Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау нын зонд кӕй амоны, уый у йӕ уарзондзинадыл дзурӕг

Хуыцау нын зонд кӕй амоны, уый у йӕ уарзондзинадыл дзурӕг

«Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны» (ДЗУТ. 12:6).

ЗАРДЖЫТӔ: 123, 86

1. Библимӕ гӕсгӕ, дзырдбаст «зонд амонын» цӕмӕ амоны?

ДЗЫРДБАСТ «зонд амонын» куы фехъусыс, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс? Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уымӕ хауы искӕй ахуыр кӕнын. Фӕлӕ зонд амонын ӕрмӕст уый нӕу. Уыцы дзырдбаст ма иуӕй-иу хатт фӕамоны искӕй зондахаст бараст кӕнынмӕ, искӕмӕн бауайдзӕф кӕнынмӕ ӕмӕ бафхӕрынмӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, Хуыцау нын зонд куы фӕамоны, уӕд нӕ хатгай ӕфхӕргӕ дӕр кӕй бакӕны. Фӕлӕ уый карзӕй кӕнӕ ӕгъатырӕй никуы фӕархайы. Уӕвгӕ, Хуыцауы зондамынд ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ нӕ уарзгӕ кӕны ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм (Дзут. 12:6). Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй зондамынд адӕймагӕн хӕссы пайда ӕмӕ баст у зонындзинӕдтимӕ, зондимӕ ӕмӕ уарзондзинадимӕ, стӕй ма суанг адӕймагӕн йӕ цард дӕр уымӕй кӕнгӕ вӕййы (Ӕмб. 1:2–7; 4:11–13). Зондамындӕн йӕ нысан сӕйраджыдӕр у адӕймаджы цӕуылдӕр сахуыр кӕнын, ныййарӕг йӕ уарзон хъӕбулы, пайда йын цы фӕуа, ууыл куыд фӕахуыр кӕны, афтӕ.

2, 3. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ зонд амонынмӕ хауы ахуыр кӕнын дӕр ӕмӕ ӕфхӕрын дӕр? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

2 Ӕркӕсӕм-ма иу цӕвиттонмӕ. Иу гыццыл лӕппу, Арсен, хӕдзары пуртийӕ хъазы. Йӕ мад ын дзуры: «Арсен, мидӕгӕй пуртийӕ ма хъаз! Исты асӕтдзынӕ». Фӕлӕ Арсен йӕ мады ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта, ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ пуртийӕ хъазы. Ӕнӕнхъӕлӕджы пурти вазӕйыл сӕмбӕлд, ӕмӕ вазӕ ныппырх. Цымӕ Арсенӕн йӕ мад зонд куыд бацамондзӕн? Бамбарын ын кӕндзӕн, раст кӕй нӕ бакодта. Мады фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕппу бамбара, йӕ ныййарджытӕ дзы ӕгӕр бирӕ кӕй нӕ домынц, стӕй сӕ коммӕ кӕсын ӕнӕмӕнг кӕй у ӕмӕ уый йӕхицӕн дӕр пайда кӕй у. Ӕмӕ цӕмӕй Арсен йӕ рӕдыд бамбара, уый тыххӕй йӕ, чи зоны, ӕфхӕргӕ дӕр бакӕна, зӕгъӕм ын йӕ пурти цасдӕр рӕстӕгмӕ байса. Афтӕмӕй Арсен, ӕвӕццӕгӕн, бамбардзӕн, ӕгоммӕгӕсдзинад хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕны.

3 Чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, мах не ’ппӕт дӕр стӕм Хуыцауы бинонтӕй (1 Тим. 3:15). Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмбарӕм ма уый дӕр, ӕмӕ йын йӕ ныхасы сӕрты куы ахизӕм, уӕд ын уый бар дӕр кӕй ис, цӕмӕй нын зонд бацамона. Уымӕй уӕлдай ма, исты рӕдыд куы саразӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи масты хай куы бакӕнӕм, уӕд ноджы хуыздӕр бамбарӕм, нӕ уӕларвон Фыдмӕ хъусын куыд ахсджиаг у, уый. Уый дӕр хауы Йегъовӕйы зондамындмӕ (Гал. 6:7). Хуыцау ныл тыхсы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ алыхуызон мӕстытӕй бахиза (1 Пет. 5:6, 7).

4. а) Иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ куыд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ арфӕ кӕна? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

4 Библийы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм зондамынд нӕ сывӕллонӕн кӕнӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ нысӕнттӕ йӕ къухы бафтой, зӕгъӕм, Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг суа. Хуыцауы Ныхасы фӕрцы махӕн нӕ бон у нӕ ахуыргӕнинӕгты «раст зондыл аразын» ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй, Чырысти цы бацамыдта, уый ӕмбарой ӕмӕ нын «цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕной» (2 Тим. 3:16; Матф. 28:19, 20). Афтӕ куы архайӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суой. (Бакӕс Титмӕ 2:11–14.) Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм ӕртӕ ахсджиаг фарстамӕ: 1) Хуыцауы зондамынд нын йӕ уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у? 2) Хуыцау зонд кӕмӕн бацамыдта, уыдоны хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? 3) Искӕмӕн зонд куы амонӕм, уӕд нӕ бон куыд у Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты бафӕзмын?

ХУЫЦАУ НЫН ЗОНД АМОНЫ, УАРЗГӔ НӔ КӔЙ КӔНЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ

5. Йегъовӕйы зондамынд йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

5 Йегъовӕ нӕ уарзгӕ кӕй кӕны, ахуыр дӕр нӕ уымӕн кӕны ӕмӕ нын нӕ зондахаст дӕр уымӕн бараст кӕны. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй дзы адард уӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фӕуӕм (1 Иоан. 4:16). Хуыцау нӕ ныхасӕй никуы бафхӕры ӕмӕ афтӕ никуы фӕархайы, цӕмӕй нӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсӕм (Ӕмб. 12:18). Йегъовӕ нын кӕсы нӕ хорз миниуджытӕм ӕмӕ нын уый бар дӕтты, цӕмӕй уынаффӕтӕ нӕхӕдӕг хӕссӕм. Хуыцау дын Библийы уылты, нӕ публикациты уылты, дӕ ныййарджыты уылты кӕнӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты уылты зонд куы фӕамоны, уӕд ӕй фембарыс, уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у? Зӕгъӕм, хатгай чырыстон, йӕхӕдӕг ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны, афтӕмӕй «рӕдыд къахдзӕф саразы». Ӕмӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлмӕнӕй уынаффӕ куы раттынц, уӕд уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг вӕййы (Гал. 6:1).

6. Адӕймаджы йӕ кадджын хӕстӕй ӕнӕхай куы фӕкӕнынц, уӕд дӕр Хуыцауы зондамынд уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн вӕййы?

6 Фӕлӕ иуӕй-иу хатт адӕймагӕн зонд бацамоныны тыххӕй ӕрмӕст уынаффӕ раттын фаг нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, дзырд цавӕрдӕр уӕззау тӕригъӕдыл куы цӕуа, уӕд, чи зоны, бахъӕуа адӕймаджы, ӕмбырды йын цы кадджын хӕстӕ ис, уыдонӕй ӕнӕхай фӕкӕнын. Фӕлӕ ахӕм уавӕры дӕр Хуыцауы зондамынд йӕ уарзондзинадыл дзурӕг вӕййы. Афтӕмӕй адӕймаг, гӕнӕн ис, бамбара, ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайын ӕй кӕй хъӕуы, цӕмӕй Библи арф иртаса, лӕмбынӕг ыл хъуыды кӕна ӕмӕ Хуыцаумӕ кува. Афтӕ куы кӕна, уӕд йӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн (Пс. 19:7). Ӕмӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ын уыцы кадджын хӕстӕ, чи зоны, фӕстӕмӕ йӕ бар бакӕной. Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг вӕййы, адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, суанг уый дӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырды иннӕтӕн тӕссаг нӕ вӕййы, уыцы адӕймаджы ӕвзӕр зондахастӕй куы фӕхъӕстӕ уой, уымӕй (1 Кор. 5:6, 7, 11). Стӕй нын Хуыцау зонд куы фӕамоны, уӕд алы хатт дӕр рӕстӕй фӕархайы, ӕмӕ уый фӕрцы, ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыдонӕй бирӕтӕ бамбарынц, сӕ тӕригъӕд куыд уӕззау уыд, уый ӕмӕ йыл ӕрфӕсмон кӕнынц (Хъуыд. 3:19).

ХУЫЦАУЫ ЗОНДАМЫНД НЫН ӔРХӔССЫ ПАЙДА

7. Севнӕ чи уыд ӕмӕ йӕм цавӕр ӕвзӕр миниуӕг фӕзынд?

7 Хуыцауы зондамынд цы стыр пайда хӕссы, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм, Йегъовӕ зонд кӕмӕн бацамыдта, дыууӕ ахӕм адӕймаджы хабармӕ. Сӕ иу уыд Севнӕ, паддзах Езекийы рӕстӕг чи цард, уый, иннӕ та – нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Грэм, зӕгъгӕ. Севнӕ уыд паддзах Езекийы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг ӕмӕ йӕм уыд стыр бартӕ (Ис. 22:15). Фӕлӕ фӕстӕдӕр, хъыгагӕн, ссӕрбӕрзонд ӕмӕ сси кадуарзаг. Суанг ма йӕхицӕн зынаргъ зӕппадз саразын кодта ӕмӕ цыди «кадджын бӕхуӕрдӕттыл»! (Ис. 22:16–18).

Сӕрныллӕгӕй-иу нӕ зондахаст куы аивӕм, уӕд нын Хуыцау арфӕ кӕндзӕн (кӕс 8–10 абзацтӕ)

8. Йегъовӕ Севнӕйӕн зонд куыд бацамыдта? Севнӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст?

8 Севнӕ йӕхицӕн кад кӕй агуырдта, уый тыххӕй Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ йын йӕ бартӕ байстой ӕмӕ йын йӕ бӕсты ӕндӕр адӕймаджы, Елиакимы, сӕвӕрдтой (Ис. 22:19–21). Уыцы хабар ӕрцыд, ассириаг паддзах Сеннахирим Иерусалим бацахсын куы сфӕнд кодта, уӕд. Цасдӕры фӕстӕ Сеннахирим йӕ лӕггадгӕнджыты Иерусалиммӕ стыр ӕфсадимӕ арвыста, цӕмӕй дзуттӕгты тас бауагътаид ӕмӕ Езеки йӕхи йӕ къухмӕ радтаид (2 Пад. 18:17–25). Сеннахиримы лӕггадгӕнджытимӕ аныхас кӕнынмӕ арвыстой Елиакимы. Фӕлӕ Елиаким иунӕгӕй нӕ рацыд. Йемӕ ма уыди дыууӕ адӕймаджы, ӕмӕ уыдонӕй иу уыд Севнӕ, ныр уыд паддзахы писыр. Куыд зыны, афтӕмӕй Севнӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕйы маст нӕ хаста ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕнӕхъуаджы мӕ бафхӕрдтой, зӕгъгӕ. Уый сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ сразы, ахӕм кадджын чи нӕ уыд, уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл. Севнӕйы хабарӕй мах ахуыр кӕнӕм ӕртӕ ахсджиаг хъуыддагыл. Цӕй ӕмӕ сыл аныхас кӕнӕм.

9–11. а) Севнӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? б) Йегъовӕ Севнӕйӕн зонд куыд бацамыдта, уый дын цӕуыл дзурӕг у?

9 Фыццаг: Севнӕ йӕ кадджын хӕстӕй ӕнӕхай фӕци. Йӕ хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Библийӕ ацы ныхӕстӕ: «Адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт, ӕмӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрхауы» (Ӕмб. 16:18). Чи зоны дын ӕмбырды ис цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ ӕмӕ дын иннӕты цӕсты кад ис. Мыййаг, уый тыххӕй дӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын нӕ райдыдтай? Ӕмбарыс ӕй, сӕрныллӕг уай, уый ахсджиаг кӕй у? Рох дӕ нӕу, цыдӕриддӕр нӕм хорзӕй ис ӕмӕ нын хорзӕй цыдӕриддӕр бантыст, уый нын Йегъовӕйы лӕвар кӕй у? (1 Кор. 4:7). Апостол Павел чырыстӕтты бафӕдзӕхста: «Алкӕмӕн дӕр [уӕ] дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут, фӕлӕ уӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд, Хуыцау ын цы уырнындзинад радта, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй ӕмбаргӕ уат» (Ром. 12:3).

10 Дыккаг: Йегъовӕ Севнӕйӕн карзӕй кӕй бауайдзӕф кодта, уымӕй йӕ, чи зоны, Севнӕйӕн бамбарын кӕнын фӕндыд, йӕ къух ыл кӕй нӕ ауыгъта (Ӕмб. 3:11, 12). Кӕд ды дӕр ӕмбырды цавӕрдӕр кадджын хӕстӕй ӕнӕхай фӕдӕ, уӕд дын Севнӕйы цӕвиттон у фӕзминаг. Дӕ зӕрдӕйы маст хӕссыны бӕсты кӕнӕ тӕргӕйттӕ кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид, дӕ ног уавӕрты дӕр Хуыцауы хъуыддаджы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразис ӕмӕ дӕ зӕрдыл куы дарис, зонд дын кӕй бацамыдтой, уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. Рох дӕ ма уӕд: нӕ уӕларвон Фыд, зонд бацамонын кӕмӕн бахъӕуы, уыдонӕй афтӕ никуы фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ сын сраст кӕнӕн нал ис. (Бакӕс 1 Петры 5:6, 7.) Йегъовӕйы къухы фӕлмӕн ӕлыджы хуызӕн куы уай, уӕд дын йӕ зондамынд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зондахаст сраст кӕнай.

11 Ӕртыккаг: Йегъовӕ Севнӕйӕн зонд куыд бацамыдта, уымӕй фӕзминаг у ныййарджытӕн ӕмӕ чырыстон цӕстдарджытӕн. Цымӕ цӕмӕй? Кӕд Йегъовӕ тӕригъӕдӕй йе сӕфт уыны, уӕддӕр, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдоны уарзы. Йегъовӕ уыны, хорзӕй сӕм цы ис, уый. Уӕдӕ дын кӕд сывӕллӕттӕ ис ӕмӕ сын зонд бацамонын хъӕуы йе та хистӕр нӕлгоймаг дӕ ӕмӕ дӕ ӕмбырды искӕмӕн уынаффӕ раттын хъӕуы, уӕд Йегъовӕйы бафӕзмдзынӕ? (Иуд. 22, 23).

12–14. а) Иуӕй-иутӕ Хуыцауы зондамындмӕ цы цӕстӕй ракӕсынц? б) Иу ӕфсымӕр Хуыцауы Ныхасы фӕрцы йӕ зондахаст куыд фӕивта ӕмӕ йын уый цавӕр пайда ӕрхаста?

12 Хъыгагӕн, иуӕй-иутӕн сӕ хабар афтӕ рауайы, ӕмӕ сын зонд куы бацамонынц, уӕд сын уый афтӕ хъыг вӕййы, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй адард вӕййынц (Дзут. 3:12, 13). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕн нал ис? Ӕркӕсӕм-ма Грэмы хабармӕ. Иуафон ӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, стӕй цасдӕры фӕстӕ ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Фӕлӕ та уый фӕстӕ ӕмбырдтӕм нал цыд ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы нал архайдта. Иу хистӕр нӕлгоймаджы фӕндыд Грэмӕн баххуыс кӕнын, ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй йемӕ балымӕн уыдаид. Ӕмӕ йын цалдӕр азы фӕстӕ Грэм загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид.

13 Уыцы хистӕр нӕлгоймаг радзырдта: «Грэмӕн къуылымпыйы хос уыди йӕ сӕрбӕрзонддзинад. Ӕмбырдӕй йӕ куы ацух кодтой, уӕд ын йӕ хъуыддаг чи ӕвзӕрста, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Гъемӕ, цалдӕр хатты нӕ ахуыры рӕстӕг ӕркастыстӕм, сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй ӕмӕ, уый цӕмӕ ӕркӕны, уый кой кӕм ис, ахӕм стихтӕм. Адӕймаг йӕхимӕ кӕсӕнмӕ куыд фӕкӕсы, афтӕ Библийы фӕрцы Грэм дӕр йӕ зӕрдӕмӕ ныккаст, ӕмӕ дзы цы федта, уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд! Ӕмӕ йын уый стыр ӕххуыс фӕци. Грэм, йӕхи цӕсты хъӕд кӕй ис ӕмӕ йӕ йӕ зондахаст фӕивын кӕй хъӕуы, уый куыддӕр бамбӕрста, афтӕ архайын райдыдта. Райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын, Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ алы бон дӕр Хуыцаумӕ кувын. Стӕй ма райдыдта, чырыстон нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ йыл йӕ бинонты раз цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын дӕр. Ӕмӕ йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ ууыл тынг цин кодтой» (Лук. 6:41, 42; Иак. 1:23–25).

14 Уыцы хистӕр нӕлгоймаг дарддӕр радзырдта: «Иу бон мын Грэм загъта: „Рӕстдзинад рагӕй фӕстӕмӕ зонын, стӕй ма пионерӕй дӕр лӕггад кодтон. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр ныр у мӕ бон зӕгъын, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзын”. Йӕ ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдтой. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын ӕмбырды микрофонтӕ хӕссын бабар кодтой, ӕмӕ йӕм ахӕм кад кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй тынг бузныг уыд. Грэмы хабарӕй бамбӕрстон: адӕймаг Хуыцауы зондамынд сӕрныллӕгӕй йӕ зӕрдӕмӕ куы айсы, уӕд ӕй Хуыцау бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны!»

ИСКӔМӔН ЗОНД КУЫ АМОНӔМ, УӔД-ИУ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМӔ ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔЗМӔМ

15. Цӕмӕй нын иннӕтӕ нӕ зондамынд сӕ зӕрдӕмӕ исой, уый тыххӕй нӕхӕдӕг дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

15 Цӕмӕй адӕймаг хорз ахуыргӕнӕг суа, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ уа хорз ахуыргӕнинаг (1 Тим. 4:15, 16). Раст афтӕ, бартӕ кӕй къухы ис, уыдон цӕмӕй иннӕтӕн зонд амоной, уый тыххӕй хъуамӕ сӕхӕдӕг дӕр сӕрныллӕгӕй Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайой. Афтӕ куы кӕной, уӕд сын иннӕтӕ кад кӕндзысты ӕмӕ сын сӕ уынаффӕтӕм зӕрдиагдӕрӕй хъусдзысты. Ӕркӕсӕм-ма Йесойы цӕвиттонмӕ.

16. Иннӕтӕн зонд амонын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы Чырыстийӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Йесо йӕ Фыдмӕ алкӕддӕр хъуыста, уый йын зын куы уыд, суанг уӕд дӕр (Матф. 26:39). Ӕмӕ-иу адӕмӕн ӕргом загъта, цы зонд ӕм уыд ӕмӕ сын цы амыдта, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕ кӕй сты (Иоан. 5:19, 30). Йесо алкӕддӕр арӕзта, йӕ Фыд ын цы дзырдта, уый, ӕмӕ уый фӕрцы сси, адӕмы рыст йӕ зӕрдӕмӕ исын чи зыдта, ахӕм ахуыргӕнӕг. Ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм йӕ фӕдыл дӕр уый тыххӕй цыдысты. (Бакӕс Матфейы 11:29.) Адӕм цъӕл хъӕзӕй ӕмӕ ма гыццыл чи судзы, ахӕм цырагъӕй уӕлдай нӕ уыдысты, ӕмӕ-иу Йесойы фӕлмӕн ныхасӕй сӕ зӕрдӕмӕ рухс бакалд (Матф. 12:20). Йӕ апостолтӕ-иу, уӕлдӕр сӕ чи у, уый тыххӕй кӕрӕдзимӕ куы фесты, уӕд дӕр-иу сӕм нӕ рамӕсты, фӕлӕ-иу сын фӕлмӕнӕй сӕ зондахаст бараст кодта (Мар. 9:33–37; Лук. 22:24–27).

17. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цавӕр миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауы дзуг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хизой?

17 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтӕн Библийы фӕрцы зонд куы амоной, уӕд-иу хъуамӕ Чырыстийы фӕзмой. Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ фӕнды Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Апостол Петр ныффыста: «Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй, уӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй. Хуыцауы бынтӕн уӕхи хицау ма кӕнут, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут» (1 Пет. 5:2–4). Дзырд дӕр ыл нӕй, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы коммӕ зӕрдиагӕй куы фӕкӕсынц, уӕд уый пайда вӕййы сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сын сӕ бар кӕй бакодтой, уыдонӕн дӕр (Ис. 32:1, 2, 17, 18).

18. а) Йегъовӕ ныййарджытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? б) Хуыцау ныййарджытӕн сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

18 Уыцы уагӕвӕрдтӕ хауынц бинонтӕм дӕр. Библи бинонты хистӕртӕн фӕдзӕхсы: «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Еф. 6:4). Сывӕллӕттӕн зонд амонын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Ӕмбисӕндты 19:18 стихӕй бӕрӕг у, сывӕллоны цард, йӕ ныййарджытӕ йын зонд амондзысты ӕви нӕ, ууыл баст кӕй у (1 Сам. 3:12–14). Фӕлӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуыс куы фӕкурынц, стӕй йын йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд сын уый дӕр ратты фаг зонд ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты раст зондыл аразой. (Бакӕс Иаковы 1:5.)

ХУЫЦАУЫ ЗОНДАМЫНДЫ ФӔРЦЫ ЦӔТТӔ СТӔМ ФИДӔНЫ ЦАРДМӔ

19, 20. а) Хуыцауы зондамындмӕ куы хъусӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

19 Хуыцауы зондамынд-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм ӕмӕ-иу иннӕтӕн зонд амонгӕйӕ нӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм ӕгӕрон арфӕдзинӕдтӕй. Уый фӕрцы ныр дӕр нӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ не ’мбырдты ис фарн, алчидӕр фенкъары, иннӕтӕ йӕ кӕй уарзынц ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнынц, стӕй йӕ зӕрдӕйы тас никӕмӕн ис. Ӕмӕ нӕм фидӕны та ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы! (Пс. 72:7). Йегъовӕ нын абон зонд кӕй амоны, уый фӕрцы нӕ цӕттӕ кӕны фидӕны цардмӕ – уӕд не ’ппӕт дӕр ӕнустӕм иу бинонтау фӕрнӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕ уыдзӕн нӕ Фыд. (Бакӕс Исайы 11:9.) Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, Хуыцауы зондамынд йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у.

20 Иннӕ статьяйы бӕстондӕр ӕркӕсдзыстӕм, сывӕллӕттӕн ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕн зонд амонын куыд хъӕуы, уымӕ. Базондзыстӕм ма, адӕймагӕн йӕ бон куыд у йӕхицӕн зонд амонын, кӕнӕ хиуылхӕцындзинад ӕвдисын. Стӕй ма фендзыстӕм, нӕ бон куыд у, зондамындӕй стырдӕр маст чи хӕссы, нӕхи уыцы хъуыддӕгтӕй бахизын.