Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Цӕмӕй сывӕллӕттӕ Библийы рӕстдзинад хорз бамбарой, уый тыххӕй ныййарджыты цӕмӕн хъӕуы ахъуыды кӕнын, сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр кӕцы ӕвзагыл у дзурын, ууыл?

Сывӕллӕттӕн сӕ бон у бынӕттон ӕвзаг скъолайы, стӕй иннӕтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ сахуыр кӕнын. Сывӕллон иу ӕвзагӕй фылдӕр куы зона, уӕд ын уый стыр пайда фӕуыдзӕн. Ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр кӕд уыдзӕн рӕстдзинад ӕмбарын: бынӕттон ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ куы цӕуой ӕви сӕхи ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ. Чырыстон ныййарджытӕ сӕхиуыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц, фӕлӕ, сӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, ууыл. (bw582 9–11 фф.).

Чырысти Петры афтӕ куы бафарста, «адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс», зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта? (Иоан. 21:15).

Чырысти, ӕвӕццӕгӕн, кодта, сӕ разы цы кӕсаг уыд, уый кой кӕнӕ та, Петр цы куыст кодта, уый кой. Йесо куы амард, уый фӕстӕ Петр фӕстӕмӕ кӕсаг ахсыны куыст кӕнын райдыдта. Чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсой, цӕмӕй бамбарой, сӕ куыст сӕ царды цавӕр бынат ахсы, уый. (bw582 22, 23 фф.).

Авраам Саррӕйӕн цӕмӕн загъта, цӕмӕй-иу йӕхи йӕ хо схуыдтаид? (Райд. 12:10–13).

Саррӕ ӕцӕгӕй уыд Авраамы хо – фыдӕй иу уыдысты. Авраам йӕ лӕг кӕй у, Саррӕ уый куы схъӕр кодтаид, уӕд Авраамы цардӕн тӕссаг уыдаид. Ӕмӕ уӕд, Хуыцау Авраамӕн байзӕддажы тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нӕ сӕххӕст уыдаид. (bp182 14, 15 фф.).

Элиас Гуттер цавӕр мадзал ӕрымысыд, дзуттаг ӕвзаг сахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн баххуыс кӕныны тыххӕй?

Элиас Гуттеры фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕнцондӕр уыдаид дзуттаг дзырдтӕн сӕ уидаг разӕфтуантӕй ӕмӕ фӕсӕфтуантӕй хицӕн кӕнын. Гъемӕ-иу алы дзырды уидаг дӕр мыхуыр кодта ставд фыстӕй, разӕфтуантӕ ӕмӕ фӕсӕфтуантӕ та – лыстӕг фыстӕй. Ӕмӕ англисаг ӕвзагмӕ «Библи – Ног дунейы тӕлмац» фиппаинӕгтимӕ куы тӕлмац кодтой, уӕд фиппаинӕгты дӕр уыцы мадзалӕй спайда кодтой. (bp184 11, 12 фф.).

Чырыстонӕн йӕхи фыдгӕнджытӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй хӕцӕнгарз дарын ӕмбӕлы ӕви нӕ, уый фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

Хуыцауы цӕсты цард у табуйаг. Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста, цӕмӕй хъама макӕмӕ истаиккой (Лук. 22:36, 38). Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ нӕ хъаматӕй саразӕм гутӕттӕ. Цард мулк ӕмӕ ӕхцайӕ зынаргъдӕр у. Мах хъуыды кӕнӕм иннӕты ӕфсармыл ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн фӕзминаг уӕм (2 Кор. 4:2). (bw584 31, 32 фф.).

Матфейы ӕмӕ Лукайы Евангелиты Йесо Чырыстийы райгуырды ӕмӕ йӕ сабибонты тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕн хицӕн кӕнынц?

Матфей йӕ Евангелийы фылдӕр кодта Иосифы кой. Зӕгъӕм, ныффыста, Марийӕ куы басывӕрджын, уӕд Иосиф уымӕ цы цӕстӕй ракаст, стӕй йын зӕд фыны Египетмӕ алидзын куыд бафӕдзӕхста ӕмӕ сӕ стӕй фӕстӕмӕ Израилмӕ куыд ӕрыздӕхын кодта. Лука та сӕйраджыдӕр кодта Марийӕйы кой. Зӕгъӕм, ныффыста, Марийӕ Елизаветӕмӕ куыд ӕрцыд, уый тыххӕй, стӕй, гыццыл Йесо кувӕндоны куы баззад, уӕд Марийӕ мӕты куыд бафтыд, уый тыххӕй. (bw585 32 ф.).

Хуыцауы Ныхас бахъахъхъӕнын ӕнцон цӕуылнӕ уыд?

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ, Библи цы ӕвзӕгтыл фыстой, уыцы ӕвзӕгтыл кӕцыдӕр дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕн сӕ хъуыды бынтондӕр фӕивта. Стӕй, дунейы цы хабӕрттӕ цыд, уыдон дӕр ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фесты, адӕмӕн-иу сӕ фылдӕр цы ӕвзагыл дзырдтой, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма кӕцыдӕр хицӕутты нӕ фӕндыд, цӕмӕй-иу Библи тӕлмацгонд цыдаид, хуымӕтӕг адӕм кӕуыл дзырдтой, уыцы ӕвзагмӕ. (bw586 19–21 фф.).

Цымӕ махӕй алкӕмӕн дӕр, чи йӕ хъахъхъӕны, ахӕм зӕд ис?

Нӕ. Кӕд Йесо афтӕ загъта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уӕлӕрвты сӕ зӕдтӕ Хуыцауы цӕсгом уынынц, уӕддӕр ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕмӕн дӕр ис, диссаджы хуызы йӕ чи хъахъхъӕны, ахӕм зӕд (Матф. 18:10). Уый кодта, зӕдтӕ сӕм сӕ хъус кӕй дарынц, уый кой. (bp186 5 ф.).

Ӕппӕты стырдӕр цавӕр уарзондзинад у?

Библийы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад, ага́пе, зӕгъгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм уарзондзинады ис зӕрдӕйы хъарм дӕр, фӕлӕ йӕ фыццаджыдӕр равдисӕм, нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл кӕй фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ сын исты хӕрзты кӕй бацӕуӕм, уымӕй. (bw587 7 ф.).