Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахуыр кӕн хиуылхӕцындзинадыл

Ахуыр кӕн хиуылхӕцындзинадыл

«Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый та у... хиуыл хӕцын» (ГАЛ. 5:22, 23).

ЗАРДЖЫТӔ: 121, 36

1, 2. а) Адӕймагӕн хиуылхӕцындзинад куы нӕ фӕфаг кӕны, уӕд ӕй уый цӕмӕ ӕркӕны? б) Абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у хиуылхӕцындзинадыл аныхас кӕнын?

ХИУЫЛХӔЦЫНДЗИНАД хауы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ (Гал. 5:22, 23). Хуыцау ацы миниуӕг, кӕм фӕхъӕуы, уым алкӕддӕр равдисы, фӕлӕ махӕн та уый алы хатт нӕ рауайы, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм. Ӕмӕ адӕмӕн хиуылхӕцындзинад кӕй нӕ фаг кӕны, абон бирӕ зындзинӕдтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарынц. Уый тыххӕй афтӕ рауайы, ӕмӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ аразыныл абон-райсом фӕкӕнынц, скъолайы ӕвзӕр фӕахуыр кӕнынц кӕнӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ фӕкусынц. Адӕм сӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ фӕзонынц, уый ма ӕркӕны ахӕм хъуыддӕгтӕм дӕр: иннӕтӕн фӕкӕнынц ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фыдмитӕ, нозтыл бафтынц, лӕг ӕмӕ ус ахицӕн вӕййынц, чидӕртӕ хъӕуа-нӕ-хъӕуа хӕстӕ райсынц, стӕй ма исты ӕвзӕр хъуыддӕгтыл сахуыр вӕййынц, ахӕстонмӕ бахауынц, сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ баззайы, ӕнӕгъдау миты тыххӕй сыл исты ӕвзӕр низ бахӕцы ӕмӕ афтӕ дарддӕр (Пс. 34:11–14).

2 Адӕймаг йӕхиуыл хӕцын куы нӕ фӕзоны ӕмӕ йӕ фӕндтыл йӕ бар куы нӕ фӕцӕуы, уӕд уый йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр вӕййы масты хос. Стӕй бӕрӕг у, азӕй-азмӕ адӕмӕн зындӕр кӕй у хиуылхӕцындзинад ӕвдисын. Ӕмӕ нӕм хъуамӕ уый диссаг дӕр ма кӕса, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы раджы фыст ӕрцыд, «фӕстаг бонты» бӕрӕггӕнӕнтӕй иу кӕй уыдзӕн, адӕм хиуыл хӕцын кӕй нӕ зондзысты, уый (2 Тим. 3:1–3).

3. Хиуыл хӕцын цӕмӕн хъуамӕ зонӕм?

3 Хиуыл хӕцын цӕмӕн хъуамӕ зонӕм? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уыдонӕн вӕййы къаддӕр зындзинӕдтӕ. Стӕй ма иннӕтимӕ хӕларӕй фӕцӕрынц, къаддӕр фӕмӕсты кӕнынц, мӕт ӕмӕ сагъӕсты бын нӕ фӕвӕййынц ӕмӕ сӕхимӕ нӕ ныхъхъусынц. Дыккаджы та: цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ, цы нӕ рӕдийын кӕна, уый ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ нӕ буары монцтыл нӕ бар цӕуа. Адам ӕмӕ Евӕйӕн уый нӕ рауад (Райд. 3:6). Уыдонау абон дӕр бирӕтӕ хиуыл хӕцын кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй бирӕ мӕстыты хай бавӕййынц.

4. Хиуылхӕцындзинад кӕмӕн нӕ фӕфаг кӕны, уыдонӕн ныфсы хос цы уыдзӕн?

4 Йегъовӕ йӕ зоны, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ нын ӕнцон кӕй нӕ вӕййы хиуылхӕцындзинад ӕвдисын. Фӕлӕ йӕ фӕнды махӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу не ’взӕр хъуыдытыл ӕмӕ фӕндтыл фӕтых уӕм (1 Пад. 8:46–50). Хиуылхӕцындзинад кӕмӕн нӕ фӕфаг кӕны, уыдонӕн сӕ Хӕлар Йегъовӕ ныфс ӕвӕры, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ хиуылхӕцындзинад куыд ӕвдисы, уымӕй нын фӕзминаг куыд у, уымӕ. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, Библийы цы хорз ӕмӕ ӕвзӕр цӕвиттонтӕ ис, уыдоныл ӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм, чи нын баххуыс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм уынаффӕмӕ.

ЙЕГЪОВӔ НЫН У ФӔЗМИНАГ

5, 6. Йегъовӕ хиуылхӕцындзинад куыд равдыста, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

5 Йегъовӕ, куы фӕхъӕуы, уӕд алкӕддӕр равдисы хиуылхӕцындзинад, уымӕн ӕмӕ у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст (Дык. з. 32:4). Ӕмӕ кӕд мах ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ хъӕуы, уый хиуылхӕцындзинад куыд ӕвдисы, уымӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсын. Уый фӕрцы йӕ нӕ бон уыдзӕн фӕзмын ӕмӕ-иу нын, кӕм хъӕуа, уым нӕхиуыл фӕхӕцын рауайдзӕн. Йегъовӕ хиуылхӕцындзинад цавӕр уавӕрты равдыста?

6 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ куыд бакодта, Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг йӕ ныхмӕ куы рацыд ӕмӕ дзы мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкодта, уӕд. Хуыцауӕн уӕлӕрвты цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдон куыннӕ смӕсты уыдаиккой ӕмӕ сӕм Хӕйрӕджы ныхӕстӕ ӕнӕзонд куыннӕ фӕкастаиккой. Ӕмӕ, чи зоны, ды дӕр афтӕ смӕсты вӕййыс, Хӕйрӕг адӕмӕн цас хъизӕмӕрттӕ ’взарын кӕны, уыдоныл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ масты фӕдыл нӕ ацыд ӕмӕ, уыцы уавӕры растдӕр куыд уыд, афтӕ бакодта. Йегъовӕ дзырддаг фарста куыд скъуыддзаг кӕны, уымӕй бӕрӕг у, мӕсты кӕнынмӕ тагъд кӕй нӕ кӕны ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы (Рац. 34:6; Иов 2:2–6). Цымӕ Йегъовӕ уыйбӕрц цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Уымӕн, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, «фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9).

7. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы бафӕзмын?

7 Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы бафӕзмын? Исты зӕгъыны размӕ уал-иу хъуамӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ исты саразынмӕ тагъд ма кӕнӕм. Цавӕрдӕр ахсджиаг фарста аскъуыддзаг кӕнын дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн, цӕмӕй йыл бӕстон ахъуыды кӕнай. Йегъовӕйӕ зонд кур, цӕмӕй-иу, цы зӕгъын хъӕуы, уый зонай ӕмӕ-иу, растдӕр куыд у, афтӕ бакӕнай (Пс. 141:3). Мӕстыйӕ нын нӕхиуыл фӕхӕцын зындӕр вӕййы. Ӕмӕ уый фӕстӕ нӕ сонт ныхӕстыл ӕмӕ нӕ сонт митыл фӕфӕсмон кӕнӕм (Ӕмб. 14:29; 15:28; 19:2).

ХОРЗ ӔМӔ ’ВЗӔР ЦӔВИТТОНТӔ

8. а) Хиуылхӕцындзинад ахсджиаг кӕй у, уымӕн цӕвиттонтӕ кӕм ис ссарӕн? б) Потифары ус Иосифы фӕрӕдийын кӕнынмӕ куы хъавыд, уӕд Иосифӕн фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

8 Библийы цалдӕр адӕймаджы хабӕрттӕй бӕрӕг у, хиуылхӕцындзинад куыд ахсджиаг у, уый. Сӕ иу уыд Иаковы фырт Иосиф. Уый фараоны хъахъхъӕнджыты хицау Потифары хӕдзары куы лӕггад кодта, уӕд ӕй бахъуыди хиуылхӕцындзинад равдисын. Иосиф уыд «хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд лӕппу», ӕмӕ йыл Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта, гъемӕ йӕ цалдӕр хатты фӕрӕдийын кӕнынмӕ хъавыд. Цы баххуыс кодта Иосифӕн фидар фӕлӕууынӕн? Ӕвӕццӕгӕн-иу хъуыды кодта, куы сразы уа, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ йыл Потифары ус иу бон куы ныттыххӕй, уӕд дзы алыгъд. Уый загъта: «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» (Райд. 39:6, 9; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 1:10).

9. Дӕ бон куыд у дӕхи фӕлварӕнтӕм бацӕттӕ кӕнын?

9 Иосифы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ-иу нӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл ма ацӕуӕм ӕмӕ Хуыцауы закъӕтты сӕрты ма ахизӕм. Иуӕй-иутӕ цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ систы, уӕдмӕ кодтой фырхӕрд, фыднозт, тамако дымдтой, наркотиктӕ кодтой, хӕтыдысты ӕмӕ уыдысты ӕндӕр ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтыл хӕст. Ӕмӕ ахӕм адӕймӕгтӕ донаргъуыд куы райсынц, уӕд дӕр ма сын уыцы хъуыддӕгтӕ иуӕй-иу хатт вӕййынц фӕлварӕн. Кӕд дӕуӕй дӕр уый зӕгъӕн ис, уӕд рӕстӕг ссар ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн: дӕ фӕндты фӕдыл куы ацӕуай, уӕд ма дӕ Йегъовӕ йӕ хӕларыл нымайдзӕн? Дӕ бон у рагацау ахъуыды кӕнын, фӕлварӕн дын цавӕр уавӕр суыдзӕн ӕмӕ дзы дӕ бон дӕхи бахизын куыд у, ууыл (Пс. 26:4, 5; Ӕмб. 22:3). Ӕмӕ искуы ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын фидар фӕлӕууынӕн зонд ӕмӕ хиуылхӕцындзинад ратта.

10, 11. а) Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ скъолайы цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлынц? б) Ӕрыгон чырыстӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууой ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ ма фехалой?

10 Иосиф цы уавӕры бахауд, ахӕм уавӕры нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ ӕрыгон чырыстӕттӕ бахауынц. Ӕркӕсӕм Кимберлийы хабармӕ. Йе ’мкъласӕгтӕ-иу арӕх ӕппӕлыдысты, улӕфгӕ бонты-иу кӕимӕдӕр ӕмуат кӕй ӕрцыдысты, уымӕй. Кимберлийӕн та-иу ахӕмӕй радзуринаг ницы уыд. Уый зӕгъы, зӕгъгӕ, дам, иннӕты хуызӕн кӕй нӕ уыдтӕн, уый тыххӕй-иу мӕм хатт афтӕ каст, цыма иунӕг дӕн ӕмӕ никӕй хъӕуын. Стӕй ма, ӕмбӕлгӕ кӕй никӕимӕ кодта, уый тыххӕй йӕ йе ’мкъласӕгтӕ ӕдылыйыл нымадтой. Фӕлӕ Кимберли раст кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, ӕрыгонӕй буары фӕндтӕ тынг тыхджын кӕй вӕййынц (2 Тим. 2:22). Стӕй ма-иу ӕй скъолайы арӕх фарстой, зӕгъгӕ, дам, нырма никӕимӕ уыдтӕ. Ӕмӕ-иу сын уӕд бамбарын кодта, афтӕ цӕуылнӕ кӕны, уый. Мах тынг сӕрыстыр стӕм, ӕнӕгъдау монцты фӕдыл чи нӕ цӕуы, уыцы ӕрыгон чырыстӕттӕй, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ дӕр у сӕрыстыр!

11 Библийы ма ис, хиуылхӕцындзинад кӕмӕн нӕ фаг кодта ӕмӕ йӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй чи нӕ бахызта, ахӕм адӕмы цӕвиттонтӕ дӕр. Уыдонӕй бӕрӕг у, хиуылхӕцындзинад нын куы нӕ фӕфаг кӕны, уӕд уый ӕвзӕр цӕмӕдӕрты кӕй ӕркӕны. Кӕд ды дӕр, Кимберли цы уавӕры уыд, ахӕм уавӕры дӕ, уӕд ахъуыды кӕн, Ӕмбисӕндты 7 сӕры цы ӕнӕзонд ӕрыгон лӕппуйы кой ис, ууыл. Стӕй ма дӕ бон у ахъуыды кӕнын Амноны цӕвиттоныл дӕр ӕмӕ, цы сарӕзта, уый цы ӕвирхъау хабӕрттӕм ӕркодта, ууыл (2 Сам. 13:1, 2, 10–15, 28–32). Ныййарджытӕн сӕ бон у ацы цӕвиттонтыл бинонты ахуыры рӕстӕг аныхас кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хиуылхӕцындзинадыл сахуыр уой ӕмӕ зондӕй архайой.

12. а) Иосиф йе ’фсымӕрты раз йӕхиуыл куыд фӕхӕцыд? б) Цавӕр уавӕрты нӕ фӕхъӕуы нӕхиуыл хӕцын?

12 Иосиф ма ӕндӕр уавӕры дӕр равдыста хиуылхӕцындзинад. Уый уыд, йе ’фсымӕртӕ Египетмӕ хӕринаг балхӕнынмӕ куы ’рцыдысты, уӕд. Цӕмӕй, йе ’фсымӕрты зӕрдӕйы цы уыд, уый базыдтаид, уый тыххӕй сын йӕхи не схъӕр кодта. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ куы суынгӕг, уӕд хибар ранмӕ ацыд ӕмӕ уым фӕкуыдта (Райд. 43:30, 31). Искӕцы хо кӕнӕ ӕфсымӕр дӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу Иосифау хиуылхӕцындзинад равдис, ӕмӕ уӕд, фӕстӕдӕр цӕуыл фӕфӕсмон кӕндзынӕ, ахӕмӕй ницы сараздзынӕ кӕнӕ ницы зӕгъдзынӕ (Ӕмб. 16:32; 17:27). Кӕнӕ кӕд дӕ хиуӕттӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕд дӕр дӕ бахъӕудзӕн хиуылхӕцындзинад, цӕмӕй де ’нкъарӕнтыл дӕ бар цӕуа ӕмӕ, ӕнӕмӕнг куы нӕ хъӕуа, уӕд йемӕ ма ныхас кӕнай. Уый, чи зоны, зын уа, фӕлӕ дӕ зӕрдыл куы дарай, афтӕмӕй Йегъовӕйы кӕй фӕзмыс ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхст кӕй ӕххӕст кӕныс, уӕд дын афтӕ кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн.

13. Паддзах Давиды царды хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Стыр ӕххуыс ма нын фӕуыдзӕн паддзах Давиды цӕвиттон дӕр. Саул дӕр ӕмӕ йын Шимей дӕр цытӕ кодтой, уый тыххӕй сӕм не смӕсты ӕмӕ сӕ нӕ бафхӕрдта, кӕд йӕ бон уыд, уӕддӕр (1 Сам. 26:9–11; 2 Сам. 16:5–10). Фӕлӕ-иу Давид алкӕд нӕ равдыста хиуылхӕцындзинад. Уый бӕрӕг у, Вирсавиимӕ кӕй фӕрӕдыд кӕнӕ Навалмӕ мӕстӕй кӕй рафыхт, уымӕй (1 Сам. 25:10–13; 2 Сам. 11:2–4). Давиды цӕвиттонӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Фыццаг: Хуыцауы адӕмӕн цы цӕстдарджытӕ ис, уыдоны уӕлдай тынгдӕр хъӕуы хиуылхӕцындзинад, цӕмӕй сӕ бартӕй раст пайда кӕной. Дыккаг: хъуамӕ нӕхицӕй ӕгӕр ныфсджын ма уӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕудзынӕн (1 Кор. 10:12).

ЧИ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, АХӔМ УЫНАФФӔТӔ

14. Иу ӕфсымӕрыл цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ, ахӕм уавӕры нӕхи куыд дардзыстӕм, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

14 Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хиуылхӕцындзинадыл сахуыр уай? Ӕркӕсӕм-ма, ӕфсымӕр Луиджийыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Иухатт йӕ машинӕйыл куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕй фӕстейӕ ӕндӕр машинӕ ныццавта. Ӕмӕ кӕд аххосджын иннӕ шофыр уыд, уӕддӕр Луиджийыл хъӕр кӕнын райдыдта ӕмӕ хыл ракъахынмӕ хъавыд. Луиджи Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй ма смӕсты уыдаид, стӕй ма бацархайдта уыцы нӕлгоймаджы ӕрсабыр кӕныныл дӕр. Ӕмӕ кӕд уыцы нӕлгоймаг нӕ сабыр кодта, уӕддӕр Луиджи хиуылхӕцындзинад равдыста. Иу къуырийы фӕстӕ Луиджи уацамынды куы уыд, уӕд иу сылгоймаджы ногӕй абӕрӕг кодта, ӕмӕ дын йӕ лӕг уыцы шофыр куы разынид! Уыцы нӕлгоймагмӕ тынг худинаг ӕркаст, йӕхи куыд дардта, уый, ӕмӕ не ’фсымӕрӕй хатыртӕ ракуырдта. Уый фӕстӕ загъта, йӕ бон кӕй у Луиджийы страховой компанимӕ бадзурын, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг тагъддӕр аскъуыддзаг кӕной. Стӕй ма Библийыл дӕр аныхас кодтой, ӕмӕ, цӕуыл дзырдтой, уый лӕджы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Уый фӕрцы Луиджи бамбӕрста, куыд ахсджиаг уыд, аварийы фӕстӕ йӕхиуыл кӕй фӕхӕцыд, уый. Ӕмӕ ма ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, дам, гъеныр мӕхи куы нӕ баурӕдтаин, уӕд, дам, уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркодтаид. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:3, 4.)

Нӕхиуыл хӕцын зонӕм ӕви нӕ, уый фӕзыны нӕ лӕггадыл дӕр (кӕс 14 абзац)

15, 16. Библи куы иртасай, уӕд уый дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хиуыл хӕцын сахуыр уат?

15 Библи арф куы иртасӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхиуыл хӕцын сахуыр уӕм. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ Йесо Навинӕн цы загъта, уый: «Ацы закъоны чиныг алкӕддӕр уӕд де ’взагыл. Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай. Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ» (Йес. Н. 1:8). Фӕлӕ дын Библи бӕлвырдӕй куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хиуыл хӕцын сахуыр уай?

16 Библийӕ цы цӕвиттонтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй бӕрӕг у, хиуыл хӕцын куы фӕзонӕм, уӕд уый нӕ пайдайӕн кӕй вӕййы ӕмӕ, куы нӕ фӕзонӕм, уӕд та нӕ уый хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕны. Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕ дзӕгъӕлы нӕ ныффыссын кодта (Ром. 15:4). Хорз уаид, куы сӕ кӕсиккам, куы сӕ иртасиккам ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕниккам. Ахъуыды-иу кӕн, цы базыдтай, уый дӕумӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕм куыд хауы, ууыл. Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй, йӕ Ныхасӕй цы базыдтай, уымӕй дӕ бон уа царды пайда кӕнын. Куы бафиппайай, ӕмӕ дын цавӕрдӕр хъуыддаджы хиуылхӕцындзинад нӕ фаг кӕны, уӕд уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕс. Уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ архай, дӕ бон фӕивын цы у, уый бамбарыныл (Иак. 1:5). Дӕ бон ма у нӕ публикацитӕ дӕр иртасын. Уым дӕр ссардзынӕ, чи дын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ.

17. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хиуыл хӕцын сахуыр уой?

17 Дӕ бон куыд у дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хиуыл хӕцын сахуыр уой? Ныййарджытӕ йӕ зонынц, сӕ сывӕллӕттӕ ацы миниуӕгимӕ кӕй нӕ райгуырдысты. Уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ фыццаджыдӕр сӕхӕдӕг хъуамӕ уой хиуылхӕцгӕ, ӕмӕ уӕд сывӕллӕттӕ дӕр ууыл ахуыр кӕндзысты (Еф. 6:4). Кӕд ӕй, мыййаг, бафиппайдтай, ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн хиуылхӕцындзинад нӕ фаг кӕны, уӕд ахъуыды кӕн, уыцы хъуыддаджы сын дӕхӕдӕг фӕзминаг дӕ ӕви нӕ, ууыл. Уацамынды арӕх куы цӕуай, ӕмбырдтӕ куы нӕ цух кӕнай ӕмӕ бинонты ахуыр куы уадзай, уӕд сын уыдзынӕ фӕзминаг, дӕ цардыл дӕ бар кӕй цӕуы, уымӕй. Стӕй ма тӕрс дӕ сывӕллӕттӕн, кӕм хъӕуа, уым «нӕ» дзурын. Йегъовӕ дӕр Адам ӕмӕ Евӕйӕн алцы кӕныны бар нӕ радта. Ӕмӕ уый фӕрцы хъуамӕ Йегъовӕйы хицаудзинадӕн аргъ кӕнын сахуыр уыдаиккой. Раст афтӕ, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы фӕамонынц ӕмӕ сын сӕхӕдӕг фӕзминаг куы вӕййынц, уӕд уыдон дӕр сахуыр вӕййынц хиуылхӕцындзинадыл. Дӕ сывӕллӕтты куы сахуыр кӕнай Хуыцауы хицаудзинадӕн ӕмӕ йӕ закъӕттӕн аргъ кӕнын, уӕд сын уый уыдзӕн де стырдӕр лӕвӕрттӕй сӕ иу. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 1:5, 7, 8.)

18. Нӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕвзарӕм?

18 Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ дӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ дӕр ӕвзарай. Де ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы куы уарзой, уӕд дӕ разӕнгард кӕндзысты дӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ ӕвӕрынмӕ ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фыдбылызы ма бахауай (Ӕмб. 13:20). Фӕзминаг дын куы уой, уӕд дӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй уыдонау хиуылхӕцындзинад ӕвдисай. Ӕмӕ сын ды дӕр фӕзминаг куы уай, уӕд уыдон дӕр хорзырдӕм ивдзысты. Хиуыл хӕцын куы сахуыр уай, уӕд дӕ Хуыцау райгонд уыдзӕн, уыдзынӕ амондджын ӕмӕ адӕмимӕ фӕрнӕй цӕрдзынӕ.