Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕ, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстут?

Ӕрыгӕттӕ, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстут?

«О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос» (ПС. 40:8).

ЗАРДЖЫТӔ: 51, 58

1, 2. а) Бамбарын кӕн, донаргъуыд райсын ахсджиаг къахдзӕф цӕмӕн у. б) Кӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ у?

КӔД ӕрыгон адӕймаг дӕ ӕмӕ дӕ донаргъуыд райсын фӕнды, уӕд дӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕппӕты кадджындӕр хъуыддаг. Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй донаргъуыд райсын у тынг ахсджиаг къахдзӕф. Уый иннӕтӕн ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта, ома йын дзырд радта, ӕнустӕм ын кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ адӕймагӕн донаргъуыд райсын йӕ бон кӕд уыдзӕн? Фаг фӕлтӕрддзинад ӕм куы уа, стӕй уый йӕхи фӕнд куы уа ӕмӕ, йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна, уый цы нысан кӕны, уый куы ’мбара, ӕрмӕстдӕр уӕд.

2 Фӕлӕ дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ нӕма дӕ. Кӕнӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ цӕттӕ дӕ, фӕлӕ дӕ дӕ ныййарджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ нырма банхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы, цӕмӕй фестырдӕр уай ӕмӕ дӕм фылдӕр фӕлтӕрддзинад уа. Цымӕ уӕд та куыд кӕнгӕ у? Дӕ ныфс ма асӕттӕд. Фӕхуыздӕр кӕнын дӕ цы хъӕуы, ууыл бакус, цӕмӕй фӕстӕдӕр донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уай. Донаргъуыдмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ дӕ бон у ахъуыды кӕнын ӕртӕ хъуыддагыл: 1) цӕуыл ӕууӕндыс, 2) дӕ хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты, ӕмӕ 3) Хуыцау мах тыххӕй цы сарӕзта, уымӕ цы зӕрдӕ дарыс.

ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДЫС, УЫЙ

3, 4. Ӕрыгӕттӕ Тимофейы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?

3 Ахъуыды-ма кӕн, ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп раттис: «Хуыцау кӕй ис, уый мӕ цӕмӕн уырны? Библи Хуыцауӕй кӕй у, ууыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндын? Афтӕ мӕм цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цӕрыны бӕсты Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын хуыздӕр у?» Ацы фарстатӕ дын баххуыс кӕндзысты апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ цӕрынӕн: «Уӕхицӕн бӕлвырд кӕнут, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ром. 12:2, фип.). Цымӕ уый цӕмӕн хъӕуы?

4 Библийӕ-ма иу цӕвиттонмӕ ӕркӕсӕм. Тимофей Фыстад хорз зыдта, уымӕн ӕмӕ йын ӕй йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕмбарын кодтой. Фӕлӕ Павел Тимофейы баразӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр фидар хӕцыдаид, «цӕуыл сахуыр ис ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыд», ууыл (2 Тим. 3:14, 15, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз). Тимофейы хъуамӕ фидарӕй уырныдтаид, рӕстдзинад Фыстады кӕй ис. Уый рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста, йӕ мад ӕмӕ йын ӕй йӕ мадымад кӕй бацамыдтой, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, цы базыдта, ууыл йӕхӕдӕг арф кӕй хъуыды кодта ӕмӕ йыл фидарӕй кӕй баууӕндыд, уый тыххӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:1.)

5, 6. Адӕймаг йе ’рыгонӕй дӕр «арф хъуыды кӕнын» цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕна?

5 Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Чи зоны, рӕстдзинад гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс. Кӕд афтӕ у, уӕд хорз уыдзӕн, рӕстдзинадыл цӕмӕн ӕууӕндыс, ууыл арф куы ахъуыды кӕнай. Уый фӕрцы дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн ӕмӕ дӕ рӕстдзинады фӕндагӕй ницы аздахдзӕн – нӕдӕр де ’мгӕрттӕ, нӕдӕр ацы дунейы зондахаст ӕмӕ нӕдӕр дӕхи зӕрдӕйы фӕндтӕ.

6 Ӕрыгонӕй дӕр «арф хъуыды кӕнын» куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн де ’мгӕртты фарстатӕн дзуапп дӕттын, зӕгъӕм: «Хуыцау кӕй ис, ууыл афтӕ фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндыс? Кӕд нӕ Хуыцау уарзы, уӕд ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцӕуы? Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Хуыцауӕн райдиан ма уа?» Цӕттӕ куы уай, уӕд-иу ахӕм фарстаты тыххӕй дызӕрдыг кӕнын нӕ райдайдзынӕ, фӕлӕ-иу сӕ Библимӕ гӕсгӕ раиртасдзынӕ.

7–9. Радзур, нӕ сайты цы ахуыргӕнӕн ӕрмӕг ис, уый дын дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн.

7 Библи арф куы иртасай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алыхуызон фарстатӕн дзуапп дӕттай, дызӕрдыг ма кӕнай ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, ууыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндай (Хъуыд. 17:11). Уыцы хъуыддаджы дын нӕ публикацитӕй иуӕй-иутӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Бирӕтӕн баххуыс кодта брошюрӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа» ӕмӕ чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Уымӕй уӕлдай ма ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ӕмӕ сын стыр ӕххуыс у, нӕ сайты цы ахуыргӕнӕн ӕрмӕг ис, уый. Уыцы ӕрмӕг дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы тынгдӕр ӕууӕндай, Библийӕ дзы цӕй кой цӕуы, ууыл.

8 Библийӕ цыдӕртӕ кӕй зоныс, уымӕ гӕсгӕ, ахуыргӕнӕн ӕрмӕджы цы фарстатӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕн дзуапп ӕнцонтӕй ратдзынӕ. Фӕлӕ дзы цы ныффысдзынӕ, ууыл фидарӕй ӕууӕндыс? Уыцы ахуыргӕнӕн ӕрмӕг афтӕ конд у, цӕмӕй алыхуызон стихтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнай ӕмӕ дзы стӕй ныффыссай, Библи цы дзуры, уый дӕ цӕмӕн уырны. Уый фӕрцы дын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Кӕд дын уый фадат ис, цӕмӕй Интернетӕй уыцы ӕрмӕг рафыссай, уӕд дӕ бон у, ӕмӕ-иу дзы Библи ахуыр кӕнгӕйӕ пайда кӕнай. Афтӕмӕй, Библийы цы фыст ис, ууыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ.

9 Уӕдӕ цӕмӕй дӕхи донаргъуыд райсынмӕ бацӕттӕ кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕхицӕн сбӕлвырд кӕнай, ӕцӕгдӕр рӕстдзинады фӕндагыл кӕй лӕууыс. Иу ӕрыгон хо загъта: «Цалынмӕ донаргъуыд райсын не сфӕнд кодтон, уӕдмӕ Библи ахуыр кодтон ӕмӕ бамбӕрстон, ацы дин раст дин кӕй у. Ӕмӕ мӕ уый бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уырны».

ДӔ ХЪУЫДДӔГТӔ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ

10. Донаргъуыд чырыстон Библимӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ цӕра?

10 Библийы фыст ис: «Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иак. 2:17). Кӕд, Библийы цы фыст ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндыс, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн дӕ хъуыддӕгтӕй. Цавӕр хъуыддӕгтӕ хъуамӕ уой? Библи нын дзуры, сыгъдӕг цард кӕй хъуамӕ кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй хъуамӕ уӕм. (Бакӕс 2 Петры 3:11.)

11. Бамбарын кӕн, сыгъдӕг цард кӕнын цӕмӕ амоны, уый.

11 Цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ сыгъдӕг цард кӕныс, уый тыххӕй дӕм хъуамӕ ӕнӕгъдаудзинадӕн йӕ кой дӕр ма уа. Ахъуыды-ма кӕн фӕстаг ӕрдӕг азыл. «Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» кӕй сахуыр дӕ, уый-иу дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд? (Дзут. 5:14). Цавӕр уавӕрты-иу дын рауад де ’взӕр фӕндты ныхмӕ кӕнӕ де ’мгӕртты ныхмӕ фидар фӕлӕууын? Скъолайы дӕ уагахаст иннӕтӕн фӕзминаг у? Йегъовӕйыл иузӕрдион дӕ ӕви фӕархайыс, цӕмӕй де ’мкъласӕгтӕй мацӕмӕй хицӕн кӕнай, ӕмӕ дӕ ма хынджылӕг кӕной? (1 Пет. 4:3, 4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххӕст нӕ ничи у. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕ хатгай фефсӕрмы кӕнынц иннӕтӕн сӕ уырнындзинады тыххӕй дзурын. Фӕлӕ йӕ цард Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уый хъуамӕ сӕрыстыр уа, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уымӕй, ӕмӕ уый хъуамӕ бӕрӕг уа йӕ сыгъдӕг уагахастӕй.

12. Хуыцауыл иузӕрдион уӕм, уымӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ хауынц ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

12 Хуыцауыл иузӕрдион кӕй хъуамӕ уӕм, уымӕ та цы хауы? Уымӕ хауынц ӕмбырдимӕ баст хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕнын. Ноджыдӕр ма уымӕ хауынц, иннӕтӕ кӕй нӕ уынынц, уыцы хъуыддӕгтӕ дӕр, зӕгъӕм, Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын. Йӕ цард Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уымӕн ацы хъуыддӕгтӕ уаргъы хуызӕн не сты. Ахӕм адӕймаг разы у паддзах Давиды ныхӕстимӕ: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос. Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Пс. 40:8).

13, 14. Цавӕр ӕрмӕг дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай? Уыцы ӕрмӕг иуӕй-иу ӕрыгӕттӕн куыд баххуыс кодта?

13 Цӕмӕй дын дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй дын баххуыс кӕндзысты, чиныджы «Ответы на твои вопросы» 2-аг томы 308 ӕмӕ 309 фӕрстыл цы схемӕ ис, уый. Уыцы схемӕйы дӕ бон у ныффыссын дзуапп ахӕм фарстатӕн: «Дӕ куывдтыты бӕлвырд хъуыддӕгты кой фӕкӕныс ӕмӕ сӕ бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы кӕй уарзыс? Библи куыд фӕахуыр кӕныс? Хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуыс, кӕд дӕ ныййарджытӕ уый нӕ фӕаразынц, уӕддӕр?» Уыцы схемӕйы ма дӕ бон у ныффыссын, цы фӕхуыздӕр кӕнис, Йегъовӕмӕ куыд фӕкувыс, Библи куыд фӕахуыр кӕныс ӕмӕ куыд фӕхъусын кӕныс, уыцы хъуыддаджы.

14 Донаргъуыд райсын чи фӕнд кодта, уыцы ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн уыцы схемӕ стыр ӕххуыс фӕци. Иу ӕрыгон хо, Тилдӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрынӕн уыцы схемӕйӕ спайда кодтон. Мӕ нысӕнттӕ иу иннӕйы фӕдыл мӕ къухы ӕфтыдысты, ӕмӕ иу азы фӕстӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уыдтӕн». Иу ӕрыгон ӕфсымӕр Патрикӕн дӕр йӕ хабар афтӕ уыди. Уый радзырдта: «Мӕ разы нысӕнттӕ уӕдмӕ дӕр сӕвӕрдтон, фӕлӕ сӕ фысгӕ куы ныккодтон, уӕд ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайдтон, цӕмӕй мӕ къухы бафтыдаиккой».

Дӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕной, уӕддӕр ын лӕггад кӕндзынӕ? (кӕс 15 абзац)

15. Бамбарын кӕн, адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кӕны, уый иннӕтыл баст цӕуылнӕ хъуамӕ уа.

15 Уыцы схемӕйы цы фарстатӕ ис, уыдонӕй сӕ иу у ахӕм: «Дӕ ныййарджытӕ кӕнӕ де ’мбӕлттӕ Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕной, уӕддӕр ын лӕггад кӕндзынӕ?» Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дын Хуыцау суыдзӕн хорз хӕлар. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый хъуамӕ дӕ ныййарджытыл кӕнӕ ӕндӕр искӕуыл баст ма уа. Сыгъдӕг цард куы кӕнай ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион куы уай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, фидарӕй дӕ кӕй уырны, рӕстдзинады фӕндагыл кӕй лӕууыс, уый ӕмӕ дӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацӕудзӕн, афтӕ цӕттӕ уыдзынӕ донаргъуыд райсынмӕ.

ХУЫЦАУ МАХ ТЫХХӔЙ ЦЫ САРӔЗТА, УЫМӔ ЦЫ ЗӔРДӔ ДАРЫС

16, 17. а) Адӕймаджы чырыстон фӕндагыл слӕууынмӕ цы хъуамӕ разӕнгард кӕна? б) Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй хъуамӕ уӕм, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис бамбарын кӕнӕн?

16 Иухатт, Моисейы закъон хорз чи зыдта, иу ахӕм лӕг Йесойы бафарста: «Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матф. 22:35–37). Йесо бамбарын кодта, донаргъуыд райсынмӕ ӕмӕ чырыстон фӕндагыл слӕууынмӕ адӕймаджы кӕй хъуамӕ разӕнгард кӕна, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый. Йегъовӕйы тынгдӕр кӕй фӕрцы уарздзынӕ, уыцы хъуыддӕгтӕй иу у, Хуыцауы стырдӕр лӕварыл, ома Чырыстийы нывондыл, лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнай. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15; 1 Иоанны 4:9, 19.) Чырыстийы нывондыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй, уыцы диссаджы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уый хъуыддагӕй равдисай.

17 Уый бамбарӕн ис иу цӕвиттоны фӕрцы. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ныгъуылыс ӕмӕ дӕ чидӕр фервӕзын кодта. Цымӕ уӕд, цыма ницы ’рцыди, уыйау хӕдзармӕ ацӕудзынӕ, дӕ дзаумӕттӕ раивдзынӕ ӕмӕ, уыцы адӕймаг дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый хъуыды дӕр нал ӕркӕндзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уыцы адӕймаг дын дӕ цард кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй дзы алкӕддӕр бузныг уыдзынӕ! Раст афтӕ мах дӕр уыцы нывонды тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг уӕм. Мах сӕ стыр хӕс дарӕм. Чырыстийы нывонд куы нӕ уыдаид, уӕд махӕй алчидӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты аныгъуылдаид. Фӕлӕ нӕ бирӕ кӕй уарзынц, уый руаджы нын ис ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрыны ныфс!

18, 19. а) Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай, уымӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсай? б) Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд дын уый цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

18 Йегъовӕ дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг дӕ? Кӕд о, уӕд раст бакӕндзынӕ, дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай. Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай, уӕд ын дзырд ратдзынӕ, ӕнустӕм ын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзынӕ. Цымӕ ахӕм дзырд раттынӕй тӕрсын хъӕуы? Нӕ! Йегъовӕйы зӕрдӕ нын зӕгъы, хуыздӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый, ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдоны ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзӕн (Дзут. 11:6). Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ цард хуыздӕр цы фӕуа, ӕндӕр фыддӕр нӕ фӕуыдзӕн. 24 азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ донаргъуыд хӕрзӕрыгонӕй чи райста, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Хистӕр куы уыдаин, уӕд уыцы хъуыддаг, чи зоны, хуыздӕр ӕмбӕрстаин, фӕлӕ мӕхи Йегъовӕйӕн гъеуӕд кӕй снывонд кодтон, уый фӕрцы ацы дунейы хъуыддӕгты фӕдыл нӕ ацыдтӕн».

19 Йегъовӕ нӕм цы зӕрдӕ дары, уый тынг хицӕн кӕны, Хӕйрӕг нӕм цы зӕрдӕ дары, уымӕй. Мах Хӕйрӕджы ӕрмӕстдӕр уымӕн хъӕуӕм, цӕмӕй йӕ хиуарзон фӕндтӕ сӕххӕст кӕна. Йӕ фӕдыл куы ацӕуай, уӕд дын хорзӕй ницы ратдзӕн. Уӕвгӕ, йӕхимӕ цы нӕй, уый дын куыд хъуамӕ ратта? Нӕдӕр ӕм хорз хабар ис, нӕдӕр ын исты ныфс ис. Йӕ бон дын раттын у, йӕхимӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕрмӕстдӕр уыцы кӕуинаг фидӕн (Рарг. 20:10).

20. Ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Дӕ уырнындзинад фидар кӕн».)

20 Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд уый уыдзӕн дӕ царды ӕппӕты растдӕр хъуыддаг. Цӕттӕ дӕ уыцы къахдзӕф саразынмӕ? Кӕд о, уӕд Хуыцауӕн уыцы дзырд раттыныл фӕстӕ мауал кӕн. Фӕлӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ цӕттӕ нӕма дӕ, уӕд, ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй пайда кӕн, цӕмӕй дӕхи уыцы хъуыддагмӕ бацӕттӕ кӕнай. Павел Филиппты цӕрӕг ӕфсымӕртӕм ныффыста: «Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм» (Фил. 3:16). Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд бирӕ нӕ рацӕудзӕн, афтӕ дӕ бафӕнддзӕн дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын.