Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн»

«Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн»

«Не ’мбал... бафынӕй, фӕлӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй йӕ райхъал кӕнон» (ИОАН. 11:11).

ЗАРДЖЫТӔ: 142, 129

1. Марфӕйы фидарӕй цы уырныдта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

МАРФӔЙӔН, Йесойы хорз ӕмбал ӕмӕ ахуыргӕнинагӕн, йе ’фсымӕр Лазӕр амард, ӕмӕ йыл тынг маст кодта. Цымӕ ма йын йӕ зӕрдӕйы рыст исты ӕрсабыр кӕндзӕн? Йесо йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый фехъусгӕйӕ йӕ зӕрдӕйы рыст уайтагъд не ’рбайсӕфт, фӕлӕ дзы уӕддӕр уыцы ныхӕстӕ ныфс бауагътой, ӕмӕ йын загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд» (Иоан. 11:20–24). Марфӕйы фидарӕй уырныдта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Фӕлӕ тӕккӕ уыцы бон Йесо диссаг сарӕзта – Лазӕры райгас кодта.

2. Марфӕйау дӕ фидар ныфс цӕмӕй ис?

2 Мах уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Йесо кӕнӕ йӕ Фыд ахӕм диссӕгтӕ кӕй араздзысты. Фӕлӕ дӕ Марфӕйау фидарӕй уырны, чи дын амард, уыдон фидӕны кӕй райгас уыдзысты? Чи зоны, дӕ цардӕмбал, дӕ мад кӕнӕ дӕ фыд йе та дӕ ныййарджыты ныййарджытӕй чидӕр фӕзиан. Кӕнӕ та, чи зоны, дӕ хъӕбулы зианыл маст кӕныс. Фӕфӕнды дӕ, цӕмӕй йын ахъӕбыс кӕнай, йемӕ аныхӕстӕ кӕнай ӕмӕ уӕ рӕстӕг иумӕ хъӕлдзӕгӕй арвитат. Куыд хорз у, махӕй алкӕй дӕр Марфӕйау кӕй ис фидар ныфс ӕмӕ нӕ бон кӕй у уыйау зӕгъын: «Зонын ӕй, чи мын амард, уый кӕй райгас уыдзӕн!» Фӕлӕ уӕддӕр хорз уаид, алчидӕр-иу нӕ куы ахъуыды кӕнид, мӕрдты райгасыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, ууыл.

3, 4. Йесо уый размӕ кӕйдӕрты кӕй райгас кодта, уый Марфӕйы цавӕр ныфс уагъта?

3 Йесо Галилейӕйы, горӕт Наины раз, иу идӕдз сылгоймагӕн йӕ фырты куы райгас кодта, уӕд Марфӕ уыцы хабар йӕхи цӕстӕй нӕ федтаид, уымӕн ӕмӕ Иерусалимы ’рдыгӕй цард. Фӕлӕ уыцы хабар хъусгӕ куыннӕ фӕкодтаид. Стӕй ма фехъуыстаид, Йесо Иаиры чызджы куыд райгас кодта, уый тыххӕй дӕр (уыцы хабар та, ӕвӕццӕгӕн, Капернаумы ӕрцыд). Иаиры хӕдзары чи уыд, уыдон зыдтой, чызг мӕлгӕ кӕй акодта. Фӕлӕ Йесо уырдӕм куы ’рбацыд, уӕд уыцы чызгӕн йӕ къухыл рахӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Чызг, сыст!» Ӕмӕ чызг дӕр рабадт! (Лук. 7:11–17; 8:41, 42, 49–55). Марфӕ ӕмӕ йӕ хо Марийӕ зыдтой, Йесойӕн йӕ бон кӕй у рынчынты дзӕбӕх кӕнын. Ӕмӕ сӕ, ӕвӕццӕгӕн, уырныдта, Йесо сӕм раздӕр куы ’рбацыдаид, уӕд Лазӕр кӕй нӕ амардаид. Фӕлӕ ныр Лазӕр, Йесойы зынаргъ ӕмбал, уыд мард, ӕмӕ ма цымӕ Марфӕйы исты ныфс уыди? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Марфӕйы кӕй уырныдта, Лазӕр «фӕстаг бон», ома фидӕны, кӕй райгас уыдзӕн. Цымӕ йӕ уый фидарӕй цӕмӕн уырныдта? Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын, фидӕны мӕрдтӕ, уыимӕ, чи зоны, нӕ хиуӕттӕ дӕр, кӕй райгас уыдзысты, ууыл?

4 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый мах фидарӕй зонӕм Хуыцауы Ныхасы фыст хабӕртты фӕрцы. Ӕмӕ сыл ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм. Уыцы хабӕрттӕй кӕцыдӕртыл, чи зоны, никуы хъуыды кодтай. Уыдоны фӕрцы дӕ фидар ныфс уыдзӕн, чи дын амард, уыдоны ногӕй кӕй фендзынӕ.

НЫФСДӔТТӔГ ХАБӔРТТӔ

5. Лазӕр кӕй райгас уыдзӕн, уый Марфӕйы фидарӕй цӕмӕн уырныдта?

5 Дӕ хъус-ма ӕрдар, Марфӕ афтӕ кӕй нӕ загъта: «Ныфс мӕ ис, ме ’фсымӕр кӕй райгас уыдзӕн». Уый загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн». Уыцы хабар Марфӕйы фидарӕй уырныдта, уымӕн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, ивгъуыд заманты дӕр-иу ахӕм хабӕрттӕ кӕй ӕрцыд. Нырма гыццыл куы уыд, уӕд уыцы хабӕртты тыххӕй хъуыста йӕ хӕдзары, стӕй дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕны дӕр. Ӕркӕсӕм-ма, Библийы райгасдзинады тыххӕй цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдонӕй ӕртӕмӕ.

6. Марфӕ цавӕр диссаджы хабары тыххӕй зыдтаид?

6 Библийы райгасдзинады тыххӕй цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдонӕй фыццаг ӕрцыд пехуымпар Илийайы рӕстӕджы. Хуыцау Илийайӕн ахӕм хъару радта, цӕмӕй диссӕгтӕ арӕзтаид. Иухатт, Израилӕй цӕгатырдӕм чи уыд, уыцы финикийаг горӕт Сарептӕйы куы уыди, уӕд ӕй иу мӕгуыр идӕдз сылгоймаг суазӕг кодта. Уӕд Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ уыцы сылгоймаджы хӕдзары ссад ӕмӕ сой нӕ фӕуд кодтой. Уый фӕрцы ӕххормагӕй нӕ амардысты (1 Пад. 17:8–16). Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы сылгоймагӕн йӕ фырт фӕрынчын ӕмӕ амард. Фӕлӕ йын Илийа баххуыс кодта. Уый Хуыцаумӕ скуывта: «Мӕ Хуыцау, курын дӕ, ацы сывӕллоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздах!» Уӕд Хуыцау Илийайы куывд фехъуыста, ӕмӕ сывӕллон райгас! (Бакӕс 1 Паддзӕхты 17:17–24.) Ӕмӕ Марфӕ дӕр уыцы диссаджы хабары тыххӕй куыннӕ зыдтаид.

7, 8. а) Елисей сунемаг сылгоймаджы зӕрдӕйы рыст куыд ӕрсабыр кодта? б) Елисей цы диссаг сарӕзта, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

7 Дыккаг хабар та ӕрцыд Елисейы рӕстӕджы. Илийайы фӕстӕ Хуыцауы пехуымпар уый сси. Уыцы рӕстӕджы Сунемы цард, зӕнӕг кӕмӕн нӕ цыд, иу ахӕм кадджын израилаг сылгоймаг. Уый Елисейы йӕ хӕдзары суазӕг кодта. Ӕмӕ йын Хуыцау йӕ хорздзинад нӕ ферох кодта – йӕ ацӕргӕ лӕгӕй йын фырт райгуырд. Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ лӕппу амард. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, уыцы сылгоймаг куыд тынг маст кодтаид. Йӕ фыртыхстӕй Елисеймӕ Кармилы хохырдӕм иу-30 километры фӕцыд. Ӕмӕ йӕм куы ’рбацыд ӕмӕ йын йӕ хабар куы ракодта, уӕд пехуымпар йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийы йӕ разӕй Сунеммӕ арвыста, цӕмӕй сывӕллоны райгас кодтаид. Фӕлӕ Гиезийӕн йӕ бон нӕ баци лӕппуйы райгас кӕнын. Уӕдмӕ сывӕллоны мад ӕмӕ Елисей дӕр ӕрхӕццӕ сты (2 Пад. 4:8–31).

8 Елисей хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд мард сывӕллоны раз Йегъовӕмӕ кувын райдыдта. Хуыцау ын йӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сывӕллоны райгас кодта. Мад йӕ лӕппуйы удӕгасӕй куы федта, уӕд ма йӕ цинӕн кӕрон кӕм уыд! (Бакӕс 2 Паддзӕхты 4:32–37.) Чи зоны, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, зӕнӕг кӕмӕн нӕ цыд, уыцы Аннӕйы куывды ныхӕстӕ. Йегъовӕ Аннӕйӕн куы раарфӕ кодта, ӕмӕ йын Самуил куы райгуырд, уӕд Аннӕ загъта: «Йегъовӕйӕн йӕ бон у... ингӕнмӕ барвитын дӕр ӕмӕ ингӕнӕй ракӕнын дӕр» (1 Сам. 2:6). Йегъовӕ сунемаг сылгоймагӕн йӕ лӕппуйы, зӕгъӕн ис, «ингӕнӕй ракодта», ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ бон кӕй у мӕрдты ӕгас кӕнын.

9. Библийы райгасдзинады тыххӕй цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдонӕй ӕртыккаг цавӕр уыд?

9 Ӕндӕр диссаджы хабар та ӕрцыд, Елисей куы амард, уый фӕстӕ. Елисей Хуыцауӕн пехуымпарӕй фӕлӕггад кодта 50 азӕй фылдӕр, ӕмӕ уый фӕстӕ фӕрынчын ӕмӕ амард. Рӕстӕг куы рацыд ӕмӕ Елисейӕ стӕгдар йеддӕмӕ куы ницыуал баззад, уӕд иухатт израилӕгтӕй чидӕртӕ иу лӕджы ныгӕдтой, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы знӕгтӕ ӕрбабырстой. Уӕд израилӕгтӕ лӕджы мард, Елисей ныгӕд кӕм уыд, уырдӕм баппӕрстой, сӕхӕдӕг та лидзынмӕ фесты. Библийы фыст ис: «Мард куыддӕр Елисейы стджытыл андзӕвыд, афтӕ райгас ӕмӕ сыстад» (2 Пад. 13:14, 20, 21). Ацы хабар дӕр ӕмӕ, гыццыл раздӕр цы дыууӕ хабармӕ ӕркастыстӕм, уыдон дӕр Марфӕйы стыр ныфс куыннӕ уагътаиккой! Ууыл дзурӕг ын уыдысты, ӕмӕ Хуыцау ӕгӕрон тыхы хицау у ӕмӕ йӕ бон у мӕрдты ӕгас кӕнын. Ӕмӕ мах дӕр ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм.

ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ЧИ ӔРЦЫД, УЫЦЫ ХАБӔРТТӔ

10. Иу чырыстон сылгоймаг, Тавифӕ, куы амард, уӕд Петр цы сарӕзта?

10 Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр фыст ис, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ мӕрдты куыд ӕгас кодтой, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, гыццыл раздӕр ской кодтам, Йесо иу идӕдз сылгоймаджы лӕппуйы ӕмӕ Иаиры чызджы кӕй райгас кодта, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр ахӕм диссаг сарӕзта апостол Петр дӕр. Уый райгас кодта иу чырыстон сылгоймаджы, Доркӕйы (кӕнӕ Тавифӕйы). Петр, мард кӕм уыд, уыцы уатмӕ бацыд, Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Тавифӕ, сыст!» Уыцы тӕккӕ Тавифӕ рабадт, ӕмӕ Петр, хӕдзары чи уыд, уыцы чырыстӕттӕм «фӕдзырдта ӕмӕ сын ӕй равдыста, мӕнӕ, удӕгас у, зӕгъгӕ». Уыцы хабар фехъусгӕйӕ адӕмӕй «бирӕтӕ баууӕндыдысты Хицауыл». Уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн куыннӕ дзырдтаиккой Йесойы тыххӕй, стӕй, Йегъовӕйӕн йӕ бон мӕрдты ӕгас кӕнын кӕй у, уый тыххӕй (Хъуыд. 9:36–42).

11. Иу ӕрыгон лӕппуйыл цы ’рцыд ӕмӕ уыцы хабар иннӕтыл куыд фӕзынд?

11 Ӕндӕр ахӕм хабар та ӕрцыд горӕт Троадӕйы (ныр Турцийӕн йӕ цӕгат-ныгуылӕн хай). Чырыстӕттӕ иу хӕдзары уӕллаг уаты ӕрӕмбырд сты ӕмӕ сын апостол Павел ӕмбисӕхсӕвмӕ Фыстадӕй цыдӕртӕ амыдта. Иу ӕрыгон лӕппу, Евтих, рудзынгыл бадти ӕмӕ Павелмӕ афтӕмӕй хъуыста. Фӕлӕ иуафон бафынӕй, ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыгӕй рахауд. Лука дохтыр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Евтихмӕ фыццаг, ӕвӕццӕгӕн, уый бацыд ӕмӕ бамбӕрста, лӕппу ӕнӕуи кӕй нӕ фӕсур, фӕлӕ мӕлгӕ кӕй акодта. Фӕлӕ йӕм Павел куы бацыд, уӕд мард лӕппуйы йӕ хъӕбысы ӕрбакодта ӕмӕ иннӕтӕн загъта, ӕгас у, зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ се ’ппӕты дӕр стыр дисы куыннӕ бафтыдтаиккой! Павел мард адӕймаджы куыд райгас кодта, уый сӕхи цӕстӕй куы федтой, уӕд «тынг фӕцин кодтой» (Хъуыд. 20:7–12).

ФИДАР НЫФС

12, 13. Райгасдзинады тыххӕй цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдоныл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕм, чи зоны, цавӕр фарстатӕ фӕзына?

12 Цы хабӕрттыл аныхас кодтам, уыдонмӕ гӕсгӕ мах дӕр Марфӕйау хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ Царддӕттӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у адӕймаджы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын. Фӕлӕ, зӕгъӕм, Илийайы, Йесойы ӕмӕ Петры рӕстӕг чи нӕ цард ӕмӕ ахӕм диссаджы хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй чи нӕ федта, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй та цы ис зӕгъӕн? Кӕд сӕ заманты мӕрдтӕй ничи райгас, уӕддӕр сӕ цымӕ ныфс уыди, фидӕны Хуыцау мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уымӕй? Цымӕ сӕ бон уыд Марфӕйау фидарӕй зӕгъын, зонын ӕй, фӕстаг бон мӕрдтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ? Марфӕйы уый фидарӕй цӕмӕн уырныдта ӕмӕ махӕн дӕр ууыл фидарӕй ӕууӕндын нӕ бон цӕмӕн у?

13 Библийы бирӕ цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй уырныдта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

14. Авраамы хабарӕй райгасдзинады тыххӕй цы ис базонӕн?

14 Фыццаг уал ӕркӕсӕм Авраамы хабармӕ. Иухатт ын Хуыцау Исахъы тыххӕй, бирӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, йӕ уыцы фырты тыххӕй, загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ акӕн дӕ фырты, дӕ иунӕг ӕмӕ дӕ уарзон хъӕбул Исахъы... ӕмӕ йӕ нывондӕн ӕрхӕсс» (Райд. 22:2). Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Авраамы зӕрдӕ куыдтӕтӕ кодтаид. Уый размӕ Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты (Райд. 13:14–16; 18:18; Ром. 4:17, 18). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ загъта, уыцы байзӕддаг Исахъы хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацӕудзӕн (Райд. 21:12). Фӕлӕ Авраам Исахъы нывондӕн куы ’рхастаид, уӕд уымӕн гӕнӕн куыд уыдаид? Апостол Павел ныффыста, Авраамы фидарӕй кӕй уырныдта, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у Исахъы райгас кӕнын. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:17–19.) Библийы никуы ис фыст, Авраам афтӕ кӕй хъуыды кодта, ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ куы бакӕса, уӕд ын йӕ фырты тӕккӕ уыцы сахат кӕнӕ уыцы бон йе та уыцы къуыри кӕй райгас кӕндзӕн. Авраам бӕлвырд нӕ зыдта, Хуыцау Исахъы фӕстӕмӕ цардмӕ кӕд раздахдзӕн, уый. Фӕлӕ уӕддӕр ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ кӕй райгас кӕндзӕн.

15. Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Иовы ныфс цӕмӕй уыд?

15 Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Иов дӕр зыдта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Уый зыдта, бӕлас куы акъуырынц, уӕд та ногӕй тау кӕй суадзы ӕмӕ ног бӕлас кӕй сырӕзы, фӕлӕ адӕймагӕн та йӕ хабар афтӕ кӕй нӕу (Иов 14:7–12; 19:25–27). Адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ бон нӕ вӕййы йӕхи фӕстӕмӕ цардмӕ раздахын (2 Сам. 12:23; Пс. 89:48). Фӕлӕ Иовы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ бон нӕу, чи амард, уыдоны райгас кӕнын. Уый уырныдта, Йегъовӕ йӕ йӕ рӕстӕджы кӕй ӕрхъуыды кӕндзӕн. (Бакӕс Иов 14:13–15.) Иов нӕ зыдта, уыцы рӕстӕг кӕд ралӕудзӕн, уый. Фӕлӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Сфӕлдисӕгӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ йӕ райгас кӕна, стӕй кӕнгӕ дӕр афтӕ кӕй бакӕндзӕн.

16. Зӕд пехуымпар Данелы куыд бафидар кодта?

16 Дзуттаг Фыстыты ма дзырд цӕуы, Хуыцауыл ӕнувыд чи уыд, ӕндӕр ахӕм адӕймаджы тыххӕй, Данелы тыххӕй. Уый цӕрӕнбонты Хуыцауӕн иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр ӕххуыс кодта. Иухатт ын Йегъовӕйы зӕд загъта: «Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг. Фарнӕй хайджын у. Фидар лӕуу» (Дан. 9:22, 23; 10:11, 18, 19).

17, 18. Хуыцау Данелӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

17 Данелыл 100 азмӕ ӕввахс куы цыди ӕмӕ йын бирӕ куы нал баззад, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодта, фидӕны йӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Цымӕ йӕ ныфс уыди, искуы та ногӕй кӕй цӕрдзӕн? Куыннӕ! Данелы чиныджы кӕрон фыст ис, Хуыцау ын зӕды уылты афтӕ кӕй загъта: «Данел, кӕронмӕ фидар лӕуу. Ды ӕрӕнцайдзынӕ» (Дан. 12:13). Ацӕргӕ Данел зыдта, ингӕны «нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд» кӕй ис (Еккл. 9:10). Ӕмӕ йӕхимӕ дӕр уый ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ Данел зыдта, уый кӕрон кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау фидӕнӕй зӕрдӕ бавӕрдта.

18 Дарддӕр Йегъовӕйы зӕд Данелӕн загъта: «Бонты кӕрон рабаддзынӕ, цӕмӕй дӕ хал райсай». Уыцы хабар бӕлвырд кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй Данел ницы зыдта. Уый ӕмбӕрста, кӕй «ӕрӕнцайдзӕн». Фӕлӕ фидӕны йӕ «хал райсыны» тыххӕй кӕй хъуамӕ рабадтаид, уый йын ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ, йӕ мӕлӕтӕй бирӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд кӕй райгас уыдзӕн. Уыцы хабар хъуамӕ ӕрцыдаид «бонты кӕрон».

Марфӕйау дӕуӕн дӕр дӕ бон у райгасдзинадыл фидарӕй ӕууӕндын (кӕс 19, 20 абзацтӕ)

19, 20. а) Марфӕ Йесойӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон куыд баст сты, статьяйы цы хабӕрттыл аныхас кодтам, уыдонимӕ? б) Иннӕ статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

19 Уӕдӕ Марфӕйӕн йӕ бон уыд фидарӕй ӕууӕндын, йе ’фсымӕр Лазӕр «кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд». Хуыцау Данелӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый, стӕй, Марфӕ Йесойӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон зонгӕйӕ чырыстӕтты хъуамӕ мӕрдты райгас фидарӕй уырна.

20 Ацы статьяйы цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй бӕрӕг у, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй мӕрдтӕ райгас уой. Стӕй Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дӕр алкӕддӕр ныфс уыд, уыцы хабар фидӕны кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ кӕд мӕрдты райгасы тыххӕй раджы заманты ӕрцыд загъд, уӕддӕр нӕ уыцы хабар фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна? Ацы фарстайӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд нӕ ноджы фидардӕрӕй уырндзӕн, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Цымӕ уыцы рӕстӕг кӕд ралӕудзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.