Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты донаргъуыд райсынмӕ фӕразӕнгард кӕнут?

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты донаргъуыд райсынмӕ фӕразӕнгард кӕнут?

«Уӕдӕ ма цы фӕстиат кӕныс? Сыст, донаргъуыд райс» (ХЪУЫД. 22:16).

ЗАРДЖЫТӔ: 51, 135

1. Цалынмӕ сывӕллӕттӕ донаргъуыд нӕ райсынц, уӕдмӕ чырыстон ныййарджыты цы фӕфӕнды бамбарын?

«ЦАЛДӔР мӕйы дӕргъы мӕ мадӕн ӕмӕ мӕ фыдӕн дзырдтон, донаргъуыд райсын мӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ уыдон дӕр мемӕ ууыл арӕх ныхас кодтой. Фӕндыд сӕ бамбарын, донаргъуыд райсын адӕймагыл цы хӕс ӕвӕры, уый ӕмбарын ӕви нӕ. Ӕмӕ 1934 азы 31 декабры сарӕзтон мӕ царды ахсджиагдӕр къахдзӕфтӕй сӕ иу». Ацы ныхӕстӕ загъта хо Блоссом Брандт, донаргъуыд куыд райста, уый кой куы кодта, уӕд. Абон дӕр чырыстон ныййарджыты фӕфӕнды сӕ сывӕллӕттӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕнын. Адӕймаг донаргъуыд райсыныл куы фӕстӕ кӕна, уӕд ын тӕссаг уыдзӕн, Йегъовӕйӕ куы адард уа, уымӕй (Иак. 4:17). Фӕлӕ цалынмӕ сывӕллӕттӕ донаргъуыд нӕ райсынц, уӕдмӕ ма ныййарджыты фӕфӕнды бамбарын, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суой, уымӕ ӕцӕгдӕр цӕттӕ сты ӕви нӕ.

2. а) Иуӕй-иу цӕуӕг цӕстдарджытӕ цы бафиппайдтой? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

2 Иуӕй-иу цӕуӕг цӕстдарджытӕ бафиппайдтой, 20 азы онг кӕнӕ уымӕй гыццыл фылдӕр кӕуыл цӕуы ӕмӕ рӕстдзинад йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ чи зоны, ахӕм ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ донаргъуыд кӕй нӕма сты. Уыцы ӕрыгӕттӕн сӕ фылдӕр ӕмбырдтӕм фӕцӕуынц, хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕархайынц ӕмӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фӕнымайынц. Фӕлӕ сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой, ууыл та фӕстӕ фӕкӕнынц. Цымӕ цӕмӕн? Кӕмӕндӕрты сӕ сӕ ныййарджытӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ цӕттӕ нӕма сты. Уымӕ гӕсгӕ ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, иуӕй-иу чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты донаргъуыд райсынмӕ кӕй тыххӕй нӕ фӕразӕнгард кӕнынц, цыппар ахӕм хъуыддагмӕ.

МӔ СЫВӔЛЛОН НЫРМА ӔГӔР ГЫЦЦЫЛ НӔУ?

3. Блоссомы ныййарджыты мӕты цы ӕфтыдта?

3 Статьяйы райдианы кӕй кой скодтам, уыцы хо Блоссомы ныййарджыты иу цыдӕр мӕты ӕфтыдта. Хъуыды-иу кодтой: «Мыййаг, нӕ чызг нырма ӕгӕр гыццыл нӕу, донаргъуыд куыд ахсджиаг къахдзӕф у ӕмӕ адӕймагыл цы хӕс ӕвӕры, уый бамбарынӕн?» Цымӕ ныййарджытӕн сӕ бон куыд у бамбарын, сӕ сывӕллон йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ?

4. Матфейы 28:19, 20 стихты Йесо цы бафӕдзӕхста, уый ныййарджытӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

4 Бакӕс Матфейы 28:19, 20. Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй, адӕймаг донаргъуыд цавӕр кары хъуамӕ райса, уый фӕдыл Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ хорз уаид, ныййарджытӕ лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕниккой, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын цы нысан кӕны, ууыл. Матфейы 28:19 стихы дзырдбастӕй «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны, адӕймаджы ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ нысан кӕй хъуамӕ уа, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг суа. Чырыстийы ахуыргӕнинаг схонӕн ис, Йесо цы бацамыдта, уыдӕттӕ чи зоны ӕмӕ сӕ чи ӕмбары, стӕй уыцы амындтӕ ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый. Уӕдӕ чырыстон ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ афтӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй сӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕной ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕрзгыццыл сывӕллӕттӕн сӕ бон нӕу донаргъуыд райсын. Фӕлӕ Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон у Библийы рӕстдзинад бамбарын ӕмӕ йӕ бауарзын.

5, 6. а) Библийы Тимофейы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй цы базонӕн ис, донаргъуыд кӕд райста, уый тыххӕй? б) Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуынӕн куыд феххуыс кӕнынц?

5 Ӕркӕсӕм-ма Тимофейы хабармӕ. Тимофейы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын бафӕндыд бынтон ӕрыгонӕй. Апостол Павелы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй уый Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ райдыдта. Тимофейӕн йӕ фыд Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг нӕ уыд. Хуыцауы Ныхас бауарзынӕн ын йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад баххуыс кодтой. Уый фӕрцы Тимофейӕн йӕ уырнындзинад сфидар (2 Тим. 1:5; 3:14, 15). Ӕмӕ йыл 20 азы бӕрц куы цыди, уӕд цӕттӕ уыди чырыстон ӕмбырды ахсджиаг хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ (Хъуыд. 16:1–3).

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ иухуызон нӕ вӕййынц. Се ’ппӕт ӕмбаргӕ уыцы иу кары не свӕййынц. Иуӕй-иу сывӕллӕттӕ рӕстдзинад бамбарынц, нырма гыццыл куы вӕййынц, уӕд, ӕмӕ уыцы карӕнӕй дӕр сӕ бон вӕййы зондджын уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ сӕ бафӕнды донаргъуыд райсын. Чидӕртӕ та донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ вӕййынц, куы байрӕзынц, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн донаргъуыд тыххӕй нӕ фӕисын кӕнынц. Уыдон сӕ хъус фӕдарынц, сӕ сывӕллӕттӕ рӕстдзинад цас хорз ӕмбарынц, уымӕ, ӕмӕ сын ӕххуыс дӕр уымӕ гӕсгӕ фӕкӕнынц. Сывӕллӕттӕ зондджын уынаффӕтӕ куы фӕхӕссынц, уӕд уый ныййарджытӕн стыр цины хос вӕййы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.) Фӕлӕ сӕ хъуамӕ рох ма уа, сӕ сӕйраг нысан кӕй у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Уыцы нысан хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой ӕмӕ афтӕмӕй ахъуыды кӕной ахӕм фарстайыл: «Мӕ сывӕллонмӕ фаг зонындзинӕдтӕ ис, цӕмӕй йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса?»

МӔ СЫВӔЛЛОНМӔ ФАГ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ ИС?

7. Цӕмӕй адӕймаг донаргъуыд райса, уый тыххӕй Библийӕ алцыдӕр лыстӕг хабӕртты онг хъуамӕ зона? Бамбарын ӕй кӕн.

7 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕм бӕлвырд зонындзинӕдтӕ уа ӕмӕ рӕстдзинад хорз ӕмбарой. Уыцы зонындзинӕдты фӕрцы сывӕллоны, чи зоны, бафӕнда йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын. Фӕлӕ цӕмӕй йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Библийӕ алцыдӕр лыстӕг хабӕртты онг зона. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ донаргъуыды фӕстӕ дӕр фӕархайынц, цӕмӕй сӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕной. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:9, 10.) Уӕдӕ цымӕ сывӕллонмӕ цас зонындзинӕдтӕ хъуамӕ уа, цӕмӕй йӕ бон донаргъуыд райсын уа?     

8, 9. Филиппты цӕрӕг ахӕстонгӕсыл цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Ныййарджытӕн ма стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, фыццаг ӕнусы чи цард, иу ахӕм бинонты хабар дӕр (Хъуыд. 16:25–33). Н. э. 50 азмӕ ӕввахс апостол Павел йӕ дыккаг уацамындон балцы куы уыд, уӕд уыди горӕт Филиппты. Уым ӕй йе ’мбал Силӕимӕ ӕнаххосӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Ӕхсӕвы зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындуры онг нызмӕлыд ӕмӕ йӕ дуӕрттӕ иууылдӕр фегом сты. Ахӕстонгӕс тынг фӕтарст, ахст адӕм иууылдӕр алыгъдысты, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕхи марынвӕнд скодта, фӕлӕ йӕ Павел баурӕдта. Фӕстӕдӕр Павел ӕмӕ Силӕйӕн фадат фӕци уыцы ахӕстонгӕсӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн хорз хабар радзурынӕн. Ӕмӕ уыдон дӕр, Йесойы тыххӕй цы базыдтой, уый сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Гъемӕ ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райстой. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Уыцы ахӕстонгӕс раздӕр, ӕвӕццӕгӕн, ромаг ӕфсӕддон уыд ӕмӕ Фыстад нӕ зыдта. Уӕдӕ цӕмӕй чырыстон суыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ базыдтаид, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый бамбӕрстаид ӕмӕ йӕ Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын бафӕндыдаид. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ уыцы зонындзинӕдтӕ донаргъуыд райсынмӕ баразӕнгард кодтой. Дзырд дӕр ыл нӕй, донаргъуыды фӕстӕ дӕр архайдта, цӕмӕй йӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кодтаиккой. Уӕдӕ уын уӕ сывӕллон куы зӕгъа, Йегъовӕйы тынг кӕй уарзы ӕмӕ йӕ йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уӕд куыд бакӕндзыстут? Уӕ бон ын у зӕгъын, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуа. Уыдон йемӕ аныхас кӕндзысты ӕмӕ аскъуыддзаг кӕндзысты, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ *. Иннӕ донаргъуыд чырыстӕттау уымӕн дӕр йӕ зонындзинӕдтӕ Йегъовӕйы тыххӕй цӕрӕнбонты, суанг ӕнусты дӕргъы дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты (Ром. 11:33, 34).

ХУЫЗДӔР НӔ УЫДЗӔН, МӔ СЫВӔЛЛОН УАЛ ИСТЫ АХУЫР КУЫ РАЙСА?

10, 11. а) Иуӕй-иу ныййарджытӕ цавӕр хъуыдыйыл хӕст сты? б) Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ӕргом сӕйраджыдӕр цӕмӕ хъуамӕ здахой?

10 Иуӕй-иу ныййарджытӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, зӕгъгӕ, хуыздӕр уаид, донаргъуыд райсыны размӕ уал мӕ сывӕллон исты ахуыр куы райсид ӕмӕ хорз куыст куы ссарид. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ сывӕллоны хорзыл тыхсынц. Фӕлӕ цымӕ афтӕмӕй сӕ сывӕллон ӕцӕг амондджын уыдзӕн? Уӕвгӕ, ахӕм зондахаст Библимӕ гӕсгӕ раст у? Йегъовӕ нӕ йӕ Ныхасы цӕмӕ разӕнгард кӕны? (Бакӕс Екклесиаст 12:1.)

11 Хъуамӕ нӕ рох ма уа, ацы дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйы фӕндоны ныхмӕ кӕй у (Иак. 4:7, 8; 1 Иоан. 2:15–17; 5:19). Ӕмӕ сывӕллон Йегъовӕйы хӕлар куы уа, уӕд ӕй Хӕйрӕгӕй ӕмӕ ацы ӕнӕхуыцау дунейы зондӕй уымӕй тынгдӕр ницы бахъахъхъӕндзӕн. Фӕлӕ ныййарджытӕ сывӕллоны ӕргом сӕйраджыдӕр уӕлдӕр ахуыр райсынмӕ ӕмӕ хорз куыст ссарынмӕ куы здахой, уӕд тӕссаг уыдзӕн, уыдӕттӕ йын, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уымӕй ахсджиагдӕр куы суой. Йӕ сывӕллоны чи уарзы, ахӕм ныййарӕджы кӕцӕй фӕнддзӕн, цӕмӕй йӕ сывӕллон цардмӕ ацы дунейы цӕстӕй кӕса. Рох кӕнын нӕ хъӕуы, адӕймаг ӕцӕг амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йӕ царды Йегъовӕ фыццаг бынаты куы уа. (Бакӕс Псалом 1:2, 3.)

МЫЙЙАГ, МӔ СЫВӔЛЛОН ИСТЫ ТӔРИГЪӔД КУЫ САРАЗА

12. Иуӕй-иу ныййарджыты цӕуылнӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллон донаргъуыд райса?

12 Иу хойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ чызг донаргъуыд райстаид. Цӕуылнӕ, уый тыххӕй мӕнӕ цы загъта: «Худинаг мӕм бӕргӕ кӕсы, фӕлӕ тарстӕн, мыййаг, искуы куы фӕрӕдийа ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕной». Уыцы хойау иуӕй-иу ныййарджытӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, зондӕй архайын куы сахуыр уа, уӕд-иу донаргъуыд дӕр райсӕд (Райд. 8:21; Ӕмб. 22:15). Чи зоны, сӕхицӕн дзурой, цалынмӕ донаргъуыд нӕ райса, уӕдмӕ йын тӕссаг кӕй нӕ уыдзӕн, ӕмбырдӕй йӕ кӕй ацух кӕндзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдон хисайӕн хъуыдытӕ сты. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? (Иак. 1:22).

13. Адӕймаг донаргъуыд куы нӕ уа, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ Хуыцауы раз дзуапп дӕттын нӕ хъӕуы? Бамбарын ӕй кӕн.

13 Чырыстон ныййарджытӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллон, йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ цӕттӕ нӕма у, афтӕмӕй донаргъуыд райса. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын дӕр раст нӕу, ӕмӕ, кӕд донаргъуыд нӕма у, уӕд ӕй Йегъовӕйы раз дзуапп дӕттын нӕ хъӕуы. Цӕуылнӕ? Адӕймаг Хуыцауы раз дзуапп дӕттын райдайы, Хуыцау хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый куы базоны, уӕд. (Бакӕс Иаковы 4:17.) Уӕдӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны уыцы ахсджиаг къахдзӕф скӕнын нӕ къуылымпы кӕндзысты. Ӕмӕ сывӕллон нырма гыццыл куы уа, уӕддӕр уыдонмӕ кӕсгӕйӕ уый дӕр Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ бауарздзӕн (Лук. 6:40). Ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕра, уӕд ӕй уый рӕдыд къахдзӕфтӕй хъахъхъӕндзӕн (Ис. 35:8).

ИННӔТӔ ДӔР УЫН ӔХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ

14. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ныййарджытӕн баххуыс кӕнын?

14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ бон у ныййарджытӕн баххуыс кӕнын. Цымӕ куыд? Сӕ бон у сывӕллӕтты разӕнгард кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрой. Иу хо радзырдта, ӕхсӕз азы йеддӕмӕ йыл куы нӕма цыд, уӕд иухатт ӕфсымӕр Расселлимӕ куыд ныхас кодта, уый тыххӕй. Уый загъта: «Хуыцауы хъуыддаджы мын цавӕр нысӕнттӕ ис, ууыл фынддӕс минуты ныхас кодтам». Цымӕ уый йӕ цардыл куыд фӕзынд? Фӕстӕдӕр райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг фӕлӕггад кодта 70 азӕй фылдӕр! Уӕдӕ сывӕллӕтты Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынмӕ куы разӕнгард кӕнӕм, уӕд сыл уый, чи зоны, афтӕ фӕзына, ӕмӕ цӕрӕнбонты Хуыцауӕн лӕггад кӕной (Ӕмб. 25:11). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ма сӕ бон у ныййарджытӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн Паддзахады залы исты куыстытӕ бахӕс кӕнын дӕр. Сывӕллӕттӕн бахӕс кӕнӕн ис, сӕ кармӕ гӕсгӕ сын ӕнцон саразын цы уа, ахӕм исты.

15. Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын?

15 Цымӕ махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын? Нӕ бон у, ӕмӕ сӕм нӕ хъус дарӕм ӕмӕ сӕ нӕ уарзтӕй рӕвдауӕм. Зӕгъӕм, нӕ хъус дарӕм, Йегъовӕмӕ куыд ӕввахсдӕр кӕнынц, уымӕ. Цымӕ уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Зӕгъӕм, цы дзуаппытӕ фӕдӕттынц ӕмӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ куыд бацӕттӕ кӕнынц, уымӕй, стӕй, скъолайы иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй кӕй фӕдзурынц ӕмӕ иннӕты ӕвзӕр зондыл кӕй нӕ фӕцӕуынц, уымӕй. Уыдӕтты тыххӕй-иу сӕ ӕнӕмӕнг раппӕлӕм. Нӕ бон у нӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй-иу ӕмбырды размӕ ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕмбардзысты, уыдон дӕр Хуыцауы «стыр ӕмбырдӕй» кӕй сты (Пс. 35:18).

УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ РАЗӔНГАРД КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ДОНАРГЪУЫД РАЙСОЙ

16, 17. а) Сывӕллон донаргъуыд райса, уый ахсджиаг цӕмӕн у? б) Алы ныййарӕгӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы стырдӕр бӕллиц цы у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

16 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзынӕн баххуыс кӕной, уый у, Хуыцау сын сӕ бар цы кадджын хӕстӕ бакодта, уыдонӕй иу (Еф. 6:4; Пс. 127:3). Рагон Израилы-иу сывӕллӕттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ нымад уыдысты Хуыцауы адӕмыл. Фӕлӕ нӕ рӕстӕджы хабар афтӕ нӕу. Ныййарджытӕ Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинад куы уарзой, уӕддӕр уый нырма ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр афтӕ кӕндзысты. Ныййарджытӕн сӕ нысан хъуамӕ уа сӕ сывӕллонӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уый дӕр Чырыстийы ахуыргӕнинаг суа, йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса. Уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис! Сывӕллон йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕна, донаргъуыд куы райса ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕна, уӕд йӕ бон уыдзӕн стыр бӕллӕхы сӕрты ахизын (Матф. 24:13).

Ныййарджытӕн сӕ нысан хъуамӕ уа сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

17 Блоссом Брандт донаргъуыд райсын куы сфӕнд кодта, уӕд йӕ ныййарджыты фӕндыд, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр къахдзӕф скӕнынмӕ ӕцӕгдӕр цӕттӕ у ӕви нӕ, уый бамбарын. Ӕмӕ, цӕттӕ кӕй у, уый куы бамбӕрстой, уӕд ын баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафтыдаид. Блоссом радзырдта, донаргъуыд куы хъуамӕ райстаид, уый размӕ бон йӕ фыд цы сарӕзта, уый тыххӕй: «Загъта нын, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр нӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдаиккам, ӕмӕ стӕй Хуыцаумӕ скуывта. Йегъовӕйӕн загъта, тынг амондджын кӕй у, йӕ гыццыл чызджы кӕй бафӕндыд, цӕмӕй йын йӕхи снывонд кӕна». Уыцы хабарӕй 60 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд Блоссом загъта: «Уыцы изӕр мӕ никуы ферох уыдзӕн!» Зынаргъ ныййарджытӕ, Хуыцау уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, цӕмӕй сымах дӕр уӕхицӕй базонат, сывӕллон йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса, уый ныййарӕгӕн цы стыр циндзинад хӕссы, уый!

^ 9 абз. Ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын, чиныджы «Ответы на твои вопросы» 2 томы 304–310 фӕрстыл цы ӕрмӕг ис, ууыл. Ноджыдӕр ма ӕркӕсӕн ис, 2011 азы апрелы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 2 фарсыл цы «Фарстаты асыкк» ис, уымӕ.