Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕ, Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕуут!

Ӕрыгӕттӕ, Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕуут!

«Уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй, цӕмӕй уӕ бон уа Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын» (ЕФ. 6:11).

ЗАРДЖЫТӔ: 79, 140

1, 2. а) Ӕрыгӕттӕ Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтыл цӕй фӕрцы уӕлахиз кӕнынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

АПОСТОЛ Павел чырыстӕтты абарста хӕстонтимӕ. Мах дӕр хӕстонтау не знӕгтимӕ хӕцӕм. Ӕрмӕст мах зӕххон адӕймӕгтимӕ нӕ тох кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕуынгӕ удгоймӕгтимӕ – Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтимӕ. Уыдон адӕмимӕ тох кӕнынц миназты дӕргъы, ӕмӕ хӕцынмӕ тынг дӕсны сты. Ӕмӕ нӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ сыл никуы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм, уӕлдайдӕр та афтӕ, чи зоны, ӕрыгӕттӕ хъуыды кӕной. Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕрыгӕттӕ ахӕм хъомысджын знӕгтыл фӕуӕлахиз уой? О, ис, ӕмӕ сыл, уӕвгӕ, уӕлахиз кӕнынц! Цӕй фӕрцы? Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы. Уымӕй уӕлдай ма уыдон фӕлтӕрд хӕстонтау сӕхи «сифтонг кӕнынц, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй», ӕмӕ уый фӕрцы сӕхи тохмӕ бацӕттӕ кӕнынц. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:10–12.)

2 Павел ацы цӕвиттонӕй куы спайда кодта, уӕд йӕ хъуыдыйы, ӕвӕццӕгӕн, уыд, ромаг ӕфсӕддонтӕ-иу цы дзауматӕ дардтой, уыдон (Хъуыд. 28:16). Ацы статьяйы ацы цӕвиттонмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсдзыстӕм. Стӕй ма базондзыстӕм, Хуыцауы лӕвӕрд «хӕстон дзауматы» тыххӕй иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ цы зӕгъынц, уый. Уыдон дзурынц, уыцы дзауматӕ ӕнцон дарӕн цӕуылнӕ вӕййынц ӕмӕ цавӕр пайда хӕссынц, уый тыххӕй.

Хӕстон дзауматӕй алкӕцы дӕр дарыс?

«УӔ АСТӔУТӔ ӔЦӔГДЗИНАДӔЙ РОНАУ ӔРБАЛВАСУТ»

3, 4. Библийы цы ӕцӕгдзинад ис, уый цӕмӕн ис абарӕн, ромаг ӕфсӕддонтӕ цы рон дардтой, уыимӕ?

3 Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:14. Ромаг ӕфсӕддон-иу цы рон дардта, ууыл-иу конд уыд тӕнӕг ӕфсӕйнаг гӕбӕзтӕ, цӕмӕй-иу ын йӕ астӕу хъахъхъӕдтаид, стӕй-иу цӕмӕй йӕ уӕззау згъӕрхӕдон йӕ уӕлӕ ӕнгом бадтаид. Иуӕй-иу рӕттыл ма-иу уыд ӕфсӕйнаг цӕгтӕ дӕр, цӕмӕй-иу сыл хъама ӕмӕ кард ӕрцауындзӕн уыдаид. Ӕфсӕддонӕн-иу йӕ астӕу ронӕй ӕнгом ӕлвӕст куы уыд, уӕд-иу тохы ныфсджындӕрӕй хӕцыд.

4 Раст афтӕ, Библийӕ цы ӕцӕгдзинад базыдтам, уый мах хъахъхъӕны, мӕнг динты ахуырӕдтӕ цы зиан хӕссынц, уымӕй (Иоан. 8:31, 32, фип.; 1 Иоан. 4:1). Уӕдӕ нӕ астӕутӕ «ронӕй» цас ӕнгомдӕр ӕлвӕст уой, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн не «згъӕрхӕдон» дарын. Ӕндӕр ныхасӕй, Библийы ӕцӕгдзинад цас фылдӕр уарзӕм, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (Пс. 111:7, 8; 1 Иоан. 5:3). Стӕй, уыцы ӕцӕгдзинад цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас нын хуыздӕр уайдзӕн, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сӕрыл дзурын (1 Пет. 3:15).

5. Ӕцӕг цы у, уый цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм?

5 Библийы ӕцӕгдзинадӕй нӕ астӕутӕ ронау ӕнгом ӕлвӕст куы уой, уӕд нӕ фӕнддзӕн уыцы ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ алкӕддӕр, ӕцӕг цы у, уый дзурын. Нӕхи мӕнг ныхӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм? Уымӕн ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ сты, Хӕйрӕг уӕлдай ӕнтыстджынӕй кӕмӕй архайы, уыцы хӕцӕнгӕрзтӕй иу. Адӕймаг мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкӕны, уӕд уый зиан ӕрхӕссы йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йыл чи баууӕнды, уымӕн дӕр (Иоан. 8:44). Уӕдӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм, цӕмӕй мӕнг ныхӕстӕ ма кӕнӕм (Еф. 4:25). Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Иу 18-аздзыд чызг, Абигейл, загъта: «Хатгай адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый дзурын ницы пайда у, уӕлдайдӕр та, мӕнг ныхасы фӕрцы йӕ бон цыдӕр зын уавӕрӕй фервӕзын куы вӕййы, уӕд». Фӕлӕ уӕддӕр Абигейл архайы, цӕмӕй алкӕддӕр, ӕцӕг цы у, уый дзура. Цымӕ цӕмӕн? Абигейл загъта: «Ӕцӕг цы у, уый куы фӕдзурын, уӕд Йегъовӕйы раз мӕ цӕсгом вӕййы сыгъдӕг. Стӕй мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ дӕр фӕзонынц, ӕууӕндӕн мыл кӕй ис». Викторийӕйыл цӕуы 23 азы ӕмӕ мӕнӕ цы дзуры: «Ӕцӕг цы у, уый куы дзурай, стӕй, цӕуыл ӕууӕндыс, уый сӕрыл куы дзурай, уӕд дӕ иннӕтӕ, чи зоны, ӕфхӕрой. Фӕлӕ дзы уӕддӕр пайда бирӕ фылдӕр ис, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй фӕныфсджындӕр уыдзынӕ, Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзынӕ ӕмӕ дӕ чи уарзы, уыдон дын тынгдӕр аргъ кӕнын райдайдзысты». Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ астӕутӕ ӕдзухдӕр уой ӕцӕгдзинады ронӕй ӕлвӕст.

Ӕцӕгдзинады рон (кӕс 3–5 абзацтӕ)

«УӔ УӔЛӔ СКӔНУТ РӔСТДЗИНАДЫ ЗГЪӔРХӔДОН»

6, 7. Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ згъӕрхӕдонимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

6 Фыццаг ӕнусы ромаг ӕфсӕддонтӕ цы згъӕрхӕдӕттӕ дардтой, уыдонӕй иутӕ уыдысты тъӕпӕн ӕфсӕйнаг гӕбӕзтӕй конд. Уыцы ӕфсӕйнаг гӕбӕзтӕ сӕрак бӕттӕнты ӕмӕ ӕфсӕйнаг ӕфтауӕнты руаджы уыдысты кӕрӕдзиимӕ баст, ӕмӕ уый фӕрцы згъӕрхӕдон ӕфсӕддоны буарыл ӕнгом бадт. Ӕфсӕддонӕн йе уӕхсчытыл та уыд ноджы фылдӕр ӕфсӕйнаг гӕбӕзтӕ, уыдысты сӕракмӕ фидаргонд. Ахӕм згъӕрхӕдон ӕфсӕддоны бынтон сӕрибарӕй змӕлын нӕ уагъта, стӕй ма йӕ ӕдзухдӕр хъуыди йӕ хъус дарын, ӕфсӕйнаг гӕбӕзтӕ кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст сты ӕви нӕ, уымӕ. Фӕлӕ йын уыцы згъӕрхӕдон йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ иннӕ хуылфыдзаумӕттӕ хъамайы цӕфтӕй хъахъхъӕдта.

7 Абон махӕн та нӕ «зӕрдӕ» згъӕрхӕдонау хъахъхъӕнынц Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ (Ӕмб. 4:23). Ӕфсӕддон йе ’фсӕйнаг згъӕрхӕдон, лӕмӕгъдӕр згъӕрӕй конд чи у, ахӕмыл никуы баивтаид. Раст афтӕ мах дӕр Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ никуы баивдзыстӕм, нӕхимӕ раст цы кӕсы, ууыл, уымӕн ӕмӕ нӕхи зондӕй нӕ зӕрдӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ бахъахъхъӕндзыстӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Уӕдӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ хъус дарӕм, Йегъовӕ нын цы «згъӕрхӕдон» радта, уый нын нӕ зӕрдӕ хорз ӕмбӕрзы ӕви нӕ, уымӕ.

8. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын хорз цӕмӕн у?

8 Мыййаг дӕм иуӕй-иу хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дын Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ дӕ къухтӕ ӕмӕ дӕ къӕхтӕ бӕттынц? 21 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм лӕппу, Дэниел, загъта: «Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрын, уый тыххӕй-иу мыл ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ мӕ къласӕгтӕ худтысты. Ӕмӕ мӕм иуафон дызӕрдыггаг хъуыдытӕ фӕзынд ӕмӕ мӕ ныфс асаст». Цымӕ йын цы баххуыс кодта? Дэниел загъта: «Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ йӕ федтон, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын хорз цӕмӕн у, уый. Мӕ зонгӕтӕй чидӕртӕ наркотиктӕ кӕнын райдыдтой, чидӕртӕ та скъола ныууагътой. Сӕ хабар афтӕ кӕй рауад, уый мын зын уыди. Йегъовӕ нӕ ӕцӕгдӕр ӕвзӕрдзинадӕй хъахъхъӕны». 15 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм чызг, Мэдисон, загъта: «Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын мын ӕнцон нӕ вӕййы, стӕй мӕ фӕхъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй, ме ’мгӕрттӕм хорз цы кӕсы, уый мӕ зӕрдӕмӕ ма цӕуа». Цымӕ ахӕм уавӕры куыд фӕархайы? «Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын,– загъта Мэдисон,– Йегъовӕйы ном кӕй хӕссын ӕмӕ уыцы фӕлварӕнтӕ Хӕйрӕджы фаттӕ кӕй сты. Ӕмӕ фидар куы фӕлӕууын, уӕд мӕхицӕй мӕ зӕрдӕ барухс вӕййы».

Рӕстдзинады згъӕрхӕдон (кӕс 6–8 абзацтӕ)

«ЦӔТТӔ УТ ФАРНЫ ХОРЗ ХАБАР ХЪУСЫН КӔНЫНМӔ – УЫЙ... УӔД УӔ КЪАХЫДАРӔС»

9–11. а) Чырыстӕттӕ цавӕр «къахыдарӕс» дарынц? б) Хорз хабар хъусын кӕнын нын ӕнцондӕр цӕй фӕрцы уыдзӕн?

9 Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:15. Ромаг ӕфсӕддонтӕн уыди сӕрмагонд къахыдарӕс, ӕмӕ-иу ӕнӕ уымӕй сӕ бон нӕ уыд тохмӕ ацӕуын. Уыцы дзабыртӕ уыдысты сӕракӕй хуыд, ӕртӕ гӕбазы иу иннӕйыл ӕвӕрд, афтӕмӕй. Ӕмӕ уыдысты тынг фидар, стӕй сӕ ӕнцон цӕуӕн уыди.

10 Ромаг ӕфсӕддонтӕн тохы хӕцынӕн сӕрмагонд къахыдарӕс куыд уыд, афтӕ махӕн дӕр ис, фарны хорз хабар хъусын кӕнынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, ахӕм «къахыдарӕс» (Ис. 52:7; Ром. 10:15). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй искӕмӕн хорз хабар радзурӕм. 20 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм лӕппу, Бо, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ къласӕгтӕн рӕстдзинады тыххӕй дзурын нӕ уӕндыдтӕн. Ӕвӕццӕгӕн, ӕфсӕрмы кодтон. Куы йыл ахъуыды кӕнын, уӕд ӕй нӕ фембарын, цӕмӕн ӕфсӕрмы кодтон. Ныр ме ’мгӕрттӕн ӕхсызгонӕй фӕхъусын кӕнын».

11 Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ зӕгъынц, рагацау сӕхи куы бацӕттӕ кӕнынц, уӕд сын стӕй хъусын кӕнын ӕнцондӕр кӕй вӕййы. Дӕ бон куыд у дӕхи цӕттӕ кӕнын? Иу 16-аздзыд чызг, Джулийӕ, загъта: «Скъоламӕ мемӕ нӕ литературӕйӕ исты ахӕссын ӕмӕ, мӕ къласӕгтӕ цӕуыл фӕныхас кӕнынц ӕмӕ цы фӕзӕгъынц, уымӕ фӕхъусын. Ӕмӕ стӕй мӕ бон вӕййы ахъуыды кӕнын, цавӕр хъуыдытӕ сын баххуыс кӕниккой, ууыл. Цӕттӕ куы вӕййын, уӕд мӕ бон вӕййы, тынгдӕр сын цы фӕпайда уыдзӕн, семӕ ахӕм истӕуыл аныхас кӕнын». 23-аздзыд чызг, Макензи, загъта: «Хӕларзӕрдӕ куы уай ӕмӕ иннӕтӕм лӕмбынӕг куы хъусай, уӕд ӕй бамбардзынӕ, де ’мгӕртты цы тыхсын кӕны, уый. Ӕз фӕархайын, цӕмӕй-иу мын, нӕ организаци ӕрыгӕттӕн цы ӕрмӕг бацӕттӕ кӕны, уымӕй ӕнӕкастӕй мацы баззайа. Уый фӕрцы мӕ бон вӕййы ме ’мгӕрттӕн Библийы кӕнӕ нӕ сайты равдисын, чи сын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хъуыдытӕ». Ацы ӕрыгӕтты ныхӕстӕй бӕрӕг у: хъусын кӕнынмӕ дӕхи цас хуыздӕр цӕттӕ кӕнай, уыйас дын дӕ «къахыдарӕсы» цӕуын ӕнцондӕр уыдзӕн.

Къахыдарӕс – цӕттӕдзинад (кӕс 9–11 абзацтӕ)

«УЫРНЫНДЗИНАДЫ СТЫР УАРТ»

12, 13. Сайтаны «судзгӕ фаттӕй» иутӕ цы сты?

12 Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:16. Ромаг ӕфсӕддонмӕ-иу уыд стыр цыппӕрдигъон уарт, ӕмбӕрзта йӕ йе уӕхсчытӕй йӕ уӕрджыты онг. Уыцы уарт ӕй хъахъхъӕдта хъамайы ӕмӕ арцы цӕфтӕй, стӕй фаттӕй дӕр.

13 Цымӕ дыл Сайтан цавӕр «судзгӕ фаттӕ» ӕхсы? Зӕгъӕм, Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ. Фӕнды йӕ, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнай, ӕмӕ дыл Йегъовӕ нӕ тыхсы ӕмӕ дӕ нӕ уарзы. 19-аздзыд Идӕ загъта: «Арӕх мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма Йегъовӕ мӕнӕй дард у ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уон». Цымӕ йын уӕд цы баххуыс кӕны? Идӕ загъта: «Ӕмбырдтӕ мын мӕ уырнындзинад тынг фидар кӕнынц. Раздӕр-иу ӕмбырды ӕнӕуи бадтӕн ӕмӕ-иу дзуаппытӕ нӕ лӕвӕрдтон – афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ, цы зӕгъинаг дӕн, уый никӕй хъӕуы. Фӕлӕ ныр ӕмбырдтӕм мӕхи фӕцӕттӕ кӕнын ӕмӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ хатты дзуапп раттын. Уый мын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ дзуапп куы раттын, уӕд мын бирӕ ӕхсызгондӕр вӕййы. Хотӕ ӕмӕ мӕ ӕфсымӕртӕ дӕр тынг бафидар кӕнынц. Ӕмбырды фӕстӕ хӕдзармӕ куы фӕцӕуын, уӕд ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы, ууыл».

14. Идӕйы хабарӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддаг у бӕрӕг?

14 Ромаг ӕфсӕддоны уартӕн уыди бӕлвырд дӕргъ ӕмӕ уӕрх. Фӕлӕ, Идӕйы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй нӕ уырнындзинады уарт, гӕнӕн ис, ӕмӕ йе гыццылдӕр фӕуа, йе та – стырдӕр. Нӕ уарт цӕйас уыдзӕн, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у (Матф. 14:31; 2 Фес. 1:3). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм!

Уырнындзинады стыр уарт (кӕс 12–14 абзацтӕ)

«ИРВӔЗЫНДЗИНАДЫ ЗГЪӔРХУД»

15, 16. Ныфс згъӕрхуды хуызӕн цӕмӕй у?

15 Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:17. Ромаг ӕфсӕддон-иу цы згъӕрхуд дардта, уый-иу ын хъахъхъӕдта йӕ сӕр, йӕ хъуыр ӕмӕ йӕ цӕсгом. Иуӕй-иу згъӕрхудтыл-иу уыд хӕцӕн, цӕмӕй йӕ ӕфсӕддонӕн йӕ бон уыдаид йӕ къухы хӕссын.

16 Ӕфсӕддонӕн-иу згъӕрхуд йӕ сӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ махӕн дӕр «ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуд» нӕ зонд хъахъхъӕны (1 Фес. 5:8; Ӕмб. 3:21). Уыцы ныфс нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ уой, Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттыл ӕмӕ, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоны тыххӕй нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм (Пс. 27:1, 14; Хъуыд. 24:15). Фӕлӕ нӕ цӕмӕй не «згъӕрхуд» хъахъхъӕна, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ нӕ къухы ма хӕссӕм, фӕлӕ йӕ нӕ сӕрыл дарӕм.

17, 18. а) Хӕйрӕг цы аразы, цӕмӕй не згъӕрхуд нӕ сӕрӕй сисӕм? б) Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хӕйрӕджы нӕхи фӕсайын кӕй нӕ уадзӕм?

17 Хӕйрӕг ууыл архайы, цӕмӕй не згъӕрхуд нӕхӕдӕг нӕ сӕрӕй сисӕм. Цымӕ куыд? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесойы куы фӕлвӕрдта, уыцы хабар. Хӕйрӕг тынг хорз зыдта, Йесо ӕппынфӕстаг ӕппӕт адӕмӕн дӕр Паддзах кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ уал уый размӕ Йесо хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид. Ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр уайтагъд не суыдаид Паддзах, фӕлӕ хъуамӕ банхъӕлмӕ кастаид, Йегъовӕ уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕ. Гъемӕ йын Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ дӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы, иу хатт мын бакув, ӕмӕ ацы тӕккӕ суыдзынӕ ӕппӕт дунейы хицау (Лук. 4:5–7). Раст афтӕ архайы мах фӕсайыныл дӕр. Уый зоны, Йегъовӕ нӕ ног дунейы бирӕ хорздзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн. Фӕлӕ мах дӕр хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, ӕмӕ нӕ уӕдмӕ та, чи зоны, хъизӕмар кӕнын дӕр бахъӕуа. Ӕмӕ Сайтан мах дӕр сайы, зӕгъгӕ дын абон дӕр хорз цардӕй цӕрыны фадат ис, ӕмӕ дзы дӕхи цӕмӕн цух кӕныс. Уый фӕнды, цӕмӕй нын сӕйрагдӕр уа ӕнӕмӕт цард кӕнын ӕмӕ нын Хуыцауы Паддзахад та афтӕ ахсджиаг ма уа (Матф. 6:31–33).

18 Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ Хӕйрӕджы сӕхи фӕсайын нӕ бауагътой. Зӕгъӕм, 20-аздзыд Кианӕ загъта: «Ӕз зонын, не ’ппӕт зындзинӕдтӕй нӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй фервӕзын кӕндзӕн». Ахӕм ныфс ӕй кӕй ис, уый цымӕ куыд фӕзынд, цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ цӕмӕ тырны, ууыл? Уый йӕ зӕрдыл дары, ацы дунейы цы ис, уый рӕстӕгмӕ кӕй у. Кианӕ уымӕ нӕ тырны, цӕмӕй йын дунейы бирӕ бантыса. Уый йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр дӕтты Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн.

Ирвӕзындзинады згъӕрхуд (кӕс 15–18 абзацтӕ)

«ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХЫ ЛӔВӔРД ХЪАМА» – ХУЫЦАУЫ НЫХАС

19, 20. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасӕй ноджы арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнӕм?

19 Ромаг ӕфсӕддонӕн-иу йӕ хъама уыд иу-50 сантиметры дӕргъӕн. Ӕфсӕддонтӕ уыцы хъаматӕй хӕцынмӕ тынг арӕхстысты, уымӕн ӕмӕ сӕхи алы бон дӕр фӕлтӕрдтой.

20 Павел Хуыцауы Ныхас абарста, Йегъовӕ нын кӕй радта, ахӕм хъамаимӕ. Фӕлӕ дзы цӕмӕй нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнын кӕнӕ нӕ зондахаст сраст кӕнын нӕ бон уа, уый тыххӕй дзы хъуамӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм (2 Кор. 10:4, 5; 2 Тим. 2:15). Уыцы хъуыддаджы дын цы баххуыс кӕндзӕн? 21 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр, Себастьян, загъта: «Библи куы фӕкӕсын, уӕд алы сӕрӕй дӕр иу стих рафыссын. Мӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы, уыцы стихтӕ иу ран ныффыссын. Уый мын ӕххуыс кӕны, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый хуыздӕр ӕмбарынӕн». Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Дэниел, загъта: «Библи куы фӕкӕсын, уӕд мӕхимӕ фӕнысан кӕнын, уацамынды кӕуыл фембӕлын, уыдонӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ. Адӕм ӕй куы уыной, Библийы тыххӕй зӕрдиагӕй кӕй дзурыс ӕмӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс, цӕмӕй сын баххуыс кӕнай, уӕд дӕм хуыздӕр хъусдзысты».

Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъама (кӕс 19, 20 абзацтӕ)

21. Хӕйрӕгӕй ӕмӕ дӕлимонтӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

21 Ацы статьяйы цы ӕрыгӕтты кой кодтам, уыдоны цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, Хӕйрӕгӕй ӕмӕ дӕлимонтӕй тӕрсын кӕй нӕ хъӕуы. Кӕд тыхджын сты, уӕддӕр Йегъовӕйӕ тыхджындӕр не сты. Стӕй ӕнустӕм дӕр нӕ уыдзысты. Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд уыдзысты ахст ӕмӕ сӕ бон ӕппындӕр ницы уыдзӕн. Ӕмӕ уый фӕстӕ та бынтондӕр сӕфт ӕрцӕудзысты (Рарг. 20:1–3, 7–10). Мах зонӕм, не знаг чи у, куыд архайы ӕмӕ йӕ нысан цы у, уый. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы нӕ бон бауыдзӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууын!