Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Уыдтӕн мӕгуыр, фӕлӕ сдӕн хъӕздыг

Уыдтӕн мӕгуыр, фӕлӕ сдӕн хъӕздыг

Ӕз райгуырдтӕн, иу къомнӕт йеддӕмӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм хъӕдын хӕдзары иу гыццыл горӕты, Либерти, зӕгъгӕ. Уыцы горӕт ис Америкӕйы Иугонд Штатты, штат Индианӕйы. Мӕ размӕ мӕ мадӕн райгуырд иу лӕппу ӕмӕ дыууӕ чызджы, мӕ фӕстӕ та – дыууӕ чызджы ӕмӕ иу лӕппу.

Кӕм райгуырдтӕн, уыцы хъӕдын хӕдзар

СКЪОЛАЙЫ куы ахуыр кодтон, уыцы рӕстӕг не скъолайы ӕмӕ нӕ горӕты бирӕ ницы фӕивта. Скъоламӕ кӕимӕ бацыдтӕн, каст дӕр ӕй уыдонимӕ фӕдӕн. Стӕй нӕ горӕты цӕрджытӕн дӕр сӕ фылдӕры номгай зыдтон, уыдон та мӕн зыдтой.

Ӕз уыдтӕн авд мадызӕнӕгӕй иу; хӕрзӕрыгонӕй сахуыр дӕн быдыры куыстытӕ кӕнын

Нӕ горӕты алыварс уыди быдыртӕ, ӕмӕ-иу дзы фылдӕр нартхор сагътой. Ӕз куы райгуырдтӕн, уыцы рӕстӕг мӕ фыд куыста быдырты хицӕуттӕй иумӕ. Ӕрыгонӕй базыдтон трактор скъӕрын ӕмӕ быдыры куыстытӕ кӕнын.

Куы райгуырдтӕн, уӕд мӕ фыд ӕрыгон нал уыди, цыди йыл 56 азы, мӕ мадыл та – 35 азы. Мӕ фыд уыд къӕсхуыртӕ лӕг, стӕй уыди ӕнӕниз ӕмӕ хъаруджын. Тынг кусаг уыди, ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр ууыл сахуыр кодта. Кӕд бирӕ ӕхца никуы куыста, уӕддӕр уынджы нӕ цардыстӕм, бӕгънӕг нӕ уыдыстӕм ӕмӕ ӕххормагӕй дӕр нӕ мардыстӕм. Стӕй-иу йӕ рӕстӕг арӕх немӕ ӕрвыста. Мӕ фыд амард, 93 азы йыл куы цыди, уӕд. Мӕ мад та амард 86-аздзыдӕй. Йегъовӕйӕн cӕ ничи лӕггад кодта. Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕй та Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны ӕрмӕстдӕр мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр. 1972 азӕй фӕстӕмӕ у хистӕр нӕлгоймаг.

МЕ ’РЫГОН БОНТӔ

Мӕ мады Хуыцау тынг уырныдта. Алы хуыцаубон дӕр-иу нӕ йемӕ баптистты аргъуанмӕ акодта. 12 азы мыл куы цыди, уӕд фыццаг хатт фехъуыстон Троицӕйы тыххӕй. Мӕ фырцымыдисӕй мӕ мады бафарстон: «Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Чырысти уыцы иу рӕстӕг Фырт дӕр уа ӕмӕ Фыд дӕр?» Мӕ мад мын загъта: «Мӕ лӕппу, адӕймагӕн уый йӕ бон бамбарын нӕу». Ӕцӕгдӕр, мӕнӕн уый бамбарын мӕ бон нӕ уыди. Фӕлӕ уӕддӕр иу-14-аздзыдӕй иу цӕугӕдоны аргъуыд райстон – Троицӕйы номыл мӕ ӕртӕ хатты доны бын фӕкодтой!

1952 17-аздзыдӕй, ӕфсадмӕ мӕ куы нӕма акодтой, уӕд

Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд мын уыди, боксмӕ чи цыд, иу ахӕм ӕмбал. Уый мын загъта, цӕмӕй ӕз дӕр боксмӕ бацыдаин, ӕмӕ сразы дӕн. Тренировкӕтӕ кӕнын райдыдтон, стӕй боксёрты клубмӕ бацыдтӕн. Фӕлӕ хорз боксёр нӕ уыдтӕн, ӕмӕ цалдӕр ерысы фӕстӕ бокс ныууагътон. Фӕстӕдӕр мӕ ӕфсадмӕ акодтой, ӕмӕ мӕ Германимӕ арвыстой. Уым службӕ куы кодтон, уӕд мӕ ӕфсады хицӕуттӕ арвыстой Офицерты академимӕ, зӕгъгӕ, дам, амӕй хорз ӕфсӕддон хицау рауайдзӕн. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй мӕ цард уыцы хъуыддагӕн снывонд кодтаин. Мӕн та нӕ фӕндыд, ӕмӕ дыууӕ азы фӕстӕ, 1956 азы, ӕфсадӕй ацыдтӕн. Фӕлӕ уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бацыдтӕн бынтон ӕндӕр «ӕфсадмӕ».

1954–1956 Дыууӕ азы службӕ кодтон Иугонд Штатты ӕфсады

МӔ НОГ ЦАРД

Рӕстдзинад куы нӕма зыдтон, уӕд, ӕцӕг лӕгдзинад цы у, уымӕ раст цӕстӕй нӕ кастӕн. Нӕлгоймаг цавӕр хъуамӕ уа, уый киноты куыд ӕвдыстой ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕ цы хъуыды кодтой, уый мыл тынг фӕзынд. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ уырнӕг адӕймаджы, лӕгдзинад кӕмӕ ис, ахӕм схонӕн нӕй. Фӕлӕ фӕстӕдӕр цы базыдтон, уый мын мӕ зондахаст ӕмӕ мӕ цард бынтондӕр фӕивта. Иу бон мӕ сырх кабриолетыл фӕцӕйцыдтӕн, ӕмӕ мӕм дыууӕ ӕрыгон чызджы сӕ къухтӕ батылдтой. Уыдон разындысты мӕ хистӕр хойы ходыгъдтӕ, уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уый размӕ мын радтой журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!», фӕлӕ мӕм «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» зынӕмбарӕн фӕкаст. Ацы хатт та мӕ сӕ хӕдзармӕ чиныгахуырмӕ фӕхуыдтой. Уыцы фембӕлды-иу Библи ахуыр кодтой ӕмӕ-иу ыл ныхас кодтой. Ӕз сын загътон, зӕгъын, ахъуыды кӕндзынӕн. Уыдон мӕ сӕ мидбылты худгӕйӕ бафарстой: «Дзырд нын дӕттыс?» Ӕмӕ сын загътон: «Дӕттын».

Мӕхинымӕр хъуыды кодтон, зӕгъын, гъер цӕмӕн сразы дӕн. Фӕлӕ мӕ ныхас фӕсайын мӕ бон нӕ уыд. Гъемӕ изӕрӕй уыцы фембӕлдмӕ ацыдтӕн. Ӕппӕты тынгдӕр мӕ дисы сывӕллӕттӕ бафтыдтой. Мӕ зонд ӕй нӕ ахста, сывӕллон Библийӕ уыйбӕрц цыдӕртӕ куыд хъуамӕ зона! Ӕз дӕр-иу мӕ мадимӕ алы хуыцаубон дӕр аргъуанмӕ цыдтӕн, фӕлӕ Библийӕ бирӕ ницы зыдтон. Уӕд мӕ бафӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн. Ӕппӕты райдианы базыдтон, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ ном Йегъовӕ кӕй у, уый. Кӕддӕр мӕ мады Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй куы бафарстон, уӕд мын афтӕ бакодта: «Уыдон цыдӕр зӕронд лӕгӕн кувынц, йӕ ном Йегъовӕ у». Фӕлӕ ныр мӕ цӕстытӕ байгом сты!

Мӕ уырнындзинад тагъд сфидар, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтон, рӕстдзинад кӕй ссардтон. Фыццаг хатт ӕмбырдмӕ куы ’рбацыдтӕн, уымӕй фараст мӕйы фӕстӕ донаргъуыд райстон. Уый уыд 1957 азы мартъийы. Цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Раздӕр лӕгдзинадыл цы нымадтон, уый мӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууы, уӕд ахъуыды кӕнын, зӕгъын, куыд хорз у, Библийы фӕрцы мӕ хъуыды кӕй фӕивта. Йесо Чырысти уыд ӕххӕст нӕлгоймаг. Уый уыди ныфсджын ӕмӕ хъаруджын, ӕмӕ йӕ разы иу «богал» дӕр ницы уыд. Фӕлӕ Йесо йӕ къух никуы никӕмӕ систа. Библийы ма иу пехуымпарады афтӕ дӕр ис фыст, зӕгъгӕ, «йӕхи радта, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид» (Ис. 53:2, 7). Ӕз ӕй бамбӕрстон, Чырыстийӕн йе ’цӕг фӕдылдзӕуӕг алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн кӕй хъуамӕ уа (2 Тим. 2:24).

Иннӕ аз, 1958 азы, райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ уавӕртӕ фӕивтой, ӕмӕ цыбыр рӕстӕг пионерӕй нал лӕггад кодтон. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ сфӕнд кодтон бинонтӕ скӕнын. Ӕз ракуырдтон Глорийӕйы – чиныгахуырмӕ мӕ чи фӕхуыдта, уыцы ӕрыгон чызджытӕй сӕ иуы! Ӕмӕ ууыл никуы фӕфӕсмон кодтон. Глорийӕ мын хӕзнайӕ уӕлдай нӕу. Цыфӕнды зынаргъ бриллиантӕй дӕр мын зынаргъдӕр у!

Ныр та уын уый дӕр йӕхи тыххӕй истытӕ радзурӕд: «Нӕ мад ӕмӕ нӕ фыдӕн уыдыстӕм ӕвддӕсӕй. Мӕ мад уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Фӕлӕ мыл 14 азы куы цыд, уӕд амард. Уый фӕстӕ мӕ фыд райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Мӕ фыд скъолайы директорӕй бар ракуырдта, цӕмӕй ӕз ӕмӕ мӕ хистӕр хо (уӕд фӕстаг къласы ахуыр кодта) скъоламӕ радгай цыдаиккам. Цалынмӕ-иу нӕ иу скъолайы уыд, уӕдмӕ-иу иннӕ та хӕдзары сывӕллӕттӕм касти ӕмӕ-иу нӕ фыды ӕрбацыдмӕ хӕринаг скодта. Ӕмӕ афтӕ уыд, цалынмӕ мӕ хо скъола нӕ фӕци, уӕдмӕ. Немӕ Библи ахуыр кодтой дыууӕ бинонтӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕй иуӕндӕсӕй систӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг уыдтӕн, уӕддӕр хъусын кӕнын тынг уарзтон. Ӕмӕ мын мӕ сӕрыхицау, Сэм, бирӕ азты дӕргъы ӕххуыс кодта, цӕмӕй ныфсджындӕр уыдаин».

Глорийӕимӕ нӕ цард баиу кодтам 1959 азы февралы, ӕмӕ иумӕ пионертӕй лӕггад кодтам. Мах тынг фӕндыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады лӕггад кӕнын, ӕмӕ уыцы аз июлы Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кодтам. Нӕ зынаргъ ӕфсымӕр Саймон Крейкер нын нӕ анкетӕтӕм куы ’ркаст, уӕд нын загъта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ Вефилмӕ къайтӕ нӕ хонынц. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр мах алкӕддӕр бӕллыдыстӕм Вефилы лӕггад кӕнынмӕ. Фӕлӕ нӕ уымӕ тынг бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд!

Глорийӕимӕ сӕйраг хайадмӕ ныффыстам, цӕмӕй нӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ранмӕ арвыстаиккой. Ӕмӕ нын загътой ӕрмӕстдӕр иу бынаты тыххӕй. Уый уыд горӕт Пайн-Блафф, штат Арканзас. Уыцы рӕстӕг Пайн-Блаффы уыд дыууӕ ӕмбырды, иуы дзы уыд урсцъар ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, иннӕйы та – сауцъар. Мах снысан кодтой, сауцъар ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕм уыд, уыцы ӕмбырдмӕ. 14 хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ дзы нӕ уыд.

ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ ӔМБӔЛДЫСТӔМ

Чи зоны, зӕгъат, зӕгъгӕ, уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ, алыхуызон расӕтӕй чи у, уыцы Ӕвдисӕнтӕ хицӕнтӕй ӕмбырд кӕной. Иу ныхасӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд сын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд. Бынӕттон закъонмӕ гӕсгӕ, алыхуызон расӕтӕй чи уыд, уыдонӕн ӕхсӕнадон бынӕтты иумӕ ӕмбырд кӕнӕн нӕ уыд. Уымӕй уӕлдай ма-иу ахӕм хабӕрттӕ дӕр ӕрцыд, ӕмӕ-иу сауцъар адӕмӕн алыхуызон фыдмитӕ бакодтой. Бирӕ рӕтты сауцъар ӕмӕ урсцъар хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмбырд кӕнын тарстысты, уымӕн ӕмӕ уӕд тӕссаг уыдаид, сӕ Паддзахады зал сын кӕй ныппырх кӕндзысты, уымӕй. Ӕмӕ-иу, уӕвгӕ, ахӕм хабӕрттӕ цӕугӕ дӕр ӕркодтой. Сауцъар Ӕвдисӕнтӕ-иу, урсцъар адӕм кӕм цард, ахӕм рӕтты куы хъусын кодтаиккой, уӕд сын тӕссаг уыдаид, кӕй сӕ ӕрцахсдзысты ӕмӕ ма сӕ нӕмгӕ дӕр кӕй фӕкӕндзысты, уымӕй. Гъемӕ цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ цыдаид, уый тыххӕй закъон нӕ хӕлдтам. Ӕмӕ нӕ ныфс уыд, уавӕр искуы кӕй фӕивдзӕн.

Ахӕм уавӕрты хъусын кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Сауцъар адӕм кӕм цард, уыцы участокты хъусын кӕнгӕйӕ-иу хатгай рӕдыдӕй бахостам урсцъар адӕмы хӕдзӕрттӕм. Ӕмӕ-иу нӕ уӕд уайтагъд хъуыди аскъуыддзаг кӕнын: Библийӕ йын цыбыртӕй исты зӕгъын афӕлварӕм ӕви дзы хатыр ракурӕм, фӕрӕдыдыстӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ дарддӕр ацӕуӕм. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг хабар афтӕ бирӕ рӕтты уыд.

Цӕмӕй нӕ бон пионертӕй лӕггад кӕнын уыдаид, уый тыххӕй нӕ кусын дӕр куыннӕ хъуыди. Кӕмӕ куыстам, уыдонӕн нын сӕ фылдӕр бон фыстой ӕртӕ доллӕры. Глорийӕ цалдӕр хӕдзары ӕфснайдта. Иу хӕдзары сразы сты, цӕмӕй йын ӕз ӕххуыс кодтаин, ӕмӕ-иу афтӕмӕй йӕ куыст тагъддӕр фӕци. Фӕскуыст та-иу нын дуканийы ӕлхӕд цӕттӕ хӕринаг радтой. Иу бинонтӕм та Глорийӕ алы къуыри дӕр дзаумӕттыл иту ӕвӕрдта. Ӕз та-иу хӕдзӕртты кӕрты куыстытӕ кодтон, рудзгуытӕ-иу ӕхсадтон ӕмӕ ма-иу ноджыдӕр цы бахъуыд, уый дӕр-иу сарӕзтон. Иу урсцъар бинонтӕн та-иу сӕ рудзгуытӕ иумӕ ӕхсадтам, Глорийӕ – мидӕгырдыгӕй, ӕз та – ӕддӕрдыгӕй. Ӕнӕхъӕн бон-иу дзы кӕй хъуыди кусын, уый тыххӕй-иу нын хӕрын дӕр бакодтой. Глорийӕ-иу мидӕгӕй хордта, фӕлӕ-иу ӕй уыцы бинонтӕ семӕ иумӕ не ’рбадын кодтой. Ӕз та-иу ӕддейӕ гаражы хордтон. Фӕлӕ дӕ разы хӕрзад хӕринаг куы уа, уӕд ма уыдӕттыл чи хъуыды кӕны. Ӕнӕуи уыцы бинонтӕ хорз адӕм уыдысты, ӕрмӕст сӕ зондахастыл фӕзынд, уыцы рӕстӕг адӕм цы зондыл хӕст уыдысты, уый. Хъуыды кӕнын, иухатт иу автозаправкӕйы куыд ӕрлӕууыдыстӕм, цӕмӕй нӕ машинӕйы артаг ныккодтаиккам. Заправкӕйы кусӕджы афарстон, зӕгъын, мӕ бинойнаг уазӕгдонмӕ бауайа. Уый мӕм мӕсты каст бакодта ӕмӕ мын загъта: «Ӕхгӕд у».

НӔ ХОТӔ ӔМӔ НЕ ’ФСЫМӔРТЫ ХӔЛАРЗӔРДӔДЗИНАД

Кӕд алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм, уӕддӕр-иу не ’фсымӕртимӕ нӕ рӕстӕг дзӕбӕх арвыстам, стӕй хъусын кӕнын дӕр тынг уарзтам! Пайн-Блаффмӕ фыццаг куы ’рцыдыстӕм, уӕд иу ӕфсымӕрмӕ рӕстӕгмӕ ӕрцардыстӕм. Уыцы ӕфсымӕр ӕххӕст кодта, уӕды рӕстӕг ӕмбырды лӕггадгӕнӕг кӕй хуыдтой, уый хӕстӕ. Йӕ бинойнаг уӕд нырма Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыди, ӕмӕ Глорийӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Ӕз та сӕ чызг ӕмӕ сӕ сиахсимӕ райдыдтон ахуыр кӕнын. Цасдӕры фӕстӕ мад ӕмӕ чызджы бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ донаргъуыд райстой.

Урсцъар хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕм уыд, уыцы ӕмбырды дӕр нын фӕзынд хорз ӕмбӕлттӕ. Уыдон-иу нӕ сӕхимӕ уазӕгуаты фӕхуыдтой. Ӕрмӕст-иу нӕ ӕрбацӕуын хъуыди, куы-иу ӕрталынг, уӕд, цӕмӕй-иу нӕ мачи федтаид. Уыцы рӕстӕг, ку-клукс-клан чи хуынди, уыцы организаци сауцъар адӕмы ныхмӕ тынг цыди ӕмӕ сыл иннӕты дӕр ардыдта, цӕмӕй сын фыдмитӕ кодтаиккой. Иухатт изӕры иу лӕджы йӕ хӕдзары тыргъы бадгӕйӕ ауыдтон. Йӕ уӕлӕ уыди, ку-клукс-кланы организацийы адӕм кӕй дардтой, ахӕм урс дарӕс. Фӕлӕ ахӕм адӕмы зондахаст нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл нӕ фӕзынд – куыд хӕларзӕрдӕ уыдысты, афтӕмӕй баззадысты. Иухатт сӕрды фӕнд кодтам конгресмӕ ацӕуын, ӕмӕ нӕм фӕндаггаг нӕ уыд. Гъемӕ нын иу ӕфсымӕр нӕ машинӕ балхӕдта, ӕмӕ нын уый фӕрцы бантыст ацӕуын. Иу мӕйы фӕстӕ иу тӕвд бон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтам ӕмӕ ма стӕй цалдӕр Библийы ахуыры ауагътам. Ӕмӕ нӕхимӕ фӕлладӕй куы ’рбацыдыстӕм, уӕд кӕсӕм, ӕмӕ нӕ хӕдзары раз нӕ машинӕ лӕууы! Машинӕйы раззаг авгыл уыди гӕххӕтт ӕвӕрд, ӕмӕ дзы фыст уыд: «Дӕ машинӕ дын фӕстӕмӕ дӕттын. Уый дын мӕнӕй лӕвар. Де ’фсымӕр».

Мӕ зӕрдӕ ма мын бацагайдта ӕндӕр хабар дӕр. 1962 азы мӕ фӕхуыдтой Бӕрнон ӕфсымӕрты скъоламӕ. Уыцы скъола хъуамӕ цыдаид горӕт Саут-Лансингы, штат Нью-Йорчы. Ӕнӕхъӕн мӕйы дӕргъы дзы хъуамӕ ахуыр кодтаиккой ӕмбырды цӕстдарджытӕ, стӕй районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджытӕ дӕр. Фыстӕг мӕм куы ’рцыд, уыцы рӕстӕг кусгӕ никуы кодтон, ӕмӕ ӕхцайӕ тыхст уыдыстӕм. Иу бон Пайн-Блаффы куыстагур бацыдтӕн телефонты станцӕмӕ. Куы мӕ айстаиккой, уӕд сӕ кусджытӕй ӕз уыдаин фыццаг сауцъар адӕймаг. Ӕппынфӕстаг мын загътой, кӕй мӕ исынц. Ӕмӕ мӕ ныр хъуыди аскъуыддзаг кӕнын: сразы уон ӕви нӕ. Нью-Йоркмӕ цӕмӕй ацыдаин, уый мын нӕ уыд. Гъемӕ мӕхицӕн загътон, ацы куыстыл кӕй сразы уыдзынӕн ӕмӕ скъоламӕ кӕй нӕ ацӕудзынӕн. Хъуыды кодтон, зӕгъын, филиалмӕ писмо ныффыссон, скъоламӕ ацӕуын мӕ бон кӕй нӕу, уый фӕдыл. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд, кӕй никуы ферох кӕндзынӕн, ахӕм хабар.

Иу бон нӕм райсомӕй раджы, йӕ лӕг Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, не ’мбырдӕй иу ахӕм хо ӕрбахоста ӕмӕ мын ӕхцатӕй дзаг къонверт мӕ къухы авӕрдта. Куыд разынд, афтӕмӕй-иу цалдӕр къуырийы дӕргъы йӕ гыццыл сывӕллӕттӕй цалдӕримӕ сӕумӕрайсомӕй, бӕмбӕг кӕм зад, ахӕм быдырмӕ цыд ӕмӕ-иу ӕй иумӕ рывтой. Цы ӕхца-иу сын бафыстой, уыдон мӕнӕн фӕндаггагӕн ӕмбырд кодтой, цӕмӕй мын Нью-Йоркмӕ ацӕуын бантыстаид. Уыцы хо мын афтӕ бакодта: «Ӕнӕмӕнгӕй ацу уыцы скъоламӕ ӕмӕ дзы дзӕбӕх сахуыр кӕн, ӕмӕ-иу стӕй махӕн дӕр бацамон, цы дзы базонай, уыдӕттӕ». Уый фӕстӕ, кусын кӕм хъуамӕ райдыдтаин, уыцы телефонты станцӕмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сӕ бафарстон, зӕгъын мын бар дӕттут, цӕмӕй куыстмӕ, цы бон баныхас кодтам, уӕд нӕ, фӕлӕ фондз къуырийы фӕстӕдӕр рацӕуон. Уыдон мын загътой, нӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мӕ уый мӕт нал уыд, уымӕн ӕмӕ аскъуыддзаг кодтон, скъоламӕ кӕй ацӕудзынӕн. Хорз у, ӕмӕ уӕд уыцы куыстмӕ нӕ бацыдтӕн!

Пайн-Блаффы куыд лӕггад кодтам, уый тыххӕй Глорийӕйы дӕр фӕнды радзурын: «Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд уыцы ран лӕггад кӕнын! Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдон-иу 15 къаддӕр никуы уыдысты, куы та-иу 20 дӕр уыдысты. Гъемӕ-иу райсомӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм ӕмӕ-иу стӕй та Библийы ахуыртӕ уагътам, хатгай-иу ӕхсӕвы 11 сахатмӕ дӕр баззадыстӕм. Уым хъусын кӕнын мын стыр циндзинад хаста! Раст зӕгъгӕйӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй Сэмы районон цӕстдарӕгӕй снысан кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ ӕндӕр пълӕнттӕ уыд». Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕмӕ уыд ӕндӕр пълӕнттӕ.

ЦӔУӔГ ЦӔСТДАРӔГӔЙ КУЫ ЛӔГГАД КОДТОН, УЫЦЫ РӔСТӔГ

Пайн-Блаффы куы лӕггад кодтам, уӕд сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кодтам. Ныфс нӕ уыд, нӕ фӕнд нӕ къухы кӕй бафтдзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ облӕстон цӕстдарӕджы фӕндыд, цӕмӕй нӕ штат Техасмӕ сӕрмагонд пионертӕй снысан кодтаиккой ӕмӕ уым иу ӕмбырдӕн ӕххуыс кодтаиккам. Ӕмӕ уый нӕхи дӕр фӕндыд. Гъемӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, зӕгъгӕ нын кӕд филиал дзуапп ӕрбарвитид, ӕмӕ-иу нӕ почтӕмӕ бакӕс-бакӕс кодтам, фӕлӕ та-иу дзы ницы уыд. Кӕддӕр-кӕддӕр нӕм фыстӕг ӕрцыд. Фӕлӕ дзы фыст уыд, цӕуӕг цӕстдарӕгӕй мӕ кӕй снысан кодтой! Уый уыд 1965 азы январы. Уыцы рӕстӕг ма районон цӕстдарӕгӕй снысан кодтой ӕфсымӕр Леон Уиверы дӕр, ныртӕккӕ у Иугонд Штатты Филиалы комитеты координатор.

Районон цӕстдарӕгӕй кӕй лӕггад кӕндзынӕн, ууыл тынг тыхстӕн. Уымӕй иу-афӕдз раздӕр иу облӕстон цӕстдарӕг, Джеймс Томпсон, ӕркасти, цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнынӕн мӕм хъӕугӕ миниуджытӕ ис ӕви нӕ, уымӕ. Ӕмӕ мын стӕй фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, цавӕр хъуыддӕгты мӕ хъӕуы мӕхиуыл бакусын, цӕмӕй мӕ хорз районон цӕстдарӕг рауайа. Ӕмӕ районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ бамбӕрстон, уыцы уынаффӕ мӕ ӕцӕгдӕр кӕй хъуыди. Куы мӕ снысан кодтой, уӕд фыццаг цы облӕстон цӕстдарӕгимӕ ӕмгуыст кодтон, уый уыд ӕфсымӕр Томпсон. Уыцы иузӕрдион ӕфсымӕрӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн.

Чи мын ӕххуыс кодта, уыцы иузӕрдион ӕфсымӕртӕй тынг бузныг дӕн

Уыцы рӕстӕг районон цӕстдарджыты афтӕ бӕстон нӕма ахуыр кодтой. Фыццаг уал иу къуыри иу районон цӕстдарӕгимӕ балӕггад кодтон ӕмӕ, йӕ куыст куыд кӕны, уымӕ кастӕн. Дыккаг къуыри та мӕхӕдӕг бӕрӕг кодтон ӕмбырд, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕр та касти, алцыдӕр раст аразын ӕви нӕ, уымӕ. Уый мын уынаффӕтӕ лӕвӕрдта, мӕ хӕстӕ ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнын мӕ бон куыд у, уый фӕдыл. Фӕлӕ уый фӕстӕ мӕхӕдӕг райдыдтон ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын. Хъуыды кӕнын, Глорийӕйӕн куыд загътон: «Ныр нӕ ӕцӕгдӕр хъуамӕ ныууадза?!» Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ иу ахсджиаг хъуыддаг бамбӕрстон: чи дын баххуыс кӕна, ахӕм хорз ӕфсымӕртӕ алкӕддӕр уыдзӕн, ды сын уый бар ратт, ӕндӕр. Абоны онг бузныг дӕн, уыцы рӕстӕг мын чи ӕххуыс кодта, уыцы фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕй. Сӕ иу уыд Джеймс Браун, уӕд лӕггад кодта цӕуӕг цӕстдарӕгӕй, иннӕ та – Фред Раск, лӕггад кодта Вефилы.

Уыцы рӕстӕг, ӕндӕр расӕтӕй йе сӕфт чи уыдта, ахӕмтӕ нырма бирӕ уыд. Иухатт, штат Теннессийы иу горӕты ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кодтам, уыцы рӕстӕг дзы ку-клукс-кланы организацийы адӕм стыр къордӕй рацыдысты, иннӕ расӕтӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уый равдисыны тыххӕй. Хъуыды ма кӕнын иу хабар. Цалдӕрӕй хъусын кодтам, ӕмӕ иу кафемӕ бауадыстӕм, исты акомдзаг кӕнӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уазӕгдонмӕ куыд фӕцӕйцыдтӕн, афтӕ дын мӕ фӕдыл иу ӕнахуыр ӕмӕ мӕстыхуыз лӕг куы рацӕуид. Йӕ татуировкӕтӕй бӕрӕг уыд, сауцъар адӕмӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕй кӕй уыд. Кафейы иумӕ кӕимӕ уыдтӕн, уыдонӕй иу урсцъар ӕфсымӕр нӕ фӕдыл уазӕгдонмӕ бахызт. Уый мӕнӕй дӕр ӕмӕ уыцы ӕнахуыр лӕгӕй дӕр бирӕ стырдӕртӕ уыд. Ӕмӕ мӕ бафарста: «Ӕфсымӕр Хёрд, алцыдӕр хорз у?» Уыцы лӕг уый куы айхъуыста, уӕд ӕй, уазӕгдонмӕ цӕмӕн бацыд, уый дӕр айрох, ӕмӕ феддӕдуар. Бирӕ азты дӕргъы цы уыдтон, уымӕ гӕсгӕ бамбӕрстон, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у, уыдон кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй ӕцӕгӕй цӕмӕн кӕсынц, уый: сӕ буары хуыз иухуызон кӕй нӕу, хъуыддаг уый мидӕг нӕй, фӕлӕ, Адамы тыххӕй не ’ппӕт дӕр нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый мидӕг. Бамбӕрстон уый дӕр, ӕмӕ ӕфсымӕрӕн цавӕрфӕнды буары хуыз ма уа, уӕддӕр де ’фсымӕр у, ӕмӕ дӕу тыххӕй йӕ цард дӕр ратдзӕн.

