, уый фӕрцы ныр, йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй, «хорз хабар фидарӕй ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кӕны».

Кӕд мах алцӕмӕй раздӕры пехуымпарты хуызӕн не стӕм, уӕддӕр пехуымпар Йезекил, Йереми ӕмӕ Осийы куы фӕзмӕм ӕмӕ уыдонау удуӕлдай куы уӕм, уӕд ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уый. Уӕдӕ хорз уаид, дӕ бинонтимӕ кӕнӕ дӕхӕдӕг Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд иннӕ рагон пехуымпарты тыххӕй дӕр фылдӕр куы бакӕсис ӕмӕ сӕ дӕ бон бафӕзмын куыд у, ууыл куы ахъуыды кӕнис.