Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн!

Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн!

«Ӕз... [уынаффӕ] рахастон, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн. Сфӕнд кодтон, ӕмӕ йӕ сараздзынӕн» (ИС. 46:11).

ЗАРДЖЫТӔ: 25, 18

1, 2. а) Йегъовӕ нын цы раргом кодта? б) Исайы 46:10, 11 ӕмӕ 55:11 стихты нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

БИБЛИЙЫ ӕппӕты райдианы фыст ис: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райд. 1:1). Раст зӕгъгӕйӕ, Хуыцау цы скодта, уыдӕтты тыххӕй, зӕгъӕм, космос, рухс ӕмӕ химӕлвасынады закъоны тыххӕй бирӕ ницы зонӕм, стӕй Дун-дунейӕн ӕрмӕстдӕр йӕ иу гыццыл хай уынӕм (Еккл. 3:11). Фӕлӕ нын Йегъовӕ раргом кодта, зӕхх ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Хуыцау адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй зӕххыл амондджынӕй цардаиккой (Райд. 1:26). Адӕм хъуамӕ уыдаиккой йӕ хъӕбултӕ, йӕхӕдӕг та – сӕ Фыд.

2 Райдианы чиныджы ӕртыккаг сӕры куыд фыст ис, афтӕмӕй иу чидӕр сфӕнд кодта Йегъовӕйы бакъуылымпы кӕнын, цӕмӕй йӕ фӕнд ма сӕххӕст уыдаид (Райд. 3:1–7). Фӕлӕ ахӕмӕй ӕппындӕр ницы ис, ӕмӕ Йегъовӕйы ныкъкъуылымпы кӕна (Ис. 46:10, 11; 55:11). Уӕдӕ мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ, ӕппӕты райдианы йӕм цы фӕнд уыд, уый йӕ афоныл кӕй сӕххӕст кӕндзӕн!

3. а) Библийы фыст хабар цавӕр ахсджиаг ахуырӕдты фӕрцы ис бамбарӕн? б) Уыцы ахуырӕдтыл ныр цӕмӕн хъӕуы аныхас кӕнын? в) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Мах Библийӕ зонӕм, Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис ӕмӕ Хуыцауы фӕнд сӕйраджыдӕр Йесо Чырысти кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг ацы сӕйраг ахуырӕдтӕ базыдтам. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм дӕр ацы ахуырӕдтӕ базоной. Уымӕн нын хорз фадат вӕййы, адӕмы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы фӕхонӕм, уӕд (Лук. 22:19, 20). Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуа, уыдон Хуыцауы фӕнды тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базондзысты. Уыцы хабармӕ бирӕ нал баззад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, ныр куы ахъуыды кӕниккам, адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ нӕ бон цавӕр фарстатӕй у спайда кӕнын, цӕмӕй сӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын бафӕнда. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фарстамӕ: «Хуыцаумӕ райдианы зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд уыди? Йӕ фӕнд ныронг цӕуылнӕ сӕххӕст? Хуыцау Чырыстийы нывонды фӕрцы йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн?»

ХУЫЦАУМӔ РАЙДИАНЫ ЦАВӔР ФӔНД УЫДИ?

4. Йегъовӕйы йе сконд дуне куыд кадджын кӕны?

4 Не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ цыдӕриддӕр скодта, уый нӕ стыр дисы ӕфтауы (Райд. 1:31; Йер. 10:12). Йе сконд дуне куыд рӕсугъд у ӕмӕ дзы цы фӕтк ис, уый нын цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ фӕуынӕм, алкӕмӕн дӕр ӕмӕ дзы алцӕмӕн дӕр йӕхи нысан кӕй ис. Зӕгъӕм, дисы кӕй нӕ бафтауынц стъалыджын арв, бӕрзонд хӕхтӕ кӕнӕ рӕсугъд хурныгуылд. Уыдӕттыл уымӕн фӕдис кӕнӕм, ӕмӕ афтӕ конд стӕм – рӕсугъд цы у, уый ӕмбарӕм. (Бакӕс Псалом 19:1; 104:24.)

5. Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йе сконд дунейы алцӕмӕн дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау уа?

5 Нӕ Хуыцау Йегъовӕ йе сконд хъуыддӕгтӕй алцӕмӕн дӕр сӕвӕрдта арӕнтӕ. Уый сфидар кодта ӕрдзы закъӕттӕ, стӕй адӕмӕн дӕр радта, кӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ цардаиккой, ахӕм закъӕттӕ, цӕмӕй Дун-дунейы уаг ӕмӕ ӕгъдау уыдаид (Пс. 19:7–9). Цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕттӕй алцӕмӕн дӕр ис йӕхи бынат ӕмӕ дзы алцыдӕр йӕхи куыст кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр иууылдӕр сты кӕрӕдзийыл баст. Зӕгъӕм, химӕлвасынады закъоны фӕрцы зӕххы алыварс ис атмосферӕ, стӕй денджызтӕ ӕмӕ океантӕ сӕ былтӕй нӕ ракӕлынц. Ӕнӕ уыцы закъонӕй зӕххыл цард нӕ уаид. Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон иууылдӕр, уыимӕ адӕм дӕр, сты ӕрдзы закъӕтты дӕлбар. Уӕдӕ Дун-дунейы алцыдӕр афтӕ конд кӕй у, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцаумӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй бӕлвырд фӕнд кӕй ис. Хорз уаид, хъусын кӕнгӕйӕ адӕмы, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцауимӕ куы зонгӕ кӕниккам (Рарг. 4:11).

6, 7. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы цавӕр хорздзинӕдтӕй схайджын кодта?

6 Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй адӕм зӕххыл ӕнустӕм цардаиккой (Райд. 1:28; Пс. 37:29). Уый Адам ӕмӕ Евӕйӕн цӕстуарзонӕй алцыдӕр радта, цӕмӕй амондджын уыдаиккой. (Бакӕс Иаковы 1:17.) Йегъовӕ сӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бон уыдаид хъуыды кӕнын, уынаффӕтӕ хӕссын, уарзын ӕмӕ сӕхицӕн ӕмбӕлттӕ скӕнын. Адамӕн йӕ бон уыд Хуыцауимӕ ныхас кӕнын, ӕмӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Загъта ма йын, хӕринаг куыд хъуамӕ амал кӕна, стӕй цӕрӕгойтӕм ӕмӕ зӕхмӕ куыд хъуамӕ зила, уый дӕр (Райд. 2:15–17, 19, 20). Йегъовӕ ма Адам ӕмӕ Евӕйы афтӕ скодта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид ад ӕмбарын, тӕфтӕ ӕвзарын, уырзӕй сгарын, уынын ӕмӕ хъусын. Уый фӕрцы Дзӕнӕты сӕ рӕсугъд хӕдзары зӕрдӕрухсӕй цардаиккой. Уыди сын, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй ради, ахӕм куыст. Сӕ бон ма уыд бирӕ ног цыдӕртӕ базонын дӕр. Ӕмӕ ахӕм диссаджы цардӕй цардаиккой ӕнустӕм.

7 Хуыцауы зӕрды ма цы уыди? Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сын ӕххӕст цот рацыдаид. Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕ цот сбирӕ уыдаиккой, ӕмӕ зӕхх адӕмӕй байдзаг уыдаид. Йегъовӕйы фӕндыди, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ иннӕ ныййарджытӕ дӕр, сӕ сывӕллӕтты уарзтаиккой, Йегъовӕ йӕхӕдӕг йӕ фыццаг зӕххон хъӕбулты куыд уарзта, афтӕ. Зӕхх йӕ бирӕ диссӕгтимӕ хъуамӕ адӕмӕн ӕнустӕм сӕ хӕдзар суыдаид (Пс. 115:16).

ХУЫЦАУЫ ФӔНД НЫРОНГ ЦӔУЫЛНӔ СӔХХӔСТ?

8. Райдианы 2:16, 17 цы закъон фыст ис, уый Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн цӕмӕн радта?

8 Фӕлӕ, Хуыцауы куыд фӕндыд, хъуыддӕгтӕ уӕд афтӕ нӕ рауадысты. Цӕуылнӕ? Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн радта хуымӕтӕг закъон, цӕмӕй ӕмбӕрстаиккой, алцы кӕныны бар сын кӕй нӕй. Хуыцау Адамӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райд. 2:16, 17). Адам ӕмӕ Евӕ уыцы закъон хорз ӕмбӕрстой. Стӕй зынӕххӕстгӕнӕн дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сын хӕринаг уыд парахатӕй.

9, 10. а) Хӕйрӕг Йегъовӕйӕ цавӕр мӕнг ныхас загъта? б) Адам ӕмӕ Евӕ куыд бакодтой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

9 Хӕйрӕг калмы уылты Евӕйыл хинӕй рацыд, цӕмӕй Евӕ йӕ Фыд Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтаид. (Бакӕс Райдиан 3:1–5; Рарг. 12:9.) Хӕйрӕг ӕй бафарста, зӕгъгӕ уын Хуыцау ӕцӕгдӕр нӕ дӕтты уый бар, цӕмӕй, «цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй» хӕрат. Ӕндӕр ныхӕстӕй, Хӕйрӕг загъта: «Ӕцӕгдӕр уын алцы аразыны бар нӕй?» Уый фӕстӕ загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут». Уымӕй фыддӕр мӕнг ныхас ма цы хъуамӕ уыдаид! Уый фӕстӕ Евӕйы баууӕндын кӕнынмӕ хъавыд, Хуыцаумӕ хъусын ӕнӕмӕнг кӕй нӕу. Загъта йын: «Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты». Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, цыма сӕ Йегъовӕ уыцы бӕласы дыргътӕй хӕрын уый тыххӕй нӕ уадзы, ӕмӕ сӕ цыдӕр сусӕг кӕны. Фӕстагмӕ йын Хӕйрӕг мӕнг ныфсытӕ бавӕрдта: «Суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый».

10 Ныр Адам ӕмӕ Евӕйы хъуыди равзарын: Йегъовӕмӕ байхъусдзысты ӕви калммӕ? Ӕмӕ, хъыгагӕн, Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты. Афтӕмӕй Хӕйрӕгимӕ иумӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уыдон Йегъовӕйы сӕ Фыдыл нал нымадтой ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕдта, уыцы закъоныл сӕ къух систой (Райд. 3:6–13).

11. Йегъовӕ ӕнцад цӕуылнӕ каст, Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕ?

11 Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй ӕххӕстдзинадӕй ӕнӕхай фесты. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы знӕгтӕ систы, уымӕн ӕмӕ «фыдхъуыддӕгтӕм кӕсын» йӕ бон нӕу – «[йӕ] цӕстытӕ фыддзинадмӕ кӕсынӕн ӕгӕр сыгъдӕг сты» (Ав. 1:13). Йегъовӕ уыцы фыдхъуыддаг куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд нӕдӕр уӕлӕрвты ӕмӕ нӕдӕр зӕххыл фарн ӕмӕ иудзинад нал уыдаид. Куы ницы сарӕзтаид, уӕд ыл ӕууӕнк дӕр нал уыдаид. Фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм Хуыцау у, ӕмӕ, цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ сфидар кӕны, уыдонмӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕархайы, никуы сӕ фехалы (Пс. 119:142). Уӕдӕ кӕд Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕрибардзинад радта, уӕддӕр сын уый бар нӕ уыди, цӕмӕй йын йӕ закъон фехӕлдтаиккой. Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ мӕлӕт ссардтой, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхтысты (Райд. 3:19).

12. Адамы цотыл цы ’рцыд?

12 Адам ӕмӕ Евӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй куы бахордтой, уӕд Йегъовӕйы бинонтӕй нал уыдысты. Хуыцау сӕ Едемы цӕхӕрадонӕй ратардта, ӕмӕ сын фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхыны бар нал уыди (Райд. 3:23, 24). Йегъовӕ сӕ нӕ бахызта, се ’гоммӕгӕсдзинад сӕ цӕмӕ ӕркодта, уымӕй. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:4, 5.) Ӕнӕххӕст кӕй систы, уый тыххӕй сӕ бон нал уыди ӕххӕстӕй Хуыцауы миниуджытӕ ӕвдисын. Адам амондджын цардӕй ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ фӕци ӕнӕхай – йӕ цот дӕр сӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастой (Ром. 5:12). Уый йӕ байзӕддӕгты ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй ӕнӕхай фӕкодта. Уымӕй уӕлдай ма Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ бон нал уыд ӕххӕст цот рауадзын, ӕмӕ афтӕ – сӕ байзӕддӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы Хуыцауы ныхмӕ куы скодта, уӕдӕй абоны онг адӕмы сайы (Иоан. 8:44).

ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫ ФӔРЦЫ НӔ БОН У, ӔМӔ ХУЫЦАУЫ ХӔЛӔРТТӔ УӔМ

13. Йегъовӕ адӕмӕн цавӕр фадат радта?

13 Кӕд Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, уӕддӕр Хуыцау адӕмыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Уый се ’ппӕты дӕр уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уой. Иу адӕймаджы мӕлӕт дӕр ӕй нӕ фӕнды (2 Пет. 3:9). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызтысты, уый хӕдфӕстӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ адӕмӕн ногӕй фадат фӕзынд, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уой. Фӕлӕ уый тыххӕй йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахызт. Ӕркӕсӕм, уымӕн гӕнӕн цӕй фӕрцы уыд, уымӕ.

14. а) Иоанны 3:16 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй адӕмы фервӕзын кодтаид? б) Нӕ бон адӕмимӕ цавӕр фарстайыл у аныхас кӕнын?

14 Бакӕс Иоанны 3:16. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг ацы стих арӕх бакӕсӕм. Фӕлӕ ӕвзӕры фарста: «Чырыстийы нывонд адӕмӕн фӕндаг ӕнусон цардмӕ куыд байгом кодта?» Ацы ахсджиаг фарстайыл адӕмимӕ аныхас кӕнын нӕ бон уыдзӕн, Ӕрымысӕн изӕрмӕ сӕ куы хонӕм, стӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуой ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ куы бабӕрӕг кӕнӕм, уӕд. Чырыстийы нывонды тыххӕй фылдӕр куы базоной, уӕд бамбардзысты, Йегъовӕ цӕй стыр зонды хицау у ӕмӕ адӕмы куыд тынг уарзы, уый. Чырыстийы нывонды тыххӕй сын нӕ бон цы у радзурын?

15. Чырысти Адамӕй цӕмӕй хицӕн кодта?

15 Йегъовӕ адӕмы тыххӕй радта ӕххӕст адӕймаджы цард. Уыцы ӕххӕст адӕймаг хъуамӕ Йегъовӕйыл уыдаид иузӕрдион ӕмӕ цӕттӕ уыдаид йӕ цард ӕнӕххӕст адӕмы тыххӕй раттынмӕ (Ром. 5:17–19). Йегъовӕ ӕппӕты фыццаг кӕй сфӕлдыста, уымӕн йӕ цард уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ рахаста (Иоан. 1:14). Афтӕмӕй Чырысти сси Адамы хуызӕн ӕххӕст адӕймаг. Фӕлӕ Адамӕй уӕлдай Йесо Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл фидар хӕцыд. Чырысти суанг уӕззау фӕлварӕнты дӕр Хуыцауы закъӕттӕй иу дӕр нӕ фехӕлдта.

16. Чырыстийы нывонд зынаргъ лӕвар цӕмӕн у?

16 Чырысти ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди йӕ цард адӕмы тыххӕй раттын, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзой. Йесо уыди, Адам цавӕр хъуамӕ уыдаид, ахӕм адӕймаг: алцӕмӕй уыд ӕххӕст, Хуыцауыл алкӕддӕр уыд иузӕрдион ӕмӕ йӕ коммӕ каст (1 Тим. 2:6). Чырыстийы нывонд «бирӕтӕн» – нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн – фӕндаг байгом кодта ӕнусон цардмӕ (Матф. 20:28). Уыцы нывонды фӕрцы Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, райдианы йӕм цы фӕнд уыд, уый (2 Кор. 1:19, 20).

ЙЕГЪОВӔ НЫН РАДТА ФАДАТ, ЦӔМӔЙ ЙӔМ ФӔСТӔМӔ ӔРБАЗДӔХӔМ

17. Чырыстийы нывонды фӕрцы нын цавӕр фадат ис?

17 Йегъовӕ мах тыххӕй цы нывонд радта, уый йын тынг зынаргъ слӕууыд (1 Пет. 1:19). Адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты мах тыххӕй нӕ бавгъау кодта (1 Иоан. 4:9, 10). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Чырысти Адамы бӕсты сси не ’ппӕты фыд дӕр (1 Кор. 15:45). Афтӕмӕй нын Чырысти цардмӕ фӕндаг байгом кодта ӕмӕ нын фадат радта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы бинонтӕм ӕрбаздӕхӕм. Йесойы нывонды фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон у адӕмы фӕстӕмӕ йӕ бинонтыл банымайын, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты ма ахиза, афтӕмӕй. Фидӕны иузӕрдион адӕм иууылдӕр ӕххӕст адӕймӕгтӕ кӕй суыдзысты, уый нын ӕхсызгон куыннӕ у. Уӕд, Йегъовӕйӕн уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр цы бинонтӕ ис, уыдоны ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Ӕмӕ уӕд не ’ппӕт дӕр уыдзыстӕм Хуыцауы сывӕллӕттӕ (Ром. 8:21).

18. Йегъовӕ «алкӕмӕн дӕр... йӕ иунӕг Хицау» кӕд суыдзӕн?

18 Кӕд фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты, уӕддӕр уый адӕмы уарзы. Ӕмӕ кӕд не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр Хӕйрӕгӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл сивын кӕна. Уыцы нывонды фӕрцы Йегъовӕ йӕ зӕххон хъӕбултӕн се ’ппӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алцӕмӕй ӕххӕст суой. Ахъуыды-ма кӕн, «Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ йыл ӕууӕнды», уыдон ӕнустӕм куы цӕрой, уӕд цӕй диссаджы цард уыдзӕн! (Иоан. 6:40). Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау ӕмӕ стыр зонды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы ӕххӕстдзинадмӕ ӕркӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд нӕ уӕларвон Фыд «алкӕмӕн дӕр... суыдзӕн йӕ иунӕг Хицау» (1 Кор. 15:28).

19. а) Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдиагӕй цы фӕнды? (Кӕс рамкӕ « Аккаг адӕймӕгты агурӕм».) б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

19 Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнды, уыцы зынаргъ лӕвар нын цы пайда хӕссы, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын. Адӕмы хъӕуы базонын, уыцы нывонды фӕрцы Йегъовӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр цӕстуарзонӕй ӕнусон царды ныфс кӕй дӕтты. Фӕлӕ ма уыцы нывонды фӕрцы кӕронмӕ дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны цы фарстатӕ сдзырддаг кодта, уыдонӕн. Ӕмӕ ууыл та дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.