ЙЕГЪОВӔ МӔ СХЪӔЗДЫГ КОДТА

Цӕуӕг цӕстдарӕгӕй фӕлӕггад кодтон 33 азы, уыдонӕй 21 азы уыдтӕн облӕстон цӕстдарӕг. Уыцы азты дӕргъы ныл бирӕ хорз хабӕрттӕ ӕрцыд ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм. Иу дзырдӕй, систӕм хъӕздыг. Фӕлӕ ма нӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ каст ноджыдӕр иу арфӕдзинад. 1997 азы августы нӕ бӕллиц кӕдӕй-уӕдӕй сӕххӕст – Иугонд Штатты Вефилмӕ нӕ фӕхуыдтой! Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат фыццаг хатт куы байдзаг кодтам, уымӕй рацыд иу-38 азы. Гъемӕ сентябры Вефилы лӕггад кӕнын райдыдтам. Мӕхинымӕр хъуыды кодтон, зӕгъын, ӕвӕццӕгӕн, бӕрнон ӕфсымӕрты ме ’ххуыс ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ хъӕуы. Фӕлӕ хабар ӕндӕрхуызон рауад.

Глорийӕимӕ мӕ цард куы баиу кодтон, уӕдӕй абоны онг мын у хӕзнайау зынаргъ

Фыццаг мӕ снысан кодтой уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайадмӕ. Уым бирӕ цыдӕртӕ базыдтон. Уыцы хайады ӕфсымӕрты хъуыди, ӕнӕхъӕн бӕстӕйӕ сӕм хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕ ӕмӕ районон цӕстдарджытӕ кӕй ӕрвыстой, бирӕ ахӕм зын фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын. Ӕз тынг бузныг уыдтӕн уыцы ӕфсымӕртӕй, фӕразонӕй мӕ кӕй ахуыр кодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ та мӕ уырдӕм куы снысан кӕниккой, уӕд та мӕ алцӕуыл дӕр ногӕй бахъӕуид ахуыр кӕнын.

Глорийӕимӕ Вефилы лӕггад кӕнын нӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Раздӕр дӕр раджы стын ахуыр уыдыстӕм, ӕмӕ нын уый ам лӕггад кӕнгӕйӕ стыр ӕххуыс фӕци. Ӕвӕццӕгӕн, иу афӕдз рацыдаид, афтӕ мӕ снысан кодтой Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитеты ӕххуысгӕнӕгӕй (уыцы комитетмӕ йӕ хъус дары Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет). Фӕстӕдӕр, 1999 азы, райдыдтон Разамонӕг советы лӕггад кӕнын. Разамонӕг советы лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Фӕлӕ сӕйраджыдӕр бамбӕрстон уый, ӕмӕ чырыстон ӕмбырдӕн разамынд Йесо Чырысти дӕтты, цавӕрдӕр адӕймаг нӕ, фӕлӕ.

1999 азы мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ Разамонӕг советы лӕггад кӕнын райдыдтон

Мӕ цардыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд хатгай мӕхимӕ Амосы хуызӕн фӕкӕсын. Амос уыди фыййау, стӕй ма уыди ӕххуырст кусӕг дӕр – легъуибӕлӕстӕм, растдӕр та сикоморбӕлӕстӕм, зылди. Уый уыд мӕгуырты хӕринаг. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы хуымӕтӕг адӕймагмӕ йӕ хъус ӕрдардта ӕмӕ йӕ пехуымпарӕй снысан кодта. Ӕмӕ уый фӕрцы Амос схъӕздыг – бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын (Амос 7:14, 15, фип.). Йегъовӕ мӕнмӕ дӕр, мӕгуыр фермеры фыртмӕ, йӕ хъус ӕрдардта ӕмӕ мӕн дӕр схъӕздыг кодта – уыйбӕрц арфӕдзинӕдтӕй мӕ схайджын кодта, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй (Ӕмб. 10:22). Райдианы мӕгуыр уыдтӕн, ныр та, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ хъӕздыг дӕн!