Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Йегъовӕ мӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кодта!

Йегъовӕ мӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кодта!

Иухатт Адольф Гитлер адӕмы размӕ ныхасы рацыд, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ раныхасы фӕстӕ цыппар гыццыл чызджы дидинджытӕ балӕвар кодтаиккой. Уыцы чызджытӕй сӕ иу уыдтӕн ӕз. Мӕн уымӕн равзӕрстой, ӕмӕ мӕ фыд уыд нацистты партийы ӕмӕ куыста, уыцы партийӕн цы бынӕттон хайад уыд, уый хицауы шофырӕй. Мӕ мад та уыди католик ӕмӕ йӕ диныл тынг ӕнувыд уыд, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй моладзан суыдаин. Фӕлӕ мӕ кӕд мӕ ныййарджытӕй алчи йӕхи зондыл арӕзта, уӕддӕр нӕдӕр нацист сдӕн, нӕдӕр моладзан. Цӕуылнӕ, уый уын ныртӕккӕ радзурдзынӕн.

ӔЗ СХЪОМЫЛ ДӔН Австрийы, горӕт Грацы. Авдаздзыдӕй мӕ арвыстой дины скъолайы ахуыр кӕнынмӕ. Фӕлӕ дзы сауджынтӕ ӕмӕ ус-моладзантӕ цы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кодтой, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ-иу дисы бафтыдтӕн, афтӕ куыд хъуамӕ уа, зӕгъгӕ. Ӕмӕ афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ мӕ мад сразы, цӕмӕй уыцы скъола ныууагътаин.

Нӕ бинонтӕ; мӕ фыдыл ис ӕфсӕддон уӕлӕдарӕс

Фӕстӕдӕр та мӕ радтой интернатмӕ. Иу изӕр нын нӕ горӕтыл бомбӕтӕ калын райдыдтой, ӕмӕ мӕм мӕ фыд ӕрбацыд, цӕмӕй мӕ уырдыгӕй ӕдас бынатмӕ акодтаид. Мах алыгъдыстӕм горӕт Шладмингмӕ. Куыддӕр уырдӕм бахӕццӕ стӕм ӕмӕ хидыл ахызтыстӕм, афтӕ хидыл бомбӕ ӕрхауд, ӕмӕ ныппырх. Иухатт та мӕ мады мадимӕ кӕрты уыдыстӕм, афтӕмӕй нӕ, ныллӕг чи тахт, ахӕм хӕдтӕхджытӕй ӕхсын райдыдтой. Ӕппӕт уыцы хабӕртты тыххӕй хӕсты кӕронмӕ динӕй дӕр ӕмӕ хицауадӕй дӕр фыдӕнхъӕл фестӕм.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ НИКУЫ ФӔФЫДӔНХЪӔЛ КӔНЫ

1950 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕр мӕ мадимӕ Библийы хабӕрттыл дзурын райдыдта. Ӕмӕ-иу нӕм куы ’рбацыд, уӕд-иу сӕм ӕз дӕр хъуыстон ӕмӕ ма уый фӕстӕ мӕ мадимӕ цалдӕр хатты ӕмбырдмӕ дӕр ацыдтӕн. Мӕ мад бамбӕрста, уый рӕстдзинад кӕй у, ӕмӕ 1952 азы донаргъуыд райста.

Уыцы рӕстӕг мӕм бынӕттон ӕмбырд касти зӕронд устыты клубы хуызӕн. Фӕлӕ иухатт ӕндӕр кӕдӕмдӕр ӕмбырдмӕ ацыдыстӕм. Уыцы ӕмбырд зӕронд устыты клуб схонӕн нӕ уыд – уыди дзы бирӕ ӕрыгӕттӕ! Фӕстӕмӕ Грацмӕ куы ӕрыздӕхтыстӕм, уӕд алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын райдыдтон, ӕмӕ, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕз дӕр бамбӕрстон, цы базыдтон, уый рӕстдзинад кӕй у. Бамбӕрстон ма, Йегъовӕ кӕй у, йӕ лӕггадгӕнджыты чи никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕны ӕмӕ алкӕддӕр сӕ фарсмӕ чи вӕййы, ахӕм Хуыцау. Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ йӕ сӕрты ахизӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм зындзинадыл дӕр куы сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ никуы ныууадзы (Пс. 3:5, 6).

Рӕстдзинады тыххӕй радзурын мӕ фӕндыд иннӕтӕн дӕр. Фыццаг уыдысты мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕр. Мӕ цыппар хистӕр хойы цардысты алыхуызон хъӕуты, куыстой дзы ахуыргӕнджытӕй. Ӕз сӕ алкӕй дӕр бабӕрӕг кодтон ӕмӕ сӕ баразӕнгард кодтон, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккой. Ӕппынфӕстаг мӕ хотӕ иууылдӕр ӕмӕ ме ’фсымӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтой, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы.

Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын куы райдыдтон, уымӕй дыууӕ къуырийы дӕр нӕ рацыд, афтӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон, 30 азӕй фылдӕр кӕуыл цыд, иу ахӕм сылгоймагимӕ, ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райста. Цасдӕры фӕстӕ донаргъуыд райстой йӕ лӕг ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты дӕр. Уыцы сылгоймагимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ мӕхи уырнындзинад дӕр фидардӕр кодта, уымӕн ӕмӕ мӕнимӕ Библи ничи ахуыр кодта, ӕмӕ-иу мӕ алы хатт дӕр хъуыди мӕхи хорз бацӕттӕ кӕнын. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу фыццаг мӕхӕдӕг мӕхи ахуыр кодтон, цӕмӕй-иу стӕй уыцы сылгоймаджы ахуыр кодтаин! Уый фӕрцы рӕстдзинад ноджы хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон, мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон ӕмӕ 1954 азы апрелы донаргъуыд райстон.

«НӔ ФӔДЫЛ ЗИЛЫНЦ, ФӔЛӔ НӔ ХУЫЦАУ НӔ НЫУУАГЪТА»

1955 азы ӕз уыдтӕн, Германийы, Францийы ӕмӕ Английы цы ӕхсӕнадӕмон конгресстӕ уыд, уым. Лондоны куы уыдтӕн, уӕд дзы базонгӕ дӕн ӕфсымӕр Альберт Шрёдеримӕ. Уыцы рӕстӕг уый уыд Галаады скъолайы ахуыргӕнджытӕй сӕ иу, фӕстӕдӕр та лӕггад кодта Разамонӕг советы. Бритайнаг музейы экскурсийы куы уыдыстӕм, уӕд нын ӕфсымӕр Шрёдер нӕ хъус ӕрдардта, Хуыцауы ном дзуттаг дамгъӕтӕй фыст кӕм уыд, ахӕм Библийы къухфыстытӕм, ӕмӕ нын бамбарын кодта, уыцы къухфыстытӕ куыд ахсджиаг сты, уый. Уый фӕрцы Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинад ноджы тынгдӕр бауарзтон, ӕмӕ мӕ ноджы тынгдӕр бафӕндыд иннӕтӕн Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад амонын.

Ӕз ӕмӕ ме ’мбал (рахизырдыгӕй), сӕрмагонд пионертӕй куы лӕггад кодтам, уӕд (Мистельбах, Австри)

1956 азы 1 январы райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Цыппар мӕйы фӕстӕ мӕ сӕрмагонд пионерӕй снысан кодтой, Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕ уыд, иу ахӕм горӕтмӕ, Мистельбахмӕ. Уым мын ӕнцон нӕ уыд. Мемӕ сӕрмагонд пионерӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ кӕимӕ цардтӕн, уыцы хоимӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтам. Мӕныл цыд 19 азы бӕрц ӕмӕ уыдтӕн горӕтаг, ууыл та цыд 25 азы ӕмӕ уыди хъӕуккаг чызг. Ӕз райсомӕй афынӕй кӕнын уарзтон, уый та раджы стын уарзта. Ӕз-иу изӕры ӕрӕгмӕ схуыссыдтӕн, уый та-иу раджы схуыссыд. Фӕлӕ-иу уӕддӕр Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтам, уый фӕрцы фидыдтам ӕмӕ иумӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтам.

Фӕлӕ ма ӕндӕр фӕлварӕнтыл дӕр ӕмбӕлдыстӕм. Хатгай-иу нӕ ныхмӕ дӕр цыдысты, фӕлӕ нӕ «Хуыцау нӕ ныууагъта» (2 Кор. 4:7–9). Иухатт иу хъӕуы хъусын кодтам, ӕмӕ дын дзы чидӕртӕ се стыр куыйты куы суадзиккой. Куыйтӕ ныл куы амбырд сты, уӕд ныл рӕйын райдыдтой ӕмӕ нӕм сӕ дӕндӕгтӕ ныззыхъхъыр кодтой. Мах кӕрӕдзийы къухтыл ныххӕцыдыстӕм ӕмӕ ма Хуыцаумӕ хъӕрӕй афтӕ дӕр скуывтон: «Йегъовӕ, лӕгъстӕ дын кӕнын, сӕхи ныл куы ныццӕвой, уӕд-ма афтӕ бакӕн, цӕмӕй тагъд амӕлӕм!» Куыйтӕ нӕм тынг хӕстӕг куы бацыдысты, уӕд ӕрлӕууыдысты, сӕ къӕдзилтӕ батылдтой ӕмӕ алыгъдысты. Мах бамбӕрстам, уый нӕ Йегъовӕ кӕй фервӕзын кодта. Дарддӕр хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм, ӕмӕ ӕнӕхъӕн хъӕуыл ӕрзылдыстӕм. Адӕм нӕм тынг хорз хъуыстой, ӕмӕ ма нӕ цинӕн кӕрон кӕм уыд! Хӕрзаг, дис кодтой, уыцы куыйтӕ ныл куыд нӕ фӕхӕцыдысты ӕмӕ ма уый фӕстӕ нӕ ныфс хъусын кӕнынмӕ куыд бахастам, ууыл. Фӕстӕдӕр сӕ чидӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы.

Нӕ фӕлварӕнтӕ ууыл нӕ фесты. Иу къомнӕт кӕмӕй баххуырстам, уыцы нӕлгоймаг иу бон хӕдзармӕ расыгӕй ӕрбацыд ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдта, амардзынӕн сӕ, зӕгъгӕ, стӕй ма афтӕ дӕр бакодта, адон, дам, нын нӕ сыхӕгты змӕнтынц. Йӕ ус ӕй бӕргӕ сабыр кодта, фӕлӕ йын дзы ницы рауад. Мах та нӕ къомнӕты, дыккаг уӕладзыгыл уыдыстӕм, ӕмӕ сын сӕ ныхас уырдыгӕй хъуыстам. Уайтагъд дуары раз уӕззау цыдӕртӕ сӕвӕрдтам, байгом кӕнӕн ӕй куыд ма уыдаид, афтӕ, ӕмӕ нӕ чемодантӕ ӕмбырд кӕнынмӕ фестӕм. Нӕ дуар куы байгом кодтам, уӕд дын уыцы лӕг асинтыл стыр кардимӕ куы лӕууид. Мах дӕр, хӕдзарӕн фӕстейӕ цы дуар уыд, ууылты ӕддӕмӕ ралыгъдыстӕм ӕмӕ, цӕхӕрадоны цы фӕндаг уыд, ууыл ӕд чемодантӕ ныййарц стӕм. Уыцы хӕдзармӕ фӕстӕмӕ никуыуал раздӕхтыстӕм.

Ме ’мбалимӕ ацыдыстӕм иу уазӕгдзӕрӕнмӕ ӕмӕ дзы къомнӕт баххуырстам. Уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдыстӕм, ӕмӕ афӕдзы бӕрц уым баззайдзыстӕм. Уый нӕ лӕггадӕн тынг фӕахъаз. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ уыцы уазӕгдзӕрӕн уыди горӕты астӕу, ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕндыд, цӕмӕй-иу ахуыр уым ауагътаиккам. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕ къомнӕты чиныгахуыр уадзын ӕмӕ алы къуыри дӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕвзарын райдыдтам. Цӕугӕ та-иу нӕм ӕрбакодта иу-15 адӕймаджы.

Мистельбахы фӕлӕггад кодтам афӕдзӕй фылдӕр. Уый фӕстӕ мӕ снысан кодтой Фельдбахмӕ, Грацӕй хуссар-скӕсӕнырдӕм чи ис, уыцы горӕтмӕ, ӕмӕ та уым дӕр ӕмбырд нӕ уыд. Лӕггад дзы кодтон ӕндӕр хоимӕ. Цӕргӕ кодтам хъӕдын хӕдзары дыккаг уӕладзыгыл ӕмӕ нӕ къомнӕт уыди тынг гыццыл. Хъӕдты астӕу уыди зыхъхъыртӕ, ӕмӕ дзы дымгӕ къуыззитт кодта. Ӕмӕ ныл цӕмӕй ма дымдтаид, уый тыххӕй уыцы зыхъхъырты газеттӕ батъыстам. Дон та цъайӕ истам. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕн кӕй фӕрӕзтам, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Цалдӕр мӕймӕ дзы къорд фӕзынд. Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, иу ахӕм бинонтӕй ӕппынфӕстаг рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд 30 адӕймаджы бӕрц!

