ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Сентябрь 2017

Ацы брошюрӕйы ис, 2017 азы 23 октябрӕй 26 ноябрмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Ахуыр кӕн хиуылхӕцындзинадыл

Библийы цалдӕр адӕймаджы хабӕрттӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕм фылдӕр хиуылхӕцындзинад уа? Чырыстӕттӕ хиуылхӕцындзинадыл цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕной?

Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг у

Иухатт Хуыцау йӕхи Моисейӕн раргом кодта: фехъусын ын кодта йӕ ном, стӕй йын йӕ миниуджытӕй дӕр кӕцыдӕртӕ ранымадта. Фыццаджыдӕр загъта, тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у. Уый цавӕр миниуӕг у ӕмӕ дӕ уый базонын цӕмӕн хъӕуы?

БИОГРАФИ

Ӕрхауди мӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртимӕ лӕггад кӕныны кад

Дейвид Синклер радзырдта, Вефилы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ 61 азы лӕггадгӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын, уый тыххӕй.

«Нӕ Хуыцауы ныхас... уыдзӕн ӕнустӕм»

Кӕд Библи бирӕ ӕнусты размӕ ныффыстой, ӕвзӕгтӕ ивтой, дунейы цы хабӕрттӕ цыд, уыдоны тыххӕй-иу адӕм ӕндӕр ӕвзагыл дзурын райдыдтой, стӕй Библи тӕлмац кӕнын нӕ уагътой, уӕддӕр абоны онг дӕр уый хуызӕн парахат иу чиныг дӕр нӕу.

Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых

Бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы сӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ скодтой. Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ Библи афтӕ ива?

«Хъӕбатыр... у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал»

Хъӕбатырдзинад нӕ цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕм уыцы миниуӕг уа?