Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг у

Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг у

«Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау» (РАЦ. 34:6).

ЗАРДЖЫТӔ: 57, 147

1. Йегъовӕ йӕхи Моисейӕн куыд раргом кодта ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

ИУХАТТ Хуыцау йӕхи Моисейӕн раргом кодта: фехъусын ын кодта йӕ ном, стӕй йын йӕ миниуджытӕй дӕр кӕцыдӕртӕ ранымадта. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд йе стыр тых ӕмӕ зонды кой скӕнын. Фӕлӕ йын фыццаджыдӕр загъта, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у, уый. (Бакӕс Рацыд 34:5–7.) Моисейы фӕндыд фидарӕй зонын, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый (Рац. 33:13). Ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр уыцы миниуджыты кой уый тыххӕй ракодта. Уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы зӕрдиагӕй кӕй фӕнды йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнын. Йегъовӕ ныл афтӕ тынг кӕй тыхсы, уый нын ӕхсызгон куыннӕ у. Фӕлӕ, чидӕр тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы? Уый фембары иннӕты зын, йӕ зӕрдӕмӕ йӕ арф айсы ӕмӕ йӕ фӕфӕнды уыцы зын сын фӕрог кӕнын. Ӕмӕ ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн ацы миниуӕгыл.

2, 3. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, адӕймаг афтӕ конд кӕй у, ӕмӕ иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын зоны? б) Библи иннӕтӕн тӕригъӕд кӕныны тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ ӕркӕсын цӕмӕн хъӕуы?

2 Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста. Ӕмӕ, тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ дӕр ис ацы миниуӕг. Суанг, Йегъовӕйы чи нӕ зоны, уыдон дӕр арӕх иннӕты зын сӕ зӕрдӕмӕ арф айсынц (Райд. 1:27). Библийы бирӕ рӕтты ис бакӕсӕн, адӕм-иу тӕригъӕдгӕнаг куыд разындысты, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, иухатт паддзах Соломонмӕ бацыдысты дыууӕ хӕтаг сылгоймаджы, быцӕу кодтой, сывӕллон сӕ дыууӕйӕ кӕй у, ууыл. Ӕмӕ Соломон сӕ бафӕлварыны тыххӕй бардзырд куы радта, сывӕллоны дыууӕ дихы фӕкӕнут, зӕгъгӕ, уӕд мадӕн йӕ хъӕбулы тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ базмӕлыдысты ӕмӕ паддзахӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сывӕллоны иннӕ сылгоймагӕн раттаиккой (1 Пад. 3:23–27). Кӕнӕ ӕндӕр хабар. Фараоны чызг гыццыл Моисейы куы ссардта, уӕд ӕй бамбӕрста, сывӕллон дзуттаг кӕй у ӕмӕ йӕ удӕгасӕй уадзӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ йын «фӕтӕригъӕд кодта», ӕмӕ йӕ йӕхи сывӕллонау схӕссынвӕнд скодта (Рац. 2:5, 6).

3 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уыйау тӕригъӕдгӕнаг уӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ацы миниуӕджы тыххӕй фылдӕр базонӕм (Еф. 5:1). Кӕд нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын зонӕм, уӕддӕр, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй хатт хиуарзон разынӕм. Хатт нын зын вӕййы равзарын, нӕхи уды кой бакӕнӕм ӕви иннӕтӕн баххуыс кӕнӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты зын тынгдӕр ӕмбарӕм? Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Йегъовӕ ӕмӕ-иу адӕм дӕр ацы миниуӕг куыд равдыстой, уымӕ. Стӕй та ӕркӕсдзыстӕм, уыцы хъуыддаджы нӕ бон Хуыцауы фӕзмын куыд у ӕмӕ уый нӕхицӕн дӕр цы пайда хӕсдзӕн, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔ НЫН У ФӔЗМИНАГ

4. а) Йегъовӕ зӕдты Содоммӕ цӕмӕн арвыста? б) Лот ӕмӕ нын йӕ бинонты хабар цӕуыл дзурӕг у?

4 Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у, уымӕн Библийы ис бирӕ цӕвиттонтӕ. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Лотӕн куыд баххуыс кодта, уый. Уыцы рӕстуд адӕймаг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджыты хӕлд митӕй тынг сфӕлмӕцыд. Уыцы ӕнӕуаг адӕм Йегъовӕйы ӕппындӕр ницӕмӕ дардтой, ӕмӕ сын мӕлӕты тӕрхон рахаста (2 Пет. 2:7, 8). Йегъовӕ Лотмӕ зӕдты арвыста, цӕмӕй йын фӕхабар кодтаиккой, Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафинаг кӕй уыд ӕмӕ йӕ бинонтимӕ уырдыгӕй кӕй хъуамӕ алыгъдаид. «Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта, ӕмӕ уӕд уыцы дыууӕ лӕджы Лотӕн ӕмӕ йӕ усӕн, стӕй йӕ дыууӕ чызгӕн дӕр сӕ къухтыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ракодтой, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Лотӕн фӕтӕригъӕд кодта» (Райд. 19:16). Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ хорз кӕй зоны, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цы зын уавӕрты бахауынц, уый (Ис. 63:7–9; Иак. 5:11; 2 Пет. 2:9).

5. Хуыцауы Ныхас нӕ куыд ахуыр кӕны, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг уӕм?

5 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр ахуыр кӕны, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг уой. Ахъуыды-ма кӕнӕм, израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй иуыл. Адӕймаг-иу искӕмӕн ӕхца ӕфстау куы радта, уӕд-иу йӕ бон уыд уыцы адӕймагӕн йӕ дарӕс цъынды райсын, цӕмӕй-иу ын йе ’хца фӕстӕмӕ раттаид. (Бакӕс Рацыд 22:26, 27.) Фӕлӕ, цалынмӕ хур нӕ аныгуылдаид, уӕдмӕ ӕфстаудӕттӕг хъуамӕ уыцы адӕймагӕн йӕ дарӕс фӕстӕмӕ раттаид, уымӕн ӕмӕ-иу ӕхсӕв йӕхи уымӕй бамбӕрзта. Дурзӕрдӕ адӕймаджы-иу, чи зоны, нӕ фӕндыд афтӕ бакӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы ахуыр кодта, цӕмӕй иннӕты зын ӕмбӕрстаиккой. Ацы закъоны цы уагӕвӕрд ис, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны? Не ’фсымӕр ӕххуысхъуаг куы уа кӕнӕ истӕмӕй куы тыхса, уӕд бацархайдзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ зын фӕрогдӕр кӕнӕм (Кол. 3:12; Иак. 2:15, 16; бакӕс 1 Иоанны 3:17).

6. Йегъовӕ тӕригъӕдджын израилӕгтӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын?

6 Йегъовӕ-иу израилӕгтӕн тӕригъӕд кодта, суанг-иу йӕ ныхмӕ тӕригъӕдтӕ куы арӕзтой, уӕд дӕр. Библийы фыст ис: «Сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ сӕ ӕдзух фӕдзӕхста йӕ минӕвӕртты уылты, ӕппынӕдзух сӕм сӕ ӕрвыста, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмыл ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынатыл йӕ зӕрдӕ рысти» (2 Аз. 36:15). Мах дӕр хъуамӕ тӕригъӕд кӕнӕм, Йегъовӕйы чи нӕма зоны, уыцы адӕмӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ тӕрхоны бон куы ’рцӕуа, уӕд исчи фесӕфа (2 Пет. 3:9). Уӕдӕ цалынмӕ ацы фыддунейӕн кӕрон не скодта, уӕдмӕ хъуамӕ адӕмы фӕдзӕхсӕм, цӕмӕй сӕ бон уа фервӕзын.

7, 8. Иу бинонтӕ цӕуылнӕ дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ сын кӕй баххуыс кодта, ууыл?

7 Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый бӕрӕг у, нӕ рӕстӕджы йӕ лӕггадгӕнджытыл цы хабӕрттӕ ’рцӕуы, уыдонӕй дӕр. Зӕгъӕм, 1990-ӕм азты Боснийы цалдӕр адӕмыхатты ’хсӕн цыди хӕст, ӕмӕ кӕрӕдзийы цагътой. Уыцы рӕстӕг иу 12-аздзыд лӕппу, схонӕм ӕй Милан, йе ’фсымӕр ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ иннӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ автобусыл цыдысты Боснийӕ Сербимӕ конгресмӕ. Уыцы конгрессы Миланы ныййарджытӕ хъуамӕ донаргъуыд райстаиккой. Арӕнмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕфсӕддонтӕй чидӕр бафиппайдта, ацы бинонтӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй сты, ӕмӕ сӕ автобусӕй рахизын кодтой. Иннӕ ӕфсымӕрты та ауагътой. Миланы, йе ’фсымӕры ӕмӕ сӕ ныййарджыты уым дыууӕ боны фӕдардтой. Фӕстагмӕ ӕфсӕддонты хицау рацийӕ бадзырдта уӕлдӕр хицаумӕ ӕмӕ йӕ бафарста, цы сын кӕнон, зӕгъгӕ. Милан ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр уым лӕууыдысты ӕмӕ йын йӕ дзуапп фехъуыстой: «Акӕнут сӕ ӕмӕ сӕ фехсут!»

8 Цалынмӕ хицау йе ’фсӕддонтимӕ ныхас кодта, уӕдмӕ Миланитӕм бацыд дыууӕ ӕнӕзонгӕ нӕлгоймаджы. Уыдон сын сусӕгӕй загътой, мах дӕр, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стӕм ӕмӕ, дам, уын уӕ хабар базыдтам, автобусы уемӕ чи цыд, уыцы ӕфсымӕртӕй. Ӕфсымӕртӕ Миланӕн ӕмӕ йе ’фсымӕрӕн загътой, цӕмӕй сӕ машинӕйы сбадтаиккой ӕмӕ постыл афтӕмӕй ахызтаиккой, уымӕн ӕмӕ, дам, сывӕллӕтты гӕххӕттытӕм нӕ фӕкӕсынц. Сӕ ныййарджытӕн та загътой, цӕмӕй постыл фӕстӕты ахызтаиккой, посты фаллаг фарс, дам, фембӕлдзыстӕм. Милан нӕ зыдта, цин кӕна ӕви кӕугӕ кӕна. Йӕ ныййарджытӕ ӕфсымӕрты бафарстой: «Ӕцӕгдӕр уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ нӕ фендзысты?» Фӕлӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд ӕфсӕддонтӕ цыма куырм баисты ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр нӕ кодтой, афтӕ уыдысты. Милан ӕмӕ йе ’фсымӕр сӕ ныййарджытимӕ посты фале фембӕлдысты ӕмӕ конгресмӕ ацыдысты. Уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ сын сӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй радта, ууыл! Мах ӕй Библийӕ зонӕм, Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты алкӕд ахӕм хуызы кӕй нӕ бахъахъхъӕдта (Хъуыд. 7:58–60). Фӕлӕ ацы хабары тыххӕй Милан афтӕ зӕгъы: «Афтӕ мӕм каст, цыма зӕдтӕ ӕфсӕддонты бакуырм кодтой ӕмӕ нӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта» (Пс. 97:10).

9. Йесо цы адӕмыл ӕмбӕлд, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дардта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

9 Йесо дӕр нын у фӕзминаг. Уый адӕмӕн тӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ «уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл». Ӕмӕ куыд бакодта? Йесо сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Матф. 9:36; бакӕс Марчы 6:34). Фӕлӕ фарисейтӕ та адӕмӕн нӕ тӕригъӕд кодтой, истӕмӕй сын баххуыс кодтаиккой, уый сӕ ӕппындӕр нӕ фӕндыд (Матф. 12:9–14; 23:4; Иоан. 7:49). Дӕу дӕр фӕнды Йесойау адӕмӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын Йегъовӕйы тыххӕй дзурын?

10, 11. Иннӕтӕн алы уавӕры дӕр ӕмбӕлы тӕригъӕд кӕнын? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иннӕтӕн алы уавӕры дӕр ӕмбӕлы тӕригъӕд кӕнын. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм паддзах Саулы хабармӕ. Зӕгъӕм, амаликӕгты паддзах Агагы, Хуыцауы адӕмы знаджы, нӕ амардта, тӕригъӕд у, зӕгъгӕ. Стӕй хъуамӕ ныццагътаид, амаликӕгтӕм цы фос уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр, фӕлӕ афтӕ нӕ бакодта. Саул ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый тыххӕй Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, паддзах кӕй нал уыдзӕн (1 Сам. 15:3, 9, 15). Йегъовӕ у рӕстаг Тӕрхонгӕнӕг. Уый уыны адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕзоны, адӕймагӕн фӕтӕригъӕд кӕнын раст кӕд нӕ уыдзӕн, уый (Йер. хъ. 2:17; Йез. 5:11). Тагъд рӕстӕджы уый тӕрхон кӕндзӕн, чи нӕ йӕм хъусы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (2 Фес. 1:6–10). Уӕд уый рӕстӕг нал уыдзӕн, ӕмӕ фыдгӕнджытӕн тӕригъӕд кӕна. Кӕй сӕ фесафдзӕн, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, рӕстгӕнджытӕн кӕй тӕригъӕд кӕны ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ кӕй риссы.

11 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах тӕрхонгӕнджытӕ не стӕм, ӕмӕ, удӕгасӕй ныууадзын кӕй хъӕуы ӕмӕ фесафын кӕй хъӕуы, уый мах не скъуыддзаг кӕнӕм. Фӕлӕ хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм. Нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын, адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уый? Дарддӕр уый фӕдыл ис цалдӕр уынаффӕйы.

ТӔРИГЪӔДГӔНАГ КӔЙ ДӔ, УЫЙ ЦАВӔР ХЪУЫДДӔГТӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ?

12. Дӕ бон куыд у иннӕты зын фӕрогдӕр кӕнын?

12 Иннӕтӕм-иу, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй фӕкӕс. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй Йесойы хуызӕн уай, уӕд хъуамӕ де ’фсымӕртӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр тӕригъӕд кӕнын зонай (Иоан. 13:34, 35; 1 Пет. 3:8). Тӕригъӕд кӕнын ма нысан кӕны «иумӕ хъизӕмар кӕнын» дӕр. Тӕригъӕдгӕнаг адӕймаг, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уымӕн йӕ зын истӕмӕй фӕрогдӕр кӕны. Уӕдӕ хъуамӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ агурӕм. Чи зоны, искӕмӕ хӕдзары истӕмӕй фӕкӕсын хъӕуы, ӕмӕ дӕ бон у ахӕм адӕймагӕн баххуыс кӕнын (Матф. 7:12).

Тӕригъӕдгӕнаг кӕй дӕ, уый бӕлвырд хъуыддӕгтӕй ӕвдис (кӕс 12 абзац)

13. Хуыцауы адӕмӕн иннӕтыл сӕ зӕрдӕ кӕй риссы, уый ӕрдзон бӕллӕхты фӕстӕ куыд рабӕрӕг вӕййы?

13 Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн ӕххуыс кӕн. Куы фенӕм, ӕрдзон бӕллӕхтӕ адӕмӕн цы стыр зиан ӕрхӕссынц, уый, уӕд сыл нӕ зӕрдӕ тынг фӕриссы ӕмӕ нӕ бафӕнды, цӕмӕй сын сӕ зын истӕмӕй фӕрог кӕнӕм. Бирӕтӕ йӕ зонынц, ахӕм рӕстӕджыты Йегъовӕйы адӕм алкӕддӕр кӕй балӕууынц иннӕты фарсмӕ (1 Пет. 2:17). Зӕгъӕм, иу япойнаг хо царди, 2011 азы зӕххӕнкъуыст ӕмӕ цунами стыр зиан кӕм ӕрхастой, уыцы ран. Ӕмӕ сӕм Японийы алы рӕттӕй, стӕй ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцыдысты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, цӕмӕй сын сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ сцалцӕг кодтаиккой. Уыцы хо уый куы федта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, дам, «ӕз тынг бафидар дӕн ӕмӕ мӕ ныфсыл ныфс бафтыд». Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта: «Ацы хабары фӕстӕ йӕ хуыздӕр бамбӕрстон, Йегъовӕ нӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы. Стӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр кӕрӕдзийыл тынг тыхсынц. Ӕгас дунейы дӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кувынц мах тыххӕй».

14. Дӕ бон куыд у ацӕргӕтӕн ӕмӕ рынчынтӕн ӕххуыс кӕнын?

14 Ацӕргӕтӕн ӕмӕ рынчынтӕн ӕххуыс кӕн. Азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой кӕнӕ рынчын чи у, уыдоны тухӕнтӕ уынгӕйӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын истӕмӕй баххуыс кӕнӕм. Мах тынг бӕллӕм, адӕм уыцы зындзинӕдтӕй кӕд фервӕздзысты, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ фӕкувӕм, цӕмӕй йӕ Паддзахад ӕрцӕуа. Фӕлӕ уал нырма, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй рынчынтӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм. Иу фыссӕг йӕ чиныджы ныффыста, йӕ ацӕргӕ мадыл цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй. Йӕ мад уыд Альцгеймеры низӕй рынчын. Иу бон уазӕгдонмӕ нӕ фӕхӕццӕ ӕмӕ йӕхи фесӕфта. Ӕмӕ йӕхи ныссыгъдӕг кӕныныл куыд архайдта, афтӕ йӕм чидӕр дуар ӕрбахоста. Уыдон уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, арӕх-иу ӕм чи цыд, уыцы дыууӕ хойы. Хотӕ йӕ бафарстой, ӕххуыс дӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Сылгоймаг сын загъта: «Мӕ цӕсгом уӕм нӕ хъӕцы, фӕлӕ хъӕуы». Хотӕ йын баххуыс кодтой йӕхимӕ базилынӕн. Стӕй йын цай скодтой ӕмӕ йемӕ иу цасдӕр абадтысты. Йӕ фырт уыцы хабӕрттӕ куы базыдта, уӕд сӕ тынг фӕбузныг ӕмӕ ныффыста, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ «адӕмӕн цы амонынц, уый, дам, сӕхӕдӕг дӕр аразынц». Ды дӕр ацӕргӕтӕн ӕмӕ рынчынтӕн сӕ зын ӕмбарыс ӕмӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, цӕмӕй сын сӕ зын фӕрог кӕнай? (Фил. 2:3, 4).

15. Кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм?

15 Адӕмӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной. Адӕмӕн ӕппӕты тынгдӕр баххуыс кӕндзыстӕм, Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ сын йӕ Паддзахады тыххӕй куы дзурӕм, уӕд. Стӕй ма сын нӕ бон у ӕмбарын кӕнын, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд сын уый стыр пайда кӕй уыдзӕн (Ис. 48:17, 18). Мах нӕ лӕггадӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, стӕй уымӕй бӕрӕг у, тӕригъӕдгӕнаг кӕй стӕм ӕмӕ адӕмы зын кӕй ӕмбарӕм. Мыййаг дын уыцы фадат нӕй, цӕмӕй хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнай? (1 Тим. 2:3, 4).

ТӔРИГЪӔДГӔНАГ КУЫ УАЙ, УӔД УЫЙ ДӔХИЦӔН ДӔР УЫДЗӔН ПАЙДА

16. Тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

16 Психологтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, адӕймаг иннӕтӕн куы тӕригъӕд кӕна, уӕд уый йе ’нӕниздзинадыл дӕр ӕмӕ, иннӕтимӕ куыд у, ууыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн. Зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдонӕн куы ’ххуыс кӕнай, уӕд уыдзынӕ амондджындӕр, афтӕ дӕм нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ никӕй хъӕуыс ӕмӕ дӕм тар хъуыдытӕ дӕр къаддӕр уыдзӕн. Уӕдӕ тӕригъӕдгӕнаг куы уай, уӕд уый дӕхицӕн дӕр пайда ӕрхӕсдзӕн (Еф. 4:31, 32). Уарзондзинад нӕ куы фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ницӕмӕй фӕхуды, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕй аразӕм. Тӕригъӕдгӕнаг чи вӕййы, уый свӕййы хуыздӕр ныййарӕг, хуыздӕр цардӕмбал ӕмӕ хуыздӕр хӕлар. Стӕй бахъуаджы сахат ахӕм адӕймагӕн йӕхицӕн дӕр баххуыс кӕнынц. (Бакӕс Матфейы 5:7; Лукайы 6:38.)

17. Цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг уай?

17 Кӕд, тӕригъӕдгӕнаг кӕй стӕм, уый нӕхицӕн дӕр пайда хӕссы, уӕддӕр ацы миниуӕг нӕ удыхъӕды фидар кӕныныл сӕйраджыдӕр уый тыххӕй архайӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйы фӕзмын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын. Йегъовӕ зоны уарзын дӕр ӕмӕ тӕригъӕд кӕнын дӕр, ӕмӕ мах дӕр уыцы миниуджытӕй схайджын кодта (Ӕмб. 14:31). Уыцы хъуыддӕгты нын у фӕзминаг. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ дӕр хӕларӕй цӕрдзыстӕм (Гал. 6:10; 1 Иоан. 4:16).