Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Цымӕ Библимӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕн ВМС-тӕй (внутриматочная спираль) пайда кӕнын ӕмбӕлы?

 

Йегъовӕ фыццаг дыууӕ адӕймагӕн, ӕмӕ стӕй, Доны хъаймӕты чи аирвӕзт, уыцы аст адӕймагӕн бафӕдзӕхста: «Цот уадзут, сбирӕ ут» (Райд. 1:28; 9:1). Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ацы фӕдзӕхст чырыстӕттӕм дӕр кӕй хауы. Уӕдӕ алы къай дӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна, зӕнӕг сын ма цӕуа, уый тыххӕй исты хостӕй пайда кӕндзысты ӕви нӕ, уый. Стӕй, сывӕллон кӕд рауадздзысты, уый фӕдыл дӕр хъуамӕ сӕхӕдӕг хӕссой уынаффӕ. Цымӕ ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ чырыстӕттӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной?

Фыццаджыдӕр хъуамӕ ахъуыды кӕной Библийы уагӕвӕрдтыл. Зӕгъӕм, аборт скӕныныл не сразы уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг у Библийы ныхмӕ. Библийы та фыст ис, цардӕн аргъ кӕнын кӕй хъӕуы. Чырыстон никуы сразы уыдзӕн, чи хъуамӕ райгуыра, уыцы сывӕллоны амарыныл, цасфӕнды йыл ма цӕуа, уӕддӕр (Рац. 20:13; 21:22, 23; Пс. 139:16; Йер. 1:5). Ӕмӕ цымӕ ВМС-ты тыххӕй та цы ис зӕгъӕн?

Уыцы мадзалы тыххӕй фыст уыди 1979 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (30, 31 фӕрстӕ, англ.) *. Уыцы рӕстӕг цы ВМС-тӕй пайда кодтой, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты пластикӕй конд ӕмӕ-иу сӕ сылгоймаджы зӕнӕгдоны бавӕрдтой, цӕмӕй-иу ма басывӕрджын уыдаид. Статьяйы фыст уыд, уыцы ВМС-тӕ куыд кусынц, уый кӕронмӕ кӕй нӕма сбӕрӕг кодтой. Дохтыртӕй бирӕтӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй ВМС-ты тыххӕй нӕлгоймаджы мыггаг сылгоймаджы яйцеклеткӕтӕм нӕ бахӕццӕ вӕййы, ӕмӕ сылгоймаг нӕ басывӕрджын вӕййы. Ӕмӕ иугӕр сылгоймаг нӕ басывӕрджын, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ хуылфы ног цард дӕр нӕ сӕвзӕрд.

Фӕлӕ-иу ахӕм ВМС-тӕ ӕвӕрд кӕмӕн уыд, уыцы сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ уӕддӕр басывӕрджын сты. Нӕлгоймаджы мыггаг кӕмӕ бахӕццӕ вӕййы, уыцы яйцеклеткӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ рӕза зӕнӕгдоны трубкӕйы (внематочная беременность) кӕнӕ та цасдӕры фӕстӕ, чи зоны, зӕнӕгдонмӕ дӕр бахауа. Фӕлӕ, зӕгъӕм, зӕнӕгдонмӕ куы бахауа, уӕд ӕй ВМС, гӕнӕн ис, ма бауадза, цӕмӕй уым ӕрфидар уа ӕмӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ рӕза. Уӕд уый абортӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы яйцеклеткӕйы уӕдмӕ сӕвзӕры ног цард. Уыцы статьяйы кӕрон фыст уыди: «ВМС-тӕй пайда кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ, уый бамбарын кӕй фӕнды, уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ уыцы хабӕрттыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕной ӕмӕ сӕ хъуамӕ рох ма уа, Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы цӕсты цард табуйаг кӕй у, уый» (Пс. 36:9).

Цымӕ фыццаг ВМС-тӕ куы фӕзындысты, уӕдӕй абонмӕ дохтыртӕ ӕмӕ иртасджытӕ ногӕй исты ӕрымысыдысты?

Фӕзынд ног ВМС-тӕ, сты дыууӕ хуызы. Иутӕ сӕ сты ӕрхуыйӕ конд, ӕмӕ цалдӕр дӕсазы размӕ тынг парахат уыдысты. Фӕстӕдӕр та фӕзынд, сӕ мидӕг цавӕрдӕр гормон кӕмӕн ис, ахӕм ВМС-тӕ дӕр. Цымӕ уыцы дыууӕ мадзалы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис?

Ӕрхуыйӕ конд ВМС-тӕ. Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй нӕлгоймаджы мыггаг сылгоймаджы зӕнӕгдонмӕ куы бахауы, уӕд ВМС-ы тыххӕй яйцеклеткӕмӕ нӕ бахӕццӕ вӕййы. Ӕрхуыйӕ конд ВМС-тӕ та нӕлгоймаджы мыггаг маргӕ дӕр акӕнынц *. Уымӕй уӕлдай ма, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, ӕрхуыйӕ конд ВМС-ты тыххӕй зӕнӕгдонӕн йӕхи мидӕг дӕр цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы.

Йӕ мидӕг гормон кӕмӕн ис, ахӕм ВМС-тӕ. Уыцы ВМС-тӕ сты алыхуызӕттӕ ӕмӕ сӕ мидӕг вӕййы, контрацептивтӕ кӕй хонынц, уыцы хосты мидӕг чи вӕййы, ахӕм гормон. Уыцы гормон зӕнӕгдонмӕ кӕй бахауы, уый тыххӕй иуӕй-иу сылгоймӕгты яйцеклеткӕтӕ яичниктӕй нӕ рацӕуынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, яйцеклеткӕ яичникӕй куы нӕ рацӕуа, уӕд сылгоймаг сывӕрджын дӕр нӕ бауыдзӕн. Уый йеддӕмӕ ма уыцы ВМС-ты тыххӕй зӕнӕгдоны къултӕ стӕнӕг вӕййынц *. Стӕй ма стӕнӕг вӕййы, шейка матки кӕй хонынц, уымӕн йӕ мидӕггаг цъар дӕр, ӕмӕ уый тыххӕй нӕлгоймаджы мыггаг зӕнӕгдонмӕ нал бахӕццӕ вӕййы.

Уӕдӕ куыд загътам, афтӕмӕй ВМС-ты тыххӕй зӕнӕгдоны цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы. Фӕлӕ, зӕгъӕм, яйцеклеткӕ яичниктӕй уӕддӕр рацыд ӕмӕ йӕм нӕлгоймаджы мыггаг бахӕццӕ, уӕд та? Уӕд уыцы яйцеклеткӕ, чи зоны, зӕнӕгдонмӕ рацӕуа, фӕлӕ, зӕнӕгдонӕн йӕ къултӕ тӕнӕг кӕй сты, уый тыххӕй дзы ма ӕрфидар уа. Уӕд яйцеклеткӕ амӕлдзӕн, ӕмӕ сылгоймаг сывӕрджын нал уыдзӕн. Фӕлӕ, дохтырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, хабар афтӕ стӕм хатт рауайы. Арӕхдӕр уый ӕрцӕуы, контрацептивтӕ чи фӕнуазы, уыцы сылгоймӕгтыл.

Кӕд дохтыртӕ ӕмӕ иртасджытӕ афтӕ зӕгъынц, ӕмӕ ӕрхуыйӕ конд кӕнӕ, йӕ мидӕг гормон кӕмӕн ис, ахӕм ВМС-ты фӕрцы сылгоймаг тынг стӕм хатт басывӕрджын вӕййы, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уыцы ВМС-ты руаджы сылгоймаг ницы хуызы басывӕрджын уыдзӕн.

Чырыстон бинонты ахӕм мадзалӕй спайда кӕнын куы фӕнда, уӕд сӕ хъӕудзӕн дохтыртимӕ аныхас кӕнын, цӕмӕй базоной, кӕм цӕрынц, уым цавӕр ВМС-тӕ ис, стӕй хорз ӕмӕ тӕссаг цӕмӕй сты, уый. Уыцы хъуыддаджы фӕдыл хъуамӕ сӕхӕдӕг рахӕссой уынаффӕ – уый бар ӕндӕр никӕмӕн ис, суанг дохтыртӕн дӕр (Ром. 14:12; Гал. 6:4, 5). Ахӕм чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, сӕ уынаффӕйӕ Хуыцауы зӕрдӕ кӕй хъуамӕ барухс кӕной ӕмӕ сын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом кӕй хъуамӕ уа. (Абар 1 Тимофеймӕ 1:18, 19; 2 Тимофеймӕ 1:3.)

^ 4 абз. Уырыссаг ӕвзагыл ацы статья мыхуыргонд ӕрцыд 1999 азы 15 февралы «Сторожевая башня»-йы, 30, 31 фӕрстӕ.

^ 4 абз. Иу медицинон чиныджы фыст ис: «Фылдӕр ӕрхуы кӕм ис, уыцы ВМС-тӕ 99 проценты хуыздӕр сты. Ахӕм ВМС-тӕ кӕмӕн сӕвӕрынц, сӕдӕ ахӕм сылгоймагӕй иу азы мидӕг басывӕрджын вӕййы иу кӕнӕ та иу дӕр нӕ. Къаддӕр ӕрхуы кӕм ис, уыцы ВМС-тӕ та сӕ куыст афтӕ хорз нӕ кӕнынц».

^ 5 абз. Йӕ мидӕг гормон кӕмӕн ис, ахӕм ВМС-тӕ иуӕй-иу хатт рафыссынц, йӕ ӕрвылмӕйон тугцыды бонты бирӕ туг чи фесафы, уыцы сылгоймӕгтӕн дӕр.