Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ хӕрзиуӕгӕй дӕ ӕнӕхай мачи ӕмӕ мацы фӕкӕнӕд

Дӕ хӕрзиуӕгӕй дӕ ӕнӕхай мачи ӕмӕ мацы фӕкӕнӕд

«Уӕ хӕрзиуӕгӕй [уӕ] ӕнӕхай мачи фӕкӕнӕд» (КОЛ. 2:18).

ЗАРДЖЫТӔ: 122, 139

1, 2. а) Хуыцауы адӕм цавӕр хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц? б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хӕрзиуӕг нӕ цӕстыты раз уа? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

СӔРСТ чырыстӕттӕн, апостол Павелау, ис диссаджы ныфс – уыдон райсдзысты «Хуыцауы хӕрзиуӕг, Йесо Чырыстийы фӕрцы... [сӕ] кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы уӕларвон цард» (Фил. 3:14). Уыдон Чырыстиимӕ иумӕ уыдзысты йӕ уӕларвон Паддзахады ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй алцӕмӕй ӕххӕст суой. Ӕмӕ уыцы рӕстӕгмӕ тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц (Рарг. 20:6). Хуыцау сын ӕцӕгдӕр диссаджы ныфс радта, ӕмӕ йӕм куыннӕ хъуамӕ тырной! Ӕндӕр фыстӕм та ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕндӕрхуызон хӕрзиуӕг – уыдон зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзысты. Ӕмӕ сын уый у стыр цины хос! (2 Пет. 3:13).

2 Павелы фӕндыд иннӕ сӕрст чырыстӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаиккой ӕмӕ сӕ хӕрзиуӕг райстаиккой, ӕмӕ сӕм ныффыста: «Уӕ хъуыдытӕ уӕнт, уӕлӕрвты цы ис, ууыл» (Кол. 3:2). Уыдон хъуамӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, уӕлӕрвты цы диссаджы хӕрзиуӕг райсдзысты, уый (Кол. 1:4, 5). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдоныл не ’ппӕт дӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ хӕрзиуӕг нӕ цӕстыты раз уыдзӕн, фӕнды нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс уа, фӕнды – зӕххыл (1 Кор. 9:24).

3. Павел йе ’мчырыстӕтты цӕмӕй фӕдзӕхста?

3 Уымӕй уӕлдай ма Павел йе ’мчырыстӕтты бафӕдзӕхста, сӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай кӕй тыххӕй фӕуыдаиккой, уыцы хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, Колоссты ӕмбырдмӕ ныффыста мӕнг чырыстӕтты тыххӕй. Уыдон Хуыцауы хорзӕх ссарыныл архайдтой Моисейы закъоны фӕрцы, Чырыстийы фӕрцы нӕ, фӕлӕ (Кол. 2:16–18). Павел ма сӕм ныффыста, абон махӕн дӕр тӕссаг кӕмӕй у ӕмӕ нӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай кӕй тыххӕй фӕуыдзыстӕм, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, бамбарын кодта, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕнӕгъдау фӕндты ныхмӕ фӕлӕууӕм, не ’мчырыстӕттимӕ фидауӕм ӕмӕ нӕ бинонтимӕ фӕрнӕй цӕрӕм. Павелы уынаффӕтӕ абон махӕн дӕр баххуыс кӕндзысты. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Павел Колоссӕгтӕм фыстӕджы цы уынаффӕтӕ радта, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

«АМАРУТ УӔ ЗӔХХОН БУАРЫ ФӔНДТӔ»

4. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ ӕнӕгъдау фӕндты тыххӕй нӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фӕуӕм?

4 Павел йе ’фсымӕртӕн сӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кодта, цы диссаджы хӕрзиуӕг сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый, уӕд сӕм ныффыста: «Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй зыд кӕнын» (Кол. 3:5). Ӕнӕгъдау фӕндтӕ тыхджын вӕййынц, ӕмӕ уыдоны тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фӕуӕм. Иу ӕфсымӕр йе ’нӕгъдау фӕндты фӕдыл ацыд, фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхт, ӕмӕ загъта: «Уыцы ӕнӕгъдау фӕндӕн ахӕм стыр тых уыд, ӕмӕ мӕ йӕ фӕдыл аласта. Ӕмӕ, цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ мӕ бон мӕхи бауромын нӕ баци».

5. Тӕссаг уавӕрты нӕ бон куыд у нӕхи хъахъхъӕнын?

5 Йегъовӕйы уагӕвӕрдты сӕрты ахизынӕй тӕссаг цы уавӕрты вӕййы, уыцы уавӕрты-иу хъуамӕ уӕм уӕлдай къӕрцхъус. Зӕгъӕм, зондыл дзурӕг уаид, ӕмбӕлын чи райдыдта, ахӕм хо ӕмӕ ’фсымӕр ӕппӕты райдианы куы аныхас кӕниккой, кӕрӕдзийы къухтыл хӕцын, хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кӕнын, стӕй хибарӕй баззайынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл (Ӕмб. 22:3). Чырыстоныл ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕй фӕтых уыдзысты, уымӕй ма йын тӕссаг вӕййы, командировкӕйы куы ацӕуы йе та хойы нӕлгоймагимӕ кӕнӕ ӕфсымӕры сылгоймагимӕ кусын куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр (Ӕмб. 2:10–12, 16). Ахӕм уавӕры куы уай, уӕд-иу, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый зӕгъ ӕмӕ-иу дӕхи уӕздан дар. Стӕй макуы рох кӕн, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзимӕ ныхасӕппарӕн куы фӕкӕнынц, уӕд уый хорзмӕ кӕй не ’ркӕны. Тынг тӕссаг ма вӕййы, ӕнкъард куы фӕкӕнӕм кӕнӕ нӕхимӕ иунӕг куы фӕкӕсӕм, уӕд дӕр. Ахӕм рӕстӕг адӕймаджы фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ фарсмӕ исчи уа. Чи зоны, ахӕм ныфссаст уа, ӕмӕ йын кӕйфӕнды рӕвдыд дӕр ӕхсызгон уа. Искуы ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд-иу Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ адӕмӕй ӕххуыс бацагур, цӕмӕй дӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕуай. (Бакӕс Псалом 34:18; Ӕмбисӕндтӕ 13:20.)

6. Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

6 Цӕмӕй ӕнӕгъдау фӕндты фӕдыл ма ацӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй. Абон цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр адӕймагӕн йӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц Содом ӕмӕ Гоморрӕ (Иуд. 7). Ирхӕфсӕнтӕ чи ’рхъуыды кӕны, уыдон фӕархайынц, цӕмӕй адӕммӕ ӕнӕгъдаудзинад ӕвзӕр ма кӕса ӕмӕ, зиан кӕй хӕссы, уый ма уыной. Уӕдӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр къӕрцхъус уӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕз мӕхи аирхӕфсон, ӕмӕ цӕмӕйфӕнды дӕр, зӕгъгӕ. Хъуамӕ-иу равзарӕм, царды хӕрзиуӕг райсын нӕ чи нӕ бахъыгдардзӕн, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ (Ӕмб. 4:23).

УАРЗОНДЗИНАД УӔМ УӔД ӔМӔ ХӔЛАРЗӔРДӔ УТ

7. Ӕмбырды иуӕй-иу хатт цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм?

7 Йегъовӕйы адӕмӕй кӕй стӕм, уый не ’ппӕт дӕр стыр арфӕдзинадыл нымайӕм. Не ’мбырдты Хуыцауы Ныхас фӕахуыр кӕнӕм, стӕй кӕрӕдзийӕн хӕларзӕрдӕйӕ феххуыс кӕнӕм. Уый фӕрцы нӕ хӕрзиуӕг ӕдзухдӕр ис нӕ цӕстыты раз. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи нӕ бамбарынц. Ӕмӕ-иу ахӕм уавӕры уайтагъд куы нӕ бафидауӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайдзыстӕм. (Бакӕс 1 Петры 3:8, 9.)

8, 9. а) Нӕ хӕрзиуӕг райсынӕн нын цавӕр миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты? б) Не ’мчырыстӕттӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фарн ма фехӕла?

8 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын ма райдайӕм ӕмӕ уый тыххӕй нӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм? Павел колоссӕгты разӕнгард кодта: «Хуыцауы ӕвзӕрстытӕн, йӕ сыгъдӕг ӕмӕ йӕ уарзон адӕмӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат. Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:12–14).

9 Уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн хатыр кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, не ’мчырыстӕттӕй чидӕр цыдӕр загъта кӕнӕ сарӕзта ӕмӕ нын уымӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта, уӕд нӕ бон у ӕрхъуыды кӕнын, нӕхӕдӕг дӕр-иу иннӕты кӕй фӕхъыг кодтам, уый. Нӕ рӕдыд-иу нын кӕй ныххатыр кодтой, ӕмӕ-иу афтӕмӕй уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад кӕй равдыстой, уый тыххӕй сӕ бузныг куыннӕ уыдыстӕм! (Бакӕс Екклесиаст 7:21, 22.) Уӕлдай бузныг та стӕм Чырыстийӕ, Хуыцауы адӕмы хӕларзӕрдӕйӕ иумӕ кӕй ӕмбырд кӕны ӕмӕ се ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад кӕй ис, уый тыххӕй (Кол. 3:15). Не ’ппӕт дӕр уарзӕм уыцы иу Хуыцауы, хъусын кӕнӕм уыцы иу хабар ӕмӕ ӕмбӕлӕм уыцы иу зындзинӕдтыл. Уӕдӕ кӕрӕдзи куы уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хӕларзӕрдӕйӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд, цы фарны тӕгтӕй баст стӕм, уыдон фидардӕр кӕндзысты ӕмӕ нӕ хӕрзиуӕг ӕдзухдӕр нӕ цӕстыты раз уыдзӕн.

10, 11. а) Хӕлӕг кӕнын тӕссаг цӕмӕн у? б) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй макӕмӕ хӕлӕг кӕнӕм ӕмӕ уый тыххӕй нӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм?

10 Хӕлӕг куы кӕнӕм, уӕд дӕр нын тӕссаг уыдзӕн, нӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай куы фӕуӕм, уымӕй. Библийы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, хӕлӕг кӕнын стыр бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕны. Зӕгъӕм, Каин бахӕлӕг кодта йе ’фсымӕр Авелмӕ, ӕмӕ йӕ амардта. Корей, Дафан ӕмӕ Авирон Моисеймӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой, ӕмӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Паддзах Саул та райдыдта Давидмӕ хӕлӕг кӕнын, ӕмӕ йӕ амарыныл архайдта. Уӕдӕ Хуыцауы Ныхас раст зӕгъы: «Хӕлӕг ӕмӕ загъд кӕм ис, уым нӕдӕр уаг ис, нӕдӕр ӕгъдау, ис дзы алы ӕвзӕрдзинад» (Иак. 3:16).

11 Нӕ зӕрдӕйы уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад куы рӕзын кӕнӕм, уӕд-иу иннӕтӕм гыццыл истӕй тыххӕй хӕлӕг кӕнын нӕ райдайдзыстӕм. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны» (1 Кор. 13:4). Цӕмӕй макӕмӕ хӕлӕг кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иу буары уӕнгтӕ кӕй стӕм. Библийы фыст ис: «Буары уӕнгтӕй иу куы скадджын вӕййы, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр йемӕ фӕцин кӕнынц» (1 Кор. 12:16–18, 26). Уӕдӕ-иу хӕлӕг кӕныны бӕсты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты арфӕдзинӕдтыл цин кӕнӕм. Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у паддзах Саулы фырт Ионафан. Давид йӕ бӕсты паддзахӕй ӕвзӕрст кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй йӕм хӕлӕг нӕ кодта, фӕлӕ йын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта (1 Сам. 23:16–18). Хорз нӕ уаид, мах дӕр Ионафанау хӕларзӕрдӕ куы уаиккам ӕмӕ кӕрӕдзи куы уарзиккам?

АРХАЙ, ЦӔМӔЙ ДӔ БИНОНТИМӔ ИУМӔ УӔ ХӔРЗИУӔГ РАЙСАТ

12. Бинонтӕн Библийӕ цавӕр уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ хӕрзиуӕг райсой?

12 Бинонтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайой, уӕд фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзысты, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ хӕрзиуӕг райсдзысты. Колоссты ӕмбырды бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыцы чырыстӕттӕн апостол Павел радта ахӕм уынаффӕ: «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ ӕмбӕлы. Сымах та, лӕгтӕ, алкӕддӕр уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут. Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут, уымӕн ӕмӕ уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ. Фыдӕлтӕ, уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой» (Кол. 3:18–21). Павелы уынаффӕ абон дӕр бинонтӕй алкӕмӕн дӕр стыр пайда кӕй у, ууыл куыннӕ сразы уыдзынӕ.

13. Хойӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йе ’нӕуырнӕг лӕджы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын бафӕнда?

13 Зӕгъӕм, хомӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йын йе ’нӕуырнӕг сӕрыхицау хорз нӕу, уӕд йӕ бон цы у аразын? Куы йӕм мӕсты кӕна ӕмӕ йемӕ куы хыл кӕна, уӕд уавӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн? Чи зоны-иу ӕй басӕтта ӕмӕ-иу лӕг йӕ ныхасыл сразы уа. Фӕлӕ йӕ, цымӕ, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын бафӕнддзӕн? Зынтӕй. Фӕлӕ хо йӕ сӕрыхицауӕн куы аргъ кӕна, уӕд йӕ бинонты фарныл фарн ӕфтаудзӕн, Йегъовӕйӕн кад хӕсдзӕн ӕмӕ ма, чи зоны, йӕ лӕджы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕр бафӕнда. Ӕмӕ уӕд сӕ дыууӕ дӕр ӕппынфӕстаг хӕрзиуӕг райсдзысты. (Бакӕс 1 Петры 3:1, 2.)

14. Ӕфсымӕрӕн йӕ бинойнаг куы нӕ аргъ кӕна, уӕд куыд хъуамӕ архайа?

14 Зӕгъӕм, ӕфсымӕрмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йын йе ’нӕуырнӕг бинойнаг нӕ аргъ кӕны, уӕд йӕ бон цы у аразын? Куы йыл хъӕртӕ кӕна, хӕдзары хицау чи у, уый зонӕд, зӕгъгӕ, уӕд ын цымӕ йӕ бинойнаг тынгдӕр аргъ кӕндзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хуыцау зӕгъы, цӕмӕй нӕлгоймаг Чырыстийы фӕзма ӕмӕ йӕ усӕн уа фӕлмӕн сӕрыхицау (Еф. 5:23). Йесо, «ӕмбырды... сӕр», йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд дӕтты уарзгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй (Лук. 9:46–48). Уӕдӕ ӕфсымӕр Йесойы куы фӕзма, уӕд, чи зоны, йӕ бинойнаджы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын бафӕнда.

15. Ӕфсымӕрӕн йӕ бон куыд у равдисын, йӕ бинойнаджы кӕй уарзы, уый?

15 Йегъовӕ лӕгтӕн фӕдзӕхсы: «Алкӕддӕр уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут» (Кол. 3:19). Йӕ бинойнаджы чи уарзы, уыцы лӕг ын кад кӕны: цы хъуыды кӕны, уымӕй йӕ бафӕрсы, байхъусы йӕм ӕмӕ йын бамбарын кӕны, йӕ хъуыдыйӕн ын кӕй аргъ кӕны (1 Пет. 3:7). Ӕмӕ кӕд алы хатт, ус куыд фӕзӕгъы, афтӕ нӕ бакӕны, уӕддӕр, йемӕ кӕй аныхас кӕны, уый фӕрцы хуыздӕр уынаффӕ рахӕссы (Ӕмб. 15:22). Фӕлмӕн сӕрыхицау йӕ бинойнагӕй домгӕ нӕ кӕндзӕн, цӕмӕй йын аргъ кӕна. Уый афтӕ архайдзӕн, ӕмӕ йын ус йӕхӕдӕг райдайдзӕн аргъ кӕнын. Йӕ усы ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты чи уарзы, уыцы чырыстон сын тынгдӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕной ӕмӕ сӕ хӕрзиуӕг райсой.

Бинонтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕуой? (кӕс 13–15 абзацтӕ)

ӔРЫГӔТТӔ, УӔ ХӔРЗИУӔГӔЙ УӔ ӔНӔХАЙ МАЧИ ӔМӔ МАЦЫ ФӔКӔНӔД!

16, 17. Ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕм ма мӕсты кӕной?

16 Ӕрыгӕттӕм хатгай афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ не ’мбарынц ӕмӕ сӕ акъахдзӕф кӕнын дӕр нӕ уадзынц. Мыййаг, дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы? Чи зоны, дӕ ныфс афтӕ асаст, ӕмӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтай, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын царды ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, ууыл. Фӕлӕ уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕнай, уӕд бирӕ нӕ рацӕудзӕн, афтӕ бамбардзынӕ, дӕ чырыстон ныййарджытӕй ӕмӕ дыл де ’мбырдӕй тынгдӕр кӕй ничи мӕт кӕны.

17 Дӕ ныййарджытӕ дын куы никуы бауайдзӕф кодтаиккой, уӕд афтӕ нӕ ахъуыды кодтаис, ӕмӕ дыл ӕппындӕр нӕ тыхсынц? (Дзут. 12:8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ ныййарджытӕ ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ, чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, куыд дын бауайдзӕф кӕнынц, уый. Фӕлӕ ууыл мӕсты кӕныны бӕсты ахъуыды кӕн, цӕмӕн дын бауайдзӕф кӕнынц. Сабырӕй-иу сӕм байхъус ӕмӕ-иу бацархай, цӕмӕй сӕм фӕстӕмӕ мацы сдзурай. Библийы фыст ис: «Дзурынмӕ тагъд чи нӕ кӕны, уымӕ ис ӕцӕг зонындзинӕдтӕ, ӕмӕ арфуынӕг адӕймаг у хиуылхӕцгӕ» (Ӕмб. 17:27). Архай, цӕмӕй ӕмбаргӕ адӕймаг суай. Ахӕм адӕймаг ӕгӕр тынг нӕ фӕмӕт кӕны, уынаффӕ йын куыд радтой, ууыл, фӕлӕ йӕм сабырӕй байхъусы ӕмӕ дзы йӕхицӕн зонд райсы (Ӕмб. 1:8). Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ныййарджытӕ дын уа, уый арфӕдзинад у. Уыдоны тынг фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй дӕ хӕрзиуӕг райсай ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай.

18. Нӕ хӕрзиуӕг ӕдзухдӕр нӕ цӕстыты раз цӕмӕн хъуамӕ уа?

18 Ӕнустӕм уӕлӕрвты цӕрдзыстӕм ӕви зӕххыл,– не ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн. Уыцы фидӕнӕй нын ныфс ӕвӕры не Сфӕлдисӕг йӕхӕдӕг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфсӕн ис фидар бындур. Зӕххыл цы дзӕнӕт уыдзӕн, уый тыххӕй Хуыцау загъта: «Зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй» (Ис. 11:9). Уыцы рӕстӕг зӕххыл чи цӕра, уыдоны се ’ппӕты дӕр Хуыцау ахуыр кӕндзӕн. Уыцы хӕрзиуӕг уый аргъ у, цӕмӕй йӕм ӕппӕт тыхтӕй тырнӕм. Уӕдӕ дӕ хъуыдытӕ уӕнт, Йегъовӕ дын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл, ӕмӕ дӕ дӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай мачи ӕмӕ мацы фӕкӕнӕд!