Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Нӕ Хуыцауы ныхас... уыдзӕн ӕнустӕм»

«Нӕ Хуыцауы ныхас... уыдзӕн ӕнустӕм»

«Цъӕх кӕрдӕг бахус, дидинӕг баруад, нӕ Хуыцауы ныхас та уыдзӕн ӕнустӕм» (ИС. 40:8).

ЗАРДЖЫТӔ: 95, 97

1, 2. а) Ӕнӕ Библийӕ адӕймаджы цард цыхуызӕн уаид? б) Хуыцауы Ныхас нын уӕлдай пайда кӕд уыдзӕн?

ИСКУЫ хъуыды кодтай, ӕнӕ Библийӕ куыд цӕрис, ууыл? Царды чи бахъӕуы, ахӕм зондджын уынаффӕтӕ-иу кӕм ссарис? Стӕй Хуыцауы тыххӕй, царды тыххӕй ӕмӕ фидӕны тыххӕй кӕнӕ, Йегъовӕ рагзаманты адӕмӕн куыд уыди, уый тыххӕй цы зонис?

2 Фӕлӕ хорз, ӕмӕ ахӕм мӕгуырау уавӕры не стӕм. Йегъовӕ нын радта йӕ Ныхас – Библи. Ӕмӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ Ныхас ӕнустӕм кӕй уыдзӕн. Апостол Петр йӕ фыстӕджы ӕрхаста Исайы 40:8 стихы фыст ныхӕстӕ. Кӕд ацы стих комкоммӕ Библийы кой нӕ кӕны, уӕддӕр, Библийы цы фыст ис, уымӕ дӕр хауы. (Бакӕс 1 Петры 1:24, 25.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи нын фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн, хорз кӕй ӕмбарӕм, уыцы ӕвзагыл ӕй куы кӕсӕм, уӕд. Хуыцауы Ныхас чи уарзта, уыдон уый рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕмбӕрстой. Ӕнусты дӕргъы бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй-иу Библи ратӕлмац кодтаиккой ӕмӕ йӕ парахат кодтаиккой, кӕд уый ӕнцон нӕ уыд ӕмӕ сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр. Уыдон архайдтой Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уый фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4).

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Хуыцауы Ныхас нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ, ууыл. Хуыцауы Ныхас бахъахъхъӕнын ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ 1) ӕвзӕгтӕ ивтой, 2) дунейы цы хабӕрттӕ цыд, уыдоны тыххӕй-иу адӕм райдыдтой ӕндӕр ӕвзагыл дзурын ӕмӕ 3) Библи тӕлмац кӕнын нӕ уагътой. Адӕттыл куы аныхас кӕнӕм, уӕд Библийӕн ӕмӕ йӕ Авторӕн тынгдӕр аргъ кӕнын райдайдзыстӕм (Мих. 4:2; Ром. 15:4).

ӔВЗӔГТӔ ИВТОЙ

4. а) Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ ӕвзӕгтӕ куыд ивынц? б) Цӕмӕй у бӕрӕг, Хуыцау алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмы дӕр кӕй уарзы? Уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

4 Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ ӕвзӕгтӕ дӕр ивынц. Кӕцыдӕр дзырдтӕн ӕмӕ дзырдбӕстытӕн сӕ хъуыды бынтондӕр фӕивы. Ӕвӕццӕгӕн, де ’взаджы дӕр ахӕм цӕвиттонтӕ ис. Ӕмӕ рагон ӕвзӕгтӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Библийӕн йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ фыст ӕрцыдысты дзуттаг ӕвзагыл, кӕцыдӕртӕ та – грекъаг ӕвзагыл. Фӕлӕ уыцы ӕвзӕгтӕ тынг фӕивтой. Ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Библи уыцы рагон ӕвзӕгтыл куы кӕсиккой, уӕд ӕй нӕ бамбариккой, суанг, нырыккон дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕ чи зоны, уыдон дӕр. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы Библийы тӕлмацтӕ. Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ, рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕ куы сахуыр кӕной, уӕд Библи хуыздӕр ӕмбардзысты. Фӕлӕ сын уый стыр ӕххуыс нӕ фӕуыдзӕн. Ныртӕккӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ тӕлмац сты 3 200 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ Ныхас пайда хӕсса «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн». (Бакӕс Раргомад 14:6.) Мах ӕй уынӕм, Хуыцау адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм (Хъуыд. 10:34).

5. «Паддзах Яковы Библи»-йӕн стыр ахадындзинад цӕмӕн уыд?

5 Ӕвзӕгтӕ кӕй ивынц, уый фӕзыны Библийы тӕлмацтыл дӕр. Фыццаг ӕнцонӕмбарӕн чи уыд, уыцы тӕлмац цасдӕры фӕстӕ свӕййы зынӕмбарӕн. Цӕвиттонӕн райсӕм «Паддзах Яковы Библи» англисаг ӕвзагыл. Фыццаг хатт рацыд 1611 азы. Уый у тынг зындгонд тӕлмац. «Паддзах Яковы Библи»-йы цы ныхӕстӕ ис, уыдон ма суанг англисаг ӕвзаджы дӕр ныффидар сты *. Фӕлӕ ацы тӕлмацы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, цалдӕр хатты йеддӕмӕ не ’мбӕлы. Дзуттаг Фыстыты Хуыцауы ном кӕм уыди, уым фылдӕр рӕтты йӕ бӕсты фыст ӕрцыд ныхас «ХИЦАУ» стыр дамгъӕтӕй. Ацы тӕлмац фӕстӕдӕр мыхуыры ногӕй куы рацыд, уӕд дзы ныхас «ХИЦАУ» стыр дамгъӕтӕй кӕцыдӕр стихты фыст ӕрцыд Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр (хонынц ма йӕ «Ног Фӕдзӕхст» дӕр). Чи йӕ тӕлмац кодта, уыдон афтӕмӕй равдыстой, Хуыцауы ном райдианы уым дӕр кӕй уыд.

6. «Ног дунейы тӕлмац» нӕм кӕй ис, ууыл цӕмӕн цин кӕнӕм?

6 «Паддзах Яковы Библи» куы рацыд, уӕд уыди ӕнцонӕмбарӕн. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ дзы бирӕ ныхӕстӕ базӕронд сты ӕмӕ сӕ адӕм нал ӕмбӕрстой. Афтӕ уыд сӕ хабар, ӕндӕр ӕвзӕгтыл цы тӕлмацтӕ уыд, уыдонӕн дӕр. Ӕмӕ тынг цин кӕнӕм, ныртӕккӕ нӕм «Библи – Ног дунейы тӕлмац», хорз кӕй ӕмбарӕм, уыцы ӕвзагыл кӕй ис, ууыл. Ацы тӕлмац ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай рацыд 150 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон у сӕхи ӕвзагыл кӕсын. Цы дзырдтӕ дзы ис, уыдон сты ӕнцонӕмбарӕн, ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы ныхӕстӕ адӕймаджы зӕрдӕмӕ арф бахъарынц (Пс. 119:97). Фӕлӕ ацы тӕлмацӕн йе стырдӕр хорздзинад уый у, ӕмӕ дзы Хуыцауы ном ис, рагон къухфыстыты кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлд, уым.

ДУНЕЙЫ ЦЫ ХАБӔРТТӔ ЦЫД, УЫДОН

7, 8. а) Н. э. размӕ 3 ӕнусы дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Дзуттаг Фыстытӕ цӕуылнӕуал ӕмбӕрстой? б) Грекъаг Септуагинтӕ цы у?

7 Дунейы цы хабӕрттӕ цыд, уыдоны тыххӕй-иу адӕмӕн сӕ фылдӕр райдыдтой ӕндӕр ӕвзагыл дзурын. Фӕлӕ-иу Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид йӕ Ныхас, кӕй ӕмбӕрстой, уыцы ӕвзагыл кӕсын. Зӕгъӕм, Библийӕн йӕ фыццаг 39 чиныджы ныффыстой израилӕгтӕ, кӕнӕ дзуттӕгтӕ. Ӕппӕты фыццаг «Хуыцау йӕ ныхӕстӕ уыдоныл баууӕндыд» (Ром. 3:1, 2). Ӕмӕ уыцы чингуытӕй иутӕ ныффыстой дзуттаг ӕвзагыл, иннӕтӕ та – арамейаг. Фӕлӕ н. э. размӕ 3 ӕнусмӕ дзуттӕгтӕй бирӕтӕ дзуттаг ӕвзаг нал ӕмбӕрстой. Цымӕ цӕуылнӕ? Македойнаг Алыксандр бирӕ бӕстӕтӕ басаста, ӕмӕ Грецийы паддзахад йӕ къабӕзтӕ дардыл айвӕзта. Грецийы дӕлбар чи уыд, уыцы рӕтты адӕмӕн сӕ фылдӕр райдыдтой грекъаг ӕвзагыл дзурын, сӕхи ӕвзӕгтыл та нал дзырдтой (Дан. 8:5–7, 20, 21). Дзуттӕгтӕй дӕр бирӕтӕ фылдӕр грекъагау дзырдтой, ӕмӕ сын Дзуттаг Фыстытӕ дзуттагау кӕсын афтӕ ӕнцон нал уыд. Цы гӕнгӕ уыд ахӕм уавӕры?

8 Н. э. размӕ 3 ӕнусы ӕмбисы Библийы фыццаг 5 чиныджы тӕлмац ӕрцыдысты грекъаг ӕвзагмӕ. Дзуттаг Фыстытӕ грекъаг ӕвзагмӕ кӕронмӕ тӕлмац фесты н. э. размӕ 2 ӕнусы. Уыцы тӕлмац схуыдтой грекъаг Септуагинтӕ. Уый у Дзуттаг Фыстыты фыццаг ӕнӕхъӕн тӕлмац.

9. а) Септуагинтӕ ӕмӕ ӕндӕр рагон тӕлмацтӕ адӕмӕн куыд баххуыс кодтой Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн? б) Дзуттаг Фыстытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы стихтӕ цӕуынц?

9 Грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕн Септуагинтӕйы фӕрцы сӕ бон уыд Фыстад ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагыл кӕсын. Ӕмӕ куыд цин кодтаиккой, Хуыцауы Ныхас, кӕуыл дзырдтой, уыцы ӕвзагыл сӕ бон хъусын кӕнӕ кӕсын кӕй уыд, ууыл! Ӕппынфӕстаг Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты, адӕм ма ноджыдӕр кӕуыл дзырдтой, ӕндӕр ахӕм ӕвзӕгтӕм дӕр – сириагмӕ, готагмӕ ӕмӕ латинагмӕ. Адӕмӕн сӕ бон Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ ӕмбарын кӕй уыд, уый фӕрцы йӕ бауарзтой. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕн фӕзынд, сӕ зӕрдӕмӕ уӕлдай тынг чи цыд, ахӕм стихтӕ. Абон махӕн дӕр кӕцыдӕр стихтӕ нӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуынц. (Бакӕс Псалом 119:162–165.) Уӕдӕ-иу кӕд, дунейы цы хабӕрттӕ цыд, уыдоны тыххӕй адӕм ӕндӕр ӕвзагыл дзурын райдыдтой, уӕддӕр Хуыцауы Ныхас нӕ фесӕфт.

БИБЛИ ТӔЛМАЦ КӔНЫН НӔ УАГЪТОЙ

10. Джон Уиклифы рӕстӕг адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон цӕуылнӕ уыд Библи кӕсын?

10 Бирӕ хъомысджын хицӕутты нӕ фӕндыд, цӕмӕй хуымӕтӕг адӕм Библи кастаиккой. Фӕлӕ, Хуыцауы чи уарзта, ахӕм адӕймӕгты уый нӕ урӕдта, ӕмӕ-иу архайдтой, цӕмӕй Библи алкӕмӕ дӕр фӕхӕццӕ уыдаид. Уыдонӕй иу уыди Джон Уиклиф, цард 14 ӕнусы Английы. Уиклиф уыд ахӕм хъуыдыйыл хӕст, зӕгъгӕ, дам, алы адӕймагӕн дӕр хъуамӕ йӕ бон уа Библи кӕсын. Йӕ рӕстӕджы Английы адӕмӕн сӕ фылдӕр, Библийы цы фыст ис, уый сӕхи ӕвзагыл никуы фехъуыстой. Библитӕ-иу тынг зынаргъ уыдысты, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ къухӕй рафыстой. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕн сӕ къух нӕ амыдта Библи самал кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕсын дӕр нӕ зыдтой. Аргъуанмӕ чи цыд, уыдон-иу уым хъуыстой, Библи латинагау хъӕрӕй куыд кӕсынц, уымӕ (уый уыд Вульгатӕ). Фӕлӕ уӕдмӕ адӕм уыцы ӕвзагыл нал дзырдтой ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нал кодтой. Цымӕ Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй адӕм Библийы ӕмбӕхст хӕзнатӕ ссардтаиккой? (Ӕмб. 2:1–5).

Джон Уиклифы ӕмӕ иннӕты фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас алкӕмӕ дӕр уыдаид. Дӕу дӕр уый фӕнды? (кӕс 11 абзац)

11. Уиклифы Библи цы пайда ӕрхаста?

11 1382 азы Джон Уиклиф ӕмӕ ма йемӕ чидӕртӕ Библи англисаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой. Уиклифы Библи тынг апарахат йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн, хуындысты лоллардтӕ. Уыдон Библийӕн тынг аргъ кодтой. Гъемӕ Английы алы рӕтты хъӕуӕй-хъӕумӕ къахӕй цыдысты ӕмӕ адӕмӕн Библи кастысты, стӕй-иу сын йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕй, къухӕй-иу кӕй рафыстой, ахӕм къопитӕ ныууагътой. Сӕ фыдӕбоны фӕрцы адӕм ногӕй Библимӕ се ’ргом аздӕхтой.

12. Дины разамонджытӕ Уиклифмӕ ӕмӕ, цы арӕзта, уымӕ цы цӕстӕй кастысты?

12 Дины разамонджытӕ Уиклифӕй, йӕ Библийӕ ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй сӕ удхӕссӕг уыдтой. Уыдон лоллардтӕн сӕ фӕдыл зылдысты ӕмӕ-иу Уиклифы Библи куы ссардтой, уӕд-иу ӕй сӕфты хай бакодтой. Кӕд Уиклиф ӕгас нал уыд, уӕддӕр ӕй схуыдтой еретик, ома аргъуаны знаг. Гъемӕ йын йе стджытӕ скъахтой, басыгътой сӕ ӕмӕ фӕнык цӕугӕдон Свифты ныккалдтой. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ ӕмбарын уыйбӕрц адӕмы фӕндыд, ӕмӕ, аргъуаны кусджытӕ цыфӕнды куы кодтаиккой, уӕддӕр уыцы хъуыддаг сӕ бон бауромын нал уыд. Уый фӕстӕ цалдӕр ӕнусы дӕргъы Европӕйы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты Библи тӕлмац кӕнын райдыдтой, адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕй ӕмбӕрстой, уыцы ӕвзӕгтӕм, ӕмӕ йӕ мыхуыр дӕр кодтой.

«ПАЙДА ДЫН ЦЫ У, УУЫЛ ДӔ... АХУЫР КӔНЫ»

13. Йегъовӕ цы сарӕзта ӕмӕ нӕ уый фӕрцы тынгдӕр цы уырны?

13 Библи у Хуыцауы комытӕфӕй фыст. Фӕлӕ Библийы тӕлмацтӕй уый зӕгъӕн нӕй. Септуагинтӕ, Уиклифы Библи, «Паддзах Яковы Библи» кӕнӕ ӕндӕр тӕлмацтыл куы куыстой, уӕд-иу сын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй нӕ амыдта, куыд ӕмӕ цы хъӕуы фыссын, уый. Фӕлӕ ацы тӕлмацтӕ куыд фӕзындысты, уый иртасгӕйӕ адӕймаг фены: Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ йӕ Ныхас нӕ фесӕфт. Ӕмӕ нӕ уый фӕрцы тынгдӕр уырны, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый (Йес. Н. 23:14).

14. Библийы тыххӕй цы базонӕм, уый фӕрцы Хуыцауы тынгдӕр цӕмӕн бауарзӕм?

14 Йегъовӕ йӕ Ныхас куыд хъахъхъӕдта, уый базонгӕйӕ ӕрмӕст нӕ уырнындзинад нӕ бафидар вӕййы, фӕлӕ ма Хуыцауы тынгдӕр бауарзӕм *. Уӕвгӕ нын Йегъовӕ Библи цӕмӕн радта, стӕй цӕмӕн загъта, кӕй йӕ хъахъхъӕндзӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы ӕмӕ нӕ ахуыр кӕны, пайда нын цы у, ууыл. (Бакӕс Исайы 48:17, 18.) Уӕдӕ йӕ мах дӕр куыннӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куыннӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм? (1 Иоан. 4:19; 5:3).

15. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

15 Мах тынг аргъ кӕнӕм Хуыцауы Ныхасӕн. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, Библи куы фӕиртасӕм, уӕд нын уый стырдӕр пайда хӕсса? Уацамынды кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыцы адӕмӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй Библийӕн аргъ кӕной? Ӕфсымӕртӕ ӕмбырды иннӕты куыд хъуамӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй сӕ ныхӕсты бындур уа Библи? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 5 абз. Англисаг ӕвзаджы цы фразеологизмтӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ ист ӕрцыдысты «Паддзах Яковы Библи»-йӕ, зӕгъӕм, «мӕ дӕндӕгты алыварс цы царм ис, уый» (Иов 19:20).

^ 14 абз. Кӕс рамкӕ « Дӕхӕдӕг ӕй фен!».