Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕ, «ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл»

Ӕрыгӕттӕ, «ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл»

«Алкӕддӕр куыд коммӕгӕс уыдыстут... афтӕ дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл» (ФИЛ. 2:12).

ЗАРДЖЫТӔ: 133, 135

1. Донаргъуыд райсын ахсджиаг къахдзӕф цӕмӕн у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

БИБЛИ чи фӕахуыр кӕны, уыдонӕй алы аз дӕр мингӕйттӕ донаргъуыд райсынц. Се ’хсӕн вӕййы бирӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕ дӕр. Чидӕртӕ сӕ рӕстдзинад сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зонынц. Ды дӕр донаргъуыд райстай? Кӕд о, уӕд раппӕлинаг дӕ. Чырыстийы фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг у, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы ис фервӕзӕн (Матф. 28:19, 20; 1 Пет. 3:21).

2. Донаргъуыд райсынӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

2 Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййы. Фӕлӕ ма йыл уый цавӕрдӕр ахсджиаг хӕс дӕр ӕвӕры. Цымӕ цавӕр? Донаргъуыд цы бон истай, уыцы бон дӕм радтой ахӕм фарста: «Йесо Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыдтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ Йегъовӕйӕн дзырд радтай, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзынӕ?» Уыцы фарстайӕн ды радтай дзуапп, о, зӕгъгӕ. Донаргъуыд кӕй райстай, уымӕй равдыстай, дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай. Ды йын дзырд радтай, кӕй йӕ уарздзынӕ ӕмӕ дын царды йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй сӕйрагдӕр кӕй ницы уыдзӕн. Афтӕмӕй дӕхимӕ стыр хӕс райстай. Цымӕ хъуамӕ ууыл фӕсмон кӕнай? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Дӕ цард Йегъовӕйы бар кӕй бакодтай, ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ. Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны кой куы кӕнӕм, уӕд уыдон та сты Хӕйрӕджы дӕлбар. Ӕмӕ Хӕйрӕджы та никӕй хорз фӕнды. Уый цин кӕнид, ды дӕр уыйау Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ куы рацӕуис ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй ӕнӕхай куы фӕкӕнис, уӕд.

3. Дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕ?

3 Ахъуыды-ма кӕн, дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд кӕй райстай, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын, ууыл. Дӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Пс. 118:6). Хуыцауы фарс уай ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын уай, уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа!

ЙЕГЪОВӔЙЫ ХӔЛАР УЫДЗЫНӔ ӔВИ НӔ, УЫЙ ДӔХИЦӔЙ КӔНГӔ У

4, 5. а) Йегъовӕйы хӕлар уыдзынӕ ӕви нӕ, уый кӕмӕй кӕнгӕ у? б) Чырыстӕттӕ цыфӕнды кары ма уой, уӕддӕр цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлынц?

4 Йегъовӕйы хӕлар уыдзынӕ ӕви нӕ, уый дӕ ныййарджытӕй кӕнгӕ нӕу. Ӕмӕ кӕд нырма семӕ цӕрыс, уӕддӕр дӕ ирвӕзындзинадыл хъуамӕ дӕхӕдӕг архайай. Ӕмӕ дӕ уый хъуамӕ рох ма уа, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зоныс, фӕстӕдӕр цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзынӕ, уый. Чи зоны, донаргъуыд гыццылӕй райстай ӕмӕ уӕд дӕр цавӕрдӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдтӕ. Фӕлӕ ныр та рӕзгӕ кары уӕвгӕйӕ сӕмбӕлыс ног фӕлварӕнтыл ӕмӕ дӕ фӕхъӕуы цавӕрдӕр ӕнкъарӕнтимӕ тох кӕнын. Иу ӕрыгон чызг уый тыххӕй афтӕ загъта: «Скъолайы искӕй гуырӕнбон куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд Ӕвдисӕнты сывӕллонӕн афтӕ зын нӕ вӕййы, цӕмӕй тъортӕй ма бахӕра. Фӕлӕ куы байрӕзы, уӕд ӕй йе ’мгӕрттӕ фӕразӕнгард кӕнынц ӕнӕгъдау хъуыддаг бакӕнынмӕ. Ӕмӕ йӕ уӕд уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕйы закъӕттӕм хъусынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ууыл».

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ног фӕлварӕнтыл ӕрмӕст ӕрыгӕттӕ нӕ сӕмбӕлынц. Донаргъуыд стырӕй чи райсы, уыдонӕн дӕр сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцӕуы, ӕнхъӕл куыд нӕ вӕййынц, афтӕ. Уыцы фӕлварӕнтӕ баст вӕййынц бинонты цардимӕ, ӕнӕниздзинадимӕ кӕнӕ куыстимӕ. Ӕцӕгдӕр, адӕймаг цыфӕнды кары ма уа, уӕддӕр ӕй фӕхъӕуы, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у, уый равдисын (Иак. 1:12–14).

6. а) Йегъовӕйӕн нывонддзырд кӕй радтай, уый цӕуыл дзурӕг у? б) Филиппӕгтӕм 4:11–13 цы фыст ис, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Цӕмӕй Йегъовӕйыл цыфӕнды фӕлварӕны дӕр иузӕрдионӕй баззайай, уый тыххӕй дӕ хъуамӕ рох ма уа, нывонддзырд ын кӕй радтай, уый. Ды Иунӕг Стыр Хуыцауӕн дзырд радтай, кӕй йын лӕггад кӕндзынӕ, де ’мбӕлттӕ кӕнӕ йын дӕ ныййарджытӕ куы нал лӕггад кӕной, суанг уӕд дӕр (Пс. 27:10). Уӕдӕ-иу цыфӕнды уавӕры дӕр Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕ бон уа дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:11–13.)

7. Дӕ ирвӕзындзинадыл «тӕрсгӕ-ризгӕйӕ» ӕппӕт хъарутӕй архайай, уый куыд ӕмбаргӕ у?

7 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уай. Фӕлӕ уыцы хӕлардзинад, стӕй дӕ ирвӕзындзинад дӕр кӕнгӕ у, ӕппӕт хъарутӕй архайдзынӕ ӕви нӕ, уымӕй. Филиппӕгтӕм 2:12 стихы дӕр фыст ис: «Дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл». Уӕдӕ ахъуыды кӕн, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй цыфӕнды уавӕры дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайай. Дӕхицӕй ныфсджын ма у. Хуыцауӕн бирӕ рӕстӕг чи фӕлӕггад кодта, суанг ыл уыдонӕй дӕр чидӕртӕ сӕ зӕрдӕ сивтой. Фӕлӕ кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ дӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй архайыс?

БИБЛИ ИРТАСЫН ӔНӔМӔНГ ХЪУЫДДАГ У

8. Библи иртасынмӕ цы хауы ӕмӕ уыцы хъуыддаг ахсджиаг цӕмӕн у?

8 Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы хӕлар уа, уый тыххӕй хъуамӕ, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ хъуса ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йемӕ ныхас кӕна. Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ сӕйраджыдӕр фӕхъусӕм Хуыцауы Ныхас иртасгӕйӕ. Уымӕ хауы Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ кӕсын ӕмӕ, цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнын. Фӕлӕ Библи иртасын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕнӕуи бахъуыды кӕнай, ахуырдзау экзаменты размӕ цыдӕртӕ куыд бахъуыды кӕны, афтӕ. Уыцы хъуыддаг абарӕн ис, адӕймаг Йегъовӕйы тыххӕй ног цыдӕртӕ кӕй фӕрцы базона, ахӕм диссаджы балцимӕ. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уай, ӕмӕ дӕм уӕд уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн (Иак. 4:8).

Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ фӕхъусыс ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр йемӕ фӕныхас кӕныс? (кӕс 8–11 абзацтӕ)

9. Библи иртасынӕн дын цавӕр кусӕнгӕрзтӕ ӕххуыс кӕнынц?

9 Йегъовӕйы организаци нын дӕтты, Библи иртасынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, бирӕ ахӕм кусӕнгӕрзтӕ. Зӕгъӕм, нӕ сайты ӕрыгӕттӕн цы хӕслӕвӕрдтӕ ис, уыдоны фӕрцы базонӕн ис, Библийы хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уый. Стӕй ма дзы ис ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй рӕстдзинадыл фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый иннӕтӕн дӕр ӕмбарын кӕнӕм. Библи иртасынӕн ма нын цы баххуыс кӕндзӕн, уый фӕдыл хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис 2009 азы апрелы «Пробудитесь!»-ы рубрикӕйы «Вопросы молодежи» статьяйы «Как сделать чтение Библии занимательным?». Уӕдӕ Библи лӕмбынӕг иртасын ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ дӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй архайыс. (Бакӕс Псалом 119:105.)

ХУЫЦАУМӔ КУВЫН АХСДЖИАГ У

10. Донаргъуыд чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ кувой?

10 Куыд загътам, афтӕмӕй, Библи куы фӕиртасӕм, уӕд афтӕмӕй фӕхъусӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ. Куы йӕм фӕкувӕм, уӕд афтӕмӕй та йемӕ ныхас фӕкӕнӕм. Чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ хъуамӕ уый тыххӕй ма кувой, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр афтӕ фӕкӕнынц. Стӕй хъуамӕ куывд, сӕ фӕндтӕ сӕ къухы кӕй фӕрцы ӕфтдзысты, ахӕм цӕуылдӕр ма нымайой. Куывд у диссаджы фадат не Сфӕлдисӕгимӕ ныхас кӕнынӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6.) Библи нын дзуры, цӕмӕй, истӕуыл куы мӕт кӕнӕм, уӕд-иу нӕ «уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрӕм» (Пс. 55:22). Милуангай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын зӕгъдзысты, уыцы уынаффӕ сын кӕй баххуыс кодта. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн!

11. Йегъовӕйӕн алкӕддӕр бузныг цӕмӕн хъуамӕ дзурай?

11 Фӕлӕ Йегъовӕмӕ ӕрмӕст ӕххуысы тыххӕй хъуамӕ ма кувӕм. Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, «бузныг ут» (Кол. 3:15). Адӕймаг хатгай йӕ зындзинӕдтыл афтӕ свӕййы, ӕмӕ, цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын у, уыдон нал фӕуыны. Уӕдӕ-иу алы бон дӕр ахъуыды кӕн, Хуыцауӕй бузныг кӕй тыххӕй дӕ, ӕппынкъаддӕр ӕртӕ ахӕм хъуыддагыл, ӕмӕ-иу ын стӕй уыцы хорздзинӕдты тыххӕй бузныг зӕгъ. 12-аздзыдӕй донаргъуыд чи райста, иу ахӕм ӕрыгон чызг, Эбигейл, дзуры: «Ӕнӕхъӕн Дун-дунейы Йегъовӕ куыд у уый аккаг, цӕмӕй дзы бузныг уӕм, афтӕ ничи. Ӕмӕ хъуамӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй йын йӕ лӕвӕртты тыххӕй бузныг дзурӕм. Иухатт иу хорз хъуыды фехъуыстон: зӕгъӕм, абон Йегъовӕйӕн бузныг цы цалдӕр хорздзинады тыххӕй загътай, райсом уыцы хорздзинӕдтӕ йеддӕмӕ ӕндӕр куы ницыуал фенис, уӕд цымӕ куыд уаид?»

ЙЕГЪОВӔ КУЫД ХОРЗ У, УЫЙ ДӔХӔДӔГ ХЪУАМӔ БАЗОНАЙ

12, 13. Дӕ бон цӕмӕн у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ базыдтай, Йегъовӕ куыд хорз у, уый? Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, ууыл хъуыды кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

12 Рагон Израилы паддзах Давид Йегъовӕйы ӕххуысӕй бирӕ зындзинӕдты сӕрты ахызт, ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕхи йе уазӕг чи бакодта» (Пс. 34:8). Ацы стихӕй бӕрӕг у, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй адӕймаг йӕхӕдӕг базона, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ кӕсгӕйӕ ды базоныс, Хуыцау-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн иузӕрдионӕй баззайынӕн куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Стӕй ахӕм хабӕрттӕ арӕх фехъусыс ӕмбырдты дӕр. Фӕлӕ рӕстдзинады фӕндагыл цӕугӕйӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг дӕр дӕ царды Йегъовӕйы къух уынай. Дӕ бон цӕмӕн у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ базыдтай, Йегъовӕ куыд хорз у, уый?

13 Чырыстӕттӕй алчидӕр йӕхицӕй зоны, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Зӕгъӕм, Хуыцау не ’ппӕтӕн дӕр фадат радта, цӕмӕй йын йӕхимӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ баввахс уӕм. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд» (Иоан. 6:44). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ Йегъовӕ дӕу йӕхимӕ ӕрбакодта? Ӕви, мыййаг, афтӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ мын Йегъовӕ мӕ ныййарджыты ӕрбакодта йӕхимӕ, ӕмӕ ӕз та ӕнӕуи сӕ фӕдыл цӕуын? Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕйӕн дӕ цард куы снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд куы райстай, уӕд афтӕмӕй равдыстай, йӕ хӕлар кӕй дӕ. Библийы фыст ис: «Кӕд адӕймаг Хуыцауы уарзы, уӕд уыцы адӕймаджы... Хуыцау зоны» (1 Кор. 8:3). Уӕдӕ дын Йегъовӕ йӕ организацийы цы бынат радта, уымӕн алкӕддӕр аргъ кӕн.

14, 15. Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн куы дзурай, уӕд дӕ уырнындзинад куыд бафидар уыдзӕн?

14 Йегъовӕ куыд хорз у, уый ма уымӕй дӕр зоныс, ӕмӕ уацамынды куы вӕййыс кӕнӕ скъолайы куы фӕхъусын кӕныс, уӕд дын ратты хъӕбатырдзинад. Чи зоны дын зын вӕййы де ’мкъласӕгтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын. Чи зоны, фӕтыхсыс, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕзоныс, цы цӕстӕй дӕм ракӕсдзысты, уый. Уӕлдай зындӕр та вӕййы, зӕгъӕм дӕ ӕнӕхъӕн къласы раз куы бахъӕуы дзурын, уӕд. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурай?

15 Фыццаджыдӕр уал ахъуыды кӕн, рӕстдзинадыл цӕмӕн ӕууӕндыс, ууыл. Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты, нӕ сайты ӕрыгӕттӕн цы хӕслӕвӕрдтӕ ис, уыдон. Уыцы хӕслӕвӕрдтӕй иуӕй-иуты фӕрцы дӕ бон у ахъуыды кӕнын, цӕуыл ӕууӕндыс ӕмӕ цӕмӕн, стӕй, цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн бамбарын кӕнӕн куыд ис. Рӕстдзинадыл фидарӕй куы ӕууӕндай ӕмӕ хорз цӕттӕ куы уай, уӕд дӕ Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзурын зӕрдиагӕй фӕнддзӕн (Йер. 20:8, 9).

16. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын ма ӕфсӕрмы кӕнай?

16 Фӕлӕ, хорз цӕттӕ куы уай, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын ӕфсӕрмы кӕнай. 13-аздзыдӕй донаргъуыд чи райста ӕмӕ ныр 18 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм чызг дзуры: «Цӕуыл ӕууӕндын, уый ӕмбарын. Фӕлӕ мын хатгай зын вӕййы уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын». Цымӕ йын цы ’ххуыс кӕны? Уый фӕархайы, цӕмӕй-иу йӕ ныхас, уацамынды йӕ куыд райдайӕм, афтӕ ма райдайа. Мӕнӕ цы дзуры йӕхӕдӕг: «Ме ’мкъласӕгтӕ сӕ хабӕрттӕ сӕрибарӕй фӕдзурынц, ӕмӕ уӕд ӕз та цӕмӕн хъуамӕ ӕфсӕрмы кӕнон? Истӕуыл куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд Библийы кой ӕнӕуи скӕнын. Зӕгъӕм, фӕзӕгъын: „Иу бон Библи ахуыр кодтон, ӕмӕ...“. Стӕй фӕзӕгъын, цы зӕгъынмӕ хъавыдтӕн, уый. Ӕмӕ кӕд уыцы хъуыдытӕ комкоммӕ Библийӕ нӕ вӕййынц, уӕддӕр сӕ арӕх бафӕнды, Библи куыд фӕахуыр кӕнын, уый базонын, ӕмӕ мӕм алыхуызон фарстатӕ фӕдӕттынц. Ахӕм мадзалӕй цас арӕхдӕр фӕпайда кӕнын, уыйас мын ӕнцондӕр вӕййы иннӕтӕн Библийы тыххӕй дзурын. Ӕмӕ уӕд тынг фӕцин кӕнын!»

17. Цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл иннӕтимӕ ныхас кӕнынӕн ма дын ноджыдӕр цы баххуыс кӕндзӕн?

17 Иннӕтӕ куы уыной, кӕй сын аргъ кӕныс ӕмӕ сыл кӕй хъуыды кӕныс, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, дӕхимӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсдзысты. 17 азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ донаргъуыд цалдӕр азы размӕ чи райста, иу ахӕм чызг, Оливия, загъта: «Раздӕр-иу Библийы тыххӕй дзурын нӕ уӕндыдтӕн. Тарстӕн, афтӕ куы ахъуыды кӕной, ай цыдӕр фанатик у, зӕгъгӕ». Фӕлӕ фӕстӕдӕр Оливия йӕ зондахаст фӕивта. Иннӕтӕ дзы цы ахъуыды кӕндзысты, ууыл мӕт кӕныны бӕсты йӕхицӕн дзырдта: «Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕппындӕр ницы зонынц. Ӕмӕ сын мах, ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕ, куы ницы дзурӕм, уӕд куыд хъуамӕ базоной, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй? Ӕмӕ хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уый та кӕнгӕ у, куыд архайӕм, уымӕй. Зӕгъӕм, ӕфсӕрмытӕ кӕнгӕйӕ куы дзурӕм кӕнӕ-иу куы ныссуйтӕ уӕм, уӕд сӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕй ӕфсӕрмы кӕнӕм. Уӕндонӕй куы нӕ дзурӕм, уӕд ма нӕм, чи зоны, тызмӕгӕй дӕр сдзурой. Фӕлӕ фидарӕй куы дзурӕм, уӕд та нӕм, чи зоны, хорз цӕстӕй ракӕсой».

ДӔ ИРВӔЗЫНДЗИНАДЫЛ ӔППӔТ ХЪАРУТӔЙ АРХАЙ

18. Дӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй архайай, уымӕ цы хауы?

18 Куыд федтам, афтӕмӕй алы чырыстоныл дӕр ис стыр хӕс – хъуамӕ йӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй архайа. Уымӕ хауы Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын, стӕй Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ нын куыд арфӕ кӕны, ууыл хъуыды кӕнын. Ды дӕр уыцы хъуыддӕгтӕ куы кӕнай, уӕд ноджы фидардӕрӕй зондзынӕ, Йегъовӕ дӕ хӕлар кӕй у, уый. Ӕмӕ дӕ уӕд фӕнддзӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын. (Бакӕс Псалом 73:28.)

19. Дӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй цӕмӕн хъуамӕ архайай?

19 Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (Матф. 16:24). Цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг уа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса. Ӕмӕ уыцы ахсджиаг къахдзӕф куы сараза, уӕд ныр дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзӕн ӕмӕ фидӕны та, Хуыцауы ног дунейы, ӕнустӕм цӕрдзӕн. Ӕрыгӕттӕ, уӕдӕ дарддӕр дӕр уӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй архайут!