Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы дунейы зондахасты ныхмӕ фидар лӕуу

Ацы дунейы зондахасты ныхмӕ фидар лӕуу

«Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ... ӕнцайынц... ацы дунейы уагӕвӕрдтыл» (КОЛ. 2:8).

ЗАРДЖЫТӔ: 38, 31

1. Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты цӕмӕй бафӕдзӕхста? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

АПОСТОЛ Павел Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕм фыстӕг ныффыста, Ромы фыццаг хатт ахст куы уыд, уӕд. Уый уыдаид н. э. 60–61 азты. Павел сын бамбарын кодта, «сыгъдӕг тых цы ӕмбарындзинад дӕтты, уый» сӕм цӕмӕн хъуамӕ уыдаид, кӕнӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ кастаиккой, уый (Кол. 1:9). Павел ныффыста: «Уыдӕтты тыххӕй та уын уымӕн дзурын, цӕмӕй уӕ рӕсугъд ныхӕстӕй мачи асайа. Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл» (Кол. 2:4, 8). Дарддӕр Павел бамбарын кодта, адӕмӕй бирӕтӕ цы хъуыдытыл хӕст уыдысты, уыдон раст цӕуылнӕ уыдысты, фӕлӕ уӕддӕр бирӕты зӕрдӕмӕ цӕмӕн цыдысты, уый. Зӕгъӕм, уыцы хъуыдытӕй иуӕй-иуты тыххӕй адӕймаг йӕхи иннӕтӕй зондджындӕр ӕмӕ хуыздӕр ӕнхъӕлдта. Уӕдӕ Павел йӕ фыстӕг ныффыста, цӕмӕй йе ’мчырыстӕттӕн баххуыс кодтаид ацы дунейы зондахаст ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн (Кол. 2:16, 17, 23).

2. Ацы дунейы зондахаст цы хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг, уыдоныл цӕмӕн аныхас кӕндзыстӕм?

2 Ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыдонмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ нымады дӕр не сты, ӕмӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд уыцы зондахаст, чи зоны, махыл дӕр фӕзына ӕмӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. Ацы дунейы зондахастӕй нӕ хызт ничи у. Телевизоры уа ӕви интернеты, куысты уа ӕви скъолайы – алы ран дӕр бӕрӕг дары. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм. Мах равзардзыстӕм, ацы дуне цы рӕдыд хъуыдытыл у хӕст, уыдонӕй фондз, ӕмӕ аныхас кӕндзыстӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уыцы рӕдыд хъуыдыты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм.

ӔНӔМӔНГ ХЪУАМӔ ХУЫЦАУЫЛ ӔУУӔНДАЙ?

3. Абон бирӕтӕ цавӕр хъуыдыйыл хӕст сты ӕмӕ цӕмӕн?

3 «Цӕмӕй хорз адӕймаг уай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндай». Бирӕ бӕстӕты ахӕм ныхӕстӕ тынг арӕх фехъусӕн ис. Афтӕ чи фӕдзуры, уыдон, чи зоны, лӕмбынӕг никуы ахъуыды кодтой, Хуыцау ис ӕви нӕ, ууыл. Кӕнӕ та, чи зоны, сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп кӕй никӕй раз дӕттынц, уый. (Бакӕс Псалом 10:4.) Иннӕтӕ та, чи зоны, хъуыды кӕнынц, ӕмӕ афтӕ куы дзурой, ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр ӕгъдауджын дӕн, зӕгъгӕ, уӕд зондджын адӕймаджы каст кӕндзысты.

4. Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ, чи зӕгъы, уыдонимӕ нӕ бон куыд у аныхас кӕнын?

4 Цымӕ, Хуыцау кӕй нӕй, ууыл ӕууӕндын раст у? Цард куыд фӕзынд, уый базоныны тыххӕй адӕймаг йе ’ргом наукӕмӕ куы аздаха, уӕд дзы утӕппӕт информаци ссардзӕн, ӕмӕ йӕ сӕр сдзӕгъӕл уыдзӕн. Фӕлӕ ӕнӕуи та ацы фарстайӕн йӕ дзуапп у бынтон хуымӕтӕг. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ хӕдзар йӕхигъӕдӕй фӕзына? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хъуамӕ йӕ исчи сараза. Ӕмӕ зӕххыл зайӕгойӕ ӕмӕ цӕрӕгойӕ цы ис, уыдон хӕдзарӕй бирӕ вазыгджындӕр конд сты. Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ къух куы алыг уа, уӕд ын цасдӕр рӕстӕгмӕ йӕхигъӕдӕй байгас уыдзӕн. Хӕдзар та, афаз ис, зӕгъгӕ, уӕд йӕхигъӕдӕй не сцалцӕг уыдзӕн. Уӕдӕ нӕ цымӕ ахӕм диссаджы конд чи скодта? Уымӕн Библийы ис дзуапп: «Алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзут. 3:4).

5. Адӕймаджы Хуыцау куы нӕ уырна, уӕддӕр йӕ бон у хорз ӕвзӕрӕй иртасын, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыдыйы фӕдыл нӕ бон цы у зӕгъын?

5 Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, адӕймаджы Хуыцау куы нӕ уырна, уӕддӕр йӕ бон у хорз ӕвзӕрӕй иртасын. Ахӕм хъуыдыйы фӕдыл та нӕ бон цы у зӕгъын? Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ, Хуыцау кӕй нӕ уырны, уыдон дӕр вӕййынц хӕрзӕгъдау (Ром. 2:14, 15). Зӕгъӕм, сӕ ныййарджыты фӕуарзынц ӕмӕ сын фӕкад кӕнынц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг кӕй скъуыддзаг кӕны, ууыл куы не ’ууӕндой, уӕд, цымӕ, хорз ӕгъдауыл алкӕддӕр фидар хӕцдзысты? (Ис. 33:22). Бирӕтӕ сразы уыдзысты, адӕмы кӕуинаг уавӕр ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ сӕ Хуыцауы ӕххуыс хъӕуы. (Бакӕс Йеремийы 10:23.) Уӕдӕ мах афтӕ никуы ахъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ адӕймаджы Хуыцау куы нӕ уырна ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ куы нӕ цӕра, уӕд дӕр йӕ бон уыдзӕн хорз ӕвзӕрӕй иртасын (Пс. 146:3).

ӔНӔМӔНГ ХЪУАМӔ ДИНЫЛ ХӔСТ УАЙ?

6. Бирӕтӕ динмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

6 «Цӕмӕй амондджын уай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ диныл хӕст уай». Абон афтӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц. Кӕмӕдӕрты сӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ динӕй адӕймаг фӕлмӕцгӕ цы скӕны, ӕндӕр ын пайда ӕппындӕр кӕй нӕ хӕссы. Уымӕй уӕлдай, бирӕ динтӕ дзурынц, зындон ис, зӕгъгӕ, стӕй дӕсӕм хай ӕмбырд кӕнынц кӕнӕ алыхуызон политикты фарс хӕцынц, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй бирӕтӕ Хуыцауӕй адард сты. Уӕдӕ диссаг нӕу, адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕны, ӕмӕ ӕнӕ динӕй дӕр амондджын уыдзысты! Ахӕм адӕм арӕх фӕзӕгъынц: «Хуыцау мӕ уырны, фӕлӕ искӕцы диныл хӕст уон, уый мӕ нӕ фӕнды».

7. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ раст дины фӕрцы адӕймаг амондджын вӕййы?

7 Цымӕ адӕймаг диныл хӕст куы нӕ уа, уӕд ӕцӕгдӕр амондджын уыдзӕн? Ай-гъай дӕр уыдзӕн, мӕнг диныл хӕст куы нӕ уа, уӕд! Фӕлӕ «амондджын Хуыцау» Йегъовӕйы ӕмбал куы нӕ уа, уӕд ӕцӕг амондджын никуы уыдзӕн (1 Тим. 1:11). Хуыцау цыдӕриддӕр аразы, уый адӕмӕн у пайда ӕмӕ ӕххуыс. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы амондджын сты (Хъуыд. 20:35). Ахъуыды-ма кӕнӕм, раст дин бинонтӕн куыд ӕххуыс кӕны, ууыл. Раст дин амоны, цӕмӕй адӕймаг йӕ цардӕмбалӕн кад ӕмӕ аргъ кӕна, иузӕрдион ыл уа ӕмӕ йыл гадзрахатӕй макуы рацӕуа, йӕ цоты хорз хъомыл кӕна ӕмӕ йӕ бинонты уарза. Ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы адӕм ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр се ’мбырдты Хуыцауӕн иумӕ фӕрнӕй ӕмӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ лӕггад кӕнынц. (Бакӕс Исайы 65:13, 14.)

8. Адӕймаг амондджын цӕй фӕрцы вӕййы, уый бамбарынӕн нын Матфейы 5:3 куыд ӕххуыс кӕны?

8 Уӕдӕ адӕймаг Хуыцауӕн куы нӕ лӕггад кӕна, уӕд амондджын уыдзӕн ӕви нӕ? Ахъуыды-ма кӕнӕм, адӕймаг амондджын цӕй фӕрцы вӕййы, ууыл. Чидӕртӕ сӕхи амондджын хонынц, хорз куыст сын кӕй ис, спорты кӕй архайынц кӕнӕ сӕхи, куыд сӕ фӕнды, афтӕ кӕй ирхӕфсынц, уый тыххӕй. Кӕмӕндӕрты та амонды хос сты сӕ бинонтӕ кӕнӕ се ’мбӕлттӕ. Уыдӕттӕ адӕймагӕн циндзинад куыннӕ хӕссынц, фӕлӕ амонд ӕрмӕст уыцы хъуыддӕгтӕй кӕнгӕ нӕу. Цӕрӕгойтӕй уӕлдай, махӕн нӕ бон у не Сфӕлдисӕджы базонын ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Мах афтӕ конд стӕм, ӕмӕ Хуыцауы куы зонӕм ӕмӕ йын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын. (Бакӕс Матфейы 5:3.) Зӕгъӕм, махӕн тынг ӕхсызгон у ӕмӕ нӕ тынг фидар кӕны, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн иумӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый (Пс. 133:1). Стыр цины хос ма нын у, ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй ис, хӕрзӕгъдау цард кӕй кӕнӕм ӕмӕ нӕ фидӕнӕй диссаджы ныфс кӕй ис, уый дӕр.

ХУЫЦАУ ӔГЪДАУ ӔМӔ ’ФСАРМЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ УАГӔВӔРДТӔ РАДТА, УЫДОНМӔ ГӔСГӔ ЦӔРЫН ӔНӔМӔНГ У?

9. а) Ӕмуат ӕрцӕуыны хъуыддагмӕ ацы дунейы цы цӕстӕй кӕсынц? б) Цардӕмбӕлттӕ чи не сты, уыдон ӕмуат ӕрцӕуой, уый Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ раст цӕуылнӕ у?

9 «Дӕ цардӕмбал чи нӕу, уыимӕ ӕмуат ӕрцӕуай, уым ӕвзӕрӕй цы ис?» Чи зоны нын исчи зӕгъа: «Адӕймаг хъуамӕ йӕ уды дзӕбӕхӕн цӕра. Уым ӕвзӕрӕй цы ис, ӕмӕ дӕ цардӕмбал чи нӕу, уыимӕ ӕмуат ӕрцӕуай?» Фӕлӕ чырыстӕттӕ уыцы хъуыддагмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцауы Ныхас фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хизӕм *. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 4:3–8.) Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын ис закъӕттӕ ӕвӕрыны бар. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл цы закъон радта, уымӕ гӕсгӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар ис, сӕ къухтӕ чи ӕрфыста, ӕрмӕстдӕр ахӕм лӕг ӕмӕ усӕн. Йегъовӕ нын закъӕттӕ дӕтты, кӕй нӕ уарзы, уый тыххӕй. Йӕ закъӕттӕ сты нӕ пайдайӕн. Ӕмӕ сӕ чи ’ххӕст кӕны, уыцы бинонтӕ кӕрӕдзи уарзынц, кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнынц, ӕмӕ сӕ цард фехӕлынӕй тӕссаг нӕу. Йӕ закъӕттӕ йын зонгӕ-зонын чи халы, уыдоны та Хуыцау бафхӕрдзӕн (Дзут. 13:4).

10. Чырыстон цы хъуамӕ араза, цӕмӕй йӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй бахъахъхъӕна?

10 Хуыцауы Ныхасы фӕрцы зонӕм, нӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй куыд хизӕм, уый. Ацы хъуыддаджы ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ хъус дарӕм, цӕмӕ фӕкӕсӕм, уымӕ. Йесо загъта: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг. Уӕдӕ дӕ кӕд дӕ рахиз цӕст рӕдийын кӕны, уӕд ӕй скъах ӕмӕ йӕ аппар» (Матф. 5:28, 29). Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ сӕхи хизынц порнографийӕ, стӕй нӕ фӕхъусынц, ӕнӕгъдау ныхӕстӕ кӕм ис, ахӕм зарджытӕм. Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕм фыста: «Амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын» (Кол. 3:5). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цӕуыл фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕуыл фӕныхас кӕнӕм, уымӕ дӕр (Еф. 5:3–5).

ХЪУАМӔ ХОРЗ КУЫСТМӔ ТЫРНӔМ?

11. Адӕймаг хорз куыстмӕ тырнын цӕмӕн райдайы?

11 «Хорз куыст дын куы уа, уӕд амондджын уыдзынӕ». Чи зоны нын иннӕтӕ дзурой, дӕхицӕн хорз куыст ссар, зӕгъгӕ. Хорз куыстыл та фӕнымайынц, адӕймаг кадджын, барджын ӕмӕ хъӕздыг кӕй фӕрцы суыдзӕн, ахӕм. Бирӕтӕм афтӕ кӕй кӕсы, ӕмӕ хорз куысты фӕрцы амондджын уыдзысты, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм.

12. Хорз куысты фӕрцы адӕймаг амондджындӕр вӕййы?

12 Цымӕ дын хорз куыст куы уа ӕмӕ кадджын, зындгонд куы суай, уӕд ӕцӕгдӕр амондджын уыдзынӕ? Нӕ. Рох дӕ ма уӕд, Хӕйрӕджы дӕр уый фӕндыд, цӕмӕй йӕ бар иннӕтыл цыдаид ӕмӕ йын кад кодтаиккой. Фӕлӕ йӕ уый цӕмӕ ’ркодта? Амондджын схонӕн ӕй ис? Нӕ, уый у тынг мӕсты (Матф. 4:8, 9; Рарг. 12:12). Ӕмӕ ныр та ахъуыды кӕн, куыд тынг фӕцин кӕнӕм, иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ нын цы замманай цард ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд. Уый нын цы циндзинад хӕссы, ахӕм циндзинад нын зӕххыл иу куыст дӕр не ’рхӕсдзӕн. Уымӕй уӕлдай, адӕм хорз куыстмӕ тырнгӕйӕ арӕх кӕрӕдзиимӕ ерыс кӕнын райдайынц, свӕййынц мӕстыгӕр кӕнӕ хӕлӕггӕнаг. Фӕлӕ амондджындӕр не свӕййынц. Ӕмӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй уый у «дымгӕ сурӕгау» (Еккл. 4:4).

13. а) Куыстмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? б) Апостол Павел ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыд?

13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи фӕдарыны тыххӕй хъуамӕ кусгӕ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм куыстмӕ бацӕуын дӕр тӕригъӕд нӕу. Фӕлӕ нын куыст царды ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуамӕ ма уа. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). Царды нын ӕппӕты сӕйрагдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йын йӕ Ныхас иннӕтӕн амонын куы уа, уӕд махӕй амондджындӕр нӕ уыдзӕн. Апостол Павел уый йӕхицӕй зыдта. Ӕрыгонӕй йӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ сарӕзта, цӕмӕй дзуттаг дины стыр бынат бацахстаид. Фӕлӕ ӕцӕг амондджын йӕхи схуыдта, чырыстон куы сси, уӕд. Павел уыдта, кӕмӕн хъусын кодта, уыдон «Хуыцауы ныхасы» фӕрцы куыд ивтой, ӕмӕ йын уый уыди стыр цины хос. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13, 19, 20.) Ахӕм стыр циндзинад адӕймагӕн ӕндӕр ницавӕр куыст ӕрхӕсдзӕн!

Иннӕтӕн Хуыцауы базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

АДӔМӔН СӔХИ БОН У СӔ ЗЫНДЗИНӔДТӔ АИУВАРС КӔНЫН?

14. Иуӕй-иутӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ адӕмӕн сӕхи бон бауыдзӕн сӕ зындзинӕдтӕ аиуварс кӕнын?

14 «Адӕмӕн сӕхи бон у сӕ зындзинӕдтӕ аиуварс кӕнын». Ацы хъуыды бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуы. Цӕмӕн? Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ куы уыдаид, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ адӕмы Хуыцауы разамынд нӕ хъӕуы ӕмӕ сӕ бон у, цыдӕриддӕр сӕ фӕнды, уый аразын. Стӕй ма ацы хъуыдыйыл бирӕтӕ уымӕн ӕууӕндынц, ӕмӕ, иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, хӕстытӕ, фыддзинад, низтӕ ӕмӕ мӕгуырдзинад раздӕр куыд парахат уыдысты, ныр афтӕ нал сты. Иу статьяйы фыст уыд: «Адӕмӕн сӕ уавӕр уымӕн хуыздӕр кӕны, ӕмӕ сӕ бафӕндыд, цы дунейы цӕрынц, уый фӕхуыздӕр кӕнын». Цымӕ ацы ныхӕстыл ӕууӕндӕн ис? Адӕм ӕцӕгдӕр ссардтой мадзал, се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр куыд фервӕзой, уымӕн? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй уыцы зындзинӕдтыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

15. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ адӕм тынг уӕззау уавӕры сты?

15 Хӕстытӕ: Фыццаг ӕмӕ Дыккаг дунеон хӕсты фӕцагъды 60 милуан адӕймаджы кӕнӕ уымӕй фылдӕр. Фӕлӕ Дыккаг дунеон хӕстӕй нырмӕ дӕр адӕм сабыр цӕрын нӕ сахуыр сты. 2015 азмӕ 65 милуан адӕймаджы сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг фесты, сӕ фӕдыл кӕй зылдысты кӕнӕ сӕм хӕст кӕй цыди, уый тыххӕй. Ӕрмӕст 2015 азы ахӕм адӕмы нымӕц уыди 12,4 милуаны бӕрц. Фыддзинад: кӕд иуӕй-иу рӕтты цавӕрдӕр фыдракӕндты нымӕц фӕкъаддӕр, уӕд ӕндӕр фыдракӕндтӕ та фӕфылдӕр сты. Зӕгъӕм, бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц, интернеты уылты цы фыдракӕндтӕ кӕнынц, уыдон, фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм бинонты ’хсӕн ӕфхӕрд ӕййафынц, стӕй терроризм дӕр тынгӕй-тынгдӕр парахат кӕны. Уымӕй уӕлдай, бирӕтӕ уынынц, адӕмы тыххӕй зӕхх куыд чъизи кӕны. Уӕдӕ адӕмӕн сӕ бон нӕу фыддзинадӕн кӕрон скӕнын. Низтӕ: кӕд иуӕй-иу низтӕн хос ссардтой, уӕддӕр, 2013 азы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 60 азӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, уыдонӕй алы аз дӕр 9 милуан адӕймаджы бӕрц амӕлы зӕрдӕйы низӕй, параличӕй, ракӕй, рӕуджыты низӕй кӕнӕ сӕкӕрнизӕй. Мӕгуырдзинад: Дунеон банк куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, мамӕлайы къӕбӕрӕй чи цӕры, уыдонӕн сӕ нымӕц 1990 азы ӕрмӕст Африкӕйы уыд 280 милуаны, 2012 азы та сси 330 милуаны.

16. а) Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахады бон цӕмӕн у адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕнын? б) Хуыцауы Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн, уый тыххӕй Исай ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕг цы загътой?

16 Абон экономикон ӕмӕ политикон организацитӕ сты хиуарзон адӕмы къухы. Ӕмӕ ахӕм адӕм та хӕстытӕн, фыддзинадӕн, низтӕн ӕмӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон не скӕндзысты. Уый ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад сараздзӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ адӕмы тыххӕй цы сараздзӕн, ууыл. Хӕстытӕ: хӕстытӕ райдайынц, адӕм хиуарзон кӕй сты, гӕртамхортӕ кӕй ис, иу адӕмыхатт йӕхи иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕрыл кӕй нымайы, уый тыххӕй, стӕй мӕнг динты аххосӕй. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт уыдӕттӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ Хӕйрӕджы дӕр фесафдзӕн (Пс. 46:8, 9). Фыддзинад: Хуыцауы Паддзахады фӕрцы адӕм ныридӕгӕн дӕр ахуыр кӕнынц, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндой. Ӕмӕ уый иу хицауадӕн дӕр йӕ къухы нӕ бафтыд (Ис. 11:9). Низтӕ: Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ахӕм ӕнӕниздзинад ратдзӕн, ӕмӕ сӕ йӕ къахы ӕнгуылдзӕй дӕр ничи схъӕрздзӕн (Ис. 35:5, 6). Мӕгуырдзинад: Йегъовӕ йын кӕрон скӕндзӕн, ӕмӕ уӕд адӕм цух ницӕмӕй ӕййафдзысты. Стӕй иууылдӕр уыдзысты йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ уый та ницавӕр хъӕздыгдзинӕдтимӕ ис абарӕн! (Пс. 72:12, 13).

ЦӔМӔЙ ЗОНАТ, КӔМӔН ЦАВӔР ДЗУАПП РАТТЫН ХЪӔУЫ, УЫЙ

17. Дӕ бон куыд у ацы дунейы зондахасты ныхмӕ фидар фӕлӕууын?

17 Уӕдӕ ацы дунейы бирӕтӕ кӕуыл хӕст сты, фӕлӕ Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм хъуыдытӕ куы хъусай, уӕд дӕ бон цы у саразын? Ӕркӕс-иу, уый фӕдыл Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ кӕнӕ-иу фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй искӕимӕ аныхас кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, уыцы хъуыды адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы, афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у ӕмӕ, уыцы хъуыды раст кӕй нӕу, уый дӕ бон куыд у сбӕлвырд кӕнын. Не ’ппӕтӕн дӕр у нӕ бон ацы дунейы зондахастӕй нӕхи бахизын, апостол Павел куыд загъта, афтӕ куы архайӕм, уӕд. Павел загъта: «Ӕддагӕттимӕ ут зондджын... цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Кол. 4:5, 6).

^ 9 абз. Библийы иуӕй-иу тӕлмацты ис иу скъуыддзаг, Иоанны 7:53–8:11, фӕлӕ уыцы скъуыддзаг ацы чиныджы фыццаг къухфысты нӕ уыд, фӕстӕдӕр ӕй бафтыдтой. Фӕлӕ бирӕтӕ уый нӕ зонынц. Ӕмӕ уыцы стихты фыст ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ иуӕй-иутӕ ахӕм рӕдыд хъуыдымӕ ӕрцӕуынц, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ӕнӕтӕригъӕд адӕймагӕн у йӕ бон хӕтындзинады тыххӕй искӕй бафхӕрын. Фӕлӕ Хуыцау Израилы адӕмӕн радта ахӕм закъон: «Нӕлгоймаг искӕй усимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд дыууӕ дӕр хъуамӕ амӕлой» (Дык. з. 22:22).