Хуыцау дын цы сӕрибардзинад радта, уымӕн аргъ кӕн
«Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад» (2 КОР. 3:17).
1, 2. а) Адӕм сӕрибардзинады тыххӕй цы хъуыды кӕнынц? б) Сӕрибардзинады тыххӕй нын Библи цы зӕгъы ӕмӕ цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?
ИУ СЫЛГОЙМАДЖЫ хъуыди уынаффӕ рахӕссын, ӕмӕ йе ’мбалӕн загъта: «Нӕ мӕ фӕнды хъуыды кӕнын. Куыд бакӕнон, уый мын ды зӕгъ. Афтӕ мын ӕнцондӕр у». Сылгоймаг йӕ сӕрибардзинадӕй – Хуыцауы диссаджы лӕварӕй – не спайда кодта, фӕлӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ бӕсты уынаффӕ ӕндӕр чидӕр рахастаид. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Уынаффӕтӕ хӕссын уарзыс, ӕви дӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ дӕ бӕсты ӕндӕр исчи хӕсса? Адӕмӕн сӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын кӕй у, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
2 Сӕрибардзинад цы у, уый фӕдыл адӕм иухуызон нӕ хъуыды кӕнынц. Иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, нын Хуыцау алцыдӕр нӕ ныхыл ныффыста, ӕмӕ нӕ бон ницы у равзарын. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам нӕм ӕгӕрон сӕрибардзинад куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг сӕрибар. Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сын сӕрибардзинад кӕй радта, ома сӕ бон у хъуыды кӕнын ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссын, стӕй сын уыцы бар дӕр ис. (Бакӕс Йесо Навин 24:15.) Библийы ма нӕ бон у ссарын дзуаппытӕ ахӕм фарстатӕн: цымӕ нӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон у? Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нӕ сӕрибардзинадӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм? Цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдонӕй нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый? Нӕ бон куыд у равдисын, иннӕтӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонӕн кӕй аргъ кӕнӕм?
ЙЕГЪОВӔ ӔМӔ ЙЕСОЙӔ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ?
3. Йегъовӕ йӕ сӕрибардзинадӕй куыд пайда кӕны?
3 Ӕгӕрон сӕрибардзинад ис ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн, фӕлӕ дзы куыд пайда кӕны, уымӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕ израилӕгты равзӕрста, цӕмӕй суыдаиккой йӕ адӕм – «уӕлдай зынаргъ ын чи уыд, уыцы адӕм» (Дык. з. 7:6–8). Йегъовӕ афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, йӕ хӕлар Авраамӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кӕнын (Райд. 22:15–18). Стӕй ма, Йегъовӕ йӕ сӕрибардзинадӕй куыд фӕпайда кӕны, уымӕй бӕрӕг вӕййы, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы. Зӕгъӕм, уый бӕрӕг уыд, израилӕгты-иу се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй куыд бафхӕрдта, уымӕй. Сӕ хъуыддӕгтыл-иу зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд-иу сын ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзта. Уый загъта: «Ӕз сӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн, ӕмӕ мыл гадзрахатӕй нал цӕудзысты. Мӕхи фӕндӕй сӕ уарздзынӕн» (Оси 14:4, фип.). Йегъовӕ йӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн уа хорз, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг!
4, 5. а) Хуыцауы лӕварӕй, сӕрибардзинадӕй, фыццаг чи схайджын ӕмӕ дзы куыд пайда кодта? б) Алчидӕр нӕ йӕхимӕ цавӕр фарста хъуамӕ радта?
4 Йегъовӕ зӕдты дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр куы сфӕлдыста, уӕд ӕй бафӕндыд, цӕмӕй сын уыдаид уынаффӕтӕ хӕссыны бар. Ӕмӕ ӕппӕты фыццаг ахӕм лӕварӕй схайджын кодта Йесойы – йӕ фыццаггуырд Фырты. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уый у, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн» (Кол. 1:15). Йесо йӕ сӕрибардзинадӕй куыд спайда кодта? Зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ дӕр аскъуыддзаг кодта, Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн, ӕмӕ, Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд йӕ фарс нӕ рахӕцыд. Ӕмӕ фӕстӕдӕр та Йесо зӕххыл куы цард ӕмӕ йӕ Хӕйрӕг куы фӕлвӕрдта, уӕд йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууыд (Матф. 4:10). Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв Йесо йӕ Фыдмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта ӕмӕ йын загъта, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕй кӕй фӕнды. Уый загъта: «Мӕ Фыд, кӕд дӕ фӕндон у, уӕд мын ацы къус ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Лук. 22:42). Уӕдӕ Йесо йӕ сӕрибардзинадӕй Йегъовӕйы скадджын кӕнынӕн куыд спайда кодта ӕмӕ йын йӕ фӕндон куыд сӕххӕст кодта, уымӕй йӕ нӕ бон у бафӕзмын. Цымӕ нын рауайдзӕн?
5 Рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ мах дӕр стӕм Хуыцаумӕ гӕсгӕ конд (Райд. 1:26). Фӕлӕ нӕ бон алцы нӕу ӕмӕ нын алцы кӕныны бар дӕр нӕй. Йегъовӕйӕн цы ӕгӕрон сӕрибардзинад ис, махӕн ахӕм сӕрибардзинад нӕй. Хуыцау нын радта уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Зӕгъӕм, бинонты ’хсӕн ӕрӕвӕрдта ахӕм ӕгъдау: устытӕ хъуамӕ кӕсой сӕ лӕгты коммӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕ та – сӕ ныййарджыты коммӕ (Еф. 5:22; 6:1). Уыцы уагӕвӕрдтӕ-иу нӕ уынаффӕтыл куыд хъуамӕ фӕзыной? Ацы фарстайӕн цавӕр дзуапп ратдзыстӕм, уый баст у нӕ ӕнусон фидӕнимӕ.
ХОРЗ ӔМӔ ӔВЗӔР ЦӔВИТТОНТӔ
6. Нӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон кӕй нӕу, уый хорз цӕмӕн у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
6 Кӕд нын алцы кӕныны бар нӕй, уӕд, цы сӕрибардзинад нын ис, уый ӕцӕг сӕрибардзинад схонӕн ис? Ис! Цӕмӕн? Алцы кӕныны бар нын кӕй нӕй, уый нӕ хъахъхъӕнгӕ кӕны. Зӕгъӕм, ӕндӕр горӕтмӕ машинӕйыл цӕуынвӕнд скодтай. Фӕлӕ фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ куы нӕ уаид, ӕмӕ, кӕй куыд фӕнды, афтӕ куы цӕуид, уӕд фӕндагыл ӕдас уаид?
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Адӕймагӕн алцы кӕныны бар кӕй нӕй, уый ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй иууылдӕр ӕцӕг сӕрибар уой. Библийы ис бирӕ цӕвиттонтӕ, адӕймагӕн алцы кӕныны бар кӕй нӕй, уый йӕ пайдайӕн кӕй у.7. а) Адам цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кодта? б) Адам йӕ сӕрибардзинадӕй раст цавӕр хъуыддаджы спайда кодта?
7 Йегъовӕ фыццаг адӕймаджы, Адамы, куы сфӕлдыста, уӕд уый дӕр схайджын кодта, зӕдты цы диссаджы лӕварӕй схайджын кодта, уымӕй – радта йын уынаффӕтӕ хӕссыны бар. Уымӕй Адам хицӕн кодта цӕрӕгойтӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн Хуыцау ахӕм сӕрибардзинад нӕ радта. Адам йӕ сӕрибардзинадӕй раст цавӕр хъуыддаджы спайда кодта? Хуыцау йӕ размӕ цы цӕрӕгойты сфӕлдыста, уыдонӕн хъуамӕ нӕмттӕ радтаид. Уыцы хӕслӕвӕрд Адамы зӕрдӕмӕ куыннӕ фӕцыдаид! Хуыцау «сӕ райдыдта адӕймагмӕ кӕнын, алкӕй дӕр дзы куыд схондзӕн, зӕгъгӕ». Ӕмӕ-иу Адам алы цӕрӕгоймӕ дӕр лӕмбынӕг йӕ хъус дардта ӕмӕ-иу ын радта, чи йыл сфидыдтаид, ахӕм ном. Адам сын цы нӕмттӕ ӕрхъуыды кодта, уыдонӕй Хуыцау иу дӕр нӕ фӕивта, «ӕмӕ-иу алы цӕрӕг уды дӕр адӕймаг куыд схуыдта, афтӕ уыди йӕ ном» (Райд. 2:19).
8. Адам цӕмӕй фӕрӕдыд ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?
8 Йегъовӕ Адамӕн бахӕс кодта зӕххӕй дзӕнӕт саразын ӕмӕ йын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл дӕр» (Райд. 1:28). Фӕлӕ йын Хуыцау цы стыр сӕрибардзинад радта, уый йын фаг нӕ уыд. Адам Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт ӕмӕ йын цы бӕласы дыргътӕй загъта, ма дзы бахӕр, зӕгъгӕ, уыдонӕй бахордта. Йӕ сӕрибардзинадӕй раст кӕй не спайда кодта, уый аххосӕй адӕм цалдӕр мин азы хъизӕмар кӕнынц (Ром. 5:12). Адамы уынаффӕ цы стыр зиан ӕрхаста, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ сӕрибардзинадӕй раст пайда кӕндзыстӕм ӕмӕ, Йегъовӕ цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ ӕрфидар кодта, уыдоны сӕрты нӕ ахиздзыстӕм.
9. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы загъта ӕмӕ уыдон цавӕр дзуапп радтой?
9 Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт. Фӕлӕ ныр дӕр сӕ бон у сӕрибарӕй уынаффӕтӕ хӕссын. Уый зыны Израилы адӕмы хабарӕй дӕр. Хуыцау сын загъта, сӕ бон кӕй уыд, цӕмӕй суыдаиккой, «уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм» (Рац. 19:3–6). Израилӕгты бафӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы адӕм суыдаиккой, ӕмӕ сын Хуыцау цы загъта, уыдон ӕххӕст кӕныныл сразы сты. Уыдон загътой: «Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм» (Рац. 19:8). Хъыгагӕн, фӕстӕдӕр, Йегъовӕйӕн цы ныхас радтой, уый сӕ ӕххӕст кӕнын нал фӕндыд. Ацы хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ Хӕлар куы уа ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, нӕ сӕрибардзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм (1 Кор. 10:11).
10. Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, ӕнӕххӕст адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй у йӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕсса? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
10 Дзуттӕгтӕм 11 сӕры ис, Йегъовӕйы ныхасмӕ чи хъуыста, ӕхсӕрдӕс ахӕм иузӕрдион нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы кой. Уыдон сӕ сӕрибардзинадӕй раст кӕй пайда кодтой, уый фӕрцы схайджын сты бирӕ арфӕдзинӕдтӕй ӕмӕ сӕ фидӕнӕй фӕзынд фидар ныфс. Зӕгъӕм, Нойӕн уыди фидар уырнындзинад, ӕмӕ йын Хуыцау куы загъта, цӕмӕй йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн нау сарӕзтаид, уӕд ӕм байхъуыста (Дзут. 11:7). Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ байхъуыстой ӕмӕ сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм ацыдысты. Ӕмӕ фӕстӕдӕр, кӕд горӕт Урмӕ «сӕ бон уыд фӕстӕмӕ аздӕхын дӕр», уӕддӕр се ’ргом здӕхт уыд, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «уыдон тырныдтой хуыздӕр ранмӕ» (Дзут. 11:8, 13, 15, 16). Моисей та Египеты хӕзнатыл йӕ къух систа ӕмӕ, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый цинӕй цӕрыны бӕсты равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын» (Дзут. 11:24–26). Цӕй уӕдӕ мах дӕр уыцы нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты уырнындзинад бафӕзмӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ цы сӕрибардзинад радта, уымӕй пайда кӕнӕм йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм.
11. а) Нӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын кӕй у, уый фӕрцы цавӕр стыр арфӕдзинадӕй стӕм хайджын? б) Цӕмӕн дӕ фӕнды дӕ сӕрибардзинадӕй раст пайда кӕнын?
11 Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, исчи нӕ бӕсты уынаффӕтӕ хӕсса, уый ӕнцондӕр у. Фӕлӕ уӕд нӕхи иу стыр арфӕдзинадӕй ӕнӕхай фӕкӕндзыстӕм. Уыцы арфӕдзинады тыххӕй фыст ис Дыккаг закъоны 30:19, 20 стихты. (Бакӕс сӕ.) 19 стихы фыст ис, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй радта равзарыны бар. Дарддӕр 20 стихы фыст ис, кӕй сын радта фадат, цӕмӕй, кӕй йӕ уарзынц, уый равдыстаиккой. Махӕн дӕр нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Уӕдӕ нӕ бон у нӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй дзы Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм. Уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа!
ДӔ СӔРИБАРДЗИНАДӔЙ РАСТ ПАЙДА КӔН
12. Нӕ сӕрибардзинадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
12 Зӕгъӕм, де ’мбалӕн зынаргъ лӕвар скодтай. Ӕвӕццӕгӕн дын тынг зын уаид, дӕ лӕвар дын бырӕттӕм куы аппарид кӕнӕ дзы искӕмӕн знаггад дӕр куы ракӕнид. Уӕдӕ адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй раст куы нӕ фӕпайда кӕнынц ӕмӕ ӕвзӕр уынаффӕтӕ куы рахӕссынц, кӕнӕ ма дзы искӕмӕн зиан дӕр куы ’рхӕссынц, уӕд уый Йегъовӕйӕн зын куыннӕ вӕййы. Библи зӕгъы, адӕм «фӕстаг бонты... хорздзинадӕн аргъ кӕнын [кӕй] нӕ зондзысты» (2 Тим. 3:1, 2). Уӕдӕ нын Йегъовӕ цы зынаргъ лӕвар радта, уымӕн хъуамӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ дзы раст нӕ пайда кӕнӕм?
13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ сӕрибардзинадӕй раст пайда кӕнынӕн?
13 Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕхи бон у равзарын ӕмбӕлттӕ, уӕлӕдарӕс ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ. Фӕлӕ нын нӕ сӕрибардзинад, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕфсон фӕуа, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгты рахӕссӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцӕуа, ахӕм уынаффӕ кӕнӕ ацы дунейы модӕйы фӕдыл ацӕуӕм. (Бакӕс 1 Петры 2:16.) Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ сӕрибардзинадӕй «нӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн... архайӕм». Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй «алцыдӕр аразӕм Хуыцауы кадӕн» (Гал. 5:13; 1 Кор. 10:31).
14. Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?
14 Йегъовӕ загъта: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Ис. 48:17). Цӕмӕй нӕ бон уа раст уынаффӕтӕ хӕссын, уый тыххӕй ма хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕм гӕсгӕ архайӕм. Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, «зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ [кӕй] нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йер. 10:23). Адамы дӕр ӕмӕ, Хуыцауы чи ныууагъта, уыцы израилӕгты дӕр нӕ бафӕндыд Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕм гӕсгӕ архайын. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм, фӕлӕ «нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм Йегъовӕйыл» (Ӕмб. 3:5).
ИННӔТЫ СӔРИБАРДЗИНАДӔН АРГЪ КӔНӔМ
15. Галатӕгтӕм 6:5 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕй цы ис базонӕн?
15 Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ аргъ кӕнӕм, иннӕтӕн дӕр уынаффӕтӕ хӕссыны бар кӕй ис, уымӕн. Йегъовӕ сӕрибардзинад не ’ппӕтӕн дӕр радта, ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ дыууӕ чырыстоны алкӕддӕр хӕсдзысты иухуызон уынаффӕтӕ. Уымӕ хауынц, зӕгъӕм, нӕхи куыд дарӕм ӕмӕ Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уыимӕ баст фарстатӕ дӕр. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Галатӕгтӕм 6:5 фыст уагӕвӕрд. (Бакӕс ӕй.) Алы чырыстон дӕр, цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдоны тыххӕй дзуапп йӕхӕдӕг дӕтты. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд иннӕты сӕрибардзинадӕн аргъ кӕндзыстӕм.
16, 17. а) Коринфы ӕмбырды цавӕр ахсджиаг фарста хъуыди аскъуыддзаг кӕнын ӕмӕ сӕрибардзинадимӕ баст куыд уыд? б) Павел уыцы ӕмбырды чырыстӕттӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?
16 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты сӕрибардзинадӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм, уый хуыздӕр бамбарынӕн ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Коринфы чырыстӕттӕн сӕ бон нӕ уыд иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын, базары кӕй уӕй кодтой, уыцы дзидза хӕрын ӕмбӕлы ӕви нӕ, уый фӕдыл. Чи зоны-иу уыди мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывонды дзидза. Иуӕй-иу чырыстӕттӕн сӕ цӕсгом уый бар лӕвӕрдта, цӕмӕй ахӕм дзидза хордтаиккой, уымӕн ӕмӕ зыдтой, мӕнгхуыцау ӕппындӕр кӕй ницы у. Фӕлӕ раздӕр мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыдонмӕ афтӕ каст, ӕмӕ уыцы дзидзайӕ бахӕрын мӕнгхуыцауӕн бакувынӕй уӕлдай нӕ уыд (1 Кор. 8:4, 7). Уый уыд ахсджиаг фарста, уымӕн ӕмӕ уый аххосӕй, гӕнӕн уыд, ӕмӕ ӕмбырд ныддихтӕ уыдаид. Цымӕ Павел чырыстӕттӕн ацы фарстамӕ Хуыцауы цӕстӕй ракӕсынӕн куыд баххуыс кодта?
17 Фыццаг уал Павел иутӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцаумӕ хӕринаджы фӕрцы ӕввахсдӕр кӕй нӕ фӕуыдзысты (1 Кор. 8:8). Стӕй та сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй, равзарыны бар сын кӕй ис, уый, «лӕмӕгъ чи у, уыдонӕн цӕлхдур ма суа» (1 Кор. 8:9). Фӕстӕдӕр та, йӕ цӕсгом ахӕм дзидза хӕрыны бар кӕмӕн нӕ лӕвӕрдта, уыдонӕн загъта, цӕмӕй, ахӕм дзидза чи фӕхӕры, уыдонӕн ма тӕрхон кӕной (1 Кор. 10:25, 29, 30). Уӕдӕ алы чырыстон дӕр йӕ лӕггадимӕ баст ахсджиаг фарстаты уынаффӕтӕ хъуамӕ йӕхӕдӕг хӕсса. Ӕмӕ уӕд, афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгты не ’фсымӕрты уынаффӕтӕн хъуамӕ ма аргъ кӕнӕм? (1 Кор. 10:32, 33).
18. Дӕ сӕрибардзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый дӕ бон куыд у равдисын?
18 Йегъовӕ нын уынаффӕтӕ хӕссыны бар кӕй радта, уый фӕрцы стӕм ӕцӕг сӕрибар (2 Кор. 3:17). Мах уыцы лӕварӕн тынг аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уынаффӕты фӕрцы нӕ бон у равдисын, Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм, уый. Цӕй уӕдӕ нӕ уынаффӕтӕй дарддӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, стӕй аргъ кӕнӕм, иннӕтӕ ацы диссаджы лӕварӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕн.