Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы хицаудзинады фарста дӕ зӕрдыл дар

Йегъовӕйы хицаудзинады фарста дӕ зӕрдыл дар

«Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (ПС. 83:18).

ЗАРДЖЫТӔ: 9, 22

1, 2. а) Зӕххыл ӕппӕт адӕммӕ дӕр цавӕр ахсджиаг фарста хауы? б) Уыцы фарста ахсджиаг цӕмӕн у?

АБОН бирӕтӕн сӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр у ӕхца. Сӕ сӕйраг мӕт вӕййы, цӕмӕй фылдӕр ӕхца самал кӕной кӕнӕ цӕмӕй, нырмӕ цы ’хцатӕ ӕрӕмбырд кодтой, уыдон бахъахъхъӕной. Кӕмӕндӕр та ӕппӕты ахсджиаг у йе ’нӕниздзинад, йӕ бинонтӕ, чидӕр та фӕтырны, царды йын исты бантыса, уымӕ.

2 Фӕлӕ иу хъуыддаг уыдӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр у: Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый хъуамӕ сбӕлвырд уа. Ӕмӕ йӕ хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд царды сагъӕсты ӕмӕ зындзинӕдты тыххӕй, гӕнӕн ис, айрох кӕнӕм, куыд ахсджиаг у, уый. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, алы бон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты хизын, стӕй Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм.

АХСДЖИАГ ФАРСТА ЦӔМӔН У?

3. Хӕйрӕг Хуыцауы хицаудзинады тыххӕй цы дзуры?

3 Сайтан Хӕйрӕг сдзырддаг кодта, Йегъовӕ Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уый. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕм хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, Йегъовӕ рӕстӕй нӕ архайы ӕмӕ Хицауӕн нӕ бӕззы, стӕй, махӕн хуыздӕр куыд уа, ууыл нӕ мӕт кӕны. Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уайы, ӕмӕ адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицау куы уой, уӕд амондджындӕр уыдзысты (Райд. 3:1–5). Хӕйрӕджы ма афтӕ зӕгъын дӕр фӕндыд, ӕмӕ адӕмӕй Хуыцауыл ӕцӕгӕй иузӕрдион ничи у, ӕмӕ сын тынг зын куы уа, уӕд сӕ йӕ разамындмӕ хъусын никӕй бафӕнддзӕн (Иов 2:4, 5). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ рӕстӕг радта, цӕмӕй иууылдӕр феной, ӕнӕ Хуыцауы хицаудзинадӕй цард фыдӕбойнаг кӕй у.

4. Хуыцауы хицаудзинадимӕ баст фарстайӕн дзуапп раттын цӕмӕн хъӕуы?

4 Йегъовӕ йӕ бӕгуыдӕр зоны, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты. Уӕдӕ ма йын уӕд рӕстӕг цӕмӕн радта, цӕмӕй, рӕстытӕ дзуры ӕви нӕ, уый рабӕрӕг уыдаид? Ацы фарста хауы зӕдтӕм дӕр ӕмӕ адӕммӕ дӕр. (Бакӕс Псалом 83:18.) Адам ӕмӕ Евӕйы нӕ бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хицау уыдаид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ бирӕтӕ бакодтой. Уый тыххӕй, чи зоны, адӕммӕ кӕнӕ зӕдтӕм ахӕм дызӕрдыггаг хъуыды фӕзындаид, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг рӕстытӕ дзырдта. Ӕмӕ цалынмӕ ахӕм хъуыдытӕ искӕмӕ уа, уӕдмӕ адӕмы ’хсӕн ӕцӕг фарн ӕмӕ иудзинад нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ, Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый куы сбӕлвырд уа, уӕд иууылдӕр ӕнустӕм йӕ дӕлбар цӕрдзысты. Ӕмӕ ӕгас Дун-дунейы дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ сабырдзинад (Еф. 1:9, 10).

5. Хуыцауы хицаудзинады фарста махмӕ куыд хауы?

5 Хуыцау Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый ӕнӕмӕнг сбӕлвырд уыдзӕн. Ӕмӕ рабӕрӕг уыдзӕн, Хӕйрӕджы ӕмӕ адӕмы хицаудзинад кӕй ницӕмӕн бӕззы, ӕмӕ йын кӕрон ӕрцӕудзӕн. Хуыцау йӕ бартӕ ӕрӕвӕрдзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы. Уыцы рӕстӕг зӕххыл цы иузӕрдион адӕм баззайа, уыдонӕй зӕгъӕн уыдзӕн, зӕгъгӕ, равдыстой, Хуыцауы сӕ Хицауыл кӕй нымайынц ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон кӕй у иузӕрдионӕй баззайын (Ис. 45:23, 24). Дӕу дӕр куыннӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы иузӕрдион адӕмы ’хсӕн уай. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ ӕмбарай, дзырддаг фарста куыд ахсджиаг у, уый.

НӔ ИРВӔЗЫНДЗИНАДӔЙ АХСДЖИАГДӔР

6. Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын цас ахсджиаг у?

6 Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын бирӕ ахсджиагдӕр у, мах амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, уымӕй. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинад афтӕ ахсджиаг нӕу кӕнӕ ныл Йегъовӕ ӕппындӕр нӕ мӕт кӕны. Кӕцӕй йӕ зонӕм?

7, 8. Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый куы сбӕлвырд уа, уӕд уый махӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

7 Йегъовӕ адӕмы тынг уарзы. Афтӕ зынаргъ ын стӕм, ӕмӕ йӕ Фырты радта, цӕмӕй нӕ бон ӕнустӕм цӕрын уа (Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:9). Йегъовӕ фидӕны тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд Хӕйрӕгӕн ӕфсон фӕуыдзӕн Хуыцауы фӕаххосджын кӕнынӕн, адӕмы сайыс ӕмӕ сӕ хорз цыдӕртӕ сусӕг кӕныс, стӕй Хицауӕн нӕ бӕззыс, зӕгъгӕ. Стӕй уӕд, Хуыцауы ныхмӕ ма ноджыдӕр чи цӕуы, уыдон дӕр раст разындзысты. Уыдон афтӕ дзурынц: «Кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд кӕм ис? Нӕ фыдӕлтӕ куы амардысты, уӕдӕй нырмӕ ницы фӕивта, алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ» (2 Пет. 3:3, 4). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕндзӕн. Уый афтӕ бакодта, цӕмӕй, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый куы сбӕлвырд уа, уӕд уый фӕрцы коммӕгӕс адӕм дӕр фервӕзой. (Бакӕс Исайы 55:10, 11.) Йегъовӕйы хицаудзинад ӕнцайы уарзондзинадыл. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр кӕй уарздзӕн ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕндзӕн, ууыл (Рац. 34:6).

8 Йегъовӕйы хицаудзинадимӕ баст фарста ахсджиагыл кӕй нымайӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинадмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕм кӕнӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕйы цӕсты стыр аргъ нӕй. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ахсджиагдӕр цы у, уый ӕмӕ Йегъовӕйыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм.

ИОВ ЙӔ ЗОНДАХАСТ КУЫД ФӔИВТА

9. Сайтан Иовы тыххӕй цы загъта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

9 Йегъовӕйы хицаудзинадмӕ раст цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый бамбарӕн ис Иовы чиныгӕй. Уыцы чиныг у, Библийы чингуытӕй фыццаг фыст чи ’рцыд, уыдонӕй сӕ иу. Уым кӕсӕм, Сайтан кӕй загъта, зӕгъгӕ, дам, Иов стыр хъизӕмӕрттӕ куы бавзара, уӕд, дам, Хуыцауы ныууадздзӕн. Суанг ма йӕ фӕндыд, цӕмӕй Иовӕн хъизӕмӕрттӕ Хуыцау бавзарын кодтаид. Йегъовӕ афтӕ нӕ бакодтаид, фӕлӕ Сайтанӕн бар радта, цӕмӕй Иовы бафӕлвӕрдтаид, ӕмӕ йын загъта: «Цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдон уыдзысты дӕ къухы». (Бакӕс Иов 1:7–12.) Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Иовӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ фӕмард сты, стӕй йӕм цыдӕриддӕр уыд, уыдонӕй ӕнӕхай фӕци. Сайтан афтӕ архайдта, ӕмӕ зӕгъӕн уыд, цыма уыцы бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй сты (Иов 1:13–19). Уый фӕстӕ та Иовыл бафтыдта, адӕм ыл кӕй тыххӕй ӕлгъ кодтой, ахӕм удхайраг низ (Иов 2:7). Стӕй ма йын йӕ мастыл цӕхх кодтой йӕ ус ӕмӕ, сӕхи йе ’мбӕлттӕ чи хуыдта, уыдон – алы зӕрдӕриссӕн ӕмӕ ныфссӕттӕн ныхӕстӕ йын фӕкодтой (Иов 2:9; 3:11; 16:2).

10. а) Иов куыд равдыста, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд, уый? б) Иовы йӕ зондахаст аивын цӕмӕн хъуыд?

10 Сайтанӕн йӕ къухы исты бафтыд? Йӕ ныхӕстӕ разындысты мӕнг. Кӕд Иовыл ахӕм стыр бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уӕддӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта (Иов 27:5). Фӕлӕ Иовӕй айрох, ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы уыд, уый ӕмӕ фылдӕр райдыдта йӕхиуыл мӕт кӕнын. Кӕй ницы аххосджын уыд, ӕрмӕстдӕр уый кой кодта. Стӕй ма домдта, цӕмӕй йын Хуыцау бамбарын кодтаид, цӕмӕн хъизӕмар кӕны, уый (Иов 7:20; 13:24). Ӕвӕццӕгӕн, нӕ бон у Иовы бамбарын. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ зыдта, Иов раст кӕй нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын йӕ зондахаст аивынӕн баххуыс кодта. Куыд?

11, 12. Йегъовӕ Иовӕн цы бамбарын кодта ӕмӕ йын Иов йӕ уынаффӕмӕ цы цӕстӕй ракаст?

11 Йегъовӕ Иовӕн цы загъта, уый бакӕсӕн ис Иовы чиныджы 38 сӕрӕй 41 сӕрмӕ. Цӕмӕн хъизӕмар кодта, уый йын нӕ бамбарын кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхи Иовы раз рӕстытӕ кӕнын нӕ хъуыди. Фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Иов бамбӕрстаид, адӕймаг Хуыцауы раз рыджы муры йас йеддӕмӕ кӕй нӕу. Стӕй ма йын бамбарын кодта, Иовы зындзинӕдтӕй ахсджиагдӕр хабӕрттӕ кӕй ис. (Бакӕс Иов 38:18–21.) Ӕмӕ Йегъовӕйы ныхӕсты фӕрцы Иов йӕ зондахаст аивта.

12 Иов цытӕ бавзӕрста, уыдӕтты фӕстӕ йын Йегъовӕ ӕргомӕй уынаффӕ кӕй радта, уый тыххӕй Йегъовӕйы дурзӕрдӕ схонӕн ис? Нӕй. Ӕмӕ Иов дӕр афтӕ нӕ хъуыды кодта. Иов Йегъовӕйӕ йӕ уынаффӕйы тыххӕй бузныг уыд. Афтӕ дӕр ма загъта: «Мӕ ныхӕстӕ фӕстӕмӕ исын, фӕсмон кӕнын, рыг ӕмӕ фӕнычы бадын» (Иов 42:1–6). Уый размӕ ма йын Елиуй дӕр баххуыс кодта хабӕрттӕм ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынӕн (Иов 32:5–10). Иов Йегъовӕйы уынаффӕмӕ куы байхъуыста ӕмӕ йӕ зондахаст куы аивта, уӕд Йегъовӕ иннӕтӕн дӕр загъта, йӕ иузӕрдиондзинадӕй райгонд кӕй уыд (Иов 42:7, 8).

13. Иовӕн йӕ зындзинӕдтӕ куы фесты, уӕд дӕр ма йын Йегъовӕйы уынаффӕ куыд ӕххуыс кодтаид?

13 Йегъовӕ Иовӕн цы уынаффӕ радта, уый йын ӕххуыс кодта, йӕ зындзинӕдтӕ куы фесты, уӕд дӕр. «Йегъовӕ Иовӕн фӕстагмӕ йӕ раздӕры бонтӕй ноджы тынгдӕр раарфӕ кодта», ӕмӕ та йын цасдӕры фӕстӕ «райгуырд авд фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы» (Иов 42:12–14). Иов, цы сывӕллӕттӕ йын райгуырд, уыдоны куыннӕ уарзта, фӕлӕ йын чи амарди, уыдоны дӕр мысыдаид. Уӕдӕ йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ бинонтыл дӕр цы бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уыдон дзы никуы ферох уыдаиккой. Чи зоны, фӕстӕдӕр базыдта, ахӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн бавзӕрста, уый, ӕмӕ-иу, гӕнӕн ис, ахъуыды кодта, зӕгъгӕ мӕ уыйбӕрц цӕмӕн бахъуыди хъизӕмар кӕнын. Ӕмӕ-иу ӕм кӕд ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд, уӕд та-иу, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты. Уый ын удӕнцой хаста ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йын раст зондахаст уыдаид (Пс. 94:19).

Нӕ бон у, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ, Йегъовӕйы хицаудзинады фарста нӕ зӕрдыл дарын? (кӕс 14 абзац)

14. Иовы хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

14 Иовы хабарыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн нӕ зондахаст раст кӕнынӕн, стӕй-иу зындзинӕдты удӕнцой ссардзыстӕм. Иовы чиныг дӕр «фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). Ацы чиныгӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Хъуамӕ нӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр ма суӕм, цӕмӕй нӕ ма ферох уа ахсджиагдӕр фарста – Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый кӕй хъуамӕ сбӕлвырд уа, уый. Иовау мах дӕр равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, цыфӕнды зындзинӕдты дӕр ыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд.

15. Фӕлварӕнты Хуыцауыл иузӕрдион кӕй вӕййӕм, уый фӕрцы нын цы бантысы?

15 Иовы хабар нын ныфсы хос уымӕн у, ӕмӕ ӕвдисы, нӕ фӕлварӕнтӕ ууыл дзурӕг кӕй не сты, ӕмӕ нӕм Йегъовӕ мӕсты у. Фӕлварӕнтӕ нын дӕттынц фадат, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый равдисынӕн (Ӕмб. 27:11). Иузӕрдион ӕмӕ фидар кӕй стӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕны, стӕй нӕ фидӕнӕй цы ныфс ис, уый нӕ нӕ рох кӕны. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:3–5.) Иовы хабарӕй базонӕн ис, «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (Иак. 5:11). Мах ӕй зонӕм, йӕ хицаудзинады фарс куы уӕм, уӕд нӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн. Ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм» (Кол. 1:11).

АХСДЖИАГДӔР ЦЫ У, УЫЙ ДӔ РОХ МА УӔД

16. Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый кӕй хъуамӕ сбӕлвырд уа, уыцы фарста-иу нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ ӕрлӕууын кӕнӕм?

16 Зындзинӕдтӕ ’взаргӕйӕ нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕ вӕййы, Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый кӕй хъуамӕ сбӕлвырд уа, ууыл хъуыды кӕнын. Гыццыл зындзинӕдты тыххӕй дӕр ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд нӕм хохыйас кӕсын райдайдзысты. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхицӕн ӕдзух нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм, цыфӕнды зындзинӕдты дӕр Хуыцауы хицаудзинады фарс кӕй хъуамӕ уӕм.

17. Йегъовӕйы хъуыддаджы кӕй архайӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны дзырддаг фарста нӕ зӕрдыл дарынӕн?

17 Ӕдзух Йегъовӕйы хъуыддаджы лӕуд куы уӕм, уӕд нӕ уый фӕрцы дзырддаг фарста нӕ рох кӕндзӕн. Иу хойӕн, Ренейӕн, уыди инсульт, стӕй йӕ рыст не ’нцади, ӕмӕ ма йӕм рак дӕр уыди. Рынчындоны-иу куы хуыссыд, уӕд-иу хъусын кодта кусджытӕн, иннӕ рынчынтӕн ӕмӕ сӕм рынчынфӕрсӕг чи цыд, уыдонӕн. Иухатт рынчындоны фӕци дыууӕ къуырийы ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ дзы хъусын кодта 80 сахаты. Рене зыдта, кӕй амӕлдзӕн, фӕлӕ дзы дзырддаг фарста рох никуы уыд. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй уыд, уый фӕрцы йын ӕнцондӕр уыд йӕ зындзинӕдтӕн быхсын.

18. Дженниферы хабарӕй куыд зыны, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс чи у, уыдонӕн уый пайда кӕй хӕссы?

18 Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый ма нӕ бон равдисын у къаддӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр. Иу хо, Дженнифер, зӕгъгӕ, кӕцӕйдӕр сӕхимӕ цыд. Фӕлӕ йын цалдӕр хатты йӕ рейс кӕй аивтой, уый тыххӕй йӕ ӕртӕ боны бахъуыд аэропорты йӕ хӕдтӕхӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, ӕмӕ тынг сфӕлмӕцыд. Дженниферӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ йӕхицӕн тӕригъӕд кӕнын райдыдтаид. Фӕлӕ уый Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, йемӕ ма аэропорты чи ’нхъӕлмӕ каст, уыдонӕн хорз хабар фехъусын кӕнынӕн. Ӕмӕ йын бантыст бирӕтимӕ аныхас кӕнын, стӕй бирӕ литературӕ байуарын. Дженнифер загъта: «Кӕд мын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрстон, Йегъовӕ мын кӕй раарфӕ кодта ӕмӕ мын хъарутӕ радта, цӕмӕй йын йӕ ном сбӕрзонд кодтаин».

19. Раст дин мӕнг динӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

19 Йегъовӕйы хицаудзинады фарста куыд ахсджиаг у, уый Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты йеддӕмӕ ничи ӕмбары. Уымӕй хицӕн кӕны раст дин мӕнг динӕй. Уӕдӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы хицаудзинады фарс уа.

20. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс уай, уый тыххӕй цы аразыс, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

20 Йегъовӕ уыны, йӕ хицаудзинады фарс уай, уый тыххӕй цыдӕриддӕр аразыс, иузӕрдионӕй йын кӕй лӕггад кӕныс ӕмӕ фӕлварӕнты фидар кӕй лӕууыс, уый, ӕмӕ уыдӕттӕн тынг аргъ кӕны (Пс. 18:25). Иннӕ статьяйы дӕр дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс уай, ууыл ӕппӕт тыхтӕй цӕмӕн хъуамӕ архайай ӕмӕ, афтӕ кӕй кӕныс, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг.