ТЕМӔ ИРТАСЫНӔН
Ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм
Бакӕс Райдиан 37:23–28; 39:17–23 стихтӕ ӕмӕ базон, Иосиф ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфта.
Контекстмӕ ӕркӕс. Иосиф ӕнаххосӕй ӕфхӕрд цӕмӕн баййӕфта? (Райд. 37:3–11; 39:1, 6–10). Уый цас рӕстӕг ахаста? (Райд. 37:2; 41:46). Уыцы рӕстӕг ын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ цы нӕ сарӕзта? (Райд. 39:2, 21; w23.01 17 ф., 13 абз.).
Дӕ хъус лыстӕг хабӕрттӕм дар. Библийы нӕй фыст, ӕмӕ Иосиф йӕхи рӕстытӕ кодта, Потифары ус ӕй дзӕгъӕлы куы фӕаххосджын кодта, уӕд. Ӕмбисӕндтӕ 20:2, Иоанны 21:25 ӕмӕ Хъуыддӕгтӕ 21:37 стихтӕ нын баххуыс кӕндзысты ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнынӕн: «Иосиф йӕхи сӕрыл цӕуылнӕ сдзырдта? Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Иосифы хабары тыххӕй алцыдӕр базондзыстӕм?» Куыд хъуыды кӕныс, Иосифӕн цавӕр миниуджытӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид? (Мих. 7:7; Лук. 14:11; Иак. 1:2, 3).
Дӕхицӕн дзы зондӕн цы райстай? Ахъуыды кӕн:
-
«Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй дӕн, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕнаххосӕй цавӕр ӕфхӕрд баййафон?» (Лук. 21:12, 16, 17; Дзут. 10:33, 34).
-
«Ныр мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы баййафон, уӕд фидар фӕлӕууон?» (Пс. 62:7, 8; 105:17–19; w19.07 2–7).