Ахӕм хабӕртты руаджы Йегъовӕйӕ ноджы тынгдӕр бузныг уыдтӕн, йӕ Паддзахады хъуыддаг ын царды фыццаг бынаты чи ӕвӕры, уыдоны кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕны, уый тыххӕй. Адӕмӕй нын йӕ бон баххуыс кӕнын куы никӕмӕн уа, уӕддӕр ӕй зонын, Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй ис (Пс. 121:1–3).

ХУЫЦАУ МЫЛ «ФИДАР ХӔЦЫД... [ЙӔ] РАХИЗ КЪУХӔЙ, РӔСТДЗИНАДЫ КЪУХӔЙ»

1958 азы Нью-Йорчы стадионты «Янки» ӕмӕ «Поло Граундс» хъуамӕ уыдаид ӕхсӕнадӕмон конгресс. Конгресмӕ ацӕуыны тыххӕй курдиат куы байдзаг кодтон, уӕд мӕ Австрийы филиалы бафарстой, мыййаг, дам, дӕ нӕ фӕнды Галаады скъолайы 32-ӕм къласы сахуыр кӕнын. Уыцы диссаджы фадатӕй куыннӕ хъуамӕ спайда кодтаин! Гъемӕ ӕз дӕр ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ сразы дӕн.

Галаады скъолайы бадтӕн ӕфсымӕр Мартин Пётцингеры фарсмӕ. Уый нацистты концлагерты цытӕ бавзӕрста, уый диссаг уыд. Уый дӕр фӕстӕдӕр лӕггад кодта Разамонӕг советы. Урокты рӕстӕг-иу мын Мартин хатгай сусӕгӕй афтӕ бакодта: «Эрикӕ, цы загъта, уый-ма мын немыцагау зӕгъ».

Скъолайы программӕйӕн йе ’мбис куы рацыдыстӕм, уӕд нын ӕфсымӕр Нейтан Норр фехъусын кодта, лӕггад кӕнынмӕ нӕ кӕдӕм снысан кодтой, уый. Мӕн снысан кодтой Парагваймӕ. Нырма ӕрыгон кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мӕ хъуыди мӕ фыдӕй бар ракурын, цӕмӕй мӕ уыцы бӕстӕмӕ бауагътаиккой. Ӕмӕ мын бар куы радта, уӕд ацыдтӕн. Уый уыд 1959 азы мартъийы. Снысан мӕ кодтой горӕт Асунсьонмӕ, ӕмӕ та уым дӕр лӕггад кодтон ӕндӕр хоимӕ. Цӕргӕ та кодтам миссионерты хӕдзары.

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ базонгӕ дӕн иу миссионеримӕ, ӕфсымӕр Уолтер Брайтимӕ. Уый каст фӕци Галаады скъолайы 30-ӕм кълас. Цасдӕры фӕстӕ нӕ цард баиу кодтам, ӕмӕ ныр нӕ бон уыд царды зындзинӕдты сӕрты иумӕ хизын. Цыфӕнды зын уавӕрты-иу ма бахаудаиккам, уӕддӕр-иу алы хатт дӕр бакастыстӕм Исайы 41:10 стих: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн». Уыцы ныхӕстӕ нӕ ныфс уагътой, Хуыцауыл иузӕрдион куы уӕм ӕмӕ йын йӕ Паддзахады хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нӕ кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн.

Фӕстӕдӕр нӕ снысан кодтой, Бразилийы арӕнмӕ хӕстӕг чи у, ахӕм районмӕ. Уыцы ран дӕр ӕрцардыстӕм миссионерты хӕдзары. Нӕ хӕдзар ӕнӕуи дӕр цалцӕггӕнинаг уыд, ӕмӕ ма нын ыл иухатт сауджынты ардыдӕй ӕрыгӕтты къорд дуртӕ ӕхсын дӕр райдыдта. Уыцы хабары фӕстӕ Уолтер пъӕлицӕйы хицауимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уый нын нӕ хӕдзары раз хъахъхъӕнджыты сӕвӕрдта, ӕмӕ нӕ иу къуырийы дӕргъы хъахъхъӕдтой. Уӕд нӕ уыцы адӕм дӕр иу ран ныууагътой. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ цӕрынмӕ алыгъдыстӕм Бразилимӕ. Нӕ ног хӕдзар уыди бирӕ хуыздӕр ӕмӕ уый дӕр арӕнмӕ хӕстӕг уыд. Афтӕмӕй нӕ бон уыд ӕмбырдтӕ Парагвайы дӕр ӕмӕ Бразилийы дӕр уадзын. Уырдыгӕй куы ацыдыстӕм, уӕдмӕ дзы фӕзынд дыууӕ гыццыл ӕмбырды.

Уолтеримӕ, миссионертӕй куы лӕггад кодтам, уӕд (Асунсьон, Парагвай)

ЙЕГЪОВӔ МЫН ДАРДДӔР ДӔР ӔХХУЫС КӔНЫ

Дохтыртӕ мын дзырдтой, мӕ бон кӕй не суыдзӕн цот рауадзын. Ӕмӕ 1962 азы, мӕхи бар кӕй нӕ дӕн, уый куы базыдтон, уӕд мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Цасдӕры фӕстӕ, 1962 азы ноябры, ӕрцардыстӕм Холливуды, Флоридӕйы, Уолтеры бинонтӕм хӕстӕг. Цалдӕр азы Уолтерӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр нӕ бон нӕ уыд пионертӕй лӕггад кӕнын. Хъуыди нӕ нӕ бинонты дарын. Фӕлӕ нын уӕддӕр Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг алкӕддӕр уыд фыццаг бынаты (Матф. 6:33).

Флоридӕмӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд нӕм иу хабар тынг диссаг фӕкаст: сауцъар ӕфсымӕртӕ ӕмӕ урсцъар ӕфсымӕртӕ ӕмбырдтӕ хицӕнтӕй уагътой, стӕй иумӕ иу ран нӕ хъусын кодтой, цӕмӕй-иу сӕхи адӕмы цӕсты ма бафтыдтаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны. Гъемӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ урсцъар ӕмӕ сауцъар ӕфсымӕртӕ райдыдтой иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, уый Йегъовӕйы къух кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ дзы ныр ис дӕсгай ӕмбырдтӕ.

Цасдӕры фӕстӕ Уолтерӕн йӕ сӕрымагъзы рак ссардтой, ӕмӕ, хъыгагӕн, 2015 азы амард. 55 азы «а» ӕмӕ «о»-йӕ фӕцардыстӕм. Уолтер Йегъовӕйы бирӕ уарзта ӕмӕ ӕфсымӕртӕй дӕр бирӕтӕн баххуыс кодта. Ӕз тынг бӕллын, куы райгас уа ӕмӕ та ӕнӕниз куы уа, уыцы рӕстӕгмӕ (Хъуыд. 24:15).

Хуыцауӕй тынг бузныг дӕн, 40 азӕй фылдӕр ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнын, уый тыххӕй, стӕй мыл цы бирӕ хорз хабӕрттӕ ӕрцыд ӕмӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕн, уыдоны тыххӕй. Зӕгъӕм, Уолтеримӕ нӕхи цӕстӕй федтам, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй 136 адӕймаджы донаргъуыд куыд райстой, уый. Ӕмӕ кӕд зындзинӕдтӕй хызт нӕ уыдыстӕм, уӕддӕр нын уый ӕфсон никуы фӕци, цӕмӕй нӕ Хуыцауӕн мауал лӕггад кодтаиккам. Мах ӕм ӕввахсдӕр кодтам, ӕмӕ нӕ ныфс дардтам, нӕ зындзинӕдтӕ нын кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн, кӕд хъӕуа, растдӕр уӕд ӕмӕ куыд хъӕуа, растдӕр афтӕ. Ӕмӕ, уӕвгӕ, кӕнгӕ дӕр афтӕ бакӕны! (2 Тим. 4:16, 17).

Уолтеры тынг мысын, фӕлӕ пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын, уый мын ӕххуыс кӕны фидар лӕууынӕн. Стыр ныфсы хос мын у, иннӕтӕн рӕстдзинады тыххӕй, уӕлдайдӕр та райгасдзинады тыххӕй, кӕй фӕдзурын, уый. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕны, уый мӕхиуыл цал хатты бавзӕрстон, уымӕн банымайӕн дӕр нӕй. Зӕрдӕ куыддӕриддӕр бавӕрдта, афтӕ мын абоны онг ӕххуыс кӕны, фидар мӕ кӕны ӕмӕ мыл «фидар хӕцы... [йӕ] рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Ис. 41:10).