Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ зонд сзыгъуыммӕ кӕнын ма бауадз

Дӕ зонд сзыгъуыммӕ кӕнын ма бауадз

НӔ НЫХМӔ цӕуы тох! Не знаг Хӕйрӕг цы хӕцӕнгарзӕй пайда кӕны, уый нӕ буары ныхмӕ нӕу, фӕлӕ нӕ зонды ныхмӕ. Цымӕ уый цавӕр хӕцӕнгарз у? Мӕнг ныхӕстӕ!

Апостол Павел ӕй зыдта, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕ тынг тӕссаг кӕй сты. Фӕлӕ чырыстӕттӕ се ’ппӕт уый не ’мбӕрстой. Зӕгъӕм, Коринфы иуӕй-иутӕ, чи зоны, хъуыды кодтой, рӕстдзинады фидар кӕй лӕууынц ӕмӕ сӕ Хӕйрӕг кӕй никуы асайдзӕн (1 Кор. 10:12). Уымӕ гӕсгӕ Павел фӕдзӕхста: «Тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд ӕмӕ йӕ куыд фӕрӕдийын кодта, афтӕ уӕ зонд дӕр куы сзыгъуыммӕ уа ӕмӕ, Чырыстийы раз куыд ӕнӕхин ӕмӕ куыд сыгъдӕг хъуамӕ уат, афтӕ куы нал уат» (2 Кор. 11:3).

Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕхицӕй ӕгӕр ныфсджын кӕй хъуамӕ ма уӕм. Цӕмӕй нын Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕ нӕ зонд ма сзыгъуыммӕ кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, куыд тынг тӕссаг сты, уый ӕмӕ сӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм.

МӔНГ НЫХӔСТӔ ЦАС ТӔССАГ СТЫ?

Адӕм мӕнг ныхӕстӕй фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй иннӕты сайой кӕнӕ цӕмӕй сӕ хъуыдытыл ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтыл сӕ бар цӕуа. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй мӕнг ныхӕстӕ сты «зианхӕссӕг ӕмӕ, адӕймаг йӕ сӕрмӕ кӕй хъуамӕ ма хӕсса, ахӕм ныхӕстӕ» (Propaganda and Persuasion). Цы нысан кӕнынц, уый фембарын кӕнынц ахӕм ныхӕстӕй, зӕгъӕм, «сайын, зыгъуыммӕ кӕнын, хинӕй архайын ӕмӕ иннӕты зондыл ӕндавын».

Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕ тынг тӕссаг сты, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны, афтӕ йӕ зондахастыл фӕзынынц. Абарӕн сӕ ис маргджын газимӕ – уый дӕр нӕ фӕуынӕм ӕмӕ йын йӕ тӕф нӕ фембарӕм. Адӕм сӕхи куыд фӕдарынц, уый чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонд, Вэнс Паккард, загъта, зӕгъгӕ ныл мӕнг ныхӕстӕ ӕндавынц, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, уымӕй тынгдӕр. Ӕндӕр ахуыргонд та загъта, мӕнг ныхӕсты тыххӕй адӕм кӕй саразынц, бамбарӕн дӕр кӕмӕн нӕ вӕййы, ахӕм ӕвирхъау хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, кӕрӕдзи цӕгъдын райдайынц (уый аххосӕй ӕнӕхъӕн адӕмыхатт дӕр скуынӕг вӕййы), хӕстыты фӕхӕцынц ӕмӕ иннӕты фефхӕрынц сӕ расӕйы кӕнӕ сӕ дины тыххӕй (Easily Led​—A History of Propaganda).

Кӕд адӕймагӕн у йӕ бон иннӕты йӕ мӕнг ныхӕстӕй асайын, уӕд Хӕйрӕгӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ сӕм Хӕйрӕг лӕмбынӕг кӕсы. Абон «ӕгас дуне» дӕр йӕ къухы ис, ӕмӕ цӕмӕйфӕнды дӕр спайда кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ мӕнг хъуыдытӕ парахат кӕна (1 Иоан. 5:19; Иоан. 8:44). Хӕйрӕг йӕ мӕнг ныхӕстӕй уыйбӕрц адӕмы «сӕрызонд... бакуырм кодта», ӕмӕ ныр «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (2 Кор. 4:4; Рарг. 12:9). Цы ис саразӕн, цӕмӕй дын Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕ дӕ зонд ма сзыгъуыммӕ кӕной?

ДӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР КӔН

Чырысти загъта, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕй нӕ бон куыд у нӕхи бахъахъхъӕнын: «Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоан. 8:31, 32). Хӕсты рӕстӕг ӕфсӕддонтӕ хъуамӕ зоной, ӕууӕндӕн кӕй ныхӕстыл ис, уый, уымӕн ӕмӕ знаг мӕнг ныхӕстӕ фӕпарахат кӕны, цӕмӕй сӕ асайа. Дӕуӕн та дӕ бон кӕй ныхӕстыл у ӕууӕндын? Йегъовӕйы ныхӕстыл, фыст сты йӕ Ныхас Библийы. Уым ис, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстимӕ тох кӕнынӕн дӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый (2 Тим. 3:16, 17).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хӕйрӕг уый зоны. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ бар цы дунейыл цӕуы, уымӕй пайда кӕны, цӕмӕй нын Библи кӕсынӕн ӕмӕ ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг мауал уа кӕнӕ нын не ’ргом ӕндӕр истӕмӕ аздаха. «Хӕйрӕджы хинмитӕ» дӕ ма фӕсайӕнт! (Еф. 6:11). Уый тыххӕй хъуамӕ архайай, рӕстдзинад цы у, уый базоныныл (Еф. 3:18). Ахуыргонд Ноам Хомский загъта: «Рӕстдзинад дын дӕ сӕры ничи нывӕрдзӕн. Хъуамӕ йӕ дӕхӕдӕг ссарай». Уӕдӕ йӕ дӕхӕдӕг ссар, «алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртас», афтӕмӕй (Хъуыд. 17:11).

Цӕмӕй дын мӕнг ныхӕстӕ дӕ зонд ма сзыгъуыммӕ кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ зонай, куыд тӕссаг сты, уый ӕмӕ сӕ дӕхи хъахъхъӕнай

Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй хъуыды кӕнай ӕмӕ, цытӕ хъусыс, уыдон ӕцӕг сты ӕви нӕ, уый ӕмбарай. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй адӕмӕн «хъуыды кӕныны фадат куы нӕ вӕййы», уӕд сыл мӕнг ныхӕстӕ «тынгдӕр бандавынц» (Media and Society in the Twentieth Century). Уӕдӕ, цыдӕриддӕр хъусыс, ууыл-иу ма баууӕнд, лӕмбынӕг ыл куы нӕ ахъуыды кӕнай, уӕд (Ӕмб. 14:15). Хуыцау нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у арф хъуыды кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы дӕ уырнындзинад фидар кӕн (Ӕмб. 2:10–15; Ром. 12:1, 2).

ӔФСЫМӔРТӔ ӔМӔ ХОТИМӔ ӔНГОМ У

Мӕнг ныхӕстӕй кӕй зонд фӕхъӕстӕ вӕййы, уыцы ӕфсӕддонтӕ тӕрсын райдайынц ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Ахӕм ныхӕсты аххосӕй ма, гӕнӕн ис, кӕрӕдзийы ныхмӕ дӕр фӕуой кӕнӕ ӕфсадӕй фӕхицӕн уой. Иу немыцаг генерал загъта, зӕгъгӕ, дам, Фыццаг дунеон хӕсты цӕй тыххӕй фӕхӕрд стӕм, уыцы аххосӕгтӕй иу уыд, знаджы мӕнг ныхӕстӕ адӕмы зонд кӕй бакуырм кодтой, уый. Абон Хӕйрӕг дӕр ахӕм мадзӕлттӕй пайда кӕны, цӕмӕй чырыстӕтты иудзинад фехала. Зӕгъӕм, архайы, цӕмӕй-иу ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи ныхмӕ суой. Кӕнӕ афтӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ Йегъовӕйы организацийы хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕнынц, йе та дзы цыдӕр раст нӕ аразынц, ӕмӕ уый тыххӕй организацийӕ ацӕуой.

Дӕхи асайын ма бауадз! Хуыцауы Ныхас цы разамынд дӕтты, уымӕ хъус ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ӕнгом у. Зӕгъӕм, Библи нын дзуры, цӕмӕй «зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм» ӕмӕ-иу кӕрӕдзийы куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд-иу уайтагъд бафидауӕм (Кол. 3:13, 14; Матф. 5:23, 24). Стӕй ма нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕмбырдӕй нӕхи дард ма ласӕм (Ӕмб. 18:1). Сбӕлвырд кӕн, дӕ бон у ӕви нӕ Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Ахъуыды кӕн: фӕстаг хатт мӕ ме ’фсымӕртӕй чидӕр куы фӕхъыг кодта, уӕд мӕхи куыд дардтон, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодтон ӕви Хӕйрӕджы? (Гал. 5:16–26; Еф. 2:2, 3).

МАКУЫ ФӔДЫЗӔРДЫГ У

Ӕфсӕддон йӕ разамонӕгыл куы не ’ууӕнда, уӕд хӕсты ӕвзӕр хӕцдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ знӕгтӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц, цӕмӕй ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауыл мауал ӕууӕндой. Разамонджытӕ куы фӕрӕдийынц, уӕд знӕгтӕ фӕдзурынц: «Уыдоныл ӕууӕнк нӕй!» ӕмӕ «Бӕллӕхы уӕ баппардзысты!» Хӕйрӕг дӕр афтӕ архайы, цӕмӕй ма ӕууӕндӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл.

Дӕхи куыд хъуамӕ хъахъхъӕнай? Йегъовӕйы организацийыл ӕнувыд у ӕмӕ иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕн, Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕн, кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр (1 Фес. 5:12, 13). Раст дин чи ныууагъта, уыдон ӕмӕ ӕндӕр ахӕм мӕнгард адӕм нӕ организацийы ныхмӕ фӕдзурынц (Тит. 1:10). Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ рӕстытӕ дзурынц, уӕддӕр сын уый бар ма ратт, цӕмӕй дын «дӕ зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ» кӕной (2 Фес. 2:2). Архай, Павел Тимофейӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, цы базыдтай, ууыл фидар хӕц, уымӕн ӕмӕ зоныс, чи дын сӕ бацамыдта, уыдоны (2 Тим. 3:14, 15). Йегъовӕ нӕ сӕдӕ азы бӕрц кӕй уылты ахуыр кӕны, уыцы ӕууӕнкджын цагъарыл дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын (Матф. 24:45–47; Дзут. 13:7, 17).

МА ФӔТӔРС

Фӕлӕ Хӕйрӕг комкоммӕ дӕр фӕархайы, цӕмӕй нӕ стӕрсын кӕна. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр мӕнг ныхӕсты фӕрцы архайынц», цӕмӕй иннӕты зӕрдӕты тас уадзой (Easily Led​—A History of Propaganda). Зӕгъӕм, бритайнаг профессор Филип Тейлор ныффыста, ассириӕгтӕ-иу мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодтой ӕмӕ-иу се знӕгты кӕй тӕрсын кодтой, цӕмӕй-иу сыл фӕуӕлахиз уыдаиккой. Хӕйрӕг дӕр архайы, цӕмӕй тӕрсай адӕмӕй, ӕфхӕрдӕй, мӕлӕтӕй ӕмӕ ма ӕндӕр цӕмӕйдӕрты. Уӕд дыл фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзынӕ (Ис. 8:12; Йер. 42:11; Дзут. 2:15).

Хӕйрӕгӕн уый бар ма ратт, цӕмӕй дӕ фӕтӕрсын кӕна. Уый фӕнды, цӕмӕй дын дӕ ныфс асӕтта ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион мауал уай! Чырысти загъта: «Уӕ амарын кӕй бон у ӕмӕ уын уымӕй дарддӕр йӕ бон кӕмӕн ницы у бакӕнын, уыдонӕй ма тӕрсут» (Лук. 12:4). Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: батыхсдзӕн дыл ӕмӕ дӕ схайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууай (2 Кор. 4:7–9; 1 Пет. 3:14).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, царды ахӕм уавӕртӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг ӕрлӕмӕгъ вӕййы ӕмӕ фӕтӕрсы. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ Йесо Навинӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у. Уӕдӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (Йес. Н. 1:9). Истӕуыл тынг куы тыхсай, уӕд-иу уайтагъд Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ-иу ын алцыдӕр радзур. Ӕмӕ дын уӕд «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» бахъахъхъӕндзӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд (Фил. 4:6, 7, 13). Уый фӕрцы дӕм хъарутӕ уыдзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн ныхкъуырд дӕттай.

Хъуыды ма кӕныс, ассириаг паддзахы минӕвар, рабсак, мӕнг ныхӕсты фӕрцы Хуыцауы адӕмы стӕрсын кӕныныл куыд архайдта? Загъта сын, Ассирийы къухӕй сӕ кӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн, суанг сӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕр. Стӕй ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ нын Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй Иерусалим ныппырх кӕнӕм. Цымӕ Йегъовӕ та цы загъта? «Ма тӕрс, кӕй фехъуыстай, уыцы ныхӕстӕй, Ассирийы паддзахы лӕггадгӕнджытӕ мӕ цы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодтой, уыдонӕй» (2 Пад. 18:22–25; 19:6). Уый фӕстӕ йӕ зӕды рарвыста, ӕмӕ уыцы зӕд иу ӕхсӕвмӕ 185 мин ассириаджы амардта! (2 Пад. 19:35).

ӔМБАРГӔ У – АЛКӔДДӔР ЙЕГЪОВӔМӔ ХЪУС

Ӕвӕццӕгӕн, искуы кинойы федтай, адӕймаджы кӕй сайдтой, фӕлӕ йӕ уый кӕй не ’мбӕрста. Чи зоны дӕ фӕндыд ныхъхъӕр кӕнын: «Ма сыл ӕууӕнд! Сайгӕ дӕ кӕнынц!» Ныр та дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, зӕдтӕ дын куыд дзурынц: «Хӕйрӕг дӕ ма асайӕд!»

Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕм ма хъус! (Ӕмб. 26:24, 25). Йегъовӕмӕ хъус ӕмӕ йыл алы хъуыддаджы дӕр дӕ ныфс дар (Ӕмб. 3:5–7). Хуыцау дӕ уарзы ӕмӕ дын дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн» (Ӕмб. 27:11). Афтӕ куы кӕнай, уӕд дын Хӕйрӕг дӕ зонд не сзыгъуыммӕ кӕндзӕн!