Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл»

«Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл»

«Фӕстаг Адам... сси царддӕттӕг уӕларвон удгоймаг» (1 КОР. 15:45).

ЗАРДЖЫТӔ: 151, 147

1–3. а) Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иу цавӕр у? б) Райгасдзинады тыххӕй ахуырад афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

БИБЛИЙЫ ахуырӕдтӕй, дӕумӕ гӕсгӕ, сӕйрагдӕр кӕцытӕ сты? Ӕвӕццӕгӕн, фыццаджыдӕр зӕгъдзынӕ, Йегъовӕ Сфӕлдисӕг ӕмӕ Царддӕттӕг кӕй у, уый тыххӕй. Чи зоны ма зӕгъдзынӕ, Йесо Чырысти мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уый тыххӕй дӕр. Стӕй, Хуыцауы адӕм ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты, уый кой дӕр куыннӕ скӕндзынӕ. Фӕлӕ цымӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кой дӕр скӕндзынӕ?

2 Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ райгасдзинады тыххӕй ахуырад нымайой Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй иуыл, кӕд сӕ стыр бӕллӕхы сӕрты ахизыны ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс ис, уӕддӕр. Цымӕ цӕмӕн? Апостол Павел бамбарын кодта, уыцы ахуырад афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, уый: «Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас». Чырысти куы нӕ райгас уыдаид, уӕд Хуыцауы Паддзахады Паддзах не суыдаид ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр дзӕгъӕлы уыдаид. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:12–19.) Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, Йесо кӕй райгас. Ӕмӕ нӕ уый фидарӕй кӕй уырны, уымӕй хицӕн кӕнӕм, райгасдзинады ныхмӕ чи дзырдта, уыцы дзуттаг саддукейтӕй. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл, кӕд ныл уый тыххӕй чидӕртӕ худгӕ дӕр фӕкӕнынц, уӕддӕр (Мар. 12:18; Хъуыд. 4:2, 3; 17:32; 23:6–8).

3 Павел куыд загъта, афтӕмӕй «мӕрдты райгасы» тыххӕй ахуырад хауы «Чырыстийы тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕм» (Дзут. 6:1, 2). Ӕмӕ мӕрдты райгасыл йӕхӕдӕг дӕр ӕууӕндыд (Хъуыд. 24:10, 15, 24, 25). Фӕлӕ кӕд Павел уыцы ахуырӕдтӕ «Хуыцауы ныхӕсты „абетӕ“» схуыдта, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ райгасдзинады тыххӕй ахуырад хуымӕтӕг ахуырад у (Дзут. 5:12). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

4. Райгасдзинады тыххӕй кӕмӕдӕрты, гӕнӕн ис, цавӕр фарстатӕ фӕзына?

4 Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уыдонӕй бирӕтӕ бакӕсынц, чидӕртӕ куыд райгас сты, уый тыххӕй, зӕгъӕм, Лазӕры тыххӕй. Стӕй ма базонынц, Авраамы, Иовы ӕмӕ Данелы фидарӕй кӕй уырныдта, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Фӕлӕ, чи зоны, искӕмӕ ахӕм фарстатӕ фӕзына: «Мӕрдты райгасы тыххӕй бирӕ ӕнусты размӕ уыд загъд, ӕмӕ цымӕ уӕд уыцы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндӕн ис? Стӕй цымӕ, мӕрдтӕ кӕд хъуамӕ райгас уой, уый тыххӕй Библийы исты фыст ис?» Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд уый фӕрцы нӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн.

ӔНУСТӔ РАЗДӔР КӔЙ ТЫХХӔЙ УЫД ЗАГЪД, УЫЦЫ РАЙГАСДЗИНАД

5. Фыццаг уал цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

5 Чи зоны, афтӕ зын ма уа, чи амард, уый уайтагъд куыд райгас, уый цӕстытыл ауайын кӕнын (Иоан. 11:11; Хъуыд. 20:9, 10). Фӕлӕ, бирӕ азты кӕнӕ ма суанг бирӕ ӕнусты фӕстӕ чи хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, ахӕм зӕрдӕвӕрдтӕй та цы ис зӕгъӕн? Цымӕ сыл ӕууӕндӕн ис? Ӕрӕджы чи амард, дзырд уыдоныл цӕуа ӕви, раджы чи амард, уыдоныл, уӕддӕр цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ райгас уой? Зӕгъӕм, рагзаманты загъд ӕрцыд иу кӕйдӕр райгасдзинады тыххӕй, ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст бирӕ ӕнусты фӕстӕ. Ӕмӕ уыцы хабар ӕцӕгдӕр кӕй ӕрцыд, ууыл мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм. Цымӕ уыцы зӕрдӕвӕрд кӕй тыххӕй уыди? Стӕй цымӕ, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыимӕ куыд баст у? Цӕй уӕдӕ уал фыццаг ацы фарстатыл аныхас кӕнӕм.

6. 118-ӕм псаломы фыст ныхӕстӕ Йесойыл куыд сӕххӕст сты?

118-ӕм псаломы (ӕвӕццӕгӕн ӕй ныффыста Давид) цы пехуымпарад фыст ӕрцыд, уый амыдта, бирӕ ӕнусты фӕстӕ чи хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, уыцы хабармӕ – райгасдзинадмӕ. Уыцы псаломы фыст ис: «О Йегъовӕ, курӕг дӕ стӕм, фервӕзын нӕ кӕн! [...] Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!» Ацы ныхӕстӕ уыдысты Мессийӕйы тыххӕй, ӕмӕ сӕ адӕм дзырдтой, Йесо Иерусалиммӕ къӕлӕуыл куы бацыд, уӕд. Уыцы хабар ӕрцыд йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны размӕ, 9 нисаны (Пс. 118:25, 26; Матф. 21:7–9). Фӕлӕ цымӕ 118-ӕм псаломы, бирӕ ӕнусты фӕстӕ чидӕр кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, уый тыххӕй цы загъд уыд? Дӕ хъус-ма ӕрдар, ацы псаломы ма цы фыст ис, уымӕ: «Аразджытӕ цы дур аппӕрстой, уый сси фисыны сӕйраг дур» (Пс. 118:22).

«Аразджытӕ... дур аппӕрстой», ома Мессийӕйы ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ йӕ амарын кодтой (кӕс 7 абзац)

7. Ацы ныхӕстӕ, «аразджытӕ... дур аппӕрстой», зӕгъгӕ, куыд сӕххӕст сты?

7 Ацы ныхӕстӕ, «аразджытӕ... дур аппӕрстой», зӕгъгӕ, куыд сӕххӕст сты? «Аразджытӕ», ома дзуттаг дины разамонджытӕ, Йесойы ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ йӕ Мессийӕйыл нӕ банымадтой. Уый нӕ, фӕлӕ ма Пилатӕй домдтой, цӕмӕй йӕ амарын кодтаид (Лук. 23:18–23). Ӕмӕ афтӕмӕй йӕ мӕлӕты аххосджын систы.

Йесо райгас ӕмӕ сси «фисыны сӕйраг дур» (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

8. Йесо «фисыны сӕйраг дур» куыд сси?

8 Фӕлӕ цымӕ Йесо «фисыны сӕйраг дур» куыд хъуамӕ суыдаид, кӕд ӕмӕ йӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ ма йӕ маргӕ дӕр акодтой? Цӕмӕй уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ райгас уыдаид. Ӕмӕ Йесо дӕр уыцы ныхӕстӕ йӕхимӕ ахаста, сӕнӕфсирдоны хицауы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд. Уыцы фӕсномыг ныхасы-иу хицау йӕ кусджытӕм йӕ цагъарты арвыста, фӕлӕ-иу сын уыдон алыхуызон фыдмитӕ бакодтой. Ӕппынфӕстаг сӕм арвыста йӕ фырты, зӕгъгӕ мӕм кӕд афтӕмӕй уӕддӕр байхъусиккой. Фӕлӕ йын уыдон йӕ фырты амардтой. Раст афтӕ израилӕгтӕ дӕр, Хуыцау сӕм цы пехуымпарты ӕрвыста, уыдонӕн-иу алыхуызон фыдмитӕ бакодтой. Ӕппынфӕстаг сӕм Йегъовӕ арвыста йӕ Фырты, Мессийӕйы. Фӕлӕ йӕ уыдон амардтой. Йесо уыцы фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд загъта 118-ӕм псаломы 22-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ (Лук. 20:9–17). Уыцы ныхӕстӕй спайда кодта апостол Петр дӕр, Иерусалимы чи ӕрӕмбырд, уыцы «дзуттӕгты разамонджытимӕ, хистӕр лӕгтимӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытимӕ» куы ныхас кодта, уӕд. Фыццаг уал загъта, зӕгъгӕ, сымах назаретаг Йесо Чырыстийы хъӕдыл байтыгътат ӕмӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта. Ӕмӕ сын стӕй загъта: «Уый у, „сымах, аразджытӕ, ницӕйагыл кӕй банымадтат, фӕлӕ фисыны сӕйраг дур чи сси, уыцы дур“» (Хъуыд. 3:15; 4:5–11; 1 Пет. 2:5–7).

9. 118-ӕм псаломы 22-ӕм стихы фыст пехуымпарад цавӕр диссаджы хабармӕ амыдта?

9 Уӕдӕ 118-ӕм псаломы 22-ӕм стихы фыст пехуымпарад амыдта, ӕнустӕ фӕстӕдӕр чидӕр кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, уымӕ. Уыцы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Мессийӕйы хъуамӕ мацӕмӕ ӕрдардтаиккой ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг амардтаиккой, фӕлӕ хъуамӕ райгас уыдаид, цӕмӕй «фисыны сӕйраг дур» суыдаид. Ӕмӕ Йесо куы райгас, уӕд ӕй Хуыцау цы кады аккаг скодта, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Фервӕзӕн... ӕндӕр никӕй фӕрцы ис, уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном» (Хъуыд. 4:12; Еф. 1:20).

10. а) 16-ӕм псаломы 10-ӕм стихы цавӕр пехуымпарад ис фыст? б) Фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис, ацы пехуымпарад Давидыл кӕй нӕ сӕххӕст?

10 Ныр та ӕркӕсӕм, райгасдзинады кой ма кӕм цӕуы, ӕндӕр ахӕм стихмӕ. Цы пехуымпарад дзы ис фыст, уый сӕххӕст, загъд куы уыд, уымӕй мингай азты фӕстӕ. Ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, иугӕр Хуыцау райгасдзинадӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕй суанг бирӕ ӕнустӕ куы рацӕуа, уӕддӕр. Уыцы стихы Давид ныффыста: «Ды мын мӕ уд ингӕны нӕ ныууадздзынӕ. Иузӕрдион дыл чи у, уый нӕ бауадздзынӕ арф ингӕн фенын» (Пс. 16:10). Давиды уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ никуы амӕлдзӕн. Библийы комкоммӕ фыст ис, Давид кӕй базӕронд ӕмӕ кӕй амард. Стӕй ма дзы фыст ис: «Давид йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ Давиды горӕты бавӕрдтой» (1 Пад. 2:1, 10). Уӕдӕ уӕд 16-ӕм псаломы 10-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ кӕмӕ амонынц?

11. 16-ӕм псаломы 10-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ кӕмӕ амонынц, уый Петр кӕд бамбарын кодта?

11 16-ӕм псаломы 10-ӕм стихы ныхӕстӕ фыст куы ’рцыдысты, уымӕй мин азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд Петр бамбарын кодта, уыцы ныхӕстӕ кӕмӕ амыдтой, уый. Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уымӕй цалдӕр къуырийы фӕстӕ Петр мингай адӕмы размӕ рацыд. Се ’хсӕн уыд дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй дзуттаг дин чи райста, уыдон дӕр. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:29–32.) Петр сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Давид кӕй амард ӕмӕ йӕ зӕппадзы кӕй бавӕрдтой. Стӕй сын загъта, зӕгъгӕ, «Давид бирӕ раздӕр зыдта, Чырысти кӕй райгас уыдзӕн, ӕмӕ уый кой кодта». Ӕмӕ Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ сӕ исчи йӕ ныхӕстимӕ не сразы.

12. 16-ӕм псаломы 10-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг хъуамӕ уа?

12 Петр йӕ ныхӕстӕ сбӕлвырд кӕнынӕн ӕрхаста, Давид 110-ӕм псаломы 1-аг стихы кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:33–36.) Уый фӕрцы уыцы бирӕ адӕм баууӕндыдысты, Йесо «Хицау ӕмӕ Чырысти» кӕй у, ууыл. Уыдон бамбӕрстой, 16-ӕм псаломы 10-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты, Йесо куы райгас, уӕд. Уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕй фӕстӕдӕр спайда кодта апостол Павел дӕр, Писидийы Антиохийы дзуттӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд. Йӕ ныхӕстӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдтой, ӕмӕ сӕ бафӕндыд фылдӕр базонын. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 13:32–37, 42.) Уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ махӕн дӕр хъуамӕ ууыл дзурӕг уой, ӕмӕ, Йесойы райгасдзинады тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыд, уыдон кӕй сӕххӕст сты, кӕд бирӕ ӕнустӕ рацыд, уӕддӕр.

МӔРДТӔ КӔД ХЪУАМӔ ӔГАС КӔНОЙ?

13. Райгасдзинады фӕдыл, гӕнӕн ис, цавӕр фарстатӕ сӕвзӕра?

13 Райгасдзинады тыххӕй зӕрдӕвӕрдтӕ суанг бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц, уый мах стыр ныфс куыннӕ уадзы. Фӕлӕ, чи зоны, исчи зӕгъа: «Уӕдӕ уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ мын чи фӕзиан, уый фенынмӕ мӕ бирӕ рӕстӕг хъӕудзӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсын? Уӕвгӕ, мӕрдтӕ кӕд хъуамӕ райгас уой?» Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо йӕ апостолтӕн афтӕ кӕй загъта, ӕмӕ алцы нӕ зонынц, стӕй сӕ бон алцы бамбарын дӕр кӕй нӕу. Стӕй ма сын загъта: «Мӕ уӕларвон Фыд цы рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонтӕ снысан кодта, уыдон зонын сымах нӕ хъӕуы» (Хъуыд. 1:6, 7; Иоан. 16:12). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕд хъуамӕ ӕгас кӕной, уый фӕдыл ӕппындӕр ницы ис базонӕн.

14. Йесойы райгас, йӕ размӕ чи цард, уыдоны райгасӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

14 Мӕрдтӕ кӕд хъуамӕ ӕгас кӕной, уый бамбарыны тыххӕй та ногӕй ахъуыды кӕнӕм Йесойы райгасыл. Йесо куы нӕ райгас уыдаид, уӕд нӕ ныфс нӕ уыдаид, чи нын фӕзиан, уыдоны ногӕй кӕй фендзыстӕм. Йесойы размӕ, зӕгъӕм, Илийа ӕмӕ Елисейы заманты, чи райгас, уыдон уӕддӕр фӕстӕдӕр амардысты, ӕмӕ ингӕны сыджыты хай баисты. Фӕлӕ Йесо та «мӕрдтӕй райгас, ӕмӕ никуыуал амӕлдзӕн – мӕлӕты бар ыл нал цӕуы». Ныр уый ис уӕлӕрвты ӕмӕ «цӕрдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Ром. 6:9; Рарг. 1:5, 18; Кол. 1:18; 1 Пет. 3:18).

15. Павел Чырыстийы тыххӕй афтӕ кӕй загъта, «чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг», зӕгъгӕ, уый цӕуыл дзурӕг у?

15 Уӕларвон цардмӕ фыццаг Йесо райгас, ӕмӕ йӕ райгасдзинад иннӕты райгасдзинадӕй бирӕ ахсджиагдӕр у (Хъуыд. 26:23). Ӕмӕ Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн дӕр зӕрдӕ бавӕрдта, уӕлӕрвты йемӕ иумӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты (Лук. 22:28–30). Фӕлӕ цӕмӕй уыцы хорзӕхӕй схайджын уыдаиккой, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ мӕлгӕ акодтаиккой. Уый фӕстӕ хъуамӕ Йесойау уӕларвон буары райгас уыдаиккой. Павел Чырыстийы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг». Дарддӕр бамбарын кодта, уӕларвон цардмӕ ма ноджыдӕр чидӕртӕ кӕй хъуамӕ райгас уыдаиккой. Уый загъта: «Алчидӕр йӕхи афон: фыццаг – Чырысти, уый фӕстӕ та, Чырыстийы чи у, уыдон, куы ’рцӕуа, уӕд» (1 Кор. 15:20, 23).

16. Сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон цардмӕ кӕд хъуамӕ райгас уыдаиккой, уый цӕй фӕрцы ис бамбарӕн?

16 Павелы ныхӕстӕй бамбарӕн ис, сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон цардмӕ кӕд хъуамӕ райгас уыдаиккой, уый. Уыцы хабар хъуамӕ ӕрцыдаид, Чырысти «куы ’рцыдаид, уӕд» *. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библимӕ гӕсгӕ раджы сбӕрӕг кодтой, Чырысти 1914 азы кӕй ӕрцыд ӕмӕ ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон тынг хӕстӕг кӕй у.

17, 18. Чырыстийы ӕрцыды рӕстӕг иуӕй-иу сӕрст чырыстӕттыл цы ’рцӕудзӕн?

17 Библийы ма, уӕларвон цардмӕ чи хъуамӕ райгас уыдаид, уыдоны тыххӕй фыст ис: «Не ’фсымӕртӕ, фӕнды [нӕ], цӕмӕй зонат, чи амард, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый... Кӕд нӕ уырны, Йесо кӕй амард ӕмӕ кӕй райгас, уӕд нӕ уый дӕр уырны, ӕмӕ... чи амард, уыдоны дӕр Хуыцау цардмӕ кӕй раздахдзӕн, цӕмӕй йемӕ уой. ...Махӕй нӕ Хицауы ’рцыд удӕгасӕй чи ӕрӕййафа, уыдон, мард чи у, уыдоны разӕй ницы хуызы фӕуыдзысты, уымӕн ӕмӕ нӕ Хицау йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй ӕмӕ райхъуысдзӕн йӕ барджын хъӕлӕс... ӕмӕ фыццаг райгас уыдзысты, Чырыстиимӕ иудзинады чи уыд, афтӕмӕй чи амард, уыдон. Уый фӕстӕ мах дӕр, удӕгасӕй чи баззайа, уыдон, мигътыл хаст ӕрцӕудзыстӕм, цӕмӕй семӕ уӕм ӕмӕ уӕлдӕфы нӕ Хицауимӕ фембӕлӕм, ӕмӕ уымӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр уыдзыстӕм нӕ Хицауимӕ» (1 Фес. 4:13–17).

18 Сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон цардмӕ ӕгас кӕнын райдыдтой, Чырысти куы ’рцыд, уымӕй цасдӕры фӕстӕ. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг ма зӕххыл чи уа, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ та «мигътыл хаст ӕрцӕудзысты». Уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Уыцы чырыстӕттӕ «мӕрдвынӕй нӕ кӕндзысты», ӕндӕр ныхӕстӕй, уайтагъд райгас уыдзысты. Библийы фыст ис, се ’ппӕт дӕр кӕй «фӕивдзысты ӕвиппайды, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, фӕстаг уадындз куы ныууаса, уӕд» (1 Кор. 15:51, 52; Матф. 24:31).

19. Дзырдбаст «хуыздӕр райгас» цы нысан кӕны?

19 Абон Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр сӕрст чырыстӕттӕ не сты ӕмӕ Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ нӕ уыдзысты. Уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц «Йегъовӕйы бонмӕ», ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уыцы бонмӕ. Уый кӕд уыдзӕн, уый бӕлвырд ничи зоны. Фӕлӕ уӕддӕр бӕрӕг у, тынг хӕстӕг кӕй у, уый (1 Фес. 5:1–3). Хуыцауы ног дуне куы ралӕууа, уӕд ӕгас кӕнын райдайдзысты, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон. Библи хуымӕтӕджы нӕ зӕгъы, уый «хуыздӕр райгас» кӕй уыдзӕн – раджы заманты чи райгас, уыдонӕй уӕлдай, ног дунейы чи райгас уа, уыдонӕн фадат уыдзӕн, цӕмӕй ӕххӕст суой ӕмӕ макуыуал амӕлой (Дзут. 11:35).

20. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Хуыцау ног дунейы мӕрдты куы ӕгас кӕна, уӕд уыцы хъуыддаг бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй цӕудзӕн?

20 Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ сӕ «алчидӕр йӕхи афон» райгас уыдзӕн (1 Кор. 15:23). Ӕмӕ зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ӕгас кӕндзысты, ома бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕм, чи зоны, ахӕм фарстатӕ фӕзына: «Нӕ рӕстӕджы чи амард, уыдон цымӕ Чырыстийы миназон хицаудзинады райдианы райдайдзысты ӕгас кӕнын ӕмӕ-иу сӕ размӕ, чи сӕ зыдта, уыдон рацӕудзысты? Цымӕ раджы заманты Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдон раздӕр райгас уыдзысты, цӕмӕй ног дунейы дӕр адӕмӕн разамынд дӕттой? Йегъовӕйӕн чи никуы лӕггад кодта, уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Кӕм ӕмӕ кӕд райгас уыдзысты?» Ахӕм фарстатӕ тынг бирӕ сты. Фӕлӕ цымӕ уый ныртӕккӕ ӕнӕмӕнг у, ӕмӕ уыцы фарстатӕн дзуапп зонӕм? Хуыздӕр нӕ уаид, уыцы рӕстӕгмӕ куы банхъӕлмӕ кӕсиккам ӕмӕ уыдӕттӕ нӕхи цӕстӕй куы фениккам? Мах ӕй фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ уыцы диссӕгтӕ куыд араздзӕн, уымӕ кӕсгӕйӕ тынг кӕй цин кӕндзыстӕм.

21. Фидар ныфс дӕ цӕмӕй ис?

21 Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ та хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Йегъовӕ нын Чырыстийы уылты зӕрдӕ бавӕрдта, чи амард, уыдон йӕ хъуыдыйы кӕй сты ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг кӕй райгас кӕндзӕн (Иоан. 5:28, 29; 11:23). Йегъовӕйӕн йӕ бон мӕрдты ӕгас кӕнын кӕй у, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй иухатт Йесо Авраамы, Исахъы ӕмӕ Иаковы тыххӕй загъта, Хуыцауӕн «иууылдӕр удӕгас сты», зӕгъгӕ (Лук. 20:37, 38). Апостол Павел дӕр загъта: «Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл... кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыд. 24:15). Ӕмӕ мах дӕр Павелау фидар ныфс ис, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты!

^ 16 абз. Ацы ран дзырдбаст, «куы ’рцӕуа, уӕд», зӕгъгӕ, цы рӕстӕгмӕ амоны, уый райдыдта, Йесо Чырысти Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уӕд ӕмӕ фӕуыдзӕн, ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд.