Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цӕстуарзон адӕймаг уыдзӕн арфӕгонд»

«Цӕстуарзон адӕймаг уыдзӕн арфӕгонд»

ӔЦӔГ ХУЫЦАУӔН йӕ лӕггадгӕнджытӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр нывӕндтӕ хӕссынц. Израилӕгтӕ хастой фосы нывӕндтӕ. Чырыстӕттӕ та Хуыцауӕн хӕссынц «кады нывӕндтӕ». Фӕлӕ ма ис ӕндӕр нывӕндтӕ дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр Хуыцауӕн ӕхсызгон вӕййынц (Дзут. 13:15, 16). Уыцы нывӕндтӕ сты цины хос ӕмӕ хӕссынц арфӕдзинӕдтӕ. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, цы цӕвиттонтӕм ӕркӕсдзыстӕм, уыдонӕй.

Хуыцауӕн раджы заманты чи лӕггад кодта, иу ахӕм сылгоймаджы, Аннӕйы, сывӕллон тынг хъуыди, фӕлӕ йын зӕнӕг нӕ цыд. Аннӕ Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йын дзырд радта, зӕгъгӕ мын лӕппу куы райгуыра, уӕд дын ӕй «цард-цӕрӕнбонтӕм ратдзынӕн» (1 Сам. 1:10, 11). Цасдӕры фӕстӕ Аннӕ басывӕрджын, ӕмӕ йын райгуырд лӕппу, Самуил. Аннӕ Самуилы дзидзийӕ куы фӕхицӕн кодта, уӕд ӕй Хуыцауы цатырмӕ акодта, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта, цы дзырд ын радта, уый. Ахӕм удуӕлдайдзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй йын Йегъовӕ раарфӕ кодта – фондз сывӕллоны ма йын райгуырд, Самуил та сси пехуымпар ӕмӕ Библийы чингуытӕй цалдӕр ныффыста (1 Сам. 2:21).

Аннӕ ӕмӕ Самуилау чырыстӕттӕм дӕр ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ сӕ бон у се Сфӕлдисӕгӕн цӕрӕнбонты лӕггад кӕнын. Чырысти нын зӕрдӕ бавӕрдта, цавӕрфӕнды нывӕндтӕ ма хӕссӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ рӕдауӕй кӕй арфӕ кӕндзӕн (Мар. 10:28–30).

Фыццаг ӕнусы цард иу чырыстон сылгоймаг, Доркӕ, зӕгъгӕ. Иннӕтӕ дзы «бирӕ хорздзинӕдтӕ зыдтой, стӕй тынг ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн дӕр». Фӕлӕ, хъыгагӕн, «ӕрбарынчын ӕмӕ амард», ӕмӕ йыл йе ’мбырд тынг фӕмаст кодта. Ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, Петр сыхаг горӕты кӕй ис, уӕд ӕм арвыстой, цӕмӕй сӕм ӕрбацыдаид. Ахъуыды-ма кӕн, Петр куы ’рбацыд ӕмӕ Доркӕйы куы райгас кодта, уӕд се ’ппӕт дӕр куыд цин кодтаиккой! Апостолтӕ мӕрдты куыд ӕгас кодтой, уыцы хабӕрттӕй Библийы фыццаг ацы хабар ӕрцыд фыст (Хъуыд. 9:36–41). Хуыцау Доркӕйы хорздзинӕдтӕ нӕ ферох кодта (Дзут. 6:10). Ӕмӕ йӕ рӕдаудзинады тыххӕй фыст ӕрцыд Библийы, цӕмӕй йӕ мах дӕр фӕзмӕм.

Йӕ рӕдаудзинадӕй нын фӕзминаг у апостол Павел дӕр – уый дӕр Хуыцауы хъуыддаджы йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта. Павел Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Ӕз сымах тыххӕй, цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ мӕхи ӕгасӕй дӕр нӕ бавгъау кӕндзынӕн» (2 Кор. 12:15). Павел йӕхицӕй зыдта, адӕймаг иннӕтӕн удуӕлдайӕ куы фӕлӕггад кӕны, уӕд ын уый ӕрмӕст циндзинад кӕй нӕ фӕхӕссы, фӕлӕ ма хайджын кӕй вӕййы, ноджы ахсджиагдӕр цы у, уымӕй – Йегъовӕйы арфӕдзинадӕй ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй (Хъуыд. 20:24, 35).

Уӕдӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, мах дӕр нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ куы нӕ февгъау кӕнӕм, цӕмӕй йӕ Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм. Цымӕ ма нӕ бон куыд у хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын? Нӕ бон у уыцы хъуыддагӕн нӕ мысайнӕгтӕй ӕххуыс кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй дӕр Хуыцауы кадджын кӕнын. Уыцы мысайнӕгты фӕрцы ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы, ӕмӕ уымӕ хауы, миссионертӕн ӕмӕ иннӕ сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый дӕр. Уыцы мысайнӕгты фӕрцы ма цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ тӕлмац кӕнӕм литературӕ ӕмӕ видеопубликацитӕ, стӕй ӕххуыс кӕнӕм, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыдонӕн ӕмӕ Паддзахады залтӕ аразӕм. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, «цӕстуарзон адӕймаг» арфӕгонд кӕй уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай нӕ мысайнӕгтӕй кад хӕссӕм Йегъовӕйӕн (Ӕмб. 3:9; 22:9).