Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Амондджын сты, «амондджын Хуыцауӕн» чи лӕггад кӕны, уыдон

Амондджын сты, «амондджын Хуыцауӕн» чи лӕггад кӕны, уыдон

«Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у!» (ПС. 144:15).

ЗАРДЖЫТӔ: 44, 125

1. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ амондджын цӕмӕн сты? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ тынг амондджын адӕм сты. Иумӕ кӕмфӕнды ма уой – ӕмбырды, конгрессы кӕнӕ исты бадты – кӕрӕдзиимӕ фӕныхас кӕнынц ӕмӕ фӕхудынц. Цымӕ амондджын цӕй фӕрцы сты? Йегъовӕйы, «амондджын Хуыцауы», кӕй зонынц, сӕйраджыдӕр уый фӕрцы. Уыдон ын лӕггад кӕнынц ӕмӕ архайынц, цӕмӕй йӕ фӕзмой (1 Тим. 1:11; Пс. 16:11). Йегъовӕ у амондджын Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уӕм амондджын, ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ аразы (Дык. з. 12:7; Еккл. 3:12, 13).

2, 3. а) Амондджын схонӕн кӕй ис? б) Амондджын уай, уый зын цӕмӕн вӕййы?

2 Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Амондджын дӕ? Адӕймаг амондджын вӕййы, йӕ цардӕй райгонд куы вӕййы кӕнӕ йын цард циндзинад куы фӕхӕссы, уӕд. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй ӕцӕг амондджын сты, Йегъовӕ се ’ввахс ӕмбал кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр уыдон. Фӕлӕ ацы дунейы цӕргӕйӕ амондджын уай, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цымӕ цӕуылнӕ?

3 Чырыстӕттӕ бахауынц алыхуызон зын уавӕрты, зӕгъӕм, сӕ хиуӕттӕй чидӕр фӕзиан вӕййы, кӕйдӕр сын ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, сӕ цардӕмбӕлттӕй ахицӕн вӕййынц кӕнӕ та ӕнӕ куыстӕй баззайынц. Сӕ зӕрдӕйы ма циндзинад нал вӕййы, сӕ бинонты фарн куы фехӕлы, се ’мкусджытӕ йе та сыл сӕ къласӕгтӕ куы фӕхудынц, ӕфхӕрд куы феййафынц кӕнӕ сӕ ахӕстоны куы сбадын кӕнынц, уӕд дӕр. Зын ма вӕййы, йе ’нӕниздзинад кӕмӕн фӕцуды, уӕззау низӕй рынчын чи вӕййы кӕнӕ депресси кӕмӕн вӕййы, уыдонӕн дӕр. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо Чырысти адӕмӕн цы удӕнцой хаста, уый фӕрцы кӕй уыдысты амондджын (Матф. 11:28–30). Чырысти адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд ранымадта, мах дӕр амондджын кӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уыцы миниуджытӕй цалдӕр. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй амондджын уӕм, кӕд Хӕйрӕджы дунейы цӕргӕйӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ’взарӕм, уӕддӕр.

ЦӔМӔЙ АМОНДДЖЫН УӔМ, УЫЙ ТЫХХӔЙ ХЪУАМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМБӔЛТТӔ УӔМ

4, 5. Цӕмӕй алкӕддӕр амондджын уӕм, уый тыххӕй нӕ бон цы у аразын?

4 Чырысти фыццаг цы миниуӕджы тыххӕй загъта, уый у ӕппӕты сӕйраг. Уый загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад» (Матф. 5:3). Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нӕ рох кӕндзыстӕм, Хуыцауы кӕй хъуамӕ зонӕм ӕмӕ нӕ йе ’ххуыс ӕмӕ йӕ разамынд тынг кӕй хъӕуынц. Уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Библи куы ахуыр кӕнӕм, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куы уа, уӕд. Ацы хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм, ӕмӕ тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм, тагъд Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Библи цы «диссаджы ныфсы» кой кӕны, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм (Тит. 2:13).

5 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм, уӕд хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, цыфӕнды ныл ма ӕрцӕуа, уӕддӕр. Апостол Павел ныффыста: «Хицауимӕ [ома Йегъовӕимӕ] иудзинады кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр цин кӕнут. Ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын: цин кӕнут!» (Фил. 4:4). Цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс ӕмбал уа, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа Хуыцауы зонд. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Амондджын у, зонд чи ссардта ӕмӕ арфуынӕг чи сси, уыцы адӕймаг. Чи йыл ныххӕцы, уыдонӕн у царды бӕлас, ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уыдоны схондзысты амондджын» (Ӕмб. 3:13, 18).

6. Цы ма хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр амондджын уӕм?

6 Фӕлӕ цӕмӕй алкӕддӕр амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр цӕрӕм, Библийӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ. Уый ахсджиаг кӕй у, уый Чырысти бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоан. 13:17; бакӕс Иаковы 1:25). Уый ӕнӕмӕнг у, кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр зонӕм ӕмӕ ӕнустӕм амондджын уӕм, уӕд. Кӕд нӕ амондджынӕй цӕрынӕн бирӕ цыдӕртӕ фӕхъыгдары, уӕддӕр нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй амондджын уӕм? Ӕркӕсӕм-ма, Чырысти адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд ма цы загъта, уымӕ.

АМОНДДЖЫН КӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫСТӔМ, УЫЦЫ МИНИУДЖЫТӔ

7. Хъыг чи кӕны, уыдон амондджын куыд сты?

7 «Амондджын сты, хъыг чи кӕны, уыдон, уымӕн ӕмӕ удӕнцой ссардзысты» (Матф. 5:4). Чи зоны, хъуыды кӕнӕм: «Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ хъыг чи кӕны, уый амондджын уа?» Чырысти, ӕнӕуи чи фӕхъыг кӕны, ахӕм адӕмы кой нӕ кодта. Ӕвзӕр адӕмӕй дӕр бирӕтӕ хъыг фӕкӕнынц кӕнӕ фенкъард кӕнынц, уымӕн ӕмӕ ацы «фӕстаг бонты» бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц (2 Тим. 3:1). Уыдон Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ ӕрмӕст сӕхиуыл хъуыды кӕнынц. Йе ’мбӕлттӕ суой, ууыл нӕ архайынц, ӕмӕ уый тыххӕй амондджын не сты. Чырысти дзырдта, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдоны тыххӕй. Уыдон хъыг кӕнынц, бирӕты Хуыцаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уый тыххӕй. Стӕй ма ӕмбарынц, тӕригъӕдджын кӕй сты ӕмӕ уынынц, зӕххыл цы фыдхъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон. Йегъовӕ уыцы адӕмы уыны ӕмӕ сын йӕ Ныхасы уылты удӕнцой дӕтты, арфӕ сын кӕны ӕмӕ сын ӕнусон цардӕй зӕрдӕ ӕвӕры. (Бакӕс Йезекилы 5:11; 9:4.)

8. Фӕлмӕн удыхъӕд дын куы уа, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уай?

8 «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты» (Матф. 5:5). Фӕлмӕн удыхъӕд дын куы уа, уӕд уый фӕрцы амондджын куыд уыдзынӕ? Бирӕтӕ сты ӕгъатыр ӕмӕ тызмӕг, ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарынц. Фӕлӕ рӕстдзинад куы базонынц, уӕд сӕ «удыхъӕд ногмӕ раивынц» ӕмӕ вӕййынц хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон (Кол. 3:9–12). Уый фӕрцы фарнӕй хайджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынц ӕмӕ сты амондджын. Уымӕй уӕлдай ма сын Хуыцауы Ныхас зӕрдӕ ӕвӕры, «зӕхх бынӕн [кӕй] райсдзысты» (Пс. 37:8–10, 29).

9. а) Цымӕ Чырыстийы цы зӕгъын фӕндыд, афтӕ куы загъта, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон «зӕхх бынӕн райсдзысты», зӕгъгӕ? б) «Ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймагау рӕстдзинад чи агуры, уыдон» амондджын цӕмӕн уыдзысты?

9 Цымӕ Чырыстийы цы зӕгъын фӕндыд, афтӕ куы загъта, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон «зӕхх бынӕн райсдзысты», зӕгъгӕ? Сӕрст чырыстӕттӕ зӕхх бынӕн райсдзысты, уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ куы суой ӕмӕ зӕххӕн разамынд куы дӕттой, уӕд (Рарг. 20:6). Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн нӕй, уыцы милуангай адӕм та зӕхх бынӕн уыцы хуызы райсдзысты, ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты. Уыдон суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст, уыдзысты фарнӕй хайджын ӕмӕ амондджын. Уыцы адӕмы тыххӕй ма Чырысти загъта: «Амондджын сты, ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймагау рӕстдзинад чи агуры, уыдон» (Матф. 5:6). Рӕстдзинадӕй ӕххормаг ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уыдон ног дунейы сӕ мондӕгтӕ суадздзысты (2 Пет. 3:13). Йегъовӕ зӕххӕй фыддзинад куы фесафа, уӕд рӕстгӕнджытӕ уыдзысты амондджын ӕмӕ фыдгӕнджыты аххосӕй никуыуал хъыг кӕндзысты (Пс. 37:17).

10. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг схонӕн кӕй ис?

10 «Амондджын сты, фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ сын сӕхимӕ дӕр уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Матф. 5:7). Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг вӕййы хӕларзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иннӕты рыст йӕ зӕрдӕмӕ фӕисы. Фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы. Библи нын дзуры, фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг иннӕтӕн ӕххуыс дӕр кӕй хъуамӕ кӕна.

11. Чырысти самариаг лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Бакӕс Лукайы 10:30–37. Чырысти самариаг лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй базонӕн ис, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цы у, уый. Самариаг лӕг тынг фӕтӕригъӕд кодта, бӕллӕхы чи бахауд, уыцы нӕлгоймагӕн ӕмӕ йын баххуыс кодта. Чырысти ацы фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд загъта: «Уӕдӕ ацу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн». Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Ӕз дӕр иннӕтӕн самариаг лӕгау ӕххуыс кӕнын? Иннӕтӕ зындзинӕдтӕ куы февзарынц, уӕд сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын? Мӕ бон ма сын цӕмӕй у баххуыс кӕнын? Зӕгъӕм, мӕ бон куыд у баххуыс кӕнын ӕмбырды ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, идӕдзтӕн кӕнӕ, йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн не сты, уыцы сывӕллӕттӕн? Мӕ бон у, „ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдауын“?» (1 Фес. 5:14; Иак. 1:27).

Иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд уый алкӕмӕн дӕр хӕсдзӕн циндзинад (кӕс 12 абзац)

12. Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд амондджын цӕмӕн уыдзыстӕм?

12 Фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд амондджын цӕмӕн уыдзыстӕм? Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы вӕййӕм, уӕд сын афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, фӕдӕттӕм, хорзӕй нӕм цы ис, уый. Ӕмӕ Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй дӕттын амондджын хъуыддаг у. Стӕй ма зонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм (Хъуыд. 20:35; бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:16). Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, ахӕм адӕймаджы тыххӕй паддзах Давид загъта: «Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй бахиздзӕн. Зӕххыл ӕй хондзысты амондджын адӕймаг» (Пс. 41:1, 2). Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нӕм Йегъовӕ дӕр уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ ӕнустӕм амондджын уыдзыстӕм (Иак. 2:13).

«СЫГЪДӔГЗӔРДӔ АДӔЙМӔГТӔ» АМОНДДЖЫН ЦӔМӔН СТЫ?

13, 14. «Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ» амондджын цӕмӕн сты?

13 Чырысти загъта: «Амондджын сты сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фендзысты» (Матф. 5:8). Цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕ уой сыгъдӕг. Уый тынг ахсджиаг у, кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уӕд. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:2; 1 Тим. 1:5.)

14 Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ сты Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ. Йегъовӕ загъта: «Амондджын сты, йӕ дарӕс чи ныхсадта, уыдон» (Рарг. 22:14). Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, «йӕ дарӕс... ныхсадта», зӕгъгӕ? Сӕрст чырыстӕтты кой куы кӕнӕм, уӕд уыдон Йегъовӕйы цӕсты сты сыгъдӕг, ӕмӕ сын уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цард ратдзӕн ӕмӕ ӕнустӕм амондджын уыдзысты. Тынг бирӕ адӕмӕн дӕр,– зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн,– фадат ис, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ рӕстгӕнджытыл банымайа ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ суой. Библийы уыдоны тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй» (Рарг. 7:9, 13, 14).

15, 16. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы «фенын»?

15 Йегъовӕ загъта: «Адӕймаг [мӕ] куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн» (Рац. 33:20). Уӕдӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы фенын? Дзырд «фенын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ма нысан кӕны «цӕстытыл ауайын кӕнын», «ӕмбарын», «зонын». Уӕдӕ Хуыцауы «фенын» нысан кӕны Хуыцауы хорз зонын ӕмӕ йын йӕ миниуджытӕн аргъ кӕнын (Еф. 1:18). Чырысти алцӕмӕй дӕр уыд Хуыцауы хуызӕн, ӕмӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:7–9).

16 Мах ма Хуыцауы «фенӕм», куыд нын баххуыс кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд (Иов 42:5). Нӕ бон ма Хуыцауы «фенын» вӕййы, сыгъдӕгзӕрдӕ чи у ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн зӕрдӕ цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд. Сӕрст чырыстӕттӕ та Хуыцауы фендзысты, уӕларвон цардмӕ куы райгас уой, уӕд (1 Иоан. 3:2).

КӔД ЗЫНДЗИНӔДТӔ ӔВЗАРӔМ, УӔДДӔР НӔ БОН У, ӔМӔ АМОНДДЖЫН УӔМ

17. Иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл чи архайы, уыдон амондджын цӕмӕн сты?

17 Чырысти ма загъта: «Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон» (Матф. 5:9). Иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл куы фӕархайӕм, уӕд вӕййӕм амондджын. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Рӕстдзинады мыггаг тыд ӕрцӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым ӕмӕ, фарн чи уарзы, уыдонӕн» (Иак. 3:18). Уӕдӕ кӕд ӕмбырды кӕнӕ дӕ бинонтӕй искӕимӕ кӕрӕдзи не ’мбарут, уӕд Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕ бон уа йемӕ хӕларӕй цӕрын. Йегъовӕ дӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кӕндзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн хорз миниуджытӕ ӕвдисын ӕмӕ амондджындӕр уыдзынӕ. Иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл архайын ахсджиаг кӕй у, уый Чырысти афтӕ бамбарын кодта: «Дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, уӕд дӕ кувинаг уым нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу, де ’фсымӕримӕ уал бафидау, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн» (Матф. 5:23, 24).

18, 19. Чырыстӕттӕ ӕфхӕрд куы феййафынц, уӕд цӕмӕн фӕцин кӕнынц?

18 «Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ уыл алы ӕвзӕртӕ куы мысой». Цымӕ Чырыстийы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Йӕ ныхӕстӕм ма бафтыдта: «Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг,– афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыд, уыдоны дӕр» (Матф. 5:11, 12). Иухатт апостолты куы фӕнадтой ӕмӕ сын куы загътой, мауал хъусын кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд «Сӕйраг тӕрхондонӕй рацыдысты ӕмӕ... цин кодтой». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕй сӕ фӕнадтой, ууыл нӕ цин кодтой, фӕлӕ, «Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл» (Хъуыд. 5:41).

19 Абон дӕр Йегъовӕйы адӕм ӕфхӕрд куы феййафынц, уӕд фидар вӕййынц ӕмӕ фӕцин кӕнынц. (Бакӕс Иаковы 1:2–4.) Апостолтау мах дӕр ууыл нӕ фӕцин кӕнӕм, ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафӕм. Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ нӕ циндзинад ӕрмынӕг кӕнын ма бауадзӕм. Ӕркӕсӕм-ма Хенрик Дорник ӕмӕ йе ’фсымӕры хабармӕ. 1944 азы августы сӕ концлагермӕ арвыстой. Се ’фхӕрджытӕ загътой: «Адоны ничи басӕтдзӕн. Хъизӕмӕрттӕ сын циндзинад хӕссынц». Не ’фсымӕр Дорник загъта: «Хъизӕмар кӕнын мӕ бӕргӕ нӕ фӕндыд. Фӕлӕ мӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ уыдтӕн хъӕбатыр ӕмӕ фидар, ӕмӕ мын уый циндзинад хаста». Стӕй ма загъта: «Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕй куывтон, уый фӕрцы йӕм баввахсдӕр дӕн, ӕмӕ мын уый дӕр ӕххуыс кодта».

20. «Амондджын Хуыцауӕн» кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй амондджын цӕмӕн стӕм?

20 «Амондджын Хуыцау» Йегъовӕ нӕ райгонд куы вӕййы, уӕд амондджын вӕййӕм, кӕд ӕфхӕрд феййафӕм, кӕд нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, кӕд фӕрынчын вӕййӕм кӕнӕ ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр (1 Тим. 1:11). Амондджын ма уый тыххӕй стӕм, ӕмӕ фидарӕй зонӕм, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу», уыцы Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Тит. 1:2). Дзӕнӕты хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстӕм, ныр цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдон. Нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр нӕу, дзӕнӕты цы диссаджы цард уыдзӕн ӕмӕ куыд амондджын уыдзыстӕм, уый! Ӕцӕгдӕр, уӕд «фарнӕй бафсӕддзыстӕм» (Пс. 37:11).