Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых

Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых

«Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (ДЗУТ. 4:12).

ЗАРДЖЫТӔ: 96, 94

1. Хуыцауы Ныхасы стыр тых кӕй ис, уый дӕ цӕмӕн уырны? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ЙЕГЪОВӔЙЫ адӕмы фидарӕй уырны, йӕ ныхас кӕй у «удӕгас ӕмӕ дзы [кӕй] ис стыр тых» (Дзут. 4:12). Библи бирӕ адӕмы цард аивта, ӕмӕ дзы цы тых ис, уый нӕхиуыл дӕр бавзӕрстам. Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй иуӕй-иутӕ раздӕр уыдысты давджытӕ, наркомантӕ кӕнӕ кодтой ӕнӕгъдау цард. Чидӕртӕ уыдысты кадджын, зындгонд кӕнӕ хъӕздыг адӕймӕгтӕ, ӕмӕ сын уӕддӕр царды цыдӕр нӕ фаг кодта (Еккл. 2:3–11). Фӕлӕ, йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт кӕмӕн нӕ калд, уыцы адӕм Библийы фӕрцы ссардтой, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндаг. Нӕ брошюрӕтӕй иуы рубрикӕйы, «Библи ивы адӕймаджы цард», зӕгъгӕ, фыст вӕййы ахӕм адӕймӕгты тыххӕй, ӕмӕ сыл мах дӕр тынг фӕцин кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма, адӕймаг чырыстон куы свӕййы, уӕд ӕй суанг уый фӕстӕ дӕр фӕхъӕуы Библийы фӕрцы йӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын.

2. Фыццаг ӕнусы Хуыцауы Ныхас адӕмы куыд ивта?

2 Бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы сӕ царды ахӕм стыр ивындзинӕдтӕ кӕй скодтой, уый диссаг дӕр нӕу. Фыццаг ӕнусы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ – сӕрст чырыстӕттӕ – ахӕм ивындзинӕдтӕ скодтой. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11.) Хуыцауы Паддзахад бынӕн чи нӕ райсдзӕн, уыдоны кой кӕнгӕйӕ Павел йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты». Уыдон фӕивтой Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Фӕлӕ, чырыстӕттӕ куы систы, уый фӕстӕ дӕр ма дзы чидӕртӕ стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзтой ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ адард сты. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, ӕмбырдӕй ацух кӕнын кӕй бахъуыд, иу ахӕм сӕрст чырыстоны тыххӕй. Фӕстӕдӕр йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кодта, йӕ цард аивта ӕмӕ та ногӕй ӕмбырдимӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодта (1 Кор. 5:1–5; 2 Кор. 2:5–8). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы цас рӕдыдтытӕ сраст кӕнынц, уый уынгӕйӕ тынг бафидар вӕййӕм.

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Иугӕр нын Йегъовӕ йӕ Ныхас радта ӕмӕ дзы ахӕм стыр тых ис, уӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй дзы, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнӕм (2 Тим. 2:15). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Библи архайа 1) нӕ царды, 2) уацамынды ӕмӕ 3) ӕмбырды нын раныхас куы уа, уӕд? Ууыл аныхас кӕндзыстӕм ацы статьяйы. Нӕ уӕларвон Фыд нӕ ахуыр кӕны, пайда нын цы у, ууыл. Ӕмӕ ацы статьяйы фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у, уый (Ис. 48:17).

НӔ ЦАРДЫ

4. а) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас ива? б) Библи бакӕсынӕн рӕстӕг куыд ссарыс?

4 Цӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас ива, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр кӕсӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алы бон дӕр (Йес. Н. 1:8). Нӕ фылдӕрӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы аразинаг. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ мацы бахъыгдара Библи кӕсын, суанг, ӕнӕмӕнг нӕ цы фӕхъӕуы аразын, уыдӕттӕ дӕр. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.) Библи кӕсӕн ис райсомӕй раджы кӕнӕ изӕрӕй, йе та боны мидӕг ӕндӕр кӕцыдӕр афон. Мах разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ» (Пс. 119:97).

5, 6. а) Библийыл арф хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? б) Цы бакӕсӕм, ууыл афтӕ хъуыды кӕнӕн куыд ис, цӕмӕй нын уый пайда хӕсса? в) Библи кӕй фӕкӕсыс ӕмӕ йыл кӕй фӕхъуыды кӕныс, уый дын куыд ӕххуыс кӕны?

5 Фӕлӕ Библи ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу. Хъуамӕ-иу, цы бакӕсӕм, ууыл арф хъуыды кӕнӕм (Пс. 1:1–3). Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй уыдзӕн нӕ бон йӕ зондджын уынаффӕтӕй нӕ царды пайда кӕнын. Уӕдӕ мыхуыргонд Библи кӕсӕм ӕви йӕ компьютеры кӕнӕ планшеты кӕсӕм,– хъуамӕ-иу нӕ зӕрдӕтӕм арф бахъара.

6 Библийы цы бакастыстӕм, ууыл афтӕ хъуыды кӕнӕн куыд ис, цӕмӕй нын уый пайда хӕсса? Кӕсгӕ-кӕсын ис ӕрлӕууӕн ӕмӕ ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Ацы скъуыддзагӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон? Ацы хъуыдытӕй нырмӕ дӕр мӕ царды куыд спайда кодтон? Ноджыдӕр ма мӕ цы хъӕуы фӕивын?» Хуыцаумӕ-иу куы скувӕм ӕмӕ-иу йӕ Ныхасыл афтӕмӕй куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын. Ӕмӕ уӕд нӕхи царды уындзыстӕм, Библийы цы стыр тых ис, уый (2 Кор. 10:4, 5).

УАЦАМЫНДЫ

7. Нӕ бон куыд у уацамынды Хуыцауы Ныхасӕй пайда кӕнын?

7 Куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд Хуыцауы Ныхасӕй хъуамӕ арӕх пайда кӕнӕм. Иу ӕфсымӕр афтӕ загъта: «Йегъовӕимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кӕнис, уӕд ӕрмӕст дӕхӕдӕг дзурис?» Адӕймагӕн Библийӕ стихтӕ куы бакӕсӕм, уӕд ныхасы бар Йегъовӕйӕн раттӕм, ӕмӕ уӕд адӕймагимӕ уый фӕдзуры. Уыцы уавӕры чи сфидаудзӕн, ахӕм стихы цы уӕз уыдзӕн, нӕхи ныхӕсты уыйас уӕз нӕ уыдзӕн (1 Фес. 2:13). Уацамынды куы вӕййыс, уӕд адӕмӕн, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, Библийӕ стихтӕ бакӕсыс?

8. Уацамынды стих ӕнӕуи бакӕсын фаг цӕуылнӕ уыдзӕн?

8 Фӕлӕ адӕймагӕн стих ӕнӕуи бакӕсын фаг нӕ уыдзӕн. Адӕмӕн сӕ фылдӕр Библи нӕ фембарынц. Фыццаг ӕнусы дӕр афтӕ уыд хабар (Ром. 10:2). Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ адӕймаг стих йӕхӕдӕг дӕр бамбардзӕн. Нӕ бон у, ӕмӕ стихы сӕйраг хъуыдытӕ ногӕй бакӕсӕм ӕмӕ, цы нысан кӕнынц, уый йын бамбарын кӕнӕм. Афтӕмӕй-иу Хуыцауы Ныхас бахъардзӕн адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ йӕ зондмӕ дӕр. (Бакӕс Лукайы 24:32.)

9. Стих бакӕсыны размӕ нӕ бон цы у зӕгъын, цӕмӕй адӕймаг Библийыл баууӕнда? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Стих бакӕсыны размӕ цы зӕгъдзыстӕм, уымӕй дӕр кӕнгӕ уыдзӕн, адӕймаг, Библийы цы фыст ис, ууыл баууӕнддзӕн ӕви нӕ. Зӕгъӕм, ис афтӕ зӕгъӕн: «Ӕркӕс-ма, не Сфӕлдисӕг ацы фарстайы фӕдыл цы зӕгъы, уымӕ». Чырыстон чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ ныхасгӕнгӕйӕ ис зӕгъӕн: «Кӕс-ма, Сыгъдӕг Фыстад цы зӕгъы». Иу диныл дӕр хӕст чи нӕу, уый та ис бафӕрсӕн: «Ацы рагон ӕмбисонд никуы фехъуыстай?» Алы адӕймаг дӕр кӕй хицӕн кӕны, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу ссардзыстӕм хъӕугӕ ныхӕстӕ, цӕмӕй-иу алыхуызон адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ бацагайӕм (1 Кор. 9:22, 23).

10. а) Иу ӕфсымӕрыл цавӕр хабар ӕрцыд? б) Хуыцауы Ныхасӕн цы стыр тых ис, уый уацамынды искуы бафиппайдтай?

10 Бирӕтӕ хъусынгӕнгӕйӕ федтой, Хуыцауы Ныхас адӕмыл куыд тынг бандавы, уый. Иу ӕфсымӕр бирӕ азты дӕргъы иу ацӕргӕ нӕлгоймагӕн хаста журналтӕ. Ӕмӕ та йын иуахӕмы ног «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» куы ’рбахаста, уӕд ма йын Библийӕ бакаст 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4 стихтӕ дӕр. Уым та фыст ис, зӕгъгӕ нын тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр. Ацы ныхӕстӕ нӕлгоймаджы зӕрдӕ афтӕ тынг бацагайдтой, ӕмӕ ӕфсымӕрӕн загъта, цӕмӕй йын сӕ ногӕй бакастаид. Уый фӕстӕ йын афтӕ, зӕгъгӕ, дам, нӕ мӕ бинойнагимӕ удӕнцой ӕцӕгдӕр хъуыди. Уыцы стихты фӕрцы йӕ бафӕндыд Библийӕ фылдӕр базонын. Хуыцауы Ныхасӕй уацамынды куы фӕпайда кӕнӕм, уӕд ын ӕцӕгдӕр стыр тых вӕййы! (Хъуыд. 19:20).

РАНЫХАС ДЫН КУЫ УА

11. Ӕмбырды раныхӕстӕ кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕртыл цавӕр бӕрндзинад ис?

11 Мах тынг уарзӕм ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм цӕуын. Сӕйраджыдӕр сӕм уымӕн цӕуӕм, ӕмӕ афтӕмӕй дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма, цы дзы базонӕм, уый нын пайда дӕр хӕссы. Уымӕ гӕсгӕ, раныхӕстӕ кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕ уыцы хӕс кадыл нымайынц. Фӕлӕ ма сыл ис стыр бӕрндзинад дӕр (Иак. 3:1). Ӕмӕ, цы амонынц, уый хъуамӕ алкӕддӕр уа Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ. Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм кад ӕрхауд, уӕд дӕ бон куыд у Библийӕ афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй-иу йӕ ныхӕстӕ хъусджыты зӕрдӕтӕ бацагайой?

12. Цы дӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй дӕ раныхасӕн Библи уа йӕ астӕуцӕджындз?

12 Библи хъуамӕ уа раныхасӕн йӕ астӕуцӕджындз (Иоан. 7:16). Уӕдӕ дӕ хъус дар, дӕ раныхас куыд дзурыс, цы цӕвиттонтӕй пайда кӕныс ӕмӕ цӕвиттонӕн цы хабӕрттӕ хӕссыс, уымӕ, цӕмӕй Библи аууоны ма аззайа. Стӕй дӕ зӕрдыл дар, Библийӕ стих бакӕсын ӕмӕ Библи амонын иу кӕй нӕу. Зӕгъӕм, ӕгӕр бирӕ стихтӕ куы бакӕсай, уӕд сӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр хъуыды дӕр нӕ бакӕндзысты. Уӕдӕ, кӕцы стихтӕй спайда кӕндзынӕ, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Ӕмӕ-иу дӕ раныхасы рӕстӕг афтӕ спълан кӕн, цӕмӕй сӕ бакӕсай, райхалай сӕ, цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссай ӕмӕ сӕ царды куыд ис спайда кӕнӕн, уый бамбарын кӕнай (Неем. 8:8). Раныхас дӕ пъланмӕ гӕсгӕ куы хъӕуа цӕттӕ кӕнын, уӕд-иу лӕмбынӕг ӕркӕс, цы хъуыдытӕ ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонмӕ, стӕй кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу, дӕ раныхасы кӕцы стихтӕй спайда кӕндзынӕ, уыдон равзар, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕ бамбарын кӕнай. (Хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис 21–23 урокты.) Уӕлдайдӕр та хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курай, цӕмӕй дӕ бон суа, йӕ Ныхасы цы диссаджы хъуыдытӕ ис, уыдон адӕмӕн бамбарын кӕнын. (Бакӕс Ездрӕйы 7:10; Ӕмбисӕндтӕ 3:13, 14.)

13. а) Иу хойыл куыд бандӕвта, ӕмбырды кӕй фехъуыста, уыцы стих? б) Ӕмбырдты Библи кӕй фембарын кӕнынц, уый дын куыд баххуыс кодта?

13 Иу австралиаг хойыл гыццылӕй ӕрцыд, йӕ зӕрдӕйы йын арф хъӕдгӕмттӕ чи ныууагъта, ахӕм хабӕрттӕ. Ӕмӕ кӕд фӕстӕдӕр Йегъовӕйы базыдта, уӕддӕр ӕй кӕронмӕ нӕ уырныдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, уый. Иухатт ӕмбырды фехъуыста иу стих, ӕмӕ йыл тынг бандӕвта. Фӕхъуыды йыл кодта, ноджыдӕр ма ӕрмӕг бацагуырдта ӕмӕ ма уый фӕрцы ӕндӕр стихтӕ дӕр ссардта. Ӕмӕ уӕд нал дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, ууыл *. Дӕуӕн та ӕмбырды кӕнӕ конгрессы искуы искӕцы стих дӕ зӕрдӕйыл афтӕ сӕмбӕлд? (Неем. 8:12).

14. Йегъовӕйы Ныхасӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд равдисдзыстӕм?

14 Йегъовӕйӕ Библийы тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм! Уый загъта, йӕ Ныхас ӕнустӕм кӕй уыдзӕн, ӕмӕ нӕ фӕсайдта (1 Пет. 1:24, 25). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды Библи ӕдзухдӕр кӕсын, нӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразын ӕмӕ йӕ фӕрцы иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, уыцы хӕзнайӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ уӕлдайдӕр та уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, йӕ Авторы, Йегъовӕ Хуыцауы, кӕй уарзӕм, уый.