Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Ӕппӕт дӕр ныууагътон, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цыдаин

Ӕппӕт дӕр ныууагътон, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цыдаин

«Адӕмы хӕдзӕрттыл куы зилай, уӕд дӕ ам куыннӕуал фенон, науӕд дын дӕ къӕхтӕ ныссӕтдзынӕн». Мӕ фыд мӕм афтӕ куы бартхъирӕн кодта, уӕд хӕдзарӕй ацыдтӕн. Афтӕмӕй фыццаг хатт ӕппӕт дӕр ныууагътон, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл ацыдаин. Уӕд мыл 16 азы йеддӕмӕ нӕ цыд.

МӔ ХАБАР афтӕ цӕмӕн рауад, уый уын ныртӕккӕ радзурдзынӕн. Ӕз райгуырдтӕн 1929 азы 29 июлы Филиппинты, Булаканы провинцийы. Уыцы рӕстӕг экономикӕйы уавӕр тынг ӕвзӕр уыд, ӕмӕ адӕм мӕгуыр цард кодтой. Нырма гыццыл куы уыдтӕн, уӕд хӕст райдыдта. Японийы ӕфсӕдтӕ Филиппинтӕм ӕрбабырстой. Фӕлӕ хӕст махӕн ахӕм стыр зиан не ’рхаста, уымӕн ӕмӕ, кӕм хӕцыдысты, уыцы бынатӕй нӕ хъӕу дард уыди. Радио, телевизортӕ ӕмӕ нӕм газеттӕ нӕ уыд, ӕмӕ-иу хӕсты тыххӕй ног хабӕрттӕ кӕмӕйдӕрты базыдтам.

Мах уыдыстӕм цыппар хо ӕмӕ цыппар ӕфсымӕры, ӕмӕ ӕз уыдтӕн дыккаг. Аст азы мыл куы цыди, уӕд мӕ мӕ мадыфыд ӕмӕ мӕ мадымад сӕхимӕ акодтой. Кӕд католиктӕ уыдыстӕм, уӕддӕр-иу мӕ мадыфыд ӕндӕр динты литературӕ дӕр касти. Йе ’мбӕлттӕ-иу ын лӕвӕрдтой дины чингуытӕ, ӕмӕ сӕ ӕмбырд кодта. Хъуыды йӕ кӕнын, иухатт мын куыд равдыста, мӕнг динты ахуырӕдты ныхмӕ ӕргом фыст кӕм уыд, ахӕм брошюрӕтӕ тагайлаг ӕвзагыл, стӕй Библи. Библи мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди, уӕлдайдӕр та цыппар Евангелийы. Куы сӕ бакастӕн, уӕд мӕ бафӕндыд Чырыстийы фӕдыл цӕуын (Иоан. 10:27).

АХУЫР КӔНЫН ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔДЫЛ ЦӔУЫН

Японийы ӕфсӕдтӕ Филиппинтӕй ацыдысты 1945 азы. Уыцы рӕстӕг мын мӕ ныййарджытӕ загътой, цӕмӕй фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхтаин. Ӕмӕ мӕ мӕ мадыфыд нӕхимӕ арвыста.

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ 1945 азы декабры горӕт Ангатӕй нӕ хъӕумӕ ӕрцыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты къорд, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабар фехъусын кодтаиккой. Иу ацӕргӕ Ӕвдисӕн нӕ хӕдзармӕ ӕрбацыд ӕмӕ нын равдыста, Библи «фӕстаг бонты» тыххӕй цы дзуры, уый (2 Тим. 3:1–5). Стӕй нӕ фӕхуыдта, сыхаг хъӕуы кӕй хъуамӕ ауагътаиккой, уыцы Библийы ахуырмӕ. Мӕ ныййарджыты нӕ бафӕндыд, фӕлӕ ӕз та ацыдтӕн. Уыди дзы иу-20 адӕймаджы, ӕмӕ сӕ чидӕртӕ Библийы тыххӕй фарстатӕ лӕвӕрдтой.

Цӕуыл дзырдтой, уыдӕттӕй алцы не ’мбӕрстон, ӕмӕ ацӕуынмӕ хъавыдтӕн. Фӕлӕ уӕдмӕ райдыдтой Паддзахады зарӕг зарын. Уыцы зарӕг мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ баззадтӕн. Зарӕг ӕмӕ куывды фӕстӕ алкӕй дӕр фӕхуыдтой, хуыцаубоны Ангаты чи хъуамӕ уыдаид, уыцы фембӕлдмӕ.

Гъемӕ уырдӕм цалдӕрӕй ацыдыстӕм. Цӕуын нӕ бахъуыд 8 километры бӕрц. Ӕмбырд цыди иу бинонты хӕдзары, сӕ мыггаг уыди Крус. Уырдӕм ӕрбацыд 50 адӕймаджы, ӕмӕ мӕм тынг диссаг фӕкаст, суанг сывӕллӕттӕ дӕр сӕ дзуаппыты кӕй кодтой, Библийы цы арф хъуыдытӕ ис, уыдоны кой. Цалдӕр ахӕм ӕмбырды фӕстӕ мӕ иу ацӕргӕ ӕфсымӕр, Дамиан Сантос, сӕхимӕ фӕхуыдта, ӕмӕ сӕм ӕхсӕв баззадтӕн. Ӕфсымӕр Дамиан лӕггад кодта пионерӕй, раздӕр та уыди горӕты мэр. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Библийыл фӕныхас кодтам.

Уыцы рӕстӕг махӕй бирӕтӕ райдыдтой Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, кӕд Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ йеддӕмӕ ницы зыдтам, уӕддӕр. Цалдӕр ӕмбырды фӕстӕ нӕ ӕфсымӕртӕ бафарстой, донаргъуыд райсын уӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Ӕз загътон, кӕй мӕ фӕнды. Мӕн фӕндыд «Хицау Чырыстийӕн цагъарау лӕггад кӕнын» (Кол. 3:24). Уый фӕстӕ, уырдӕм хӕстӕг чи уыд, уыцы цӕугӕдонмӕ ацыдыстӕм ӕмӕ дыууӕйӕ донаргъуыд райстам. Уый уыди 1946 азы 15 февралы.

Мах ӕй ӕмбӕрстам, донаргъуыд чырыстӕттӕ Йесойау ӕдзухдӕр кӕй хъуамӕ хъусын кӕной. Фӕлӕ мӕ фыды нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы лӕуд уыдаин, ӕмӕ мын загъта: «Нырма ӕгӕр ӕрыгон дӕ, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй дзурай. Стӕй дӕ доны кӕй фӕтъыстой, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ныр дӕ бон адӕмӕн цыдӕртӕ амонын у». Ӕз ын бамбарын кодтон, уый Хуыцауы фӕндон кӕй у, цӕмӕй йын йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм (Матф. 24:14). Стӕй йын загътон, Хуыцауӕн цы дзырд радтон, уый кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнон. Ӕмӕ мын уӕд мӕ фыд загъта, райдианы кӕй кой скодтон, уыцы ныхӕстӕ. Мӕ фыд мӕ хъавыд ныкъкъуылымпы кӕнынмӕ, цӕмӕй ма хъусын кодтаин. Уӕд мӕ фыццаг хатт бахъуыд ӕппӕт дӕр ныууадзын, цӕмӕй мӕ бон уыдаид Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.

Крусты бинонтӕ мӕ сӕхимӕ Ангатмӕ цӕрынмӕ фӕхуыдтой. Уыдон мӕн ӕмӕ сӕ кӕстӕр чызджы, Норӕйы, пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ баразӕнгард кодтой. Гъемӕ 1947 азы 1 ноябры нӕ дыууӕ дӕр райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын. Ӕз Ангаты баззадтӕн, Норӕ та лӕггад кодта ӕндӕр горӕты.

НОГ ФАДАТ ЧЫРЫСТИЙЫ ТЫХХӔЙ ӔППӔТ ДӔР НЫУУАДЗЫНӔН

Ангаты пионерӕй ӕртыккаг аз куы лӕггад кодтон, уӕд филиалӕй иу ӕфсымӕрӕн, Эрл Стьюартӕн, горӕты фӕзы уыди раныхас. Раныхасмӕ байхъуыста 500 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕфсымӕр йӕ раныхас англисагау радзырдта, ӕмӕ стӕй ӕз уыцы раныхасы сӕйраг хъуыдытӕ адӕмӕн тагайлаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтон. Авд къласы йеддӕмӕ нӕ фӕдӕн, фӕлӕ-иу нӕ ахуыргӕнджытӕ ӕдзухдӕр англисагау дзырдтой. Стӕй ма мын англисаг ӕвзаг хуыздӕр базонынӕн баххуыс кодтой нӕ публикацитӕ дӕр. Тагайлаг ӕвзагыл уӕдмӕ нӕ публикацитӕ бирӕ нӕ уыди, ӕмӕ-иу сӕ арӕхдӕр англисагау кастӕн. Уыдӕтты фӕрцы мӕ бон уыд ӕфсымӕрты раныхӕстӕ англисаг ӕвзагӕй тӕлмац кӕнын.

Ӕфсымӕр Стьюарты раныхас куы тӕлмац кодтон, уыцы бон загъта, Вефилы кӕй хъӕуы иу кӕнӕ дыууӕ пионер-ӕфсымӕры ӕххуыс. Уыцы аз, 1950 азы, Нью-Йорчы цыди конгресс, «Теократи размӕ цӕуы», зӕгъгӕ, ӕмӕ цалынмӕ нӕ филиалы миссионертӕ уым уыдысты, уӕдмӕ сӕ бӕсты хъуамӕ исчи бакуыстаид. Гъемӕ мӕн ӕмӕ ма иу ӕфсымӕры фӕхуыдтой. Ногӕй та мӕ бахъуыд, ахуыр кӕуыл уыдтӕн, уыцы бынат, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныууадзын, фӕлӕ ацы хатт Вефилы баххуыс кӕныны тыххӕй.

Вефилмӕ ӕрцыдтӕн 1950 азы 19 июны. Уый уыд, йӕ алыварс бӕрзонд бӕлӕстӕ кӕмӕн уыд, ахӕм стыр ӕмӕ зӕронд хӕдзар. Филиалы территори уыди 1 гектары бӕрц. Лӕггад дзы кодта ӕнӕус ӕфсымӕртӕ, иу-10 адӕймаджы. Райсомӕй-иу раджы ӕххуыс кодтон къухнийы. Иу-фараст сахатӕй фӕстӕмӕ та куыстон прачечнийы – дзаумӕттыл-иу иту ӕвӕрдтон. Ӕмӕ та-иу фӕссихор дӕр уыцы куыстытӕ кодтон. Миссионертӕ уыцы ӕхсӕнадӕмон конгрессӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд дӕр мӕ Вефилы ныууагътой. Мӕ куыст уыд журналтӕ къонвертты ӕвӕрын, стӕй ма мӕ хъус дардтон, нӕ журналтӕ-иу нын чи рафыста, уыдоны заказтӕм ӕмӕ ма куыстон приёмнийы дӕр. Иудзырдӕй, цы-иу мын бахӕс кодтой, уый-иу бакодтон.

ГАЛААДЫ СКЪОЛАЙЫ ТЫХХӔЙ ФИЛИППИНТӔ НЫУУАГЪТОН

1952 азы мӕн ӕмӕ ма Филиппинтӕй ӕхсӕз ӕфсымӕры фӕхуыдтой Галаады скъолайы 20-ӕм къласмӕ. Иугонд Штатты бирӕ ног цыдӕртӕ федтам. Уым алцыдӕр тынг хицӕн кодта, мӕ райгуырӕн хъӕуы цӕуыл ахуыр уыдтӕн, уымӕй.

Галаады кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонимӕ

Зӕгъӕм, ныр хӕринаг хӕргӕйӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ хъуамӕ сахуыр уыдаиккам алыхуызон ног дзауматӕй пайда кӕнын. Стӕй уымы климӕт мах климӕтӕй тынг хицӕн кодта! Иухатт райсомӕй ӕддӕмӕ куы рахызтӕн, уӕд кӕсын, ӕмӕ бӕстӕ урс-урсид адардта. Уӕд мит мӕ царды фыццаг хатт федтон. Стӕй ма базыдтон, мит уазал кӕй вӕййы, тынг уазал!

Фӕлӕ мӕ ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын кӕй хъуыди, уый ницы уыди, Галаады скъолайы цы диссаджы рӕстӕг арвыстам, уыимӕ абаргӕйӕ. Уыдис нын дӕсны ахуыргӕнджытӕ. Мах сахуыр стӕм Библи лӕмбынӕг иртасын. Уыцы скъолайы мӕ уырнындзинад тынг бафидар.

Галаады скъолайы фӕстӕ мӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ сӕрмагонд пионерӕй снысан кодтой горӕт Нью-Йорчы районтӕй иумӕ, Бронксмӕ. 1953 азы июлы уыцы районы уыди конгресс, «Ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм», зӕгъгӕ. Уыцы диссаджы конгрессы фӕстӕ Филиппинтӕм аздӕхтӕн.

СТЫР ГОРӔТЫ ЦАРД НЫУУАГЪТОН

Филиалы мын ӕфсымӕртӕ загътой, ныр лӕггад кӕндзынӕ цӕуӕг цӕстдарӕгӕй, зӕгъгӕ. Уый мын уыд ног фадат Чырыстийы къахвӕдтыл цӕуынӕн – ныр хъуамӕ хъӕутӕ ӕмӕ горӕттыл зылдаин, цӕмӕй Йегъовӕйы фыстӕн ӕххуыс кодтаин (1 Пет. 2:21). Снысан мӕ кодтой Филиппинты стырдӕр сакъадах Лусонмӕ. Мӕ районмӕ хауд цалдӕр провинцийы: Булакан, Нуэва-Эсихӕ, Тарлак ӕмӕ Самбалес. Кӕцыдӕр горӕттӕ бабӕрӕг кӕныны тыххӕй-иу мӕ хъуыди Сьерра-Мадрейы къӕдзӕхты сӕрты ахизын. Уыцы рӕттӕм транспорт нӕ цыд. Гъемӕ-иу, уӕзласӕн машинӕты хъӕдтӕ чи ласта, уыцы шофыртӕн загътон, цӕмӕй-иу мӕ аластаиккой, ӕмӕ-иу арӕх сразы сты. Фӕлӕ ахӕм транспортыл цӕуын ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ-иу хъӕдты сӕр бадтӕн.

Ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕр уыдысты, ӕрӕджы чи фӕзынд ӕмӕ бирӕ хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ уыд, ахӕмтӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу бынӕттон ӕфсымӕртӕ тынг бузныг уыдысты, ӕмбырды хъуыддӕгты ӕмӕ сын уацамынды кӕй ӕххуыс кодтон, уый тыххӕй.

Фӕстӕдӕр мӕ снысан кодтой ӕндӕр ранмӕ. Мӕ ног район уыди тынг стыр ӕмӕ йӕм хауд ӕнӕхъӕн регион, Бикол, зӕгъгӕ. Уыцы районы фылдӕр уыд, кӕрӕдзийӕ тынг дард чи уыди, ахӕм къордтӕ. Цы сӕрмагонд пионертӕ дзы лӕггад кодта, уыдон хъусын кодтой, Ӕвдисӕнтӕ кӕм никуыма уыд, ахӕм рӕтты. Иуафон кӕмӕ цардтӕн, уыдонӕн сӕ хӕдзары уазӕгдон нӕ уыд, фӕлӕ дзы уыди дзыхъхъ, йӕ сӕрмӕ та астӕуӕй дыууӕ фӕйнӕджы ӕвӕрд, цӕмӕй сыл лӕууӕн уыдаид. Иухатт уыцы фӕйнӕджытыл слӕууыдтӕн, ӕмӕ дын дзыхъхъы куы ныххауиккой, ӕмӕ ӕз дӕр семӕ! Ӕмӕ мӕ дзӕвгар рӕстӕг бахъуыд, цӕмӕй мӕхи ныхсадтаин!

Биколы куы лӕггад кодтон, уӕд хъуыды кӕнын райдыдтон, кӕддӕр Булаканы пионертӕй лӕггад кӕнын кӕимӕ райдыдтам, уыцы хо Норӕйыл. Ныр Норӕ лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй горӕт Думагетейы, ӕмӕ йӕм уырдӕм ацыдтӕн. Уый фӕстӕ иуцасдӕр нӕ кӕрӕдзимӕ писмотӕ фыстам ӕмӕ 1956 азы нӕ цард баиу кодтам. Нӕ фыццаг къуыри арвыстам сакъадах Рапу-Рапуйыл – цы ӕмбырд дзы уыд, уый бӕрӕг кодтам. Уыцы ран-иу нӕ хъуыди хӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ фистӕгӕй бирӕ цӕуын. Фӕлӕ нын уӕддӕр тынг ӕхсызгон уыди, ахӕм дард рӕтты чи цард, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн иумӕ ӕххуыс кӕнын!

НОГӔЙ ТА МӔ ВЕФИЛМӔ ФӔХУЫДТОЙ

Норӕимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд ма цӕуӕг цӕстдарӕгӕй фӕлӕггад кодтон цыппар азы бӕрц. Стӕй нӕ 1960 азы январы фӕхуыдтой Вефилы лӕггад кӕнынмӕ, ӕмӕ абоны онг ам лӕггад кӕнӕм. Уыцы азты дӕргъы лӕггад кодтон, стыр хӕстӕ чи ӕххӕст кодта, бирӕ ахӕм ӕфсымӕртимӕ, ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Норӕ дӕр Вефилы алыхуызон хайӕдты лӕггад кодта.

Конгрессы мын ӕфсымӕр мӕ раныхас тӕлмац кӕны себуайнаг ӕвзагмӕ

Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ мӕхи цӕстӕй уыдтон, Хуыцауы хъуыддаг Филиппинты размӕ куыд цӕуы, уый. Ӕрыгонӕй фыццаг хатт Вефилмӕ куы бахаудтӕн, уӕд нӕ бӕстӕйы уыд иу-10 000 хъусынгӕнӕджы, ныр та дзы ис 200 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Вефилы та лӕггад кӕны сӕдӕгай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ.

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ нын Вефилы бынат нал фаг кодта. Ӕмӕ нын уӕд Разамонӕг совет бауынаффӕ кодта, цӕмӕй бацагуырдтаиккам, стырдӕр бӕстыхай саразӕн кӕм уыдаид, ахӕм зӕхх. Гъемӕ нӕ типографийы цӕстдарӕгимӕ иумӕ нӕ филиалы алыварс цӕрӕг адӕмыл ӕрзылдыстӕм, цӕмӕй базыдтаиккам, мыййаг сӕ йӕ зӕхх ничи уӕй кӕны. Фӕлӕ ахӕм иу дӕр нӕ разынд. Уыцы районы царди бирӕ китайӕгтӕ, ӕмӕ ма нын дзы иу нӕлгоймаг афтӕ дӕр бакодта: «Китайӕгтӕ ницы фӕуӕй кӕнынц. Мах ӕрмӕстдӕр ӕлхӕнгӕ фӕкӕнӕм».

Тӕлмац кӕнын ӕфсымӕр Альберт Шрёдеры раныхас

Фӕлӕ нын иу бон ӕнӕнхъӕлӕджы иу адӕймаг загъта, зӕгъгӕ, Иугонд Штаттӕм цӕрынмӕ цӕуын ӕмӕ уын мӕ бон у мӕ зӕхх ауӕй кӕнын. Уымӕй райдыдтой, уӕдмӕ мӕ уырнгӕ дӕр чи нӕ бакодтаид, ахӕм хабӕрттӕ. Иннӕ сыхаг дӕр нын йӕ зӕхх рауӕй кодта ӕмӕ ма иннӕтӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй нын уыдон дӕр сӕ зӕххытӕ рауӕй кодтаиккой. Афтӕ нын чи загъта, китайӕгтӕ ницы фӕуӕй кӕнынц, зӕгъгӕ, суанг ма уый зӕхх дӕр балхӕдтам. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕ филиалы территори иу-ӕртӕ хатты фӕфылдӕр. Мӕн фидарӕй уырны, уый Йегъовӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕй уыд.

Кӕддӕр, 1950 азы, Вефилы мӕнӕй кӕстӕр ничи уыд, ныр та дзы мӕ бинойнагимӕ стӕм се ’ппӕтӕй хистӕр. Ӕз ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕнын, алкӕддӕр Чырыстийы фӕдыл кӕй цыдтӕн, кӕдӕмфӕнды мӕ ма кодтаид, уӕддӕр. Ӕмӕ мӕ кӕд мӕ ныййарджытӕ хӕдзарӕй ратардтой, уӕддӕр мын Йегъовӕ радта стыр бинонтӕ – мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕрты. Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕйӕн кӕмфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый цух кӕй никуы ныууадздзӕн. Норӕимӕ Йегъовӕйӕ йе ’ппӕт лӕвӕртты тыххӕй тынг бузныг стӕм, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ иннӕтӕн дӕр зӕгъы, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы бафӕлварой (Мал. 3:10).

Иухатт Йесо хъалонисӕг Левийӕн, кӕнӕ Матфейӕн, загъта: «Мӕ фӕдыл рацу». Ӕмӕ уӕд уый куыд бакодта? «Ӕппӕт дӕр ныууагъта, сыстад ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд» (Лук. 5:27, 28). Ӕз дӕр-иу Матфейау ӕппӕт дӕр ныууагътон, цӕмӕй-иу Чырыстийы фӕдыл ацыдаин. Ӕмӕ мӕ фӕнды се ’ппӕты дӕр баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр афтӕ кӕной, ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой.

Ӕхсызгонӕй фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй Филиппинты Хуыцауы хъуыддаг размӕ цӕуа