Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйау хӕларзӕрдӕ ут ӕмӕ иннӕты хорзыл хъуыды кӕнут

Йегъовӕйау хӕларзӕрдӕ ут ӕмӕ иннӕты хорзыл хъуыды кӕнут

«Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг» (ПС. 41:1).

ЗАРДЖЫТӔ: 130, 107

1. Хуыцауы адӕм кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

ХУЫЦАУЫ адӕм ӕгас зӕххыл дӕр сты иу бинонтау, ӕмӕ кӕрӕдзийы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау уарзынц (1 Иоан. 4:16, 21). Ӕмӕ кӕд кӕрӕдзийы тыххӕй хатгай стыр хъуыддӕгтӕ дӕр саразынц, уӕддӕр уыцы уарзондзинад арӕхдӕр бӕрӕг вӕййы бирӕ гыццыл хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕйӕ фӕныхас кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хорздзинад фӕаразынц. Иннӕты хорзыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй бафӕзмӕм нӕ уӕларвон Фыды (Еф. 5:1).

2. Йесо йӕ Фыдау адӕмы кӕй уарзы, уый куыд ӕвдыста?

2 Йесо йӕ Фыды алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта. Уый загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн ...уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» (Матф. 11:28, 29). Чырыстийау «мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны», ома ӕххуысхъуаг адӕймаджы фарсмӕ чи балӕууы, уыдонӕй нӕ уӕларвон Фыд райгонд у ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ сты цинӕйдзаг (Пс. 41:1). Цӕй уӕдӕ аныхас кӕнӕм, нӕ бон куыд у равдисын, нӕ бинонтыл, не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл ӕмӕ, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоны хорзыл кӕй хъуыды кӕнӕм.

УӔ БИНОНТЫ ХОРЗЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНУТ

3. Лӕгтӕн сӕ бон куыд у равдисын, сӕ бинойнӕгты хорзыл кӕй хъуыды кӕнынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Лӕгтӕ хъуамӕ сӕ бинонтыл зӕрдиагӕй тыхсой ӕмӕ уымӕй фӕзминаг уой (Еф. 5:25; 6:4). Зӕгъӕм, Библи сын фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ устыты ӕмбарой ӕмӕ сӕ хорзыл хъуыды кӕной (1 Пет. 3:7). Ӕмбаргӕ лӕг афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ дзы йӕ бинойнаг бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй хицӕн кӕны, уый тыххӕй дзы ӕвзӕрдӕр у (Райд. 2:18). Уый йын йе ’нкъарӕнтӕ бамбарыныл фӕархайы ӕмӕ йын фӕкад кӕны. Канадӕйы чи цӕры, иу ахӕм хо йӕ сӕрыхицауы тыххӕй загъта: «Цы мӕ фӕтыхсын кӕны, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы фӕкӕсы. Стӕй мын афтӕ дӕр никуы фӕзӕгъы, ӕгӕр ӕй исыс дӕ зӕрдӕмӕ, зӕгъгӕ. Уый мӕм алы хатт дӕр лӕмбынӕг байхъусы. Ӕмӕ мӕ кӕмдӕр бараст кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд уый фӕаразы фӕлмӕнӕй».

4. Лӕг сылгоймӕгтимӕ йӕхи куыд хъуамӕ дара, цӕмӕй бӕрӕг уа, йӕ бинойнаджы ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кӕны?

4 Йӕ бинойнаджы ӕнкъарӕнтӕн чи аргъ кӕны, ахӕм лӕг ӕндӕр сылгоймагмӕ уарзоны цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йӕхи афтӕ нӕ дардзӕн, цыма йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Стӕй социалон сетьты ӕмӕ интернеты сылгоймӕгтӕм ахӕм цыдӕртӕ нӕ фысдзӕн, цӕмӕй исты ахъуыды кӕной (Иов 31:1). Лӕг йӕ бинойнагыл иузӕрдион уый тыххӕй у, ӕмӕ йӕ уарзы, стӕй Йегъовӕйы дӕр уарзы ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йе сӕфт уыны. (Бакӕс Псалом 19:14; 97:10.)

5. Ус йӕ лӕджы ӕнкъарӕнтӕ кӕй ӕмбары, уый йӕ бон куыд у ӕвдисын?

5 Лӕг йӕ Хицауы, Йесо Чырыстийы, куы фӕзма ӕмӕ йӕ бинойнаджы хорзыл куы хъуыды кӕна, уӕд уымӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн «йӕ лӕджы нымайын» (Еф. 5:22–25, 33). Ӕмӕ ус йӕ лӕджы куы нымайа, уӕд ын йе ’нкъарӕнтӕ дӕр ӕмбардзӕн, ӕмӕ, зӕгъӕм, йӕ лӕгӕн ӕмбырды хъуыддӕгтыл бирӕ рӕстӕг куы цӕуа кӕнӕ та йӕ исты зын хъуыддаг алыг кӕнын куы хъӕуа, уӕд ӕмбаргӕдзинад ӕвдисдзӕн. Великобританийы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Цӕуылдӕр тынг куы фӕтыхсын, уӕд мыл уый фӕбӕрӕг вӕййы, ӕмӕ йӕ хатгай мӕ бинойнаг бамбары. Ӕмӕ уӕд фӕархайы, Ӕмбисӕндты 20:5 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ. Иуӕй-иу хатт ӕй ӕндӕр рӕстӕг равзарын дӕр бахъӕуы, цӕмӕй-иу мын мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ „сиса“. Ӕмӕ йын уӕд мӕ хабар ракӕнын, дзурӕн кӕй нӕй, ахӕм исты ма уӕд, ӕндӕр».

6. Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон куыд у сывӕллӕтты разӕнгард кӕнын, цӕмӕй иннӕтыл хъуыды кӕной? Уый сын цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

6 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы хорзыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд уымӕй сӕ сывӕллӕттӕн вӕййынц фӕзминаг. Стӕй ма хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕной, хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ иннӕтыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕной. Зӕгъӕм, сӕ бон сын у зӕгъын, цӕмӕй-иу ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд-иу залы ма ратӕх-батӕх кӕной. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, искуы бадты куы уой, уӕд сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты бафӕдзӕхсын, цӕмӕй-иу фынгмӕ хистӕрты разӕй ма фӕуой. Кӕд сывӕллӕтты ахуыр кӕнын сӕйраджыдӕр ныййарджыты хӕс у, уӕддӕр ӕмбырды алкӕмӕн дӕр у йӕ бон ныййарджытӕн уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын. Сывӕллон нын исты хорздзинад куы сараза, зӕгъӕм нын дуарыл куы фӕхӕца, уӕд хорз уаид, куы-иу дзы раппӕликкам. Уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайдзӕн ӕмӕ бамбардзӕн, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у (Хъуыд. 20:35).

«НӔ КӔРӔДЗИЙЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНӔМ»

7. Йесо къуырма лӕгӕн йе ’нкъарӕнтӕ кӕй ӕмбӕрста, уый куыд равдыста ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

7 Йесо Дӕссахары бӕстӕйы куы уыд, уӕд ӕм уым «ӕрбакодтой, къуырма чи уыд, стӕй дзургӕ дӕр дзӕбӕх чи нӕ кодта, ахӕм адӕймаджы» (Мар. 7:31–35). Йесо йӕ адӕмы раз не сдзӕбӕх кодта, фӕлӕ йӕ «иуварс акодта» ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сдзӕбӕх кодта. Цымӕ цӕмӕн? Нӕлгоймаг къуырма кӕй уыд, уый тыххӕй-иу, чи зоны, бирӕ адӕмы ’хсӕн тыхсти. Йесо уый ӕмбӕрста, ӕмӕ йӕ хибар ран дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй сдзӕбӕх кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ бон нӕу ахӕм диссӕгтӕ аразын. Фӕлӕ нӕ бон у, не ’фсымӕрты цы тыхсын кӕны, ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ сын се ’нкъарӕнтӕ бамбарыныл архайын. Апостол Павел ныффыста: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзут. 10:24). Йесо уыцы нӕлгоймаджы ӕнкъарӕнтӕ ӕмбӕрста, ӕмӕ йыл батыхст. Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагъта Йесо!

8, 9. Ацӕргӕты ӕмӕ нӕфӕразгӕ чи у, уыдоны хорзыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

8 Ацӕргӕты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи у, уыдоны хорзыл хъуыды кӕн. Чырыстон ӕмбырды сӕйрагдӕр уый нӕу, ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ бантыса, фӕлӕ цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзой (Иоан. 13:34, 35). Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ацӕргӕтӕн ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуынӕн. Ӕмӕ кӕд сӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр сын не ’ххуыс не ’вгъау кӕнӕм (Матф. 13:23). Иу ӕфсымӕр, Майкл, у инвалид, ӕмӕ йын йӕ бинонтӕ, стӕй, йӕ уацамындон къорды цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдон ӕдзух феххуыс кӕнынц, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг бузныг у. Уый загъта: «Се ’ппӕт дӕр мын кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый руаджы фылдӕр хатт ӕмбырдты вӕййын, стӕй ӕдзухдӕр фӕхъусын кӕнын. Уӕлдай тынгдӕр уарзын, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын».

9 Вефилтӕй бирӕты ис ацӕргӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕ чи у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ цӕстдарджытӕ батыхстысты, цӕмӕй уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон уа писмотӕ фыссын ӕмӕ телефонӕй хъусын кӕнын. Иу 86-аздзыд ӕфсымӕр, Билл, писмотӕ фӕфыссы, дард рӕтты чи цӕры, ахӕм адӕммӕ. Уый загъта: «Писмотӕ фыссынӕн нын фадат кӕй ис, уый тыххӕй мах тынг бузныг стӕм». Нэнси, ууыл та цӕуы 90 азы бӕрц, афтӕ загъта: «Писмотӕ кӕй фӕфыссын, уый мӕнӕн, ӕнӕуи къонверты писмо куыд нывӕрай, афтӕ нӕу. Афтӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагмӕ мӕ фыдӕбоны хай бахӕссын. Адӕм хъуамӕ хорз хабар фехъусой!» 1921 азы чи райгуырд, иу ахӕм хо та, Этел, загъта: «Мӕ рыстытӕ ӕппындӕр не ’нцайынц. Хатгай мӕ дзаумӕттӕ дӕр тыххӕй-фыдӕй скӕнын». Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы телефонӕй хъусын кӕнын, ӕмӕ, кӕмӕн фӕхъусын кӕны, уыдонӕй ахӕмтӕ дӕр разыны, ӕмӕ сӕ фӕфӕнды иннӕ хатт дӕр аныхас кӕнын. 85-аздзыд хо Барбарӕ та загъта: «Ме ’нӕниздзинад мӕ тынг хъыгдары, ӕмӕ мын уый тыххӕй зын вӕййы уацамынды цӕуын. Фӕлӕ мӕ бон вӕййы адӕмимӕ телефонӕй ныхас кӕнын. Бузныг дын, Йегъовӕ!» Нӕ зынаргъ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ иу афӕдзы дӕргъы хъусын кодтой 1 228 сахаты, ныффыстой 6 265 писмойы, телефонӕй кӕмӕдӕрты бадзырдтой 2 000 хаттӕй фылдӕр ӕмӕ апарахат кодтой 6 315 публикацийы! Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕ сӕ тынг барухс! (Ӕмб. 27:11).

10. Нӕ бон куыд у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сын ӕмбырдтӕ стыр пайда хӕссой?

10 Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хорзыл хъуыды кӕн. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕмбырдтӕ стыр пайда хӕссой. Нӕ бон сын куыд у уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын? Иу уый, ӕмӕ-иу ӕмбырдмӕ афоныл ӕрбацӕуӕм, цӕмӕй-иу иннӕты хъусын ма хъыгдарӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу хатт уый тыххӕй байрӕджы кӕнӕм, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы исты ’рцӕуы. Фӕлӕ кӕд ӕдзух ӕрӕджы фӕкӕнӕм, уӕд нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын, уый иннӕты куыд къуылымпы кӕны ӕмӕ нӕ цы хъӕуы фӕивын, цӕмӕй бӕрӕг уа, сӕ хорзыл кӕй хъуыды кӕнӕм. Стӕй нӕ хъуамӕ рох ма уа, ӕмбырдтӕм нӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт кӕй фӕхонынц (Матф. 18:20). Ӕмӕ уыдон та уый аккаг куыннӕ сты, цӕмӕй-иу афоныл ӕрбацӕуӕм ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдисӕм, кӕй сын аргъ кӕнӕм!

11. Ӕмбырды раныхӕстӕ кӕнӕ ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕрты цӕмӕн хъӕуы 1 Коринфӕгтӕм 14:40 стихы фыст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайын?

11 Не ’фсымӕрты хорзыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый ма равдисдзыстӕм, ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд: «Алцыдӕр [уӕм] уӕд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40). Ӕмбырды раныхӕстӕ кӕнӕ ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕ ацы уагӕвӕрд сӕ зӕрдыл кӕй дарынц, уый бӕрӕг уыдзӕн, сӕ рӕстӕгӕй-иу куы нӕ ахизой, уӕд. Афтӕмӕй-иу равдисдзысты, сценӕмӕ сӕ фӕстӕ чи рацӕуы, ӕрмӕст уыцы ӕфсымӕртыл кӕй нӕ хъуыды кӕнынц, фӕлӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй иуӕй-иуты хӕдзармӕ цӕугӕйӕ фӕндагыл бирӕ бахъӕуы. Иннӕты та фӕхъӕуы афоныл ацӕуын, цӕмӕй-иу, зӕгъӕм, автобусмӕ баййафой. Кӕмӕдӕрты та хӕдзары се ’нӕуырнӕг цардӕмбӕлттӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц.

12. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уый аккаг цӕмӕн сты, ӕмӕ сын стыр аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ уарзӕм? (Кӕс рамкӕ «Разамынд уын чи дӕтты, уыдонӕн аргъ кӕнут».)

12 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды дӕр ӕмӕ уацамынды дӕр бирӕ фыдӕбон кӕнынц, ӕмӕ сын уый тыххӕй мах стыр аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ уарзӕм. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:12, 13.) Дзырд дӕр ыл нӕй, ды дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн аргъ кӕныс, цыдӕриддӕр аразынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ сӕ бузныг кӕй дӕ, уый равдисдзынӕ, куы сӕм хъусай ӕмӕ сын куы ’ххуыс кӕнай, уӕд. Уыдон ӕдзухдӕр махыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ мах тыххӕй «дзуапп раттын хъӕудзӕн» (Дзут. 13:7, 17).

КӔМӔН ХЪУСЫН КӔНУТ, УЫДОНЫ ХОРЗЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНУТ

13. Йесо адӕмӕн куыд уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Исайы пехуымпарады Чырыстийы тыххӕй фыст ис: «Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн» (Ис. 42:3). Йесо адӕмы уарзта, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕд кодта. Адӕм цъӕл хъӕзӕй уӕлдай ӕмӕ, мӕнӕ-мӕнӕ чи ахуысдзӕн, ахӕм цырагъӕй уӕлдай нӕ уыдысты, ӕмӕ сын Йесо се ’нкъарӕнтӕ ӕмбӕрста. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ семӕ уыд фӕразон ӕмӕ сӕм уыд хӕларзӕрдӕ. Суанг ма йӕм сывӕллӕттӕ дӕр цыдысты (Мар. 10:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырысти адӕмы куыд хорз ӕмбӕрста ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кодта, махӕн нӕ бон афтӕ нӕу. Фӕлӕ нӕ бон у ӕмӕ нӕ хӕс дӕр у, цӕмӕй, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕмыл хъуыды кӕнӕм. Ӕмӕ уымӕ хауы, семӕ куыд, кӕд ӕмӕ цас фӕныхас кӕнӕм, уый.

14. Адӕмимӕ куыд ныхас кӕнӕм, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

14 Адӕмимӕ куыд хъуамӕ ныхас кӕнӕм? Ацы дунейы кӕрӕф ӕмӕ дурзӕрдӕ коммерсантты, хицӕутты ӕмӕ дины разамонджыты тыххӕй милуангай адӕм сты «ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ никӕуылуал ӕууӕндынц ӕмӕ сӕ ныфс ницӕмӕйуал ис. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, цы дзурӕм ӕмӕ куыд дзурӕм, уымӕй бӕрӕг уа, се ’нкъарӕнтӕ сын кӕй ӕмбарӕм. Бирӕтӕ хорз хабармӕ байхъусынц, Библийы фӕрцы сын рӕстдзинад арӕхстджынӕй кӕй амонӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ сыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсӕм ӕмӕ сӕм хорз цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уый тыххӕй дӕр.

15. Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоныл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

15 Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоныл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый равдисынӕн ис бирӕ мадзӕлттӕ. Зӕгъӕм, нӕ бон сӕм у фарстатӕ дӕттын, ӕрмӕст сӕ хъуамӕ дӕттӕм уӕзданӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр кӕм хъусын кӕны, уым адӕмӕн сӕ фылдӕр сты ӕфсӕрмыгӕнаг. Ӕмӕ-иу цӕмӕй ма фӕтыхсой, уый тыххӕй сӕм, дзуапп кӕмӕн ма зоной кӕнӕ раст дзуапп кӕмӕн ма раттой, ахӕм фарстатӕ нӕ фӕдӕтты. Зӕгъӕм, ахӕм фарстатӕ: «Хуыцауы ном зоныс?» кӕнӕ: «Хуыцауы Паддзахад цы у, уый зоныс?» Уый бӕсты фӕзӕгъы: «Библийӕ базыдтон, Хуыцауӕн ном кӕй ис. Фӕнды дӕ, цӕмӕй дын ӕй равдисон?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы ран афтӕ нӕ хъусын кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ адӕм иухуызон не сты, стӕй се ’гъдӕуттӕ дӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр не ’ппӕт дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй алкӕддӕр уӕздан ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы, бынӕттон адӕм цы зондыл ӕмӕ цы ’гъдӕуттыл хӕст сты, уый хорз зонын.

16, 17. Цӕмӕй адӕм, кӕй сыл хъуыды кӕнӕм, уый ӕмбарой, уый тыххӕй а) семӕ кӕд хъуамӕ ныхас кӕнӕм ӕмӕ б) семӕ цас хъуамӕ ныхас кӕнӕм?

16 Адӕмимӕ кӕд хъуамӕ ныхас кӕнӕм? Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд вӕййӕм ӕнӕхуынд уазджытау. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй-иу нӕ участокмӕ ӕрбацӕуынӕн равзарӕм, адӕм нӕм ӕхсызгондӕрӕй кӕд байхъусдзысты, ахӕм рӕстӕг (Матф. 7:12). Мыййаг, кӕм хъусын кӕныс, уым адӕм улӕфгӕ бонты ӕрӕгмӕ сыстынц? Кӕд о, уӕд уал-иу хъусын кӕнын райдай уынджы кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Йе та уал-иу бацу, уый размӕ кӕмӕн хъусын кодтай, уыдонӕй раджы чи сысты, уыцы адӕймӕгтӕм.

17 Адӕмимӕ цас хъуамӕ ныхас кӕнӕм? Бирӕтӕ тынг ӕнӕвдӕлон вӕййынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕймаджы фӕстиат кӕныны бӕсты хуыздӕр уыдзӕн, нӕ ныхас-иу цыбыртӕй куы зӕгъиккам (1 Кор. 9:20–23). Адӕм куы уыной, ӕмӕ сын рӕстӕг бирӕ кӕй нӕй, уый ӕмбарӕм, уӕд нӕм, чи зоны, иннӕ хатт дӕр ӕхсызгонӕй байхъусой. Уацамынды, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон куы ’вдисӕм, уӕд уыдзыстӕм «Хуыцауы ӕмкусджытӕ». Ӕмӕ, чи зоны, Йегъовӕ мах фӕрцы искӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕна (1 Кор. 3:6, 7, 9).

18. Иннӕты хорзыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын?

18 Цӕй уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй бӕрӕг уа, нӕ бинонты, не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕмӕ, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоны хорзыл кӕй хъуыды кӕнӕм. Уый фӕрцы ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр хайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг. Бӕллӕхы бон ӕй Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн. [...] Зӕххыл ӕй хондзысты амондджын адӕймаг» (Пс. 41:1, 2).