Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Байхъусут зондамындмӕ, ӕмӕ суат зондджын»

«Байхъусут зондамындмӕ, ӕмӕ суат зондджын»

«Мӕ хъӕбултӕ. [...] Байхъусут зондамындмӕ, ӕмӕ суат зондджын» (ӔМБ. 8:32, 33).

ЗАРДЖЫТӔ: 56, 89

1. Хуыцауы зондӕй цӕй фӕрцы уыдзыстӕм хайджын ӕмӕ нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

ЙЕГЪОВӔ у стыр зонды хицау, ӕмӕ уыцы зондӕй иннӕтӕн дӕр рӕдауӕй хай кӕны. Иаковы 1:5 фыст ис: «Кӕд [уӕ] искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй». Хуыцауы зондӕй цӕй фӕрцы уыдзыстӕм хайджын? Иу уый, ӕмӕ Хуыцауы зондамындмӕ куы хъусӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй хызт уыдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ нӕ адард уыдзыстӕм (Ӕмб. 2:10–12). Ӕмӕ нын уый фӕрцы уыдзӕн диссаджы ныфс – ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иуд. 21).

2. Хуыцауы зондамындӕн цӕй фӕрцы аргъ кӕндзыстӕм?

2 Хатгай нын не ’нӕххӕстдзинады тыххӕй, цы уавӕрты схъомыл стӕм, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй зын вӕййы зондамындмӕ хъусын кӕнӕ та йӕм раст цӕстӕй кӕсын. Фӕлӕ нын Хуыцауы зондамынд цы пайда хӕссы, уый нӕ царды куы фӕуынӕм, уӕд ӕй фембарӕм, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Ӕмбисӕндты 3:11, 12 фыст ис: «Мӕ хъӕбул, Йегъовӕ дын зонд куы амона, уӕд-иу ууыл дӕ къух ма ауигъ... уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны». Уӕдӕ нӕ рох макуы уӕд, Йегъовӕйы ӕрмӕстдӕр нӕ хорз кӕй фӕнды. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:5–11.) Хуыцау нӕ хорз кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ нын зонд ӕнӕхъуаджы никуы бацамоны ӕмӕ йӕ зондамынд ӕгӕр карз никуы вӕййы. Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм цыппар хъуыддагмӕ: 1) адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхицӕн зонд цӕмӕн хъуамӕ амона, ома йӕхиуыл хӕцын цӕмӕн хъуамӕ зона, 2) ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куыд хъуамӕ амоной, 3) чырыстонӕн ӕмбырды зонд куы бацамоной, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕса ӕмӕ 4) адӕймагӕн зондамындӕй стырдӕр маст цы ’рхӕссы.

ХИУЫЛХӔЦЫНДЗИНАД ЗОНДЫЛ ДЗУРӔГ У

3. Сывӕллонмӕ хиуылхӕцындзинад цӕй фӕрцы фӕзыны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

3 Хиуылхӕцындзинад уый у, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕ хъуыдытыл йӕ бар куы фӕцӕуы ӕмӕ йӕ зондахаст куы сраст кӕны. Уыцы миниуӕг адӕймаг йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссы – хъуамӕ йӕ йӕ удыхъӕды сфидар кӕна. Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Сывӕллон велосипедыл цӕуын куы фӕахуыр кӕны, уӕд ыл райдианы йӕ ныййарӕг фӕхӕцы, цӕмӕй ма ахауа. Фӕлӕ сывӕллон иу гыццыл куы ацахуыр вӕййы, уӕд ӕй ныййарӕг цалдӕр секундмӕ феуӕгъд кӕны ӕмӕ та йыл стӕй ныххӕцы. Ӕмӕ сывӕллон хорз цӕуын куы сахуыр вӕййы, уӕд та йӕ ныййарӕг бынтондӕр ауадзы. Раст афтӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фӕразонӕй, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ» куы фӕахуыр кӕнынц ӕмӕ сӕ «йӕ зондыл» куы фӕаразынц, уӕд уый фӕрцы сывӕллӕттӕ свӕййынц хиуылхӕцгӕ ӕмӕ зондӕй архайын сахуыр вӕййынц (Еф. 6:4).

4, 5. а) Хиуылхӕцындзинад ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у? б) «Авд хатты куы ахауӕм», уӕддӕр-иу нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта?

4 Йегъовӕйы стырӕй чи базоны, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Кӕд цавӕрдӕр хъуыддӕгты хиуылхӕцгӕ вӕййынц, уӕддӕр сӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ схонӕн нӕма вӕййы. Фӕлӕ, сӕ «удыхъӕд ногмӕ ивын» ӕмӕ Йесойы фӕзмын куы райдайынц, уӕд фӕлтӕрдджындӕр свӕййынц (Еф. 4:23, 24). Хиуылхӕцындзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сахуыр уӕм «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзын ӕмӕ ацы дунейы уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:12).

5 Фӕлӕ мах не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕдджын (Еккл. 7:20). Уымӕ гӕсгӕ исты рӕдыд къахдзӕф куы саразӕм, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ нын хиуылхӕцындзинад нӕ фаг кӕны кӕнӕ нӕм уыцы миниуӕг ӕппындӕр нӕй. Ӕмбисӕндты 24:16 фыст ис: «Рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн». Цымӕ нӕ бон фӕстӕмӕ сыстын цӕй фӕрцы бауыдзӕн? Нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:13.) Ӕмӕ хиуылхӕцындзинад дӕр хауы, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уымӕ.

6. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын нын ӕнцондӕр ӕмӕ ӕхсызгондӕр цӕй фӕрцы уыдзӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

6 Цӕмӕй нӕм хиуылхӕцындзинад уа, уый тыххӕй ма ахсджиаг у зӕрдӕбынӕй кувын, Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Чи зоны дӕм Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын зын кӕсы кӕнӕ та ахуыр кӕнын ӕппындӕр нӕ уарзыс. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн бар куы раттай, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ йӕ Ныхас агура (1 Пет. 2:2). Фыццаджыдӕр Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕм хиуылхӕцындзинад уа ӕмӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ зивӕг ма кӕнай. Уый фӕстӕ-иу дӕ куывдмӕ гӕсгӕ архай. Зӕгъӕм, дӕ бон уал у уыцы хъуыддагӕн цалдӕр минуты рахицӕн кӕнын. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ дын, Хуыцауы Ныхасы цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдон ахуыр кӕнын уыдзӕн бирӕ ӕнцондӕр ӕмӕ ӕхсызгондӕр (1 Тим. 4:15).

7. Хиуылхӕцындзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын Хуыцауы хъуыддаджы цы нысӕнттӕ ис, уыдон нӕ къухы ӕфтой?

7 Хиуылхӕцындзинады фӕрцы нӕ къухы бафтынц, Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрӕм, уыдон. Ӕркӕсӕм-ма, бинонтӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм ӕфсымӕры цӕвиттонмӕ. Уый ӕмбӕрста, раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ кӕй нал хъусын кӕны. Гъемӕ йӕ разы нысан сӕвӕрдта, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Уыцы ӕфсымӕр уый фӕдыл нӕ брошюрӕты статьятӕ каст ӕмӕ Хуыцаумӕ куывта. Уый фӕрцы Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс ӕмӕ йӕ пионерӕй лӕггад кӕнын ноджы тынгдӕр бафӕндыд. Уымӕй уӕлдай ма, йӕ уавӕртӕ-иу ӕй куы амыдтой, уӕд-иу ӕххуысгӕнӕг пионерӕй дӕр балӕггад кодта. Кӕд ӕй цыдӕртӕ къуылымпы кодта, уӕддӕр архайдта, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафтыдаид. Ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта.

УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ХЪОМЫЛ КӔНУТ, ЙЕГЪОВӔ КУЫД АМОНЫ, АФТӔ

Сывӕллон куы райгуыры, уӕд, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый нӕ фӕзоны; фӕхъӕуы йӕ ахуыр кӕнын (кӕс 8 абзац)

8–10. Чырыстон ныййарджытӕн цы баххуыс кӕндзӕн сӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнынӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Чырыстон ныййарджытӕн сӕ бӕрны ис кадджын хӕс: сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕнын, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразын» (Еф. 6:4). Уый ӕнцон хъуыддаг нӕу, уӕлдайдӕр та абоны дунейы цӕргӕйӕ (2 Тим. 3:1–5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау алы адӕймаджы дӕр ӕфсармӕй схайджын кодта, фӕлӕ уӕддӕр, сывӕллон куы райгуыры, уӕд, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый нӕ фӕзоны, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы йе ’фсарм ахуыр кӕнын, ома йын зонд амонын (Ром. 2:14, 15). Иу Библи иртасӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «зонд амонын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны сывӕллоны афтӕ хъомыл кӕнынмӕ, цӕмӕй дзы, йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын чи зона, ахӕм адӕймаг рауайа.

9 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд фӕлмӕнӕй куы фӕамонынц, уӕд сывӕллӕттӕ фембарынц, сӕ ныййарджытӕ сыл кӕй тыхсынц. Стӕй ма бамбарынц, алцы кӕныны бар сын кӕй нӕй, стӕй алы хъуыддаг дӕр йе хорзмӕ кӕй ӕркӕны, йе – ӕвзӕрмӕ. Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ разамынд Йегъовӕйӕ агурой. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл алыхуызон адӕмыхӕттытӕ иу хъуыдыйыл хӕст нӕ вӕййынц, стӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл иу фӕлтӕрӕй иннӕ фӕлтӕрмӕ адӕмӕн сӕ хъуыды фӕивы. Фӕлӕ ныййарджытӕ Хуыцауы зондӕй куы архайой, уӕд ӕмбардзысты, сӕ сывӕллӕтты куыд хъуамӕ хъомыл кӕной, уый, стӕй сӕ ныфс ацы дунейы зондыл дӕр нӕ дардзысты.

10 Уыцы хъуыддаджы ныййарджытӕн фӕзминаг у Ной. Йегъовӕ йын нау саразын куы бахӕс кодта, уӕд Ной нӕ зыдта, куыд ӕй хъӕуы аразын, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуыди йӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрын, ӕмӕ, уӕвгӕ, «раст афтӕ бакодта», ома алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Райд. 6:22). Уый фӕрцы Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ аирвӕзтысты! Ной ма уыд хорз фыд дӕр. Ӕмӕ кӕд Доны хъаймӕты размӕ, бынысӕфт чи фӕци, ахӕм адӕмы ’хсӕн цард, уӕддӕр, Хуыцауы зондӕй кӕй архайдта, уый фӕрцы йӕ сывӕллӕтты хорз схъомыл кодта ӕмӕ сын уыди фӕзминаг (Райд. 6:5).

11. Ныййарджыты сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй архайын цӕмӕн хъӕуы?

11 Ныййарджытӕ, уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сымах дӕр Нойау, Хуыцау уын куыддӕриддӕр дзуры, «раст афтӕ кӕнат»? Йегъовӕйы зондӕй архайут ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты, йӕ Ныхас ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ хъомыл кӕнут. Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд уӕ уӕ сывӕллӕттӕ, чи зоны, бузныг дӕр фӕуой, афтӕ сӕ кӕй хъомыл кодтат, уый тыххӕй! Иу ӕфсымӕр ныффыста: «Мӕ ныййарджытӕ мӕ куыд хъомыл кодтой, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг дӕн. Сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй мын мӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардтаиккой». Уыцы ӕфсымӕр куыд загъта, афтӕмӕй йын Хуыцауы хъуыддаджы цы бантыст, уый йын йӕ ныййарджыты фӕрцы бантыст. Фӕлӕ кӕд ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хорз схъомыл кӕныныл фӕфыдӕбон кӕнынц, уӕддӕр иуӕй-иу сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы ныууадзынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ахӕм ныййарджытӕн Хуыцауы раз ис сыгъдӕг цӕсгом, уымӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты раст зондыл саразыныл ӕппӕт хъарутӕй архайдтой. Стӕй сӕ ныфс дӕр ис, иу бон фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзысты.

12, 13. а) Сӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй кӕмӕн ацух кодтой, уыцы ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ архайын? б) Ныййарджытӕ афтӕ куы фӕархайынц, уӕд уый цавӕр пайда ӕрхӕссы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Иуӕй-иу ныййарджытӕн Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ архайын зын вӕййы, зӕгъӕм, сӕ сывӕллоны сын ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд. Ӕркӕсӕм-ма иу хойы цӕвиттонмӕ. Йӕ чызджы йын ӕмбырдӕй ацух кодтой, ӕмӕ чызг хӕдзарӕй ацыд. Уыцы хо загъта: «Нӕ публикациты-иу ахӕм хъуыдытӕ агуырдтон, цӕмӕй мын мӕ чызгимӕ ӕмӕ мӕ чызджы чызгимӕ ӕмбӕлынӕн ӕфсон уыдаид». Фӕлӕ йын йӕ сӕрыхицау фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, сӕ чызгыл сӕ бар кӕй нал цӕуы ӕмӕ йын ныр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй хъуамӕ амона зонд.

13 Цалдӕр азы фӕстӕ сӕ чызг фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Нӕ хо загъта: «Алы бон дӕр мӕм телефонӕй йе дзургӕ ӕрбакӕны, йе мӕм фысгӕ ныккӕны. Ӕмӕ мӕнӕн дӕр ӕмӕ йӕ фыдӕн дӕр тынг аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтам. Стӕй кӕрӕдзиимӕ ӕнгом стӕм». Мыййаг, сымахӕн дӕр уӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй ацух кодтой? Кӕд о, уӕд уӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарут ӕмӕ архайут, цӕмӕй уӕхи зондӕй ныфсджын ма уат? (Ӕмб. 3:5, 6). Рох уӕ ма уӕд, Йегъовӕйы зондамынд йӕ уарзондзинадыл ӕмӕ йе стыр зондыл дзурӕг кӕй у. Уӕ зӕрдыл дарут, йӕ Фырты алкӕй тыххӕй дӕр, уыимӕ уӕ сывӕллоны тыххӕй дӕр, кӕй радта. Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фӕуа. (Бакӕс 2 Петры 3:9.) Уӕдӕ ма дызӕрдыг кӕнут, Йегъовӕйӕн йӕ зондамынд ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ алкӕддӕр раст кӕй вӕййынц. Ӕмӕ нын цы дзуры, уый аразын зын куы уа, уӕддӕр-иу ыл уӕ ныфс дарут. Уӕдӕ Йегъовӕйы зондамынды ныхмӕ макуы цӕут. Куыд уын амоны, афтӕ кӕнут.

ӔМБЫРДЫ НЫН ЗОНД КУЫ БАЦАМОНОЙ

14. Йегъовӕ нын «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕджы» уылты цы разамынд дӕтты, уый нын цы пайда хӕссы?

14 Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, чырыстон ӕмбырдыл кӕй тыхсдзӕн, кӕй йӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йын разамынд кӕй дӕтдзӕн. Цымӕ уый куыд аразы? Зӕгъӕм, ӕмбырд йӕ Фырты бар бакодта, уый та «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕджы» сӕвӕрдта, цӕмӕй нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл лӕвӕрд цӕуа (Лук. 12:42). Уыцы «хӕдзармӕгӕсӕг» нын зонд амоны, ома нын хорз разамынд дӕтты. Искуы дын афтӕ уыди, ӕмӕ дын цавӕрдӕр раныхас кӕнӕ нӕ брошюрӕтӕй цавӕрдӕр статья дӕ зондахаст ӕмӕ дӕ уагахаст фӕивынӕн баххуыс кодта? Кӕд уыцы ивындзинӕдтӕ скодтай, уӕд раппӕлинаг дӕ! Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы зондамындмӕ байхъуыстай (Ӕмб. 2:1–5).

15, 16. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы куыст кӕнынц, уый нын пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн? б) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хӕс зӕрдиагдӕрӕй ӕххӕст кӕной?

15 Йесо ма ӕмбырдӕн радта «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты», ома хистӕр нӕлгоймӕгты, цӕмӕй Хуыцауы дзуг хизой (Еф. 4:8, 11–13). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы куыст кӕнынц, уый нын пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн? Сӕ уырнындзинад ӕмӕ сын сӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы фӕзмӕм, стӕй нын Библийӕ цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ куы хъусӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:7, 17.) Дӕ зӕрдыл дар, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ тынг кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕна. Зӕгъӕм, чидӕр ӕмбырдтӕ цух кӕнын кӕй райдыдта кӕнӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй нал лӕггад кӕны, уый куы бафиппайынц, уӕд ӕм уайтагъд се ’ххуысы къух бадарынц. Байхъусынц ӕм, стӕй йын йӕ ныфсыл ныфс бафтауынц ӕмӕ йын Библийӕ хорз уынаффӕ раттынц. Се ’ххуысмӕ сын цы цӕстӕй кӕсыс? Ӕмбарыс ӕй, уыцы ’ххуыс Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у?

16 Дӕ зӕрдыл дар, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алы хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы иннӕтӕн уынаффӕтӕ дӕттын. Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм, пехуымпар Нафанӕн куыд зын уыдаид Давидимӕ аныхас кӕнын, паддзах йӕ уӕззау тӕригъӕд басусӕг кӕнынмӕ куы хъавыд, уӕд (2 Сам. 12:1–14). Апостол Павелы дӕр хъуыди хъӕбатырдзинад, цӕмӕй Петрӕн, 12 апостолӕй иуӕн, бауайдзӕф кодтаид, дзуттаг чырыстӕтты кӕй хъулон кодта, уый тыххӕй (Гал. 2:11–14). Уӕдӕ дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс ӕххӕст кӕнын ӕнцондӕр уа? У сӕрныллӕг, бузныг сӕ у, стӕй дӕхи афтӕ ма дар, ӕмӕ дӕм бацӕуын ма уӕндой. Рох дӕ ма уӕд, кӕй дын ӕххуыс кӕнынц, уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. Афтӕмӕй дын се ’ххуыс пайда ӕрхӕсдзӕн, ӕмӕ уыдон дӕр сӕ хӕс зӕрдиагдӕрӕй ӕххӕст кӕндзысты.

17. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иу хойӕн куыд баххуыс кодтой?

17 Иу хо загъта, раздӕр ыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй йын Йегъовӕйы уарзын ӕнцон кӕй нӕ уыд ӕмӕ йӕхимӕ кӕй ныхъхъуыста. Уыцы хо радзырдта: «Ӕмбӕрстон ӕй, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнын мӕ кӕй хъӕуы, ӕмӕ сӕм бацыдтӕн. Уыдон мӕ уайдзӕфты бын нӕ фӕкодтой, фӕлӕ мын мӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой. Кӕд-иу ӕнӕвдӕлон уыдысты, уӕддӕр-иу мӕм ӕмбырды фӕстӕ сӕ иу уӕддӕр бацыд ӕмӕ-иу мӕ афарста, куыд дӕ, зӕгъгӕ. Мӕ раздӕры хабӕртты тыххӕй мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ уарза, уый аккаг нӕ дӕн. Фӕлӕ-иу мын Йегъовӕ ӕмбырды уылты ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты ногӕй ӕмӕ ногӕй равдыста, кӕй мӕ уарзы, уый. Ныр Хуыцаумӕ фӕкувын, цӕмӕй дзы макуы адард уон».

АДӔЙМАГӔН ЗОНДАМЫНДӔЙ СТЫРДӔР МАСТ ЦЫ ’РХӔССЫ?

18, 19. Адӕймагӕн зондамындӕй стырдӕр маст цы ’рхӕссы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

18 Зондамынд хатт маст дӕр ӕрхӕссы, фӕлӕ адӕймагӕн ноджы стырдӕр маст ӕрхӕссы, Хуыцауы зондамындмӕ куы нӕ байхъусы, уый (Дзут. 12:11). Ӕркӕсӕм Каины ӕмӕ паддзах Седекийы цӕвиттонтӕм. Каин йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт куы федта ӕмӕ йӕ марынвӕнд куы скодта, уӕд ӕй Хуыцау бафӕдзӕхста: «Цӕуыл смӕсты дӕ ӕмӕ дӕхи цӕуыл ныттар кодтай? Хорздзинад аразын куы райдайай, уӕд дӕ не сбӕрзонд кӕндзынӕн? Фӕлӕ хорздзинад аразын куы нӕ райдайай, уӕд тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл ӕмӕ дӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Фӕлӕ йыл ды фӕуӕлахиз уыдзынӕ?» (Райд. 4:6, 7). Каин Йегъовӕйы зондамындмӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ йе ’фсымӕры амардта. Ӕмӕ уый тыххӕй цӕрӕнбонты стыр хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста (Райд. 4:11, 12). Каин Йегъовӕмӕ куы байхъуыстаид, уӕд йӕхи ахӕм масты хай нӕ бакодтаид.

19 Паддзах Седеки уыд фыдзӕрдӕ адӕймаг ӕмӕ цыди иннӕты зондыл. Йӕ рӕстӕджы Иерусалим уыд тынг ӕвзӕр уавӕры. Пехуымпар Йереми Седекийы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууагътаид. Фӕлӕ паддзах уыцы зондамынд ницӕмӕ ӕрдардта, ӕмӕ уый фыдбылызмӕ ӕркодта (Йер. 52:8–11). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхи ахӕм мӕстытӕй бахизӕм! (Бакӕс Исайы 48:17, 18.)

20. Хуыцауы зондамындмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕм чи нӕ хъусы, уыдонмӕ фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

20 Абоны дунейы бирӕтӕ Хуыцауы зондамындмӕ нӕ хъусынц ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоныл ма худгӕ дӕр фӕкӕнынц. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы, Хуыцауы зондамынд чи ницӕмӕ дары, уыдон стыр масты хай бауыдзысты (Ӕмб. 1:24–31). Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр «хъусӕм зондамындмӕ, ӕмӕ суӕм зондджын». Ӕмбисӕндты 4:13 фыст ис: «Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ суадз. Хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уымӕй кӕнгӕ у».