Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Ӕрхауди мӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртимӕ лӕггад кӕныны кад

Ӕрхауди мӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртимӕ лӕггад кӕныны кад

1930-ӕм азты мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд, Джесси ӕмӕ Джеймс Синклер, ӕрцардысты Бронксы, Нью-Йорчы районтӕй иуы. Уым базонгӕ сты Уилли Снедонимӕ. Уый дӕр мӕ ныййарджытау ӕрцыд Шотландийӕ. Ӕмӕ уайтагъд кӕрӕдзийӕн сӕ бинонты тыххӕй дзурын райдыдтой. Уыцы хабар ӕрцыди мӕ райгуырдӕй цалдӕр азы размӕ.

Мӕ мад Уиллийӕн радзырдта, Фыццаг дунеон хӕсты хӕдразмӕ йӕ фыд ӕмӕ йӕ хистӕр ӕфсымӕр Цӕгат денджызы кӕсагахсӕн лодкӕйыл куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сыл минӕ кӕй схӕцыд ӕмӕ кӕй аныгъуылдысты. Уилли йын загъта: «Дӕ фыд зындоны ис!» Уилли уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уӕд мӕ мад фыццаг хатт фехъуыста рӕстдзинад, уымӕй дӕр ахӕм ӕнахуыр хуызы.

Уилли ӕмӕ Лиз Снеддон

Уилли афтӕ кӕй загъта, уый мӕ мадӕн тынг зын уыди, уымӕн ӕмӕ йӕ фыд хорз адӕймаг уыд. Уӕд ын Уилли загъта: «Ӕмӕ дын афтӕ куы зӕгъон, Йесо дӕр зындонмӕ ныццыд, зӕгъгӕ, уӕд та дын фенцондӕр уыдзӕн?» Мӕ мадӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, аргъуаны цы куывд сахуыр кодта, уый. Уыди дзы ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йесо зындонмӕ ныццыд ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас. Уӕд мӕ мад ахъуыды кодта: «Кӕд зындон, фыдгӕнджытӕ арты кӕм судзынц, ахӕм бынат у, уӕд Йесо уырдӕм цӕмӕн ныццыд?» Уӕд ӕй Библийӕ фылдӕр базонын бафӕндыд, ӕмӕ райдыдта Бронксы ӕмбырдмӕ цӕуын. 1940 азы та донаргъуыд райста.

Мӕ мадимӕ; фӕстӕдӕр мӕ фыдимӕ

Уыцы рӕстӕг чырыстӕтты афтӕ тынг нӕ разӕнгард кодтой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кодтаиккой. Улӕфгӕ бонты-иу мӕ мад ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ куы ацыд, уӕд-иу ӕз та мӕ фыдимӕ уыдтӕн. Уӕд нырма бынтон гыццыл уыдтӕн. Цалдӕр азы фӕстӕ мӕ фыдимӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтам. Мӕ мад зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг уыди, ӕмӕ цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кодта. Иуафон афтӕ дӕр уыд, ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы адӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕввахс чи цард, уыдонӕн-иу Библийы ахуыр иумӕ уагъта. Каникулты-иу ӕз дӕр йемӕ хъусын кӕнынмӕ цыдтӕн. Уый фӕрцы Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтон, стӕй сахуыр дӕн, цы фыст дзы ис, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын.

Хъыгагӕн, гыццылӕй рӕстдзинадӕн тынг нӕ аргъ кодтон. Фӕлӕ мыл иу-12 азы куы цыд, уӕд сдӕн ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр цыдтӕн хъусын кӕнынмӕ. 16 азы мыл куы цыд, уӕд мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон ӕмӕ 1954 азы 24 июлы, Торонтойы (Канадӕ) цы конгресс уыд, уым донаргъуыд райстон.

ЛӔГГАД КӔНЫН ВЕФИЛЫ

Не ’мбырды уыди, Вефилы чи лӕггад кодта, ахӕм ӕфсымӕртӕ. Чидӕртӕ та дзы Вефилы раздӕр лӕггад кодтой. Сӕ цӕвиттон мыл тынг бандӕвта. Раныхӕстӕ дзургӕйӕ ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ куыд дзырдарӕхст уыдысты, стӕй Библи ӕмбарын кӕнынмӕ куыд арӕхстысты, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Мӕ ахуыргӕнджыты фӕндыд, цӕмӕй университетмӕ бацыдаин, фӕлӕ ӕз сфӕнд кодтон Вефилы лӕггад кӕнын. Гъемӕ, донаргъуыд цы конгрессы райстон, уым Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кодтон. Уый фӕстӕ та 1955 азы дӕр ногӕй афтӕ бакодтон, горӕт Нью-Йорчы стадион «Янки»-йы цы конгресс уыди, уым. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ фӕхуыдтой Бруклины Вефилмӕ. Уӕдмӕ мыл сӕххӕст 17 азы. Вефилы лӕггад кӕнын райдыдтон 1955 азы 19 сентябры. Иннӕ бон мӕ арвыстой, чингуыты сыфтӕ кӕрӕдзийыл кӕм хуыдтой ӕмӕ сын цъӕрттӕ кӕм кодтой, уыцы цехмӕ (уыди Адамс-стритыл, 117). Гыццыл фӕстӕдӕр райдыдтон станокыл кусын. Уый-иу 32 сыфӕй конд хӕйттӕ ӕмбырд кодта, цӕмӕй сӕ стӕй ӕндӕр станок иумӕ бахуыдтаид ӕмӕ-иу сӕ чиныг рауадаид.

17-аздзыдӕй райдыдтон Бруклины Вефилы лӕггад кӕнын

Уыцы цехы иу мӕйы бӕрц куы акуыстон, уӕд мӕ арвыстой литературӕйы заказты хайадмӕ, уымӕн ӕмӕ зыдтон машинкӕйыл мыхуыр кӕнын. Уыцы рӕстӕг-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ арӕзтой гыццыл ӕфсӕйнаг трафареттӕ, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ-иу «Райхъал ут!» чи рафыста, уыдоны адристимӕ. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ райдыдтон литературӕ ӕрвитынӕн дзуапдӕттӕг хайады кусын. Нӕ хайады цӕстдарӕг Клаус Дженсен мын загъта, цӕмӕй, наулӕууӕнтӕм литературӕимӕ къоппытӕ чи ласта, уымӕн ӕххуыс кодтаин. Уырдыгӕй та-иу литературӕ арвыстой алы бӕстӕтӕм. Стӕй ма-иу хъуамӕ почтӕмӕ аластаиккам, Иугонд Штатты ӕмбырдтӕм ӕрвитын кӕй хъуыд, уыцы журналтӕ голджыты. Ӕфсымӕр Клаус мын загъта, зӕгъгӕ, дам, дын мӕнмӕ гӕсгӕ ахӕм куыст фӕпайда уыдзӕн. Уӕд 57 килӕйы йеддӕмӕ нӕ уыдтӕн, ӕмӕ уыдтӕн тихалӕджы хуызӕн. Наулӕууӕнтӕм ӕмӕ почтӕмӕ дыууӕрдӕм кӕй кодтон, уый фӕрцы ме уӕнгтӕ фӕфидар сты. Ӕфсымӕр Клаус ӕй, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгдӕр зыдта, цы мын фӕпайда уыдзӕн, уый.

Литературӕйы заказты хайад, ӕмбырдтӕй цы заказтӕ цыди, уыдоны куыст дӕр кодта. Уый фӕрцы базыдтон, алы бӕстӕтӕм кӕй ӕрвыстой, уыцы публикацитӕ Бруклины цавӕр ӕвзӕгтыл мыхуыр кодтой, уый. Бирӕ ӕвзӕгты тыххӕй хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтон, фӕлӕ-иу тынг цин кодтон, дӕсгай мин журналтӕ-иу дард рӕттӕм ӕрвыст кӕй цыдысты, ууыл. Фӕстӕдӕр уыцы бӕстӕтӕй бирӕтӕ кӕй бабӕрӕг кӕндзынӕн, уый уӕд мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд.

Роберт Уолленимӕ, Чарлз Молохенимӕ ӕмӕ Дон Адамсимӕ

1961 азы мӕ снысан кодтой къазначейы хайадмӕ ӕмӕ мӕ цӕстдарӕг уыд Грант Сьютер. Уым цалдӕр азы куы акуыстон, уӕд мӕм йӕ офисмӕ фӕдзырдта Нейтан Норр, уӕд нӕ организацийӕн разамынд ӕгас дунейы дӕр уый лӕвӕрдта. Уый мын загъта, йӕ хайады цы ’фсымӕртӕ куыста, уыдонӕй иуы иу мӕймӕ Бӕрнон ӕфсымӕрты скъоламӕ кӕй ӕрвитынц ӕмӕ стӕй та уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады кӕй лӕггад кӕндзӕн. Гъемӕ мӕ йӕ бӕсты сӕвӕрдтой ӕмӕ хъуамӕ куыстаин Дон Адамсимӕ. Ӕфсымӕр Дон та уыд, 1955 азы конгрессы Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат кӕмӕ радтон, уыцы ӕфсымӕр. Уыцы хайады ма куыстой Роберт Уоллен ӕмӕ Чарлз Молохен. Цыппарӕй иумӕ фӕкуыстам 50 азӕй фылдӕр. Мӕхи тынг амондджыныл нымайын, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыди ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдонимӕ кӕй лӕггад кодтон, уый тыххӕй! (Пс. 133:1).

Зоналон цӕстдарӕгӕй мӕ куы снысан кодтой, уӕд мӕ фыццаг балцы Венесуэлӕйы, 1970 аз

1970 азы мын бахӕс кодтой, цӕмӕй-иу афӕдз иу хатт кӕнӕ дыууӕ азы иу хатт цалдӕр къуырийы дӕргъы бӕрӕг кодтаин Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕхсӕнады филиалтӕй цалдӕр. Уыцы рӕстӕг уый хуынди, филиал бӕрӕг кӕны зоналон цӕстдарӕг, зӕгъгӕ. Зоналон цӕстдарӕгӕн йӕ хӕс уыд алы бӕстӕты Вефилы бинонты ӕмӕ миссионерты бабӕрӕг кӕнын, бафидар сӕ кӕнын ӕмӕ филиалты документтӕм дӕр ӕркӕсын. Уыцы бӕстӕты-иу фембӕлдтӕн, Галаады скъолайы фыццаг кълӕстӕ чи фӕци, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕимӕдӕрты, ӕмӕ-иу мӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Стӕй мын тынг ӕхсызгон уыди, кӕдӕм сӕ снысан кодтой, уыцы бӕстӕты дарддӕр афтӕ иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодтой, уый. Афтӕ бабӕрӕг кодтон 90 бӕстӕйӕ фылдӕр, ӕмӕ уый мӕхицӕн стыр кадыл нымайын.

Бабӕрӕг кодтон ӕфсымӕрты 90 бӕстӕйӕ фылдӕры!

ССАРДТОН ӔНУВЫД ЦАРДӔМБАЛ

Бруклины Вефилы чи лӕггад кодта, уыдон нысангонд уыдысты горӕт Нью-Йорчы ӕмбырдтӕм. Ӕз уыдтӕн Бронксы ӕмбырды. Уыцы районы фыццаг чи фӕзынд, уыцы ӕмбырд сыстыр, ӕмӕ йӕ адих кодтой. Ӕз цы ӕмбырды баззадтӕн, уый схуыдтой Уӕллаг Бронксы ӕмбырд.

1960-ӕм азты ӕмбисы, рӕстдзинад Бронксы хуссар хайы чи базыдта, иу ахӕм бинонтӕ ралыгъдысты не ’мбырды территоримӕ, уыдысты латвиӕгтӕ. Сӕ хистӕр чызг Ливийӕ куыддӕр скъола фӕци, афтӕ райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ лӕггад кӕнынмӕ ацыд Массачусетсмӕ, уымӕн ӕмӕ дзы хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кодта. Ӕз ӕм писмотӕ фыссын райдыдтон, фыстон-иу ӕм ӕмбырды ног хабӕртты тыххӕй. Уый дӕр-иу мӕм ныффыста, Бостоны куыд ӕнтыстджынӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй.

Ливийӕимӕ

Цалдӕр азы фӕстӕ Ливийӕйы снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй. Уый фӕндыди Йегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кодта. 1971 азы йӕ фӕхуыдтой Вефилмӕ. Афтӕ мӕм фӕкаст, цыма мын Йегъовӕ афтӕ зӕгъы, архай, зӕгъгӕ! Ӕмӕ 1973 азы 27 октябры нӕ цард баиу кодтам. Ахӕм кад нӕм ӕрхауд, ӕмӕ нӕ чындзӕхсӕвы раныхас радзырдта ӕфсымӕр Нейтан Норр. Ӕмбисӕндты 18:22 стихы фыст ис: «Хорз ус ссардтай? Уӕд ссардтай стыр хорздзинад ӕмӕ хайджын дӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй». Ливийӕимӕ иумӕ Вефилы лӕггад кӕнӕм 40 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм Бронксы ӕмбырдтӕй иуы.

ЧЫРЫСТИЙЫ ӔФСЫМӔРТИМӔ УӔХСКИ-УӔХСК ЛӔГГАД КӔНЫН

Ӕфсымӕр Норримӕ лӕггад кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Уый рӕстдзинады тыххӕй бирӕ фыдӕбон кодта, фӕллад нӕ зыдта, стӕй тынг аргъ кодта, ӕгас дунейы дӕр алы бӕстӕты чи лӕггад кодта, уыцы миссионертӕн. Уыдонӕй бирӕтӕ, цы бӕстӕтӕм сӕ арвыстой, уыцы бӕстӕты уыдысты фыццаг Ӕвдисӕнтӕ. 1976 азы ӕфсымӕр Норрмӕ ссардтой рак, ӕмӕ куыд тухӕн кӕны, уымӕ кӕсын зын уыди. Иуафон хуыссӕнӕй куы не стад, уӕд мын загъта, цӕмӕй йын бакастаин, мыхуырмӕ кӕй цӕттӕ кодтой, уыцы ӕрмӕг. Ӕмӕ ма мын загъта, цӕмӕй Фредерик Френцмӕ дӕр фӕдзырдтаин, уый дӕр, дам, байхъусӕд. Фӕстӕдӕр ӕй базыдтон, ӕфсымӕр Френц цӕстӕй ӕвзӕр уынын кӕй райдыдта, уый тыххӕй-иу ын Норр арӕх кӕй касти, мыхуыры чи хъуамӕ рацыдаид, уыцы публикацитӕ.

Филиалтӕй иу куы бӕрӕг кодтон, уӕд, Дэниел ӕмӕ Маринӕ Сидликимӕ, 1977 аз

Ӕфсымӕр Норр амард 1977 азы. Фӕлӕ, зынаргъ кӕмӕн уыд ӕмӕ йӕ чи уарзта, уыдон ӕй зыдтой, йӕ зӕххон царды кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй баззад, ӕмӕ сын уый уыд ныфсы хос (Рарг. 2:10). Йӕ фӕстӕ нӕ куыстӕн разамынд лӕвӕрдта ӕфсымӕр Френц.

Уыцы рӕстӕг ӕз куыстон Милтон Хеншелимӕ, кодтон секретары куыст. Ӕфсымӕр Хеншел ӕмӕ ӕфсымӕр Норр иумӕ бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтой. Ӕмӕ мын ӕфсымӕр Хеншел загъта, ныр Вефилы мӕ сӕйраг хӕс кӕй уыдзӕн ӕфсымӕр Френцӕн алцӕмӕй дӕр ӕххуыс кӕнын. Цалынмӕ публикаци мыхуыры рацыдаид, уӕдмӕ-иу ын ӕй хъуамӕ бакастаин. Френц-иу алцыдӕр бахъуыды кодта, стӕй-иу ын цы кастӕн, уымӕ-иу тынг лӕмбынӕг хъуыста ӕмӕ дзы ӕппындӕр ницы ирвӕзти. Афтӕ йын кӕй ӕххуыс кодтон, уый мын стыр циндзинад хаста. Френцӕн йӕ зӕххон цард фӕци 1992 азы декабры.

Колумбия-Хайтс, 124; ам бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтон

Ныр Вефилы лӕггад кӕнын 61 азы, ӕмӕ уыцы азтӕ тынг тагъд атахтысты. Мӕ фыд дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр суанг сӕ мӕлӕты онг Йегъовӕйыл уыдысты иузӕрдион. Ӕмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, ацы дунейӕ бирӕ хуыздӕр чи уыдзӕн, уыцы дунейы сӕ ногӕй куы фенон, уымӕ (Иоан. 5:28, 29). Ӕгас зӕххыл Хуыцауы адӕмы тыххӕй чи фыдӕбон кӕны, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ лӕггад кӕнын стыр кад у, ӕмӕ дын ацы зӕронд дуне цыфӕнды ма дӕтта, уӕддӕр уый уыцы кады раз ницы у. Ливийӕимӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг цас лӕггад кӕнӕм, уыйас, «Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый у нӕ фидар мӕсыг» (Неем. 8:10).

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дарддӕр хъуыстгонд цӕуы, ӕмӕ иу адӕймагӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уыцы куыст ӕнӕ уымӕй ӕрлӕудзӕн. Бирӕ фидар ӕмӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ кӕй лӕггад кодтон, уый мын уыд стыр кад, стӕй стыр цины хос. Иумӕ кӕимӕ куыстам, уыцы сӕрст чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр ныр зӕххыл нал сты. Фӕлӕ ахӕм иузӕрдион, фӕлтӕрдджын чырыстӕттимӕ уӕхски-уӕхск кӕй лӕггад кодтон, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